Ӕмбырд Йегъовӕйы кадджын кӕнӕд
Ӕмбырд Йегъовӕйы кадджын кӕнӕд
«Ме ’фсымӕртӕн фехъусын кӕндзынӕн дӕ ном. Ӕмбырды астӕу дӕ кадӕн зардзынӕн» (ДЗУТТӔГТӔМ 2:12).
1, 2. Ӕмбырдтӕ хорз цӕмӕй сты ӕмӕ сӕйрагдӕр цӕй тыххӕй сты?
РАГӔЙ фӕстӕмӕ дӕр адӕмӕн ныфсы хос ӕмӕ удӕнцой уыдысты сӕ бинонтӕ. Фӕлӕ Библийы фыст ис, абон ӕгас зӕххыл дӕр бирӕтӕ хӕлӕрттӕ ӕмӕ удӕнцой кӕм ссарынц, ӕндӕр ахӕм бынаты тыххӕй. Уый у чырыстон ӕмбырд. Дӕ бинонтӕ ӕнгом сты, кӕрӕдзийӕн ӕххуыс кӕнынц ӕви нӕ, уӕддӕр хъуамӕ аргъ кӕнай, Хуыцау ӕмбырды уылты цы дӕтты, уымӕн. Кӕд Йегъовӕйы Ӕвдисӕнты ӕмбырдтӕм цӕуыс, уӕд дзы ныр дӕр, ӕвӕццӕгӕн, ссардтай хорз ӕмбӕлттӕ ӕмӕ удӕнцой.
2 Ӕмбырд ӕнӕуи цыдӕр къорд нӕу. Нӕдӕр ахӕм организаци кӕнӕ клуб у, адӕм спорты кӕнӕ ӕндӕр хъуыддаджы фӕдыл, йе та иу адӕмыхаттӕй кӕй сты, уый тыххӕй кӕм фембырд кӕнынц. Ӕмбырд сӕйрагдӕр у Йегъовӕ Хуыцауы кадджын кӕнынӕн. Уый тыххӕй Псаломты чиныджы фыст ис: «Ӕз скадджын кӕндзынӕн Дӕу стыр ӕмбырды, бирӕ нымӕц адӕмты ’хсӕн раппӕлдзынӕн Дӕу» (Псалом 34:18). Уӕдӕ нӕ Псалом 106:31, 32 дӕр разӕнгард кӕнынц: «Уадз стауӕнт Хицауы Йӕ хорзӕх ӕмӕ Йӕ диссаг хъуыддӕгты тыххӕй адӕймӕгты фырттӕн! Уадз бӕрзонд кӕнӕнт Уый адӕмон ӕмбырды».
3. Павелы ныхӕстӕм гӕсгӕ, ӕмбырд цӕмӕн ӕрцыд арӕзт?
3 Апостол Павел ма дзырдта, ӕмбырд арӕзт цӕмӕн ӕрцыд, иу ахӕм ахсджиаг хъуыддаджы тыххӕй: «Уыцы хӕдзар у удӕгас Хуыцауы ӕмбырд – ууыл лӕууы ӕмӕ ӕнцайы ӕцӕгдзинад» (1 Тимофеймӕ 3:15). Цавӕр ӕмбырды кой кодта Павел? Библи дзырд «ӕмбырд»-ӕй куыд пайда кӕны? Ӕмбырд нӕ цард ӕмӕ нӕ фидӕны пълӕнттыл куыд хъуамӕ зына? Ӕркӕсӕм-ма, Хуыцауы Ныхасы ацы дзырд цӕмӕ амоны.
4. Дзуттаг Фыстыты дзырд «ӕмбырд» арӕхдӕр кӕмӕ фӕамоны?
