Алы хъуыддаджы дӕр иузӕрдион дӕ?
Алы хъуыддаджы дӕр иузӕрдион дӕ?
«Чысыл хъуыддаджы иузӕрдион чи у, уый стыры дӕр иузӕрдион у» (ЛУКАЙЫ 16:10, НТ).
1. Иегъовӕ иузӕрдион цавӕр фӕзилӕны у?
ХУР уӕлӕмӕ куыд ссӕуы, афтӕ бӕласы аууон цадӕггай йӕ дӕргъ ӕмӕ йӕ бынат куыд фӕивы, уый никуы бафиппайдтай? Адӕм цӕмӕты фӕтырнынц ӕмӕ иннӕтӕн ныфс цӕмӕйты февӕрынц, уыдӕттӕ дӕр арӕх растдӕр уыцы аууонау фӕивынц. Фӕлӕ Иегъовӕ Хуыцау никуы ивы. Ахуыргӕнинаг Иаков ӕй хоны «рухсы Фыд» ӕмӕ дзы зӕгъы, зӕгъгӕ, уый «иудадзыг иухуызон... у ӕмӕ [йыл] аууоны фӕд... нӕ зыны» (Иаковы 1:17, НТ). Иегъовӕ никуы ивы ӕмӕ йыл цыфӕнды гыццыл хъуыддаджы дӕр ис зӕрдӕ дарӕн. Уый у ӕнувыд, иузӕрдион Хуыцау (Дыккаг закъон 32:4).
2. а) Иузӕрдион стӕм ӕви нӕ, уый бӕрӕг кӕнын нӕ цӕмӕн хъӕуы? ӕ) Цавӕр фарстатӕ равзардзыстӕм иузӕрдиондзинады фӕдыл?
2 Цымӕ Хуыцау цы цӕстӕй кӕсы, йӕ лӕггадгӕнджытыл зӕрдӕ дарӕн ӕмӕ ӕууӕндӕн ис ӕви нӕ, уымӕ? Давид куыд каст уыцы хъуыддагмӕ, афтӕ: «Мӕ цӕстытӕ зӕххы ӕууӕнкджынтыл [«иузӕрдионтыл», НД], цӕмӕй уыдон уой мӕ разы; чи цӕуы ӕнаипп фӕндагыл, уый мӕнӕн кусдзӕн» (Псалом 100:6). О, Иегъовӕйӕн стыр цин хӕссы йӕ лӕггадгӕнджыты иузӕрдиондзинад. Раст уыди Павел, афтӕ куы фыста: «Ӕууӕнкӕй чи фӕхайджын, уыдонӕй домдӕуы сӕхи иузӕрдионӕй равдисын» (1 Коринфӕгтӕм 4:2, НТ). Иузӕрдион уӕм, уымӕ цы хауы? Нӕ царды нӕ цавӕр фӕзилӕнты хъӕуы иузӕрдионӕй архайын? «Ӕнаипп фӕндагыл» цӕуын нын цы хорздзинӕдтӕ ӕрхӕсдзӕн?
Иузӕрдион уай, уый цы нысан кӕны
3. Нӕ иузӕрдиондзинад цӕмӕй бӕрӕг у?
3 «Моисей иузӕрдион уыди... Дзуттытӕм 3:5, НТ). Цӕмӕ гӕсгӕ уыди пехуымпар Моисей иузӕрдион? Хӕсгӕ кувӕндоны цатыр саразын ӕмӕ йӕ сӕвӕрыны хъуыддаджы «Моисей алцыдӕр сарӕзта, Иегъовӕ йын куыд бафӕдзӕхста, афтӕ. Растдӕр афтӕ сарӕзта» (Рацыд 40:16). Мах, Иегъовӕйӕн кувӕг адӕм, иузӕрдион кӕй стӕм, уый уымӕй ӕвдисӕм, ӕнӕзивӕгӕй йын кӕй лӕггад кӕнӕм. Кӕй зӕгъын ӕй хъӕуы, уымӕ хауы, цыфӕнды зындзинӕдты ӕмӕ фӕлварӕнты дӕр Иегъовӕйыл нӕ зӕрдӕ кӕй ма хъуамӕ сивӕм, уый. Фӕлӕ нӕ иузӕрдиондзинад ӕрмӕст уымӕй нӕу, ӕмӕ стыр фӕлварӕнты ма фӕцудӕм. «Чысыл хъуыддаджы иузӕрдион чи у, уый стыры дӕр иузӕрдион у, чысыл хъуыддаджы мӕнгард чи у, уый стыры дӕр мӕнгард у» – загъта Йесо Чырысти (Лукайы 16:10, НТ). О, чысыл хъуыддаг нӕм цы кӕсы, уым дӕр хъуамӕ уӕм иузӕрдион.
