Сӕйраг ӕрмӕгмӕ рахиз

Сӕргӕндтӕм рахиз

«Алчидӕр йӕхи уаргъ ахӕсдзӕн»

«Алчидӕр йӕхи уаргъ ахӕсдзӕн»

«Алчидӕр йӕхи уаргъ ахӕсдзӕн»

«Алчидӕр йӕхи тыххӕй ратдзӕн дзуапп Хуыцауӕн» (РОМӔГТӔМ 14:12).

1. Ӕртӕ ӕрыгон дзуттаджы цавӕр уаргъ хӕссын бахъуыд?

ВАВИЛОНЫ цы ӕртӕ ӕрыгон дзуттаджы цард, уыдоны хъуыди, сӕ цард кӕуыл баст уыд, ахӕм уынаффӕ рахӕссын. Цымӕ уыцы бӕстӕйы закъонмӕ гӕсгӕ мӕнг хуыцауы цырты раз ӕрзоныг кӕндзысты? Ӕви не сразы уыдзысты ӕмӕ сӕ зынг пецы баппардзысты? Седрах, Мисах ӕмӕ Авденагойӕн искӕй бафӕрсынӕн рӕстӕг нӕ уыд, стӕй сӕ уый хъӕугӕ дӕр нӕ кодта. Фидарӕй загътой: «Хъуамӕ зонай, мах дын дӕ хуыцӕуттӕн кӕй нӕ кусдзыстӕм, ӕмӕ, ды кӕй сӕвӕрдтай, уыцы зӕрин гуымирӕн кӕй нӕ бакувдзыстӕм, уый» (Данелы 3:1–18). Ӕртӕ дзуттаджы ӕмбӕрстой, уыцы уаргъ – уынаффӕ рахӕссын – сӕхи хӕссинаг кӕй уыд.

2. Пилат Йесо Чырыстийы тыххӕй уынаффӕ куы хаста, уӕд кӕй зондыл ацыд ӕмӕ йӕ уый йӕ бӕрнӕй сӕрибар кодта?

2 Иу-ӕхсӕз ӕнусы фӕстӕдӕр ӕрцыд ӕндӕр хабар. Хицау байхъуыста, адӕймаджы цӕмӕй азымджын кодтой, уымӕ. Хабӕрттӕм бӕстон ӕркӕсгӕйӕ, сбӕрӕг кодта, уыцы адӕймаг аххосджын кӕй нӕу. Фӕлӕ адӕм хъӕр кӕнынц, цӕмӕй йын мӕлӕты тӕрхон рахӕсса. Хицау сӕ фӕндоныл нӕ разы кодта, фӕлӕ стӕй, йӕхиуыл цы бӕрн ӕвӕрд уыд, уый сӕххӕст кӕныны бӕсты, ӕвӕндонӕй адӕмы зондыл ацыд. Йӕ къухтӕ ӕхсгӕйӕ загъта: «Ӕз аххосджын нӕ дӕн ацы тугкалды». Уый фӕстӕ уыцы адӕймаджы байтындзыны бар радта. О, Понти Пилат уыцы адӕймаджы, Йесо Чырыстийы, тыххӕй уынаффӕ йӕхӕдӕг нӕ рахаста – йӕхимӕ уыцы бӕрн нӕ райста – фӕлӕ йӕ иннӕты бар бакодта. Йӕ къухтӕ цасфӕнды ма ’хсадтаид, уӕддӕр ӕй уый нӕ сӕрибар кодта, Йесойӕн мӕлӕты тӕрхон кӕй рахаста, уымӕй (Матфейы 27:11–26; Лукайы 23:13–25).

3. Иннӕтӕ нӕ бӕсты уынаффӕтӕ цӕуылнӕ хъуамӕ хӕссой?

