Чырыстийы диссӕгтӕ цӕуыл дзурӕг сты?
Чырыстийы диссӕгтӕ цӕуыл дзурӕг сты?
ӔВӔЦЦӔГӔН, хъуыды дӕр никуы акодтай, Йесойы царды хабӕрттӕ Библийы цы ӕвзагыл фыст ӕрцыдысты, уыцы ӕвзагыл уым дзырд «диссаг» ӕппындӕр кӕй не ’мбӕлы. Иутӕ «диссаг»-ӕй цы грекъаг дзырд (ди́намис) тӕлмац кӕнынц, уый комкоммӕ нысан кӕны «тых» (Лукайы 8:46). Ис ма йӕ раивӕн «хъомысджын хъуыддаг» кӕнӕ «хъару»-йӕ дӕр (Матфейы 11:20, НД; 25:15). Иу ахуыргонды хъуыдымӕ гӕсгӕ ацы грекъаг дзырд «ӕргом здахы, цы хъомысджын хъуыддаг арӕзт ӕрцыд, бӕлвырдӕй зӕгъгӕйӕ та, цавӕр тыхӕй ӕрцыд арӕзт, уымӕ. Ацы дзырдӕй фӕпайда кӕнынц, Хуыцау йӕ тыхӕй цы фӕаразы, уый бацамонынӕн».
Ӕндӕр грекъаг дзырд (те́рас) та бирӕ хатт раивынц дзырдтӕй «нысан» кӕнӕ «диссаг»-ӕй (Иоанны 4:48). Ацы грекъаг дзырд амоны дисы ’фтауын. Ӕцӕгӕйдӕр Чырыстийы хъомысджын хъуыддӕгтӕ фенгӕйӕ-иу арӕх адӕм дӕр ӕмӕ йӕ ахуыргӕнинӕгтӕ дӕр дис кодтой (Маркы 2:12; 4:41; 6:51; Лукайы 9:43).
Чырыстийы диссӕгтыл дзургӕйӕ, грекъаг ӕвзаджы цы дзырдтӕй спайда кодтой, уыдонӕй ӕртыккаг (сими́он) амоны «нысан». Ацы дзырдӕн «ис арфдӕр хъуыды»,— фыссы ахуыргонд Роберт Деффинбауг, ӕмӕ ма бафиппайдта: «Нысан у ахӕм диссаг, нӕ Хицау Йесойы тыххӕй нын цыдӕр ахсджиаг хъуыддаг чи ӕргом кӕны».
Цӕстфӕливӕн ӕви Хуыцауы тых?
Библийы никуы ис ахӕм хъуыды, зӕгъгӕ, Чырыстийы диссӕгтӕ уыдысты цирчы артистты ирхӕфсӕн, цӕстфӕливӕн миты хуызӕн. Уыдон ӕвдыстой «Хуыцауы стырад», ома Хуыцауы хъомысджын тых, зӕгъӕм, Йесо иу лӕппуйӕ хӕйрӕджы куыд фӕсырдта, уыйау (Лукайы 9:37—43). Ӕппӕтхъомысджын Хуыцауӕн («йӕ хъомысӕн кӕрон кӕмӕн нӕй», уымӕн) ахӕм диссӕгтӕ скӕнын йӕ бон куыннӕ у! (Исай 40:26).
Йесо цы диссӕгтӕ сарӕзта, уыдонӕй Евангелиты цӕуы иу-35 кой. Фӕлӕ иууыл цас уыдысты, уый бӕрӕг нӕу. Цӕвиттон, Матфейы 14:14 кӕсӕм: «Рацӕугӕйӕ Йесо федта бирӕ адӕмы ӕмӕ сын фӕтӕригъӕд кодта, ӕмӕ сӕ рынчынты сдзӕбӕх кодта». Фӕлӕ цал рынчыны сдзӕбӕх кодта, уый дзы фыст нӕй.