лӕггадгӕнӕгау» (4, 5. «Чысыл хъуыддаджы» дӕр иузӕрдион кӕй стӕм, уый цӕуыл дзурӕг у?
4 Хуыцаумӕ «чысыл хъуыддӕгты» дӕр хъусын ахсджиаг у дыууӕ аххосагмӕ гӕсгӕ. Фыццаг, уымӕй бӕрӕг у, цы цӕстӕй кӕсӕм, Иегъовӕ Дун-дунейы ӕххӕстбарджын хицау кӕй у, уымӕ. Ахъуыды ма кӕнӕм, фыццаг дыууӕ адӕймаг Адам ӕмӕ Евӕйы иузӕрдиондзинад цӕмӕй фӕлвӕрдӕуыд, ууыл. Зынӕй сӕ ӕппындӕр ницы домдӕуыд. Едемы цӕхӕрадоны сын уыдис алы ӕмӕ алыхуызон хӕринаг. Хӕрыны бар сын нӕ уыд ӕрмӕстдӕр иу бӕласӕй – «хорз ӕмӕ ӕвзӕр зоныны бӕласӕй» (Уӕвынад 2:16, 17). Ацы хуымӕтӕг фӕдзӕхст иузӕрдионӕй куы ’ххӕст кодтаиккой, уӕд равдыстаиккой, Иегъовӕйы хицаудзинады фарс кӕй сты, уый. Ӕрвылбоны царды Иегъовӕйы амындтӕм кӕй хъусӕм, уый ууыл дзурӕг у, ӕмӕ йӕ Дун-дунейы ӕххӕстбарджын хицауыл нымайӕм.
5 Дыккаг, «чысыл хъуыддаджы» куыд бакӕнӕм, ууыл баст у, «стыр» хъуыддаджы куыд бакӕндзыстӕм, уый дӕр, ома царды вазыгджындӕр фарстатыл куы сӕмбӕлӕм, уӕд. Уый фӕдыл ӕркӕсӕм, цы ’рцыд Данел ӕмӕ йӕ ӕртӕ иузӕрдион дзуттаг ӕмбалыл – Анани, Мисаил ӕмӕ Азарийыл. Уыдоны н. э. агъоммӕ 617 азы Вавилонмӕ уацары акодтой. Хӕрзӕрыгонӕй цыппар дӕр бахаудысты паддзах Навуходоносоры галуанмӕ. Уым сын «снысанчындӕуыд ӕрвылбоны хай паддзахы фынгӕй ӕмӕ паддзахы сӕнӕй, ӕмӕ афтӕ ӕртӕ азы дӕргъы, цӕмӕй уый фӕстӕ паддзахы раз ӕрлӕууой» (Данелы 1:3–5).
6. Вавилоны паддзахы галуаны Данел ӕмӕ йе ’ртӕ ӕмбалы цавӕр фӕлварӕныл сӕмбӕлдысты?
6 Фӕлӕ Вавилоны паддзахы хӕринӕгтӕй хӕрын цыппар дзуттаг лӕппуйӕн уыд фӕлварӕн. Паддзахы фынгыл-иу цы хӕринӕгтӕ уыд, уыдонӕй уыдаид ахӕмтӕ, Моисейы Закъонмӕ гӕсгӕ хӕрын кӕй не ’мбӕлдис (Дыккаг закъон 14:3–20). Цы фос-иу аргӕвстой, уымӕн-иу, гӕнӕн ис, йӕ туг иууылдӕр нӕ рауагътой, ӕмӕ ахӕм дзидза хӕрын та уыд Хуыцауы Закъоны ныхмӕ (Дыккаг закъон 12:23–25). Хӕринаг ма-иу, чи зоны, нывонд кодтой гуымирытӕн дӕр – афтӕ-иу кодтой вавилойнӕгтӕ куывды фынгыл ӕрбадыны размӕ.
7. Данел ӕмӕ йе ’ртӕ ӕмбалы Хуыцаумӕ кӕй байхъуыстой, уымӕй цы равдыстой?