3 Махӕй та цы зӕгъӕн ис? Исты уынаффӕ рахӕссын нӕ куы фӕхъӕуы, уӕд ӕртӕ дзуттагау фӕархайӕм, ӕви нӕ бӕсты иннӕтӕ фӕхъуыды кӕнынц? Уынаффӕ хӕссын ӕнцон хъуыддаг нӕу. Цӕмӕй адӕймаг раст уынаффӕтӕ хӕсса, уый тыххӕй хъуамӕ уа фӕлтӕрд. Зӕгъӕм, ныййарджыты сӕ гыццыл сывӕллӕтты бӕсты фӕхъӕуы хорз уынаффӕтӕ хӕссын. Кӕй зӕгъын ӕй хъӕуы, уынаффӕ хӕссын ӕнцон нӕ вӕййы зын уавӕры ӕмӕ алыхуызон хъуыддӕгтыл ахъуыды кӕнын куы фӕхъӕуы, уӕд. Фӕлӕ уынаффӕтӕ хӕссыны бӕрн ахӕм уӕззау «уаргъ» нӕу, цӕмӕй йӕ, «фидар уырнындзинад» кӕмӕн ис, уыдон нӕ бӕсты хӕссой (Галатӕгтӕм 6:1, 2, НД). Уыцы уаргъы тыххӕй «махӕй алчидӕр йӕхи тыххӕй ратдзӕн дзуапп Хуыцауӕн» (Ромӕгтӕм 14:12). «Алчидӕр йӕхи уаргъ ахӕсдзӕн»,– дзырдӕуы Библийы (Галатӕгтӕм 6:5). Уӕдӕ уӕд нӕ бон куыд у зондджын уынаффӕтӕ хӕссын? Фыццаджыдӕр мах хъуамӕ ӕмбарӕм, нӕ бон алцы кӕй нӕу ӕмӕ нӕ базонын хъӕуы, уымӕн нын цы баххуыс кӕндзӕн, уый.

Сӕйрагдӕр цы хъӕуы

4. Фыццаг дыууӕ адӕймаджы ӕгоммӕгӕсдзинад нын уынаффӕтӕ хӕсгӕйӕ зонды хос куыд уыдзӕн?

4 Раджы, адӕмы царды райдианы, фыццаг дыууӕ адӕймаджы цы уынаффӕ рахастой, уый ӕркодта ӕвирхъау бӕллӕхтӕм. Уыдон бахордтой хорз ӕмӕ ӕвзӕр зоныны бӕласы дыргъ (Уӕвынад 2:16, 17). Цӕмӕ гӕсгӕ рахастой ахӕм уынаффӕ? «Сылгоймаг федта, уыцы бӕласы дыргъ хӕрынӕн кӕй бӕззы ӕмӕ цӕст йӕхимӕ кӕй ӕлвасы, ӕмӕ бӕласмӕ кӕсын ӕхсызгон кӕй у. Ӕмӕ йын ӕртыдта йӕ дыргътӕй ӕмӕ йӕ бахордта. Уый фӕстӕ, йӕ лӕг куы ӕрбацыд, уӕд дзы уымӕн дӕр радта ӕмӕ дзы уый дӕр бахордта» (Уӕвынад 3:6). Евӕ уый йӕ хиуарзонӕй бакодта. Йӕ зондыл ацыд Адам дӕр. Афтӕмӕй тӕригъӕд ӕмӕ мӕлӕт «сбарджын [сты] ӕппӕт адӕмыл» дӕр (Ромӕгтӕм 5:12, НТ). Адӕймаджы бон алцы кӕй нӕу, уыцы хъуыддаджы нын Адам ӕмӕ Евӕйы ӕгоммӕгӕсдзинад у зонды хос: адӕймаг Хуыцауы разамындмӕ куы нӕ хъуса, уӕд йӕхӕдӕг раст уынаффӕтӕ хӕссынхъом нӕу.

5. Иегъовӕ нын цавӕр разамынд дӕтты ӕмӕ нын цӕмӕй фӕахъаз уа, уый тыххӕй цы хъуамӕ аразӕм?

5 Куыд хорз у, Иегъовӕ нӕ ӕнӕ разамындӕй кӕй нӕ ныууагъта! Фыстад нын дзуры: «Рахизырдӕм дӕр куы аздӕхат ӕмӕ галиуырдӕм дӕр, уӕд хъусдзыстут уӕ фӕстӕ дзурӕджы хъӕлӕс: „Мӕнӕ фӕндаг, цӕут ыл“» (Исай 30:21). Иегъовӕ немӕ дзуры йӕ Ныхас Библийы уылты. Уымӕ гӕсгӕ хъуамӕ Фыстад ахуыр кӕнӕм ӕмӕ Хуыцауы тыххӕй бӕлвырд зонындзинӕдтӕ агурӕм. Раст уынаффӕтӕ хӕссынӕн нӕ хъӕуы, фӕлтӕрд адӕмӕн чи у, ахӕм «хъӕбӕр хӕринаг» хӕрын. Хъуамӕ ма нӕ «зӕрдӕ ахуыр кӕнӕм... хорздзинад ӕмӕ ӕвзӕрдзинад раиртасынмӕ» (Дзуттытӕм 5:14, НФ). Нӕ бон у нӕ зӕрдӕ ахуыр кӕнын хорз ӕмӕ ӕвзӕр иртасын, Хуыцауы Ныхасӕй цы базыдтам, уымӕй нӕ царды куы пайда кӕнӕм, уӕд.