Уыцы хъомысджын хъуыддӕгтӕ уыдысты, Чырысти йӕхи Хуыцауы Фырт ӕмӕ зӕрдӕвӕрд Мессиа кӕй хуыдта, уымӕн ӕвдисӕн. Фыстад куыд ӕвдисы, афтӕмӕй Йесойӕн диссӕгтӕ аразынӕн тых лӕвӕрдта Хуыцау. Апостол Петр Йесойы схуыдта «лӕг, бӕрӕггонд сымахӕн Хуыцауӕй, тыхтимӕ, диссӕгтимӕ ӕмӕ нысӕнттимӕ, кӕцыты Хуыцау скодта Уый сӕрты уе ’хсӕн, уӕхӕдӕг сымах куыд зонут, афтӕ» (Куыстытӕ 2:22). Ӕндӕр ран та Петр банысан кодта: «Хуыцау Сыгъдӕг Удӕй ӕмӕ тыхӕй... байсӕрста Йесойы, Назаретӕй, ӕмӕ Уый цыд хорздзинад кӕнгӕйӕ ӕмӕ дзӕбӕх кӕнгӕ ӕппӕты, хӕйрӕг хицауиуӕг кӕуыл кодта, уымӕн ӕмӕ Хуыцау уыд Йемӕ» (Куыстытӕ 10:37, 38).
Йесойы диссӕгтӕ ӕнгом баст сты йӕ ахуырадимӕ. Маркы 1:21—27 хорз ӕвдыст у, Чырысти цы дзырдта ӕмӕ цы диссаг сарӕзта, уый адӕмыл куыд фӕзынд. Маркы 1:22 дзырдӕуы, адӕм кӕй «дис кодтой Йӕ ахуырадыл», 27 стихы та — «фӕтарстысты [«тынг диссаг фӕкаст», МСЕ]», хӕйрӕджы куы фӕсырдта, уӕд. Йӕ диссӕгтӕ дӕр ӕмӕ йӕ уацамынд дӕр дзурӕг уыдысты, зӕрдӕвӕрд Мессиа кӕй уыд.
Йесо Мессиа кӕй уыд, уый йӕ ныхӕстӕй ӕмӕ йӕ хъуыддӕгтӕй дарддӕр бӕрӕг уыди, Хуыцау ын цы тых радта диссӕгтӕ аразынӕн, уымӕй. Дзырд йӕ бартыл куы цыд, уӕд уый ӕргомӕй загъта: «Мӕнмӕ... ис [Аргъауӕг] Иоаннӕй стылдӕр ӕвдисӕнад: уымӕн ӕмӕ хъуыддӕгтӕ, кӕцыты Фыд ратта Мӕнӕн ӕххӕст кӕнынмӕ, ацы хъуыддӕгтӕ сты, Ӕз кӕй кӕнын, ӕвдисӕн лӕууынц Мӕн тыхӕй, Фыд Мӕн кӕй рарвыста» (Иоанны 5:36).
Диссӕгтӕ ӕцӕг кӕй уыдысты, уый бӕлвырдгӕнӕнтӕ
Чырыстийы диссӕгтӕ ӕцӕг кӕй уыдысты, уый фидарӕй зӕгъӕн цӕмӕн ис? Ӕркӕсӕм цалдӕр бӕлвырдгӕнӕнмӕ.
Диссӕгтӕ аразгӕйӕ, Йесо йӕхицӕй буц никуы уыд. Йӕ алы диссаг дӕр арӕзта Хуыцауы номы кадӕн. Цӕвиттон, куырм лӕджы сдзӕбӕх кӕныны размӕ Йесо бамбарын кодта, зӕгъгӕ, «уый уымӕн у ӕмӕ цӕмӕй ууыл разыной Хуыцауы хъуыддӕгтӕ» (Иоанны 9:1—3; 11:1—4).