7 Дзырд дӕр ыл нӕй, Вавилоны паддзахы хӕдзаронтӕ ӕмӕ лӕггадгӕнджытӕ, сӕхи исты хӕринӕгтӕй уромой, ууыл тынг нӕ мӕт кодтой. Фӕлӕ Данел ӕмӕ йӕ ӕртӕ ӕмбалы сӕ зӕрдӕйы мидӕг аскъуыддзаг кодтой, сӕхи кӕй нӕ фӕчъизи кӕндзысты, Хуыцауы Закъонмӕ гӕсгӕ ӕнӕфӕтчиаг чи у, ахӕм хӕринаг бахӕрынӕй. Уыцы хъуыддаг баст уыд, Хуыцауыл куыд иузӕрдион ӕмӕ ӕнувыд сты, уыимӕ. Уымӕ гӕсгӕ, лӕппутӕ ракуырдтой, цӕмӕй сын лӕвӕрдтаиккой халсартӕ ӕмӕ дон, ӕмӕ сын сӕ курдиатыл сразы сты (Данелы 1:9–14). Уыцы цыппар лӕппуйы цы бакодтой, уый абон иуӕй-иутӕ, чи зоны, уадиссаг хъуыддагыл ма банымайой. Фӕлӕ уыдон Хуыцаумӕ кӕй байхъуыстой, уымӕй равдыстой, Иегъовӕйы хицаудзинады фӕдыл дзырддаг фарстайы кӕй фарс сты, уый.
8. а) Ӕртӕ дзуттаг лӕппуйӕн сӕ иузӕрдиондзинад цавӕр зын фӕлварӕны ӕрцыд фӕлвӕрд? ӕ) Хъуыддаг цӕуыл ахицӕн ӕмӕ уый цӕуыл дзурӕг у?
8 Гыццыл хъуыддагыл банымайӕн кӕй ис, уым Данелы ӕртӕ ӕмбалы иузӕрдион кӕй разындысты, уый сӕ бацӕттӕ кодта стырдӕр фӕлварӕнмӕ. Уыцы хабар фыст ис Библийы, Данелы чиныджы 3-ӕм сӕры. Бакӕс-ма, уыцы ӕртӕ дзуттаг лӕппуйы паддзах Навуходоносоры ӕвӕрд сыгъзӕрин гуымирыцыртӕн куыд нӕ бакуывтой ӕмӕ сын мӕлӕты тӕрхон куыд рахастой, уый тыххӕй. Паддзахы размӕ сӕ куы ӕрбакодтой, уӕд фидарӕй загътой сӕ ныхас: «Кӕд афтӕ у, уӕд, цы Хуыцауӕн кувӕм, уымӕн йӕ бон у мах фервӕзын кӕнын. Судзгӕ пецӕй ӕмӕ нӕ дӕ къухӕй, о паддзах, фервӕзын кӕндзӕн. Ӕмӕ кӕд нӕ, уӕддӕр ӕй зон, о паддзах, мах дӕ хуыцӕуттӕн кӕй нӕ лӕггад кӕндзыстӕм ӕмӕ цы сыгъзӕрин гуымирыцырт сӕвӕрдтай, уымӕн кӕй нӕ бакувдзыстӕм» (Данелы 3:17, 18). Цымӕ сӕ фервӕзын кодта Иегъовӕ? Лӕппуты судзгӕ пецмӕ чи баппӕрста, уыцы хъахъхъӕнджытӕ бабын сты, фӕлӕ уыцы ӕртӕ иузӕрдион дзуттаджы пецӕй удӕгасӕй рахызтысты – арты пиллон сӕ араугӕ дӕр нӕ акодта! Уымӕй размӕ сӕ иузӕрдиондзинад кӕй сфӕлтӕрдтой, уый сын баххуыс кодта, цӕмӕй ацы ӕппӕты зындӕр фӕлварӕны ма фӕцудыдтаиккой. Ацы хабарӕй бӕрӕг нӕу, куыд ахсджиаг у гыццыл хъуыддӕгты дӕр иузӕрдион уӕвын?
Иузӕрдион «ӕнӕраст мулкимӕ» баст хъуыддаджы
9. Лукайы 16:10 фыст ныхӕстимӕ ма Йесо ноджы цы загъта?