6. Цӕмӕй нын не ’фсарм раст амона, уый тыххӕй цы кӕнын хъӕуы?

6 Уынаффӕ хӕсгӕйӕ тынг ахсджиаг у, Хуыцау нӕ цы ӕфсармӕй схайджын кодта, уымӕ хъусын. Уый нын ӕххуыс кӕны уынаффӕтӕ хӕссынӕн ӕмӕ нын амоны, раст бакодтам ӕви нӕ бакодтам, уый (Ромӕгтӕм 2:14, 15). Фӕлӕ нын цӕмӕй не ’фсарм раст амона, уый тыххӕй йӕ хъӕуы ахуыр кӕнын – Хуыцауы Ныхас бӕлвырдӕй цы амоны, уый базонын ӕмӕ уымӕ гӕсгӕ цӕрын. Не ’фсарм Библимӕ гӕсгӕ ахуыр куы нӕ уа, уӕд ыл ӕнцонтӕй фӕзындзысты адӕмы ӕгъдӕуттӕ ӕмӕ зондахаст, ӕмӕ афтӕмӕй нӕ зонд сзыгъуыммӕ уыдзӕн. Фӕлӕ Хуыцауы уагӕвӕрдты сӕрты арӕх куы хизӕм, уӕд не ’фсармыл цы ӕрцӕудзӕн? Уӕд суыдзӕн, «тӕвд ӕфсӕйнагӕй сыгъд» буар хъӕбӕр цъар куыд сӕвӕры, уый хуызӕн – ницыуал ӕмбардзӕн (1 Тимофеймӕ 4:2). Уӕдӕ Хуыцауы Ныхасмӕ гӕсгӕ ахуыр ӕфсармӕй хуыздӕр зондамонӕг нӕй.

7. Зондджын уынаффӕтӕ хӕссынӕн сӕйрагдӕр цы хъӕуы?

7 Зондджын уынаффӕтӕ хӕссынӕн сӕйрагдӕр хъӕуы Фыстад бӕлвырдӕй цы дзуры, уый зонын ӕмӕ уымӕ гӕсгӕ цӕрын. Тагъд-тагъдӕй уынаффӕтӕ хӕссыны бӕсты, хъуамӕ рӕстӕг арӕм Библийы уагӕвӕрдтӕ иртасынӕн ӕмӕ сӕ куыд спайда кӕнӕн ис, ууыл хъуыды кӕнынӕн. Суанг нӕ уынаффӕ уайтӕккӕ хӕсын куы хъӕуа – Седрах, Мисах ӕмӕ Авденагойы хуызӕн – уӕд дӕр хорз цӕттӕ уыдзыстӕм, Хуыцауы Ныхасӕй нӕм бӕлвырд зонындзинӕдтӕ куы уа ӕмӕ не ’фсарм уыдонмӕ гӕсгӕ ахуыр куы уа, уӕд. Ӕркӕсӕм, фӕлтӕрддзинадмӕ куы тырнӕм, уӕд нын уый цавӕр дыууӕ хъуыддаджы баххуыс кӕндзӕн уынаффӕтӕ хӕссынӕн.

Чи сты не ’мбӕлттӕ?

8, 9. а) Цавӕр уагӕвӕрдтӕ нын ӕххуыс кӕнынц, ӕвзӕр ӕмбӕлттӕй нӕхи кӕй хъуамӕ хизӕм, уый бамбарынӕн? ӕ) Ӕвзӕр ӕмбӕлттӕм ӕрмӕст ӕнӕгъдау адӕм хауынц? Бамбарын ӕй кӕн.

