Сӕйраг ӕрмӕгмӕ рахиз

Сӕргӕндтӕм рахиз

Архайут, цӕмӕй сӕрныллӕг уат

Архайут, цӕмӕй сӕрныллӕг уат

Архайут, цӕмӕй сӕрныллӕг уат

«Сӕрныллӕг адӕмы ды фервӕзын кӕндзынӕ» (2 ПАДДЗАХӔДТЫ 22:28).

1, 2. Дунейы хицӕуттӕ ӕмхуызон цӕмӕй уыдысты?

ЕГИПЕТЫ пирамидӕтӕ арӕзт ӕрцыдысты ацы бӕстӕйы рагон хицӕутты кадӕн. Сӕ фӕд ма историйы ныууагътой Ассирийы паддзах Сеннахирим, Македойнаг Александр ӕмӕ Ромы император Юлий Цезарь дӕр. Ӕппӕт ахӕм хицӕуттӕ ӕмхуызон уыдысты иу хъуыддаджы: иуы тыххӕй дӕр фыст никуы ис, сӕрныллӕг уыд, зӕгъгӕ (Матфейы 20:25, 26).

2 Бауырнид дӕ, ӕмӕ, кӕй кой скодтам, уыцы хицӕуттӕй исчи йӕ бӕстӕйы агуырдтаид рӕвдыдхъуаг мӕгуыр адӕймӕгты? Кӕй зӕгъын ӕй хъӕуы, нӕ! Уый дӕр дӕ нӕ бауырнид, ӕмӕ зӕрдӕсаст мӕгуыр адӕммӕ цыдаиккой, цӕмӕй сӕ ныфс бауагътаиккой. Цы цӕстӕй сӕм кастысты, уый куыд тынг хицӕн кӕны, Дунедарӕг Иегъовӕ ахӕм адӕммӕ цы цӕстӕй кӕсы, уымӕй!

Сӕрныллӕгдзинады стырдӕр цӕвиттон

3. Дунедарӕг йӕ адӕмӕн куыд ӕххуыс кӕны?

3 Иегъовӕ куыд стыр ӕмӕ бӕрзонд у, ууыл зонд не ’ххӕссы, фӕлӕ «йӕ цӕстытӕ фӕлгӕсынц ӕгас зӕххыл, цӕмӕй йӕ тыхӕй ахъаз кӕна, йӕ зӕрдӕ ӕгасӕй дӕр уыйӕрдӕм кӕмӕн у, уыдонӕн» (2 Паралипоменон 16:9). Иегъовӕ йӕ иузӕрдион лӕггадгӕнджытӕн куыд ӕххуыс кӕны, сӕ ныфс куы асӕтты, уӕд? Зӕгъӕн ис, Иегъовӕ йӕ сыгъдӕг удӕй кӕй «цӕры» ахӕм адӕмимӕ, цӕмӕй «сӕрныллӕг ӕмӕ ныфссаст чи у, уыдоны зӕрдӕты рухс уадза» (Исай 57:15). Афтӕмӕй, йӕ лӕггадгӕнджыты ныфс куы бацӕуы, уӕд та йын ногӕй цингӕнгӕйӕ лӕггад кӕнын райдайынц. Куыд сӕрныллӕг у Хуыцау!

4, 5. а) Хуыцауы хицаудзинады тыххӕй псаломзарӕггӕнӕг цы хъуыды кодта? ӕ) Куыд ӕмбарын хъӕуы, зӕгъгӕ, Хуыцау «ӕргуыбыр кӕны», цӕмӕй «мӕгуырӕн» баххуыс кӕна?