9 Йесо Чырысти уыцы арф хъуыды куы загъта, зӕгъгӕ, гыццыл хъуыддаджы иузӕрдион чи у, уый стыр хъуыддӕгты дӕр иузӕрдион у, уӕд уал фыццаг ахӕм уынаффӕ радта: «Скӕнут уӕхицӕн хӕлӕрттӕ ӕнӕраст мулчы фӕрцы, цӕмӕй уӕм мулк куы нал уа, уӕд уӕ уыдон суазӕг кӕной мыггагмӕйы хӕдзӕртты». Стӕй загъта чысыл хъуыддӕгты иузӕрдиондзинады тыххӕй. Уый фӕстӕ та ма Йесо загъта: «Уӕдӕ кӕд ӕнӕраст мулкыл иузӕрдион нӕ разындыстут, уӕд уын ӕцӕг мулк уӕ бӕрны чи бакӕндзӕн? [...] Никӕцы цагъары бон у дыууӕ хицауӕн кусын – сӕ иуӕй йе сӕфт уындзӕн, иннӕйы та уарздзӕни, кӕнӕ сӕ иуыл иузӕрдион уыдзӕн, иннӕйы та ницӕмӕ дардзӕн. Уӕ бон нӕ бауыдзӕни Хуыцауӕн ӕмӕ мулкӕн кусын» (Лукайы 16:9–13, НТ).
10. «Ӕнӕраст мулкӕй» куыд пайда кӕнӕм, уый нӕ иузӕрдиондзинадыл дзурӕг кӕд уыдзӕн?
10 Лукайы 16:10 размӕ ӕмӕ уый фӕстӕ цы фыст ис, уымӕ гӕсгӕ Йесойы ныхӕстӕ фыццаджыдӕр хауынц, «ӕнӕраст мулкӕй», ома нӕ исбонӕй, куыд пайда кӕнӕм, уымӕ. Ӕнӕраст та уымӕн хуыйны, ӕмӕ исбон, уӕлдайдӕр та ӕхца, ис тӕригъӕдджын адӕмы къухы. Стӕй ма мулкмӕ бӕллын, гӕнӕн ис, ӕркӕна ӕнӕраст хъуыддӕгтӕм. Нӕ исбонӕй зондджынӕй куы пайда кӕнӕм, уӕд уый дзурӕг уыдзӕн нӕ иузӕрдиондзинадыл. Нӕ хиуарзон фӕндтыл ӕй нӕ хардз кӕндзыстӕм, фӕлӕ Хуыцауы Паддзахады хъуыддаг размӕ кӕныныл ӕмӕ фӕкӕсын кӕмӕ хъӕуы, уыдонӕн ӕххуыс кӕныныл. Ацы хъуыддаджы иузӕрдион куы уӕм, уӕд нӕхицӕн кӕндзыстӕм хӕлӕрттӕ Иегъовӕ Хуыцау ӕмӕ Йесо Чырыстийы – «мыггагмӕйы хӕдзӕртты» хицӕутты. Уыдон нӕ суазӕг кӕндзысты уыцы хӕдзӕртты – ратдзысты нын ӕнусон цард, йе уӕлӕрвты, йе зӕххыл Дзӕнӕты.
11. Цӕуылнӕ хъуамӕ ӕфсӕрмы кӕнӕм дзурын, Иегъовӕйы Ӕвдисӕнты ӕппӕтдунеон куыстӕн мысайнӕгтӕ кӕй исӕм?
11 Ахъуыды ма кӕнӕм, Хуыцауы Паддзахады хорз хабар хъусынгӕнгӕйӕ Библи ӕмӕ йӕ чи ӕмбарын кӕны, ахӕм литературӕ кӕмӕн ныууадзӕм, уыцы адӕмыл дӕр. Иегъовӕйы адӕмы ӕппӕтдунеон куыстӕн мысайнӕгтӕ кӕй исӕм, уый сын куы фӕзӕгъӕм, уӕд сын фадат фӕдӕттӕм, цӕмӕй сӕ исбонӕй зондджынӕй спайда кӕной. Фӕлӕ кӕд Лукайы 16:10 фыццаджыдӕр, нӕ исбонӕй куыд пайда кӕнӕм, ууыл цӕуы дзырд, уӕддӕр, уым цы арф хъуыды ӕвӕрд ис, уый хауы царды ӕндӕр фӕзилӕнтӕм дӕр.