8 «Ма фӕсайды ут: „Ӕвзӕр ӕмбӕлттӕ хорз миниуджытӕ сафӕг сты“»,– ныффыста апостол Павел (1 Коринфӕгтӕм 15:33, НТ). Йесо Чырысти дӕр йӕ ахуыргӕнинӕгтӕн загъта: «Сымах та дунейӕ... не стут» (Иоанны 15:19). Ацы уагӕвӕрдтӕ ахуыр кӕнгӕйӕ ӕнцонтӕй бамбарӕм, нӕхицӕн ӕмбӕлттӕ кӕй хъуамӕ ма агурӕм ӕнӕгъдау адӕмы, хӕзгултӕ, давджытӕ, расыггӕнджытӕ ӕмӕ ӕндӕр ахӕм адӕймӕгты ’хсӕн (1 Коринфӕгтӕм 6:9, 10). Цас хуыздӕр зонӕм Библи, уыйас хуыздӕр ӕмбардзыстӕм, ахӕм адӕмыл нӕ рӕстӕг куы сафӕм, кинотӕм, телевизормӕ кӕнӕ компьютермӕ кӕсгӕйӕ, йе та уыдоны тыххӕй чингуыты куы кӕсӕм, уӕд нын зиан кӕй хӕсдзысты. Уый зӕгъӕн ис, Интернеты уылты кӕимӕ ныхас кӕнӕм, уыдонӕй дӕр (Псалом 25:4).

9 Ӕгъдауджын чи у, фӕлӕ ӕцӕг Хуыцауыл чи не ’ууӕнды, ахӕм ӕмбалы тыххӕй та цы зӕгъӕн ис? Фыстад нын дзуры: «Дуне ӕнӕхъӕнӕй... хӕйрӕджы уацары ис» (1 Иоанны 5:19, НТ). Хъуамӕ ӕмбарӕм, ӕвзӕр ӕмбал ӕрмӕст уый нӕу, уагахастмӕ куыдфӕндыйы цӕстӕй чи кӕсы кӕнӕ ӕнӕгъдау чи у. Уӕдӕ хъуамӕ нӕхицӕн ӕмбӕлттӕ агурӕм, Иегъовӕйы чи уарзы, ӕрмӕст уыдоны ’хсӕн.

10. Ацы дунеимӕ цас ӕввахс хъуамӕ уӕм, уый фӕдыл нын зондджын уынаффӕтӕ хӕссынӕн цы баххуыс кӕндзӕн?

10 Фӕлӕ ацы дунейӕ бынтондӕр нӕхи хизӕм, уый гӕнӕн нӕй, стӕй хъӕугӕ дӕр нӕ кӕны (Иоанны 17:15). Уацамынды, скъоламӕ кӕнӕ куыстмӕ цӕуӕм – кӕмфӕнды дӕр ӕмбӕлӕм ацы дунейы адӕмыл. Чырыстӕттӕй йӕ цардӕмбал Ӕвдисӕн кӕмӕн нӕу, уыдонӕн уӕлдай зындӕр у ацы хъуыддаджы. Зӕрдӕ хорз ӕмӕ ӕвзӕр иртасын ахуыр куы уа, уӕд ӕмбардзыстӕм: ацы дунейы адӕмимӕ нын искуы исты хъуыддаг уа, уый иу, фӕлӕ йемӕ лымӕн кӕнын та – ӕндӕр хъуыддаг у (Иаковы 4:4). Уымӕ гӕсгӕ хъуамӕ зондджын уынаффӕтӕ хӕссӕм скъолайы хъуыддӕгты архайгӕйӕ, зӕгъӕм, спорты ӕмӕ кафджыты къорды, хъазтизӕрты ӕмӕ ӕмкусджытимӕ бадтыты рӕстӕг.

Куыст куы ӕвзарӕм

11. Куысты ныллӕууыны размӕ фыццаг цӕмӕ кӕсдзыстӕм?

11 Библийы уагӕвӕрдтӕ лӕмбынӕг ӕххӕстгӕнгӕйӕ раст уынаффӕтӕ хӕсдзыстӕм нӕ бинонты раз ныл цы хӕстӕ ис, уый фӕдыл (1 Тимофеймӕ 5:8). Фыццаджыдӕр кӕсдзыстӕм, нӕ куыст цавӕр у ӕмӕ дзы цы хъуамӕ кусӕм. Раст нӕ уаид, Библийы ныхмӕ чи у, ахӕм куысты ныллӕууын. Ӕцӕг чырыстӕттӕ нӕ бацӕуынц мӕнг динимӕ баст чи у, давын кӕм хъӕуы, тугӕн кӕм нӕ аргъ кӕнынц кӕнӕ ӕндӕр ахӕм ӕнӕраст хъуыддӕгтӕ кӕм кӕнынц, ахӕм куыстмӕ. Стӕй ма нӕ сайдзыстӕм, кӕнӕ цӕстфӕлдахӕн митӕ нӕ кӕндзыстӕм, куысты хицау нӕ уый куы дома, уӕд дӕр (Куыстытӕ 15:29; Раргомад 21:8).