4 Дзырд «ӕмбырд» цы дзуттаг ныхасӕй ратӕлмац кӕнынц, уымӕн йӕ уидаг нысан кӕны «ӕмбырд кӕнын» (Дыккаг закъон 4:10; 9:10). Псаломзарӕггӕнӕг дзырд «ӕмбырд»-ӕй спайда кодта, зӕдты тыххӕй куы дзырдта, уӕд. Ацы ныхас ма фӕамоны фыдгӕнджыты къордмӕ дӕр (Псалом 25:5; 88:6–8). Фӕлӕ арӕхдӕр Дзуттаг Фыстыты ацы дзырд фӕамоны израилӕгтӕм. Хуыцау загъта, зӕгъгӕ, Иаковӕй «рацӕудзӕн адӕмты ӕмбырд», ӕмӕ ӕцӕгдӕр афтӕ рауад (Райдиан 28:3; 35:11; 48:4). Израилӕгтӕ ӕвзӕрст ӕрцыдысты иннӕ адӕмтӕй, цӕмӕй уыдаиккой «Йегъовӕйы ӕмбырд», «ӕцӕг Хуыцауы ӕмбырд» (Нымӕцтӕ 20:4; Нееми 13:1; Йесо Навин 8:35; 1 Паддзахӕдты 17:47; Михей 2:5).
5. Цавӕр грекъаг дзырдӕй ратӕлмац кӕнынц дзырд «ӕмбырд» ӕмӕ цы фӕнысан кӕны?
5 Грекъаг ӕвзаджы дӕр ис ахӕм дзырд «екклеси́а», зӕгъгӕ, ӕмӕ фӕамоны ӕнӕуи адӕмы къордмӕ. Зӕгъӕм, Димитри дӕр Ефесы Павелы ныхмӕ ӕрӕмбырд кодта адӕмы къорд (Хъуыддӕгтӕ 19:32, 39, 41). Фӕлӕ Библийы ацы дзырд сӕйраджыдӕр фӕамоны чырыстон ӕмбырдмӕ. Иуӕй-иу тӕлмацгӕнджытӕ ацы дзырд раивтой «аргъуан»-ӕй. Фӕлӕ иу чиныджы фыст ис, зӕгъгӕ, «[Ног Фӕдзӕхсты] ацы дзырд никуы фӕамоны, чырыстӕттӕ кувынмӕ кӕм ӕмбырд кодтой, ахӕм хӕдзармӕ» («The Imperial Bible-Dictionary»). Фӕлӕ хъус ӕрдарын хъӕуы иу хъуыддагмӕ: Чырыстон Грекъаг Фыстыты дзырд «ӕмбырдӕн» ис, ӕппынкъаддӕр, цыппар нысаниуӕджы.
Сӕрст чырыстӕтты ӕмбырд
6. Давид ӕмӕ Йесо «ӕмбырды» цы арӕзтой?
6 Давид Псалом 21:23 цы загъта, уый Павелы ныхӕстӕм гӕсгӕ, сӕххӕст Йесо Чырыстийыл: «„Ме ’фсымӕртӕн фехъусын кӕндзынӕн дӕ ном. Ӕмбырды астӕу дӕ кадӕн зардзынӕн“. Ӕмӕ уый тыххӕй [Йесо] хъуамӕ алцӕмӕй дӕр суыдаид „йе ’фсымӕрты“ хуызӕн, цӕмӕй Хуыцауы хъуыддаджы суыдаид тӕригъӕдгӕнаг ӕмӕ иузӕрдион хистӕр сауджын» (Дзуттӕгтӕм 2:12, 17). Давид Хуыцауы кадджын кодта рагон Израилы «ӕмбырды» (Псалом 39:10). Фӕлӕ Павел афтӕ куы загъта, Йесо Хуыцауы кадджын кодта «ӕмбырды астӕу», зӕгъгӕ, уӕд цӕй кой кодта? Цавӕр ӕмбырды астӕу?
7. Чырыстон Грекъаг Фыстыты дзырд «ӕмбырд» сӕйраджыдӕр кӕмӕ фӕамоны?