Ӕнӕзӕрдӕхудт уай, уымӕн ис стыр ахадындзинад
12, 13. Цавӕр хъуыддӕгты у нӕ бон, ӕмӕ ӕнӕзӕрдӕхудт уӕм?
12 Апостол Павел фыста: «Нӕ цӕсгом сыгъдӕг кӕй у, уый нын дызӕрдыггаг нӕу, уымӕн ӕмӕ архайӕм алцӕмӕй дӕр рӕстӕй цӕрыныл» (Дзуттытӕм 13:18, НТ). «Алцӕмӕй дӕр». Уымӕ, ай-гъайдӕр, хауынц ӕхцайыл баст ӕппӕт хъуыддӕгтӕ дӕр. Мах афоныл ӕмӕ ӕнӕзӕрдӕхудтӕй фидӕм нӕ хӕстӕ ӕмӕ нӕ хъалонтӕ. Цӕмӕн? Цӕмӕй нӕ цӕсгом сыгъдӕг уа. Ӕмӕ фыццаджыдӕр та – Хуыцауы кӕй уарзӕм ӕмӕ йын йӕ амындтӕм кӕй хъусӕм, уый тыххӕй (Ромӕгтӕм 13:5, 6). Мах цы нӕу, ахӕм исты куы ссарӕм, уӕд куыд бакӕнӕм? Бацархайӕм, цӕмӕй йын йӕ хицауы ссарӕм ӕмӕ йын ӕй раттӕм. Ӕмӕ йын ӕй куы бамбарын кӕнӕм, цӕй тыххӕй йын ӕй раттам, уӕд Иегъовӕйы ном куыд скадджын вӕййы!
Ефесӕгтӕм 4:28; Колоссӕгтӕм 3:23). Куыд сбӕлвырдчындӕуыд, афтӕмӕй Европӕйы иу бӕстӕйы кусджытӕн се ’ртыккаг хай сӕ хицӕуттыл сайдӕй цӕуынц, сӕхи рынчынӕфсон кӕй скӕнынц ӕмӕ мӕнг гӕххӕттытӕ кӕй саразынц, уымӕй. Ӕцӕг Хуыцауы лӕггадгӕнджытӕ сӕхи куыстӕй нӕ сайынц. Вӕййы афтӕ, ӕмӕ Иегъовӕйы Ӕвдисӕнты сӕ куысты уӕлдӕр бынаты сӕвӕрынц, уымӕн ӕмӕ сын сӕ хицӕуттӕ фӕуынынц се ’нӕзӕрдӕхудт ӕмӕ зӕрдиаг куыст (Ӕмбисӕндтӕ 10:4).
13 Цӕмӕй алцӕмӕй дӕр иузӕрдион ӕмӕ ӕнӕзӕрдӕхудт уӕм, уый тыххӕй, кӕм кусӕм, уым дӕр хъуамӕ уӕм ӕнӕзӕрдӕхудт. Уӕд адӕмӕн се ’ргом здахдзыстӕм, цы Хуыцауӕн кувӕм, уымӕ. Мах зивӕг нӕ кӕнӕм ӕмӕ уымӕй куысты рӕстӕг нӕ «давӕм», фӕлӕ кусӕм зӕрдӕбынӕй – куыд Иегъовӕйӕн, афтӕ (Иузӕрдион нӕ хъусын кӕныны хъуыддаджы
14, 15. Хъусын кӕныны хъуыддаджы иузӕрдион кӕй стӕм, уый ӕвдисынӕн иуӕй-иу мадзӕлттӕ цы сты?
14 Нӕ бӕрны цы хъусын кӕныны хъуыддаг ис, уым та куыд у нӕ бон иузӕрдиондзинад ӕвдисын? «Ӕнӕрынцойӕ хӕсдзыстӕм Хуыцауӕн ӕппӕлды нывонд, ома Уый ном кадджынгӕнджыты дзыхы дыргъ»,– зӕгъы Библи (Дзуттытӕм 13:15). Хъусын кӕныны хъуыддаджы иузӕрдион кӕй стӕм, уый равдисынӕн сӕйрагдӕр мадзал – иудадзыг хъусын кӕнын. Мӕй ныл афтӕ цӕмӕн хъуамӕ ацӕуа, ӕмӕ Иегъовӕ ӕмӕ йӕ фӕндоны тыххӕй макӕмӕн радзурӕм? Иудадзыг куы хъусын кӕнӕм, уӕд нын уый баххуыс кӕндзӕн, цӕмӕй арӕхстджындӕр кӕнӕм ӕмӕ нын фылдӕр ӕнтыса.