4 Ӕнӕхъӕн дун-дунейы Стыр Хуыцау йеддӕмӕ йӕхи афтӕ ничи ӕрныллӕг кодта, цӕмӕй тӕригъӕдджын адӕмӕн баххуыс кӕна. Псаломзарӕггӕнӕгӕн йӕ бон уыд ныффыссын: «Бӕрзонд у алы адӕмыл Хуыцау ӕмӕ ӕрвтӕй уӕлдӕр у Йе стырад. Чи у афтӕ, куыд Иегъовӕ, Хуыцау, бӕрзондыл чи бады, ӕмӕ чи ӕргуыбыр кӕны, цӕмӕй фена, ӕрвтыл ӕмӕ зӕххыл цы ис, уый? Уый рыгӕй сыстын кӕны мӕгуыры ӕмӕ сыджытӕй схъил кӕны мӕгуыры» (Псалом 112:4–7, МГТ).

5 Дӕ хъус ма ӕрдар дзырдмӕ «ӕргуыбыр кӕны». Адӕммӕ ахӕсгӕйӕ ацы ныхасӕн ис ӕппӕрццаг нысаниуӕг, «зынӕрвӕссонӕй кӕсын, дӕлдӕр кӕнӕ ныллӕгдӕр чи лӕууы, уыдонмӕ». Иегъовӕ Хуыцау ахӕм зынӕрвӕссон нӕу. Уый у сыгъдӕг ӕмӕ уаз, ӕмӕ йӕ удыхъӕды «хъалдзинадӕн» йӕ кой дӕр нӕй (Маркы 7:22, 23). Фӕлӕ ма «ӕргуыбыр кӕнын»-ӕн ис ахӕм хъуыды дӕр, ома дӕлдӕр чи у, уыдоны онг хи ӕрныллӕг кӕнын, кӕнӕ стыр бынат ахсгӕйӕ, дӕлдӕр бынаты чи ис, уый онг хи ӕруадзын. Уымӕ гӕсгӕ, иуӕй-иу Библиты Псалом 112:6 загъдӕуы, зӕгъгӕ, Хуыцау йӕхи ӕрныллӕг кӕны. Цӕй сӕрныллӕг у нӕ Хуыцау, йе ’нӕххӕст лӕггадгӕнджытыл афтӕ зӕрдӕбынӕй чи тыхсы! (2 Паддзахӕдты 22:36).

Йесо сӕрныллӕг цӕмӕн уыд

6. Иегъовӕйы сӕрныллӕгдзинад ӕппӕты ирддӕрӕй цӕмӕй рабӕрӕг?

6 Хуыцауы сӕрныллӕгдзинад ӕмӕ уарзондзинад ӕппӕты ирддӕрӕй рабӕрӕг сты, йӕ уарзон фыццаггуырд Фырты зӕхмӕ адӕмы фервӕзын кӕнынмӕ кӕй рарвыста, уымӕй (Иоанны 3:16). Йесо нын бацамыдта ӕцӕгад йӕ уӕларвон Фыды тыххӕй ӕмӕ йе ’ххӕст цард радта «дунейы тӕригъӕд» фесафынӕн (Иоанны 1:29; 18:37). Йесо алцӕмӕй дӕр, уыимӕ сӕрныллӕгдзинадӕй дӕр, уыд йӕ Фыды халдих, ӕмӕ йын цыдӕриддӕр дзырдта, уый зӕрдиагӕй ӕххӕст кодта. Хуыцау кӕй сфӕлдыста, уыдонӕй Йесойы хуызӕн сӕрныллӕг ӕмӕ уарзӕгой никуы ничи уыд. Фӕлӕ йын йӕ сӕрныллӕгдзинадӕн алчи не саргъ кодта. Суанг ма йӕ йе ’знӕгтӕ дӕр нымадтой «адӕмӕй бонзонгӕдӕрыл [«ӕппӕты ныллӕгдӕрыл», НД]» (Данелы 4:14). Куыдфӕнды ма уыдаид, апостол Павел хорз ӕмбӕрста, йе ’мчырыстӕттӕ Йесойы кӕй хъуамӕ фӕзмой ӕмӕ сӕрныллӕг кӕй хъуамӕ уой (1 Коринфӕгтӕм 11:1; Филиппӕгтӕм 2:3, 4).

7, 8. а) Йесо сӕрныллӕгдзинадыл куыд сахуыр? ӕ) Йесо йӕ сомбоны ахуыргӕнинӕгтӕн цы загъта?