Цӕстфӕлдахджытӕ, кӕлӕнгӕнджытӕ ӕмӕ уырнындзинадӕй дзӕбӕхгӕнджытӕй хъауджыдӕр, Чырысти гипноз, фӕлитой митӕ, хинтӕ ӕмӕ кӕлӕнтӕ никуы кодта, адӕмы ӕнкъарӕнтӕ цырен кӕныныл дӕр нӕ архайдта, се ’ргом сын йӕхимӕ не здӕхта. Нӕ йӕ хъуыд нӕдӕр мӕнгуырнындзинӕдты, нӕдӕр табуйаг дзауматы ӕххуыс. Кӕс ма, дыууӕ куырм лӕджы куы сдзӕбӕх кодта, уӕд йӕхи куыд хуымӕтӕг дардта, уымӕ. «Йесо... фӕтӕригъӕд кӕнгӕйӕ уыдонӕн, баныдзӕвыд сӕ цӕстытыл; ӕмӕ уыцы сахат ракастысты сӕ цӕстытӕ, ӕмӕ уыдон ацыдысты Йӕ фӕстӕ» (Матфейы 20:29—34). Йесо адӕмӕн се ’ргом йӕхимӕ не здӕхта, фӕлӕ цы арӕзта, уый арӕзта ӕнӕ уӕлдай мийӕ, ӕргомӕй, арӕх бирӕ ӕвдисӕнты раз. Уый нӕ хъуыд нӕдӕр сценӕ, нӕдӕр сӕрмагонд дзаумӕттӕ ӕмӕ рухсгӕнӕнтӕ. Абон иуӕй-иутӕ цы «диссӕгтӕ» аразынц, уыдон та сбӕлвырд кӕнӕн дӕр нӕ вӕййы (Маркы 5:24—29; Лукайы 7:11—15).
Чырысти-иу диссаджы хуызы кӕй сдзӕбӕх кодта, уыдонӕй-иу хатт сӕ уырнындзинады тыххӕй дӕр раппӕлыд. Фӕлӕ-иу кӕд искӕмӕн уырнындзинад нӕ фаг кодта, уӕддӕр ӕй уый никуы бахъыгдардта диссаг саразынӕн. Афтӕ, Галилейы Капернаумы куы уыд, уӕд «Уымӕ ӕрбакодтой бирӕ хӕйрӕджджынты, ӕмӕ Уый расырдта ныхасӕй хӕйрӕджыты, ӕмӕ сдзӕбӕх кодта ӕппӕт рынчынты» (Матфейы 8:16).
Чырыстийы диссӕгтӕ адӕмӕн баххуыс кӕнынӕн уыдысты, сӕ ирхӕфсынӕн нӕ, фӕлӕ (Маркы 10:46—52; Лукайы 23:8). Йесо уыцы диссӕгтӕ йӕхи пайдайӕн никуы арӕзта (Матфейы 4:2—4; 10:8).
Евангелиты хабӕрттыл ӕууӕндӕн ис?
Абон Йесойы диссӕгты тыххӕй бакӕсӕн ис цыппар Евангелийы. Цымӕ Евангелиты фыст хабӕрттыл ӕууӕндӕн ис? О, ис.
Уӕлдӕр куыд загъд уыд, афтӕмӕй Чырысти йӕ диссӕгтӕ арӕзта ӕргомӕй, бирӕ ’вдисӕнты раз. Фыццаг Евангелитӕ фыст ӕрцыдысты, уыцы адӕм ма удӕгас куы уыдысты, уӕд. Сӕ фысджытӕ, ӕцӕг цы уыди, уый кӕй фыстой, уый тыххӕй иу чиныджы дзырдӕуы: «Евангелиты фысджытӕй афтӕ дзурын, зӕгъгӕ сӕ дин апарахат кӕныны тыххӕй историон факттӕ барӕй диссӕгтӕй байдзаг кодтой, уый раст нӕ уаид. [...] Уыдон архайдтой цӕсгомджынӕй фыссын» («The Miracles and the Resurrection»).