15 Хъусын кӕныны хъуыддаджы иузӕрдиондзинад ӕвдисынӕн ноджы иу хорз мадзал у, «Хъахъхъӕнӕн мӕсыг» ӕмӕ «Нӕ хъусын кӕныны хъуыддаджы» цы уынаффӕтӕ вӕййы, уыдонӕй пайда кӕнын. Уыцы уынаффӕтӕм гӕсгӕ (кӕнӕ ма ӕндӕр ахадгӕ уынаффӕтӕм гӕсгӕ) куы фӕцӕттӕ кӕнӕм нӕхи ӕмӕ стӕй уацамынды нӕ ныхас афтӕ куы райдайӕм, уӕд ӕй нӕ бафиппайӕм, фылдӕр нын кӕй ӕнтысы? Хорз хабары тыххӕй фылдӕр базонын кӕй фӕнды, ахӕм адӕймагыл куы сӕмбӕлӕм, уӕд ӕм дыккаг хатт афоныл бацӕуӕм? Ӕмӕ искӕимӕ хӕдзары Библи ахуыр кӕнын куы райдайӕм, уӕд та? Цымӕ уыцы адӕймӕгтыл ӕнувыдӕй ӕмӕ иузӕрдионӕй тыхсӕм? Хъусын кӕныны хъуыддаджы иузӕрдион куы уӕм, уӕд уый фӕрцы, гӕнӕн ис, райсӕм цард мах дӕр, ӕмӕ нӕм чи хъусы, уыдон дӕр (1 Тимофеймӕ 4:15, 16).
Дунейӕ не стӕм
16, 17. Дунейӕ кӕй не стӕм, уый цавӕр хъуыддӕгты у нӕ бон равдисын?
16 Хуыцаумӕ кувгӕйӕ Йесо йӕ фӕдылдзӕуджыты тыххӕй загъта: «Ӕз сын ӕрхастон Дӕ ныхас, ӕмӕ сӕ дуне йе сӕфт уыны, уымӕн ӕмӕ Ӕз дунейӕ куыд нӕ дӕн, афтӕ уыдон Иоанны 17:14–16, НТ). Чи зоны, ӕмӕ стыр хъуыддӕгты фӕндфидар стӕм ӕмӕ ацы дунейӕ иуварс лӕууӕм, зӕгъӕм, политикӕйы нӕ архайӕм, иннӕ динты бӕрӕгбӕттӕ нӕ кӕнӕм, нӕй нӕм ӕнӕгъдау митӕ. Фӕлӕ гыццыл хъуыддӕгты та куыд у хабар? Цымӕ уый гӕнӕн ис, ӕмӕ йӕ нӕхӕдӕг дӕр ма фӕхатӕм, афтӕмӕй дунейы зондыл ацӕуӕм? Зӕгъӕм, лӕмбынӕг куы нӕ уӕм, уӕд уымӕн бирӕ нӕ хъӕуы, ӕмӕ, ӕцӕг чырыстонӕн чи не ’мбӕлы, ахӕм дарӕс дарын райдайӕм. Хуыцауыл иузӕрдион уӕд уыдзыстӕм, нӕ дарӕс ӕмӕ нӕ бакаст «хӕдӕфсарм ӕмӕ хӕрзӕгъдау» куы уой (1 Тимофеймӕ 2:9, 10, НТ). О, «мах къуылымпыйы хос никӕмӕн стӕм, цӕмӕй нын нӕ куыст мачи бафауа. Фӕлӕ алы хъуыддаджы дӕр нӕхи ӕвдисӕм Хуыцауы кусджытӕй» (2 Коринфӕгтӕм 6:3, 4, НТ).