7 Павел хъус ӕрдардта Йесойы иттӕг хорз цӕвиттонмӕ, куы фыста: «Йесо Чырыстийы зондахаст уын уӕд. Кӕд уый Хуыцауы халдих уыд, уӕддӕр хъуыды дӕр никуы акодта Хъуыцауы ӕмсӕр уӕвыныл. Фӕлӕ йӕхи басаста ӕмӕ цагъары хуыз райста ӕмӕ ӕддаг бакастӕй дӕр сси адӕмы хуызӕн. Ӕмӕ, адӕймаг суӕвгӕйӕ, йӕхи ӕрныллӕг кодта ӕмӕ коммӕгӕс уыд суанг мӕлӕты онг, о, хъизӕмӕртты цӕджындзыл мӕлӕты онг» (Филиппӕгтӕм 2:5–8, НД).

8 Исчи чи зоны бадис кӕна: Йесо сӕрныллӕгдзинадыл куыд сахуыр? Йӕ уӕларвон Фыдимӕ ӕнусты дӕргъы ӕввахс хӕлӕрттӕ кӕй уыдысты, уый фӕрцы. Ӕппӕт уыцы рӕстӕг Йесо – «дӕсны кусӕг» – ӕххуыс кодта йӕ Фыдӕн дун-дуне фӕлдисынӕн (Ӕмбисӕндтӕ 8:30). Едемы цӕхӕрадоны фыццаг змӕст куы рауад, уӕд Хуыцауы Фыццаггуырд фырт уыдта, йӕ Фыд тӕригъӕдджын адӕмимӕ куыд сӕрныллӕг уыд, уый. Уӕдӕ зӕххыл цӕргӕйӕ Йесо фӕзмыдта йӕ Фыды сӕрныллӕгдзинад, ӕмӕ загъта: «Райсут Мӕ ӕфсондз уӕхиуыл ӕмӕ сахуыр ут Мӕнӕй, уымӕн ӕмӕ Ӕз Дӕн фӕлмас ӕмӕ сабыр зӕрдӕйӕ, ӕмӕ ссардзыстут ӕнцой уӕ удтӕн» (Матфейы 11:29; Иоанны 14:9).

9. а) Йесо сывӕллӕтты цӕй тыххӕй уарзта? ӕ) Йесо сывӕллоны куы ракодта, уӕд йӕ фӕдылдзӕуджытӕн цы бацамыдта?

9 Йесо ӕцӕг сӕрныллӕг кӕй уыд, уымӕ гӕсгӕ дзы сывӕллӕттӕ нӕ тарстысты. Уый нӕ, фӕлӕ ма йӕм сӕхи дӕр ластой. Йесо дӕр уарзта сывӕллӕтты ӕмӕ сын рӕстӕг ардта (Маркы 10:13–16). Цӕй тыххӕй сӕ уарзта? Уымӕн ӕмӕ уыдонмӕ уыдис ахӕм хорз миниуджытӕ, хатт-иу йӕ ахуыргӕнинӕгтӕм чи нӕ разынд. Иууылдӕр ӕй зонынц, гыццыл сабитӕ стырты сӕхицӕй уӕлдӕр кӕй хонынц. Уый бӕрӕг вӕййы сӕ бирӕ фарстытӕй. О, бирӕ хистӕртимӕ абаргӕйӕ, сывӕллӕттӕн ӕнцондӕр у зонд амонын ӕмӕ уыдон сӕхицӕй дӕр нӕ ныббуц вӕййынц. Иу хатт Йесо иу гыццыл сывӕллоны ракодта, ӕмӕ йӕ фӕдылдзӕуджытӕн загъта: «Куы нӕ раздӕхат ӕмӕ сывӕллӕтты хуызӕн куы нӕ уат, нӕ бацӕудзыстут Уӕларвон Паддзахадмӕ». Стӕй йӕ ныхас адарддӕр кодта: «Йӕхи чи ӕрныллӕг кӕна, ацы сывӕллоны хуызӕн, уый уыдзӕн стырдӕр Уӕларвон Паддзахады» (Матфейы 18:3, 4). Йесо сфидар кодта ахӕм уагӕвӕрд: «Алкӕцы йӕхӕдӕг йӕхи бӕрзонд кӕнӕг ныллӕггонд уыдзӕн, йӕхи ныллӕг кӕнӕг та бӕрзондгонд уыдзӕн» (Лукайы 14:11; 18:14; Матфейы 23:12).