12, 13. Куыст ӕвзаргӕйӕ нӕ хъус цӕмӕ хъуамӕ дарӕм?

12 Фӕлӕ куыст фыццаг бакастӕй Библийы закъӕтты ныхмӕ куы нӕ уа, уӕд та? Ӕцӕгад хуыздӕр ӕмбарын куы райдайӕм ӕмӕ нӕ зӕрдӕ хорз ӕмӕ ӕвзӕр иртасынхъом куы свӕййы, уӕд фӕуынӕм ӕндӕр лыстӕгдзинӕдтӕ дӕр. Цы зӕгъӕн ис, Хуыцауы закъон хӕлд кӕм цӕуы, зӕгъӕм, ӕхцайыл кӕм хъазынц, ахӕм ран дӕ телефонӕй дзуапп дӕттын кӕм хъӕуа, ахӕм куыстӕй? Ацы хъуыддаджы ахсджиаг у, мызд дын кӕцӕй фиддзысты ӕмӕ кӕм кусдзынӕ, уый. Зӕгъӕм, цалцӕггӕнӕн куыстытӕ чи кӕны, ахӕм чырыстон аргъуан чъырӕй сцӕгъддзӕн, кӕд ӕмӕ афтӕмӕй мӕнг динӕн ахъаз кӕндзӕн? (2 Коринфӕгтӕм 6:14–16).

13 Йе та, куыст дын чи дӕтты, уый дын мӕнг дины агъуыстытӕй кӕцыдӕр фӕлындын кӕны, уӕд ахӕм уавӕры та куыд кӕндзынӕ? Уӕд нӕ хъӕуы ӕркӕсын цалдӕр хъуыддагмӕ: уыцы куыст аразгӕйӕ дын цы бартӕ уыдзӕн ӕмӕ дзы бӕлвырдӕй цы куыст кӕндзынӕ. Ӕмӕ цы зӕгъӕн ис, Библийы уагӕвӕрдтӕ комкоммӕ хӕлд кӕм нӕ цӕуынц, ахӕм куыстытӕй та? Зӕгъӕм, почтӕ хӕссын куы хъӕуа алыхуызон куыстуӕттӕм ӕмӕ се ’хсӕн, ӕвзӕр хъуыддӕгтимӕ баст чи у, ахӕмтӕ дӕр куы уа, уӕд та? Матфейы 5:45 цы уагӕвӕрд ис, уый нын ацы фарстайы куыд ӕххуыс кӕны? Хорз ма у ахъуыды кӕнын, ӕрвылбон ахӕм куыст куы кӕнай, уӕд де ’фсармыл куыд фӕзындзӕн, ууыл дӕр. (Дзуттытӕм 13:18). Уӕдӕ цӕмӕй куыст ӕвзаргӕйӕ раст уынаффӕ хӕссӕм, уый тыххӕй нӕ хъӕуы нӕ зӕрдӕ ахуыр кӕнын хорз ӕмӕ ӕвзӕр иртасын ӕмӕ нӕ Хуыцау цы ’фсармӕй схайджын кодта, уый фӕлтӕрын.

«Дӕ фӕндӕгтӕй дӕ иуыл дӕр рох ма уӕд»

14. Уынаффӕ рахӕссын нӕ куы хъӕуа, уӕд нӕ зӕрдыл цы хъуамӕ дарӕм?

14 Царды нӕ ӕндӕр хъуыддӕгты дӕр фӕхъӕуы уынаффӕтӕ хӕссын. Зӕгъӕм дарддӕр ахуыр кӕндзыстӕм ӕви нӕ, кӕнӕ цавӕрдӕр хос кӕныны мадзӕлттыл сразы уыдзыстӕм ӕви нӕ. Уынаффӕ рахӕссын нӕ куы фӕхъӕуы, уӕд хъуамӕ ӕркӕсӕм, уый фӕдыл Библи цы дзуры, уымӕ ӕмӕ ахъуыды кӕнӕм, куыд дзы ис спайдагӕнӕн, ууыл. «Дӕ зӕрдӕ ӕгасӕй дӕр дар Иегъовӕйыл ӕмӕ дӕ зондӕй ныфсджын ма у,– загъта зондджын паддзах Соломон рагон Израилӕн.– Дӕ фӕндӕгтӕй дӕ иуыл дӕр рох ма уӕд, ӕмӕ дын уый раст кӕндзӕн дӕ къахвӕндӕгтӕ» (Ӕмбисӕндтӕ 3:5, 6).