дӕр дунейӕ не сты. Ды сӕ дунейӕ акӕнай, уый Дӕ нӕ курын, фӕлӕ Дӕ курын, цӕмӕй сӕ бахизай хӕйрӕгӕй. Уыдон дунейӕ не сты, Ӕз дунейӕ куыд нӕ дӕн, афтӕ» (17 Иегъовӕйы кадджын кӕнын нӕ кӕй фӕнды, уымӕ гӕсгӕ ӕмбырдтӕм скӕнӕм аив, ӕмбӕлон дарӕс. Афтӕ ма, тынг бирӕйӕ кӕм вӕййӕм, уыцы фембӕлдтӕм дӕр – нӕ конгресстӕм. Нӕ дарӕс хъуамӕ уа хуымӕтӕг ӕмӕ аив. Чи нӕм кӕсы, уыдонӕн уый бирӕ цӕуылдӕрты дзурӕг у. Нӕ хъуыддӕгтӕм нын суанг зӕдтӕ дӕр сӕ хъус дарынц, Павел ӕмӕ йӕ чырыстон ӕфсымӕрты хъуыддӕгтӕм куыд дардтой, афтӕ (1 Коринфӕгтӕм 4:9). Уӕдӕ нӕ дарӕс хъуамӕ алкӕддӕр уа ӕмбӕлон. Иуӕй-иутӕ, чи зоны, афтӕ хъуыды кӕнынц, ӕмӕ дӕ уӕлӕ цы кӕныс, уый иузӕрдиондзинадмӕ ницы бар дары, фӕлӕ Хуыцауы цӕсты уый гыццыл хъуыддаг нӕу.
Иузӕрдиондзинад цы хорзӕхтӕ хӕссы
18, 19. Иузӕрдиондзинад цы хорзӕхтӕ хӕссы?
18 Ӕцӕг чырыстӕттӕй дзырдӕуы, зӕгъгӕ, уыдон сты «Хуыцауы стыр хорзӕхы рӕдау аразджытӕ». Ӕмӕ афтӕ кӕй у, уымӕ гӕсгӕ лӕггад кӕнынц, «Хуыцау [сын] цы хъару ратта», уый фӕрцы (1 Петры 4:10, 11, НФ). Уыимӕ ма махӕн, Хуыцауы «аразджытӕн», нӕ бӕрны ис, нӕхи цы нӕу, уый – Хуыцауы стыр хорзӕхыл дзурӕг хъуыддӕгтӕ, зӕгъӕм, уацамынд. Мах архайӕм нӕхи хорз «аразджытӕй» равдисыныл, ӕмӕ уый тыххӕй нӕ ныфс дарӕм, Хуыцау цы «ӕгӕрон тых» дӕтты, ууыл (2 Коринфӕгтӕм 4:7, НТ). Ӕвӕдза, цӕй хорз фадат нын у уый сфӕлтӕрынӕн, цӕмӕй фидӕны цыфӕнды фӕлварӕнты дӕр фидар фӕлӕууӕм!
19 Псаломзарӕггӕнӕг зарыд: «Уарзут Хицауы, ӕппӕт Йӕ рӕстгӕнджытӕ; Хицау хъахъхъӕны ӕууӕнкджынты [«иузӕрдионты», НД]» (Псалом 30:24). Цӕй уӕдӕ алкӕддӕр иузӕрдион уӕм, ӕмӕ ӕппындӕр ма дызӕрдыг кӕнӕм, Иегъовӕ кӕй у «ӕппӕт адӕймӕгты Ирвӕзынгӕнӕг, уӕлдайдӕр та рӕстыты [«иузӕрдионты», НД]» (1 Тимофеймӕ 4:10).
Бахъуыды кодтай?
• «Чысыл хъуыддаджы» дӕр иузӕрдион цӕмӕн хъуамӕ уӕм?
• Нӕ иузӕрдиондзинад, ӕнӕзӕрдӕхудт уӕм, ууыл куыд баст у?
• Цӕмӕй уыдзӕн бӕрӕг нӕ иузӕрдиондзинад хъусын кӕныны хъуыддаджы?
• Кӕд иузӕрдион стӕм, уӕд дунейӕ иуварс цавӕр хъуыддӕгты лӕудзыстӕм?
[Фарстатӕ ахуыр кӕнынӕн]
[Ныв 18 фарсыл]
Чысыл хъуыддаджы дӕр ӕмӕ стыры дӕр – иузӕрдион.
[Ныв 21 фарсыл]
«Алцӕмӕй дӕр рӕстӕй цӕрут».
[Ныв 21 фарсыл]
Нӕ иузӕрдиондзинад равдисынӕн хорз мадзал – уацамындмӕ бӕстон цӕттӕ кӕнын.
[Ныв 22 фарсыл]
Дӕ хӕдӕфсармдзинад бӕрӕг уӕд дӕ дарӕс ӕмӕ дӕ бакастӕй дӕр.