10. Цавӕр фарстытӕ равзардзыстӕм?

10 Ацы хъуыддаджы фӕдыл ӕвзӕры ахсджиаг фарстытӕ. Кӕд не ’нусон цард уымӕй кӕнгӕ у, ӕмӕ нӕ удыхъӕды ӕцӕг сӕрныллӕгдзинад фидар кӕнӕм, уӕд нӕм уый хатт зын цӕмӕн фӕкӕсы? Ӕнцон нын цӕуылнӕ вӕййы нӕ сӕрыстырдзинад нӕ къӕхты бын скӕнын, цӕмӕй зын уавӕрты сӕрныллӕг уӕм ныхасӕй дӕр ӕмӕ уагахастӕй дӕр? Ӕмӕ нын цы баххуыс кӕндзӕн ӕцӕг сӕрныллӕгдзинад нӕ удыхъӕды фидар кӕнынӕн? (Иаковы 4:6, 10).

Сӕрныллӕг уӕм, уый зын цӕмӕн у

11. Сӕрныллӕгдзинадыл нӕ тох кӕнын кӕй хъӕуы, уый диссаг цӕуылнӕ у?

11 Сӕрныллӕг уай, кӕд ууыл архайыс, уӕд иунӕг нӕ дӕ. 1920 азы ацы журналы дзырд цыдис Библийы уынаффӕйыл, сӕрныллӕгдзинад куыд тынг хъӕуы, ууыл. Уым фыстой: «Уӕдӕ йӕ уынӕм, Хицау Йесо Чырысти сӕрныллӕгдзинадӕн стыр нысаниуӕг кӕй дӕтты, ӕмӕ уый хъуамӕ йе ’цӕг ахуыргӕнинӕгты се ’ппӕты дӕр разӕнгард кӕна, цӕмӕй ацы миниуӕгыл ӕрвылбон дӕр кусой». Стӕй журнал ӕргом зӕгъы: «Кӕд Фыстады уыйбӕрц уынаффӕтӕ ис, уӕддӕр ӕнӕххӕст адӕймаджы сконд ахӕм у, ӕмӕ Хицауы адӕммӕ чи ӕрбаиу вӕййы ӕмӕ йӕ фӕндагыл чи фӕцӕуы, уыдонӕн ацы миниуӕгыл, иннӕ миниуджытӕй хъауджыдӕр, ноджы зындӕр вӕййы кусын, ноджы тынгдӕр ыл фӕхъӕуы тох кӕнын». Амӕй бӕрӕг кӕны, ӕцӕг чырыстӕтты сӕрныллӕгдзинадыл тох кӕнын цӕмӕн хъӕуы, уымӕн йӕ иу аххосаг – нӕ тӕригъӕдджын адӕймаджы удыхъӕд бӕллы ӕгӕр стыр кадмӕ. Уый уымӕн афтӕ у, ӕмӕ мах стӕм, сӕ хиуарзон фӕндӕтты коммӕ чи бакаст, уыцы тӕригъӕдджын лӕг ӕмӕ ус, Адам ӕмӕ Евӕйы, байзӕддӕгтӕ (Ромӕгтӕм 5:12).

12, 13. а) Ацы дуне чырыстон сӕрныллӕгдзинадӕн цӕлхдур куыд у? ӕ) Нӕ удыхъӕды сӕрныллӕгдзинад фидар кӕнын ноджы зындӕр кӕй аххосӕй у?

