Сӕйраг ӕрмӕгмӕ рахиз

Сӕргӕндтӕм рахиз

Иузӕрдиондзинад исты пайда у?

Иузӕрдиондзинад исты пайда у?

Иузӕрдиондзинад исты пайда у?

«ӔГӔР бирӕ фидыс де ’нӕниздзинад фӕдзӕхсынӕн,– загъта Карл, ӕнӕниздзинады фӕдзӕхстады агент *.– Махмӕ дын мӕй 15 евро асламдӕр лӕудзӕн, ӕмӕ уый гыццыл нӕу».

«Чи зоны уый афтӕ у,– дзуапп радта Йенс,– фӕлӕ ныр цалдӕр азы иу компаниимӕ баст дӕн. Тынг мын-иу баххуыс кодта, ӕмӕ йӕ нӕ ныууадздзынӕн».

«Афтӕ ӕнувыд сыл кӕй дӕ, уый бӕргӕ хорз у,– загъта Карл,– фӕлӕ дын зынаргъ лӕууы!»

Карл раст уыд. Арӕх, цӕмӕй искӕуыл иузӕрдион кӕнӕ ӕнувыд уай, уый тыххӕй ӕхца дӕр фӕхъӕуы *. Уый ма адӕймагӕй фӕдомы рӕстӕг, тыхтӕ ӕмӕ уды хъарм дӕр. Цымӕ иузӕрдиондзинад уый аргъ у?

Аргъ ын куыд кӕнынц, афтӕ йӕ не ’вдисынц

Аленсбахы (Герман) Ӕхсӕнады цӕстӕнгас иртасӕн институты бӕрӕггӕнӕнтӕм гӕсгӕ, иу ӕрфарсты архайджытӕн сӕ 96 проценты иузӕрдиондзинад схуыдтой хъӕугӕ миниуӕг. Уыцы институт дыккаг ӕрфарст скодта 18–24 аздзыд фӕсивӕды ’хсӕн. Уыдонӕн сӕ дыууӕ ӕртыккӕгӕм хай загътой, зӕгъгӕ, иузӕрдиондзинад «тынг у», ома уыцы миниуӕг сӕ зӕрдӕмӕ цӕуы.

Иузӕрдиондзинад кӕнӕ ӕнувыддзинадӕн адӕм стыр аргъ кӕнынц, фӕлӕ йӕ равдисын куы фӕхъӕуы, уӕд хъуыддаг бынтон ӕндӕр хуызон рауайы. Дзырдӕн, Европӕйы иуӕй-иу бӕстӕты лӕг ӕмӕ ус, йе та бинонтӕ арӕх кӕрӕдзийыл фаг иузӕрдион нӕ вӕййынц. Афтӕ вӕййы ӕмбӕлтты ’хсӕн дӕр. Хицӕуттӕ ӕмӕ кусджытӕ, кӕнӕ куыстуӕттӕ ӕмӕ клиенттӕ кӕрӕдзийыл раздӕр куыд иузӕрдион уыдысты, уымӕн ныр йӕ кой дӕр нал ис. Цӕуылнӕ?

Абоны тындзгӕ царды аххосӕй, адӕм рӕстӕг нӕ фӕарынц, йе та сӕм уыйбӕрц хъарутӕ нӕ вӕййы, цӕмӕй иузӕрдиондзинад цы домы, уый ӕххӕст кӕной. Йе ’ууӕнк кӕмӕн фӕсайдтой, уыдон ма искӕуыл ӕнувыд уой, уый сӕ, гӕнӕн ис, ӕмӕ фӕндгӕ дӕр мауал кӕна. Иннӕтӕн та, чи зоны, сӕ зӕрдӕмӕ цӕуы, иузӕрдиондзинадӕн бынат дӕр кӕм нӕй, ахӕм царды уаг – «абон ам, райсом – уым».

Куыдфӕнды ма уа, иузӕрдиондзинад у, арӕх ӕппӕлгӕ кӕмӕй фӕкӕнынц, фӕлӕ ӕвдисгӕ кӕй нӕ кӕнынц, ахӕм миниуӕг. Уымӕ гӕсгӕ равзарӕм фарстытӕ: иузӕрдиондзинад исты пайда у? Кӕд о, уӕд иузӕрдион кӕуыл хъуамӕ уӕм ӕмӕ куыд? Цы хорзӕхтӕ хӕссы иузӕрдиондзинад?

[Фиппаинӕгтӕ]

^ 2 абз. Ацы ӕмӕ иннӕ статьяйы иуӕй-иу нӕмттӕ сты ивд.

^ 5 абз. «Иузӕрдиондзинад» ӕмӕ «ӕнувыддзинад»-ӕй алы ран ӕмхуызонӕй кӕй нӕй спайда кӕнӕн, уымӕ гӕсгӕ сӕ ацы статьяты иуӕй-иу рӕтты кӕрӕдзийӕ ивӕм.

[Хицӕнгонд текст 3 фарсыл]

Иузӕрдиондзинад у, арӕх ӕппӕлгӕ кӕмӕй фӕкӕнынц, фӕлӕ ӕвдисгӕ кӕй нӕ кӕнынц, ахӕм миниуӕг.