Ном хӕссыны бар
Ном хӕссыны бар
АЛЫ адӕймагӕн дӕр бар ис, цӕмӕй йын ном уа. Кӕй ныууадзынц ӕмӕ сӕ ныййарджытӕ бӕрӕг кӕмӕн нӕ вӕййынц, Таитийы суанг ахӕм ноггуырд сывӕллӕттыл дӕр сӕвӕрынц нӕмттӕ. Гӕххӕттытӕ сын скӕнынц ӕмӕ сӕ алкӕмӕн дӕр ном ӕмӕ мыггаг раттынц.
Фӕлӕ ис иу чидӕр, алы адӕймагӕн дӕр цы бар ис, уыцы бар кӕмӕн нӕ дӕттынц. Диссаг, фӕлӕ дзырд цӕуы, «арвыл дӕр ӕмӕ зӕххыл дӕр алы бинонтӕн дӕр номӕвӕрӕг чи у», уыцы Фыдыл! (Ефесӕгтӕм 3:14, 15, НД). Ахъуыды ма кӕн, бирӕты нӕ фӕнды Сфӕлдисӕджы хонын, Библи йӕ цы номӕй хоны, уыцы номӕй. Ивынц ын ӕй ахӕм дзырдтӕй, куыд «Хуыцау», «Хицау» кӕнӕ «Хуыцӕутты Хуыцау». Уӕдӕ куыд у йӕ ном? Ацы фарстӕн дзуапп дӕтты псаломзарӕггӕнӕг: «Ды, кӕмӕн Иегъовӕ Йӕ ном, Иунӕг Бӕрзонд... дӕ ӕппӕт зӕххыл» (Псалом 82:19, МГТ).
XIX ӕнусы фыццаг ӕмбисы Лондоны миссионерты ӕхсӕнадӕй Таитимӕ миссионертӕ куы ӕрцыд, уӕд полинезийӕгтӕ куывтой бирӕ хуыцӕуттӕн. Алкӕмӕн дӕр дзы уыд йӕхи ном. Сӕ сӕйраг хуыцӕутты хуыдтой Оро ӕмӕ Таароа. Цӕмӕй Библийы Хуыцау иннӕ хуыцӕуттӕй хицӕн кодтаид, уый тыххӕй уыцы миссионертӕ ӕргом дзырдтой Хуыцауы ном, таитийаг ӕвзагыл у Иеховӕ.
Уыцы ном иууылдӕр базыдтой, арӕх ӕй дзырдтой ӕмӕ йӕ фыстой фыстӕджыты. Таитийы паддзах Помаре II, XIX ӕнусы райдианы чи паддзахиуӕг кодта, уый йӕ фыстӕджыты арӕх пайда кодта Хуыцауы номӕй. Уыцы фыстӕджытӕй иу (ацы фарсыл фӕрсырдыгӕй) абон ис Таити ӕмӕ хӕстӕг сакъадахты националон музейы. Фыст у англисаг ӕвзагыл. Ацы фыстӕг хорз ӕвдисы, уыцы рӕстӕджы адӕм Хуыцауы номмӕ ӕнӕрвӕссон цӕстӕй кӕй нӕ кастысты. Уымӕй уӕлдай ма Хуыцауы ном мингай хӕттыты фыст ӕрцыд Библийы фыццаг тӕлмацы таитийаг ӕвзагмӕ. Тӕлмац фӕци 1835 азы.
[Ныв 32 фарсыл]
Паддзах Помаре II
[Ныв барлӕвӕрдӕй 32 фасыл]
King and letter: Collection du Musée de Tahiti et de ses Îles, Punaauia, Tahiti