12 Сӕрныллӕг уӕм, уый ма зын уый тыххӕй дӕр у, ӕмӕ мах цӕрӕм ахӕм дунейы, адӕмы, иннӕтӕй хуыздӕр уой, ууыл чи ардауы. Уымӕн йӕ нысӕнттӕй иу у, цӕмӕй цыфӕндыйӕ дӕр ӕххӕст кӕной сӕ «[тӕригъӕдджын] буары фӕндон, цӕстыты фӕндон ӕмӕ царды хъалдзинад» (1 Иоанны 2:16). Йесойы ахуыргӕнинӕгтыл хъуамӕ дунейы ахӕм монцтӕ ма тых кӕной, фӕлӕ сӕ цӕст сыгъдӕг дарой ӕмӕ сын здӕхт уа Хуыцауы фӕндон ӕххӕст кӕнынмӕ (Матфейы 6:22–24, 31–33; 1 Иоанны 2:17).

13 Сӕрныллӕгдзинад нӕ удыхъӕды фидар кӕнын ӕмӕ йӕ ӕвдисын ӕнцон кӕй нӕу, уымӕн йӕ ӕртыккаг аххосаг у ацы дунейы хицау Сайтан Хӕйрӕг, фыццаг кӕй зӕрдӕ схъал и, уый (2 Коринфӕгтӕм 4:4; 1 Тимофеймӕ 3:6). Сайтан хъары йе ’взӕр миниуджытӕ. Зӕгъӕм, уый фӕндыд, цӕмӕй йын Йесо бакуывтаид, ӕмӕ йын уый тыххӕй лӕвӕрдта «ӕппӕт дунейы паддзахӕдтӕ ӕмӕ сӕ кад». Йесо, ӕппӕты сӕрныллӕгдӕр адӕймаг, Хӕйрӕгӕн фидарӕй «нӕ» загъта (Матфейы 4:8, 10). Афтӕ, Сайтан чырыстӕтты сайы, цӕмӕй сӕхицӕн кад агурой. Фӕлӕ сӕрныллӕг чырыстӕттӕ Йесойы фӕзмынц, ӕмӕ Хуыцауы кадджын кӕнынц (Маркы 10:17, 18).

Сӕрныллӕгдзинад удыхъӕды фидар кӕнын ӕмӕ ӕвдисын

14. Цы у «цӕстмӕ сӕрныллӕгдзинад»?

14 Йӕ фыстӕджы колоссӕгтӕм апостол Павел фӕдзӕхста, цӕмӕй сӕхи ӕфсоны сӕрныллӕгдзинадӕй хызтаиккой. Павел уый схуыдта «цӕстмӕ сӕрныллӕгдзинад» (НД). Сӕхи сӕрныллӕгӕй ӕрмӕст ӕвдисгӕ чи кӕны, уыдоны фӕлтӕрд чырыстӕттӕ схонӕн нӕй, уымӕн ӕмӕ сӕ хъуыддӕгтӕй ӕвдисынц, фырхъалӕй «зынӕрвӕссон» кӕй сты (Колоссӕгтӕм 2:18, 23). Йесойы ныхӕстӕ бӕрӕг кодтой, цӕстмӕ сӕрныллӕг чи уыд, уыдоны. Уый фарисейтӕн уайдзӕф кодта, уымӕн ӕмӕ сӕ куывдтытӕ уыдысты цӕстмӕхъус, ком даргӕйӕ та-иу сӕхи нынкъард кодтой, сӕ цӕсгӕмттӕ-иу ныттар кодтой. Уӕдӕ цӕмӕй нӕ куывдтытӕ Хуыцауы зӕрдӕмӕ цӕуой, уый тыххӕй хъуамӕ кувӕм сӕрныллӕгӕй (Матфейы 6:5, 6, 16).

15. а) Цы кӕнын нӕ хъӕуы, цӕмӕй нын сабыр зонд уа? ӕ) Сӕрныллӕг чи уыд, уыдонӕй иуӕй-иутӕ чи уыдысты?