Чырыстон дины знӕгтӕй — иудейтӕй — никуы ничи дзырдта Евангелиты фыст диссӕгты ныхмӕ. Уыдон сдзырддаг кодтой ӕрмӕст, Маркы 3:22—26). Фӕстӕдӕр ма, афтӕ чи дзырдта, зӕгъгӕ, Йесойы диссӕгтыл ӕууӕндӕн нӕй, уыдонӕн дӕр сӕ ныхӕстӕ ныхӕстӕй баззадысты. Уыйхыгъд, н. э. I ӕмӕ II ӕнусты историон уацты дзырдӕуы Чырыстийы диссӕгты тыххӕй. Бӕрӕг у, Евангелитӕ уыцы диссӕгты тыххӕй цыдӕриддӕр фыссынц, уыдон ӕцӕг кӕй уыдысты.
кӕй тыхӕй арӕзт цыдысты, уый (Цавӕр уыд уыцы диссӕгтӕ аразӕг адӕймаг?
Чырыстийы диссӕгтӕ иртасгӕйӕ, фаг нӕ уаид ӕрмӕст, ӕцӕгӕй уыдысты ӕви нӕ, уый бӕлвырдгӕнӕнтӕ равзарын. Евангелиты Йесойы хъомысджын хъуыддӕгты тыххӕй кӕсгӕйӕ ма уынӕм, уый адӕмы хъыг ӕмӕ рис арф кӕй ӕмбӕрста, сӕ хӕрзӕбоныл кӕй мӕт кодта.
Ӕркӕсӕм ма, цы сарӕзта Йесо, хъотырджын ӕм куы ӕрбаввахс ӕмӕ йын куы лӕгъстӕ кодта: «Кӕд Дӕ фӕнды, Дӕ бон у мӕн ссыгъдӕг кӕнын». Йесо, «фӕтӕригъӕдгӕнгӕйӕ уымӕн, радаргъ кодта Йӕ къух, баныдзӕвыд ууыл ӕмӕ загъта уымӕн: фӕнды Мӕ, ссыгъдӕг у». Ӕмӕ лӕг ӕвиппайды адзӕбӕх (Маркы 1:40—42). Ацы цауӕй бӕрӕг у: Йесо адӕмӕн кӕй тӕригъӕд кодта, уый тыххӕй арӕзта диссӕгтӕ дӕр.
Цы бакодта Йесо, Наинӕй зиан цы адӕм рацӕйхастой, уыдоныл куы фембӕлд, уӕд? Кӕй рацӕйхастой, уый уыд идӕдз усы иунӕг бындар. Йесо сылгоймагӕн «фӕтӕригъӕд кодта», бацыд ӕм ӕмӕ йын загъта: «Ма ку». Ӕмӕ йын йӕ фырты райгас кодта (Лукайы 7:11—15).
Йесойы диссӕгтӕ ууыл дзурӕг сты, ӕмӕ адӕмыл кӕй хъуыды кодта ӕмӕ сын «тӕригъӕд [кӕй] кодта». Фӕлӕ уыдон ӕрмӕст ивгъуыд хабӕрттӕ не сты. «Йесо Чырысти знон ӕмӕ абон, ӕмӕ мыггагмӕ дӕр Уый у»,— дзырдӕуы Дзуттытӕм 13:8. Ныр у уӕларвон Паддзах, ӕмӕ йын Хуыцау цы тых радта, уымӕй рӕхджы ноджы фылдӕр диссӕгтӕ сараздзӕн. Тагъд Йесо уыцы тыхӕй сдзӕбӕх кӕндзӕн ӕппӕт коммӕгӕс адӕмы. Иегъовӕйы Ӕвдисӕнтӕ дын ӕхсызгонӕй баххуыс кӕндзысты уыцы рухс фидӕны тыххӕй фылдӕр базонынӕн.
[Нывтӕ 4, 5 фарсыл]
Йесо Чырыстийы диссӕгтӕ ӕвдыстой Хуыцауы хъомысджын тых.
[Ныв 7 фарсыл]
Йесо арф ӕмбӕрста адӕмы рис.