15. Уынаффӕ хӕссыны хъуыддаджы фыццаг ӕнусы чырыстӕттӕй цӕуыл ахуыр кӕнӕм?

15 Цы уынаффӕтӕ рахӕссӕм, уый арӕх иннӕтыл дӕр фӕзыны ӕмӕ нӕ уый хъуамӕ рох ма уа. Зӕгъӕм, Моисейы Закъон хӕринаджы тыххӕй цы дзырдта, уый фыццаг ӕнусы чырыстӕтты ӕххӕст кӕнын нал хъуыди. Сӕ бон уыди хӕрын, Закъонмӕ гӕсгӕ сыгъдӕг чи нӕ уыд, ахӕм хӕринаг, кӕд ӕм ӕндӕр ницы аипп ӕрхӕссӕн уыд, уӕд. Фӕлӕ апостол Павел фыста, мӕнг хуыцӕутты номыл-иу кӕй аргӕвстой, ахӕм фосы фыд хӕрыны тыххӕй: «Кӕд хойраг тӕригъӕды ӕфтауы ме ’фсымӕры, уӕд мыггагмӕ дӕр дзидзайы хъӕстӕ мӕхи нал фӕкӕндзынӕн, цӕмӕй тӕригъӕды ма бафтауон ме ’фсымӕры» (1 Коринфӕгтӕм 8:11–13, НТ). Уыцы чырыстӕтты хъуыди иннӕты ӕфсармыл дӕр хъуыды кӕнын, цӕмӕй сын къуылымпыйы хос ма уыдаиккой. Цы уынаффӕтӕ рахӕссӕм, уыдон хъуамӕ иннӕтӕн «цӕлхдур ма уой» (1 Коринфӕгтӕм 10:29, 32, НТ).

Хуыцауы зонд агур

16. Хуыцаумӕ кӕй фӕкувӕм, уый нын куыд ӕххуыс кӕны уынаффӕтӕ хӕсгӕйӕ?

16 Уынаффӕтӕ хӕсгӕйӕ Хуыцаумӕ кувын у ӕппӕты хуыздӕр ӕххуыс. «Кӕд сымахӕй искӕмӕ нӕ фаг кӕны зонд,– загъта ахуыргӕнинаг Иаков,– уадз курӕд Хуыцауӕй, ӕппӕтӕн хӕларӕй ӕмӕ ӕнӕуайдзӕфӕй дӕттӕгӕй,– ӕмӕ йын лӕвӕрд уыдзӕн» (Иаковы 1:5). Нӕ бон у Иегъовӕмӕ ныфсджынӕй кувын, цӕмӕй нын радта зонд раст уынаффӕтӕ хӕссынӕн. Хуыцауӕн куы дзурӕм цы нӕ тыхсын кӕны, уый ӕмӕ дзы разамынд куы агурӕм, уӕд нын йӕ сыгъдӕг уд ӕххуыс кӕндзӕн Библийы стихтӕ хуыздӕр ӕмбарынӕн ӕмӕ нӕ чи ферох, уыдон та нын нӕ зӕрдыл ӕрлӕууын кӕндзӕн.

17. Иннӕты бон нын куыд у уынаффӕтӕ хӕссынӕн баххуыс кӕнын?

17 Цымӕ нын уынаффӕтӕ хӕссынӕн иннӕты бон у баххуыс кӕнын? О, Иегъовӕ нын ӕххуыс кӕны ӕмбырды фӕлтӕрд чырыстӕтты уылты (Ефесӕгтӕм 4:11, 12). Уыдонӕн сӕ бон у махӕн уынаффӕ дӕттын, уӕлдайдӕр та ахсджиаг хъуыддӕгты фӕдыл. Уырнындзинады ӕмӕ царды фӕлтӕрд чи у, уый нын не ’ргом раздахдзӕн, нӕ уынаффӕйыл чи фӕзындзӕн, ахӕм уагӕвӕрдтӕм Библийӕ ӕмӕ нын баххуыс кӕндзӕн, «хуыздӕр цы у, уый равзарын» (Филиппӕгтӕм 1:9, 10, НТ). Фӕлӕ нӕ рох кӕнын нӕ хъӕуы: хъуамӕ къӕрцхъус уӕм, цӕмӕй иннӕтӕ нӕ бӕсты уынаффӕтӕ ма хӕссой. Нӕ уаргъ нӕхӕдӕг хъуамӕ хӕссӕм.