15 Чырыстӕттӕн ӕцӕг сӕрныллӕг зондахаст уӕд уыдзӕн, ӕмӕ Иегъовӕ Хуыцау ӕмӕ Йесо Чырыстийы куы фӕзмой. Уымӕ та хауы, иудадзыг Библи ӕмӕ, «ӕууӕнкджын ӕмӕ зондджын цагъар» цы литературӕ уадзы, уый ахуыр кӕнын (Матфейы 24:45). Уый уӕлдай ахсджиагдӕр у чырыстон цӕстдарджытӕн, «цӕмӕй [се] ’фсымӕрты цур [сӕ] сӕр бӕрзӕндты ма хӕссой» (Дыккаг закъон 17:19, 20; 1 Петры 5:1–3). Дӕ зӕрдыл дар, сӕ сӕрныллӕгдзинады тыххӕй арфӕгонд чи ӕрцыд, уыдоны: Руф, Аннӕ, Елисаветӕ ӕмӕ бирӕ ӕндӕрты (Руф 1:16, 17; 1 Паддзахӕдты 1:11, 20; Лукайы 1:41–43). Ноджы ма ахъуыды кӕн, Иегъовӕйӕн сӕрныллӕгӕй чи лӕггад кодта, уыцы зындгонд нӕлгоймӕгтыл: Давид, Иоси, Аргъауӕг Иоанн ӕмӕ апостол Павелыл (2 Паралипоменон 34:1, 2, 19, 26–28; Псалом 130:1; Иоанны 1:26, 27; 3:26–30; Куыстытӕ 21:20–26; 1 Коринфӕгтӕм 15:9). Ӕмӕ абон чырыстон ӕмбырды цы сӕрныллӕг хотӕ ӕмӕ ӕфсымӕртӕ ис, уыдон та? Уыдоныл хъуыды кӕнын ӕцӕг чырыстӕттӕн ӕххуыс кӕндзӕн, цӕмӕй «сабыр зонды сфӕлындой» (1 Петры 5:5).

16. Цӕмӕй сӕрныллӕг уӕм, уый тыххӕй нын хъусын кӕныны хъуыддаг куыд ӕххуыс кӕны?

16 Иудадзыг хъусын кӕнынмӕ цӕуын дӕр нын ӕххуыс кӕны, цӕмӕй сӕрныллӕг уӕм. Сабыр зонды фӕрцы хорз ныхас кӕндзыстӕм хӕдзарӕй-хӕдзармӕ ӕмӕ ӕндӕр рӕтты ӕнӕзонгӕ адӕмыл ӕмбӕлгӕйӕ. Уӕлдайдӕр та, хӕдзары хицау хорз хабармӕ фыццаг уазал цӕстӕй куы ракӕсы кӕнӕ йӕхи тызмӕг куы фӕдары, уӕд. Нӕ дины тыххӕй нӕ арӕх фӕфӕрсынц, ӕмӕ сӕрныллӕг куы уӕм, уӕд дзуапп дӕтдзыстӕм «фӕлмасӕй ӕмӕ нымд кӕнгӕйӕ» (1 Петры 3:15). Хуыцауы сӕрныллӕг лӕггадгӕнджытӕ ӕндӕр рӕттӕм ацӕуынц ӕмӕ феххуыс кӕнынц, се ’гъдау ӕмӕ сӕ сӕ царды уавӕртӕм гӕсгӕ чи хицӕн кӕны, ахӕм адӕмӕн. Уыцы Ӕвдисӕнтӕ сӕрныллӕг кӕй вӕййынц, уый фӕрцы сӕ къухы бафты иу зын хъуыддаг – ног ӕвзаг сахуыр кӕнын, цӕмӕй хорз хабар кӕмӕн хӕссынц, уыдонӕн хуыздӕр ӕххуыс кӕной. Уӕдӕ раппӕлинаг куыннӕ сты! (Матфейы 28:19, 20).

17. Цавӕр чырыстон хӕстӕ ӕххӕст кӕнынӕн хъӕуы сӕрныллӕгдзинад?