Библимӕ гӕсгӕ цы уынаффӕтӕ рахӕссӕм, уыдон алкӕддӕр хорзмӕ ӕркӕнынц?

18. Цы зӕгъӕн ис, хорз уынаффӕ цӕмӕ ӕркӕны, уый тыххӕй?

18 Библимӕ гӕсгӕ кӕй рахастам ӕмӕ хорз кӕуыл ахъуыды кодтам, ахӕм уынаффӕтӕ алкӕддӕр хорзмӕ ӕркӕнынц? О, фӕлӕ уый уайтагъд нӕ рабӕрӕг вӕййы. Иуӕй-иу хатт нӕ уынаффӕтӕ уайтӕккӕ хорзмӕ не ’ркӕнынц. Зӕгъӕм, Седрах, Мисах ӕмӕ Авденаго зыдтой, мӕнг хуыцауы цыртӕн куы нӕ бакувой, уӕд сӕм мӕлӕт кӕй ӕнхъӕлмӕ кӕсы (Данелы 3:16–19). Апостолтӕ та Синедрионы куы загътой, зӕгъгӕ, фылдӕр Хуыцауы коммӕ кӕсын хъӕуы, адӕмы нӕ фӕлӕ, уӕд сӕ фӕнадтой ӕмӕ сӕ стӕй ауагътой (Куыстытӕ 5:27–29, 40). Уымӕй уӕлдай, «кӕд кӕуыл цы ’рцӕудзӕн», уый кӕй нӕ зонӕм, уымӕ гӕсгӕ, чи зоны, нӕ уынаффӕтӕ ма фӕрӕстмӕ уой (Екклесиаст 9:11). Хорз уынаффӕтӕ куы рахӕссӕм, фӕлӕ зындзинӕдты куы бахауӕм, уӕд дӕр нӕ ныфс уӕд, Иегъовӕ нын кӕй баххуыс кӕндзӕн фидар фӕлӕууынӕн ӕмӕ нӕ фидӕны та кӕй схорзӕхджын кӕндзӕн (2 Коринфӕгтӕм 4:7).

19. Нӕ бон куыд у уынаффӕтӕ хӕссыны уаргъ ныфсджынӕй хӕссын?

19 Уынаффӕтӕ рахӕссын нӕ куы фӕхъӕуы, уӕд хъуамӕ Фыстадӕй уагӕвӕрдтӕ агурӕм ӕмӕ сыл арф хъуыды кӕнӕм, ӕмӕ уыдонмӕ гӕсгӕ архайӕм. Куыд бузныг стӕм Иегъовӕйӕ, йӕ сыгъдӕг уд ӕмӕ нын ӕмбырды фӕлтӕрд чырыстӕтты уылты кӕй ӕххуыс кӕны! Уӕдӕ нын ахӕм разамынд ӕмӕ ӕххуыс кӕй ис, уый руаджы уынаффӕтӕ хӕссыны уаргъ ныфсджынӕй хӕссӕм.

Цы базыдтай?

• Раст уынаффӕтӕ хӕссынӕн сӕйрагдӕр цы хъӕуы?

• Фӕлтӕрдджындӕр кӕй кӕнӕм, уый куыд фӕзыны, нӕхицӕн ӕмбӕлттӕн кӕй ӕвзарӕм, ууыл?

• Куыст ӕвзаргӕйӕ хъус дарын цӕмӕ хъӕуы?

• Уынаффӕтӕ хӕссынӕн нын цавӕр ӕххуыс ис?

[Фарстатӕ ахуыр кӕнынӕн]

[Ныв 9 фарсыл]

Адам ӕмӕ нын Евӕйы ӕгоммӕгӕсдзинад у зонды хос

[Ныв 10 фарсыл]

Ахсджиаг уынаффӕ рахӕссыны размӕ Библийы уагӕвӕрдтӕ иртас