17 Бирӕтӕ сӕрныллӕгӕй ӕххӕст кӕнынц сӕ чырыстон хӕстӕ ӕмӕ иннӕтыл сӕхицӕй тынгдӕр тыхсынц. Зӕгъӕм, чырыстон фыды хъӕуы сӕрныллӕгдзинад йӕ хъуыддӕгтӕй рӕстӕг ратонынӕн, цӕмӕй йӕхи йӕ сывӕллӕттимӕ Библи ахуыр кӕнынмӕ бацӕттӕ кӕна, ӕмӕ сын ахъаз куыд фӕуа, афтӕ йӕ ауадза. Сывӕллӕттӕ дӕр сӕрныллӕг куы уой, уӕд се ’нӕххӕст ныййарджытӕн кад кӕндзысты ӕмӕ сӕм хъусдзысты (Ефесӕгтӕм 6:1–4). Ӕнӕуырнӕг лӕгтӕ цы устытӕн ис, уыдоны арӕх бахъӕуы сӕрныллӕгдзинад, цӕмӕй сӕ цардӕмбӕлтты ӕцӕгадмӕ ӕрбаздахой сӕ «сыгъдӕг хуыцауы тасы мидӕг цардӕй» (1 Петры 3:1, 2). Сӕрныллӕгдзинад ӕмӕ удуӕлдай уарзондзинад ма хъӕуынц, нӕ рынчын ӕмӕ зӕронд ныййарджытӕм кӕсын куы фӕхъӕуы, уӕд дӕр (1 Тимофеймӕ 5:4).

Сӕрныллӕгдзинад ӕххуыс кӕны зындзинӕдты

18. Сӕрныллӕгдзинад нын зындзинӕдты куыд ӕххуыс кӕны?

18 Хуыцауы зӕххон лӕггадгӕнджытӕ иууылдӕр ӕнӕххӕст сты (Иаковы 3:2). Хатт дыууӕ чырыстоны гӕнӕн ис, ӕмӕ кӕрӕдзиимӕ цӕуылдӕр ма сразы уой кӕнӕ кӕрӕдзи раст ма бамбарой. Чи зоны, иу иннӕмӕ дзӕгъӕлы не смӕсты вӕййы. Арӕх, ахӕм хъуыддӕгтӕ сраст кӕнынӕн баххуыс кӕны ацы уынаффӕ: «Кӕрӕдзийӕн баргӕйӕ ӕмӕ иу иннӕмӕн хатыр кӕнгӕйӕ, кӕд искӕмӕ искӕуыл хъаст ис уӕд: [«Иегъовӕ», НД] сымахӕн куыд бахатыр кодта, афтӕ сымах дӕр» (Колоссӕгтӕм 3:13). Раст у, ацы уынаффӕмӕ хъусын ӕнцон нӕу, фӕлӕ адӕймаг сӕрныллӕг куы уа, уӕд йӕ бон уыдзӕн хатыр кӕнын.

19. Чи нӕ фӕхъыг кодта, уыимӕ ныхас кӕнгӕйӕ, нӕ зӕрдыл цы хъуамӕ дарӕм?

19 Иуӕй-иу хатт чырыстонмӕ чи зоны афтӕ кӕса, ӕмӕ йӕ ныхмӕ ӕгӕр стыр тӕригъӕд ракодтой ӕмӕ йын ныххатыр кӕнӕн нӕй. Уӕд ын сӕрныллӕгдзинад баххуыс кӕндзӕн, чи йӕ фӕхъыг кодта, уымӕ бацӕуынӕн ӕмӕ йемӕ бафидауынӕн (Матфейы 18:15). Чырыстӕттӕн хатт сӕ бон бафидауын кӕй нӕ вӕййы, уымӕн йӕ иу аххосаг у, сӕ иу кӕнӕ та сӕ дыууӕ дӕр ӕгӕр сӕрбӕрзонд кӕй сты ӕмӕ сӕ рӕдыдыл кӕй нӕ сӕттынц. Кӕнӕ фыццаг къахдзӕф чи скӕны, уый йӕхи рӕстытӕ фӕкӕны ӕмӕ иннӕмӕ фаутӕ фӕхӕссы. Уыйхыгъд нын сӕрныллӕгдзинад ӕххуыс кӕндзӕн иннӕтимӕ кӕрӕдзийы ӕмбарынӕн.

20, 21. Цӕмӕй сӕрныллӕг уӕм, уый тыххӕй нын ӕппӕты тынгдӕр цы ӕххуыс кӕны, уыдонӕй иу цы у?

20 Сӕрныллӕгдзинадыл кусынӕн ӕппӕты ахсджиагдӕр къахдзӕф у кувын. Кувын хъӕуы, цӕмӕй нын Хуыцау ӕххуыс кӕна ӕмӕ нӕ йӕ сыгъдӕг удӕй хайджын кӕна. Фӕлӕ дӕ зӕрдыл дар уый, ӕмӕ «Хуыцау... сӕрныллӕджытӕн... хорзӕх [уыимӕ йӕ сыгъдӕг уд дӕр] дӕтты» (Иаковы 4:6, НТ). Уӕдӕ кӕд де ’мчырыстонимӕ кӕрӕдзиимӕ цӕуылдӕр разы не стут, уӕд Иегъовӕмӕ кув, ӕмӕ дын баххуыс кӕна басӕттын дӕ рӕдыдыл, цыфӕнды стыр кӕнӕ гыццыл ма уа, уӕддӕр. Исчи дӕ куы фӕхъыг кӕна, фӕлӕ дӕ сыгъдӕгзӕрдӕйӕ хатыр куы ракура, уӕд ын сӕрныллӕгӕй ныххатыр кӕн. Кӕд дын хатыр кӕнын зын у, уӕд Иегъовӕйӕ ӕххуыс кур, цӕмӕй дын дӕ зӕрдӕ сӕрыстырдзинадӕй ссыгъдӕг кӕна.

21 Сӕрныллӕгдзинад цы бирӕ хорзӕхтӕ хӕссы, уый куы ӕмбарӕм, уӕд ацы арфӕйаг миниуӕгыл кусдзыстӕм ӕмӕ йӕ хъахъхъӕндзыстӕм. Уыцы хъуыддаджы нын Иегъовӕ Хуыцау ӕмӕ Йесо Чырысти сты диссаджы цӕвиттонтӕ! Макуы рох кӕн Хуыцауы фӕдзӕхст: «Сӕрныллӕг чи у ӕмӕ Иегъовӕйӕ чи тӕрсы, уымӕ уыдзӕн хъӕздыгдзинад, кад ӕмӕ цард» (Ӕмбисӕндтӕ 22:4).

Фарстытӕ ахъуыды кӕнынӕн

• Сӕрныллӕгдзинады ӕппӕты хуыздӕр цӕвиттонтӕ чи сты?

• Сӕрныллӕгдзинад удыхъӕды фидар кӕнын зын цӕмӕн у?

• Сӕрныллӕг уӕм, уымӕн нын цы ӕххуыс кӕны?

• Алкӕддӕр сӕрныллӕг уӕм, уый тынг ахсджиаг цӕмӕн у?

[Фарстатӕ ахуыр кӕнынӕн]

[Ныв 17 фарсыл]

Йесо уыд сӕрныллӕг.

[Ныв 18 фарсыл]

Ацы дуне адӕмы ууыл ардауы, цӕмӕй сӕхи иннӕтӕй уӕлдӕр кӕной.

[Барлӕвӕрдӕй]

WHO photo by L. Almasi/K. Hemzǒ

[Ныв 19 фарсыл]

Сӕрныллӕгдзинад ӕххуыс кӕны уацамынды ӕнӕзонгӕтимӕ ныхас кӕнынӕн.

[Нывтӕ 20 фарсыл]

Сӕрныллӕгдзинад ӕмӕ нӕм уарзондзинад куы уа, уӕд кӕрӕдзийӕн хатыр кӕндзыстӕм.

[Нывтӕ 21 фарсыл]

Чырыстӕттӕ сӕрныллӕгдзинад ӕвдисынц бирӕ хъуыддӕгты.