7 Дзуттӕгтӕм 2:12, 17 цы бакастыстӕм, уым ис арф хъуыды. Ацы стихтӕ ӕвдисынц, Чырысти кӕй уыд, йе ’фсымӕртӕн Хуыцауы номы тыххӕй кӕм дзырдта, уыцы ӕмбырдӕй. Чи сты уыцы ӕфсымӕртӕ? Уыдон сты «Авраамы байзӕддӕгтӕй», сыгъдӕг удӕй сӕрст чи сты ӕмӕ «уӕларвмӕ хуынд чи у» (Дзуттӕгтӕм 2:16–3:1; Матфейы 25:40). Чырыстон Грекъаг Фыстыты дзырд «ӕмбырд» сӕйраджыдӕр амоны сыгъдӕг удӕй сӕрст чырыстӕттӕм. Уыцы 144 000 сӕрст чырыстоны сты, «сӕ нӕмттӕ уӕлӕрвты фыст кӕмӕн сты, уыцы фыццаггуырдты ӕмбырд» (Дзуттӕгтӕм 12:23).
8. Чырыстон ӕмбырд кӕй фӕзындзӕн, уый тыххӕй Йесо цы загъта?
8 Йесо бамбарын кодта, фидӕны чырыстон ӕмбырд кӕй хъуамӕ фӕзындаид. Йӕ мӕлӕтӕй иу аз раздӕр апостол Петрӕн загъта: «Ды дӕ Петр. Ацы къӕдзӕхдурыл ӕз сараздзынӕн ме ’мбырд, ӕмӕ йӕ ингӕны дуӕрттӕ нӕ бауромдзысты» (Матфейы 16:18). Петр ӕмӕ Павел раст бамбӕрстой, уыцы «къӕдзӕхдур» Йесо йӕхӕдӕг кӕй уыд, уый. Петр ныффыста, зӕгъгӕ, «удӕгас дуртӕй» къӕдзӕхдурыл, ома Чырыстийыл, цы хӕдзар арӕзт ӕрцыд, уыдон сты, «Хуыцау йӕхи кӕй бакодта, уыцы адӕм, цӕмӕй алы рӕтты хъусын кӕной... чи сӕ ӕрхуыдта, уымӕн йӕ рӕсугъд миниуджыты тыххӕй» (1 Петры 2:4–9; Псалом 117:22; Исай 8:14; 1 Коринфӕгтӕм 10:1–4).
9. Фыццаг ӕмбырд кӕд фӕзынд?
9 «Хуыцау йӕхи кӕй бакодта, уыцы адӕм» чырыстон ӕмбырд кӕд систы? Уый уыд н. э. 33 азы Фӕндзайӕм бон, Иерусалимы Йесойы ахуыргӕнинӕгты Хуыцау сыгъдӕг удӕй куы схайджын кодта, уӕд. Уыцы бон фӕстӕдӕр Петр зӕрдиагӕй фӕныхас кодта дзуттӕгтимӕ ӕмӕ сӕ диныл хӕст адӕмимӕ. Йесойы мӕлӕты тыххӕй сын куы радзырдта, уӕд ын йӕ ныхӕстӕ бирӕтӕ сӕ зӕрдӕмӕ арф айстой, ӕрфӕсмон кодтой ӕмӕ донаргъуыд райстой. Библи зӕгъы, зӕгъгӕ, уӕд донаргъуыд райстой ӕртӕ мин адӕймаджы. Ӕмӕ афтӕмӕй систы, фылдӕрӕй-фылдӕр чи кодта, уыцы ног ӕмбырдӕй (Хъуыддӕгтӕ 2:1–4, 14, 37–47). Ӕмбырд рӕзыд, уымӕн ӕмӕ дзуттӕгтӕ ӕмӕ иннӕтӕ бамбӕрстой, Хуыцау израилӕгты йе ’мбырдыл, йе ’взӕрст адӕмыл, кӕй нал нымадта. Ныр Хуыцауы адӕм систы сӕрст чырыстӕттӕ, «Хуыцауы Израил» (Галатӕгтӕм 6:16; Хъуыддӕгтӕ 20:28).
10. Йесо цы зӕрдӕ дары Хуыцауы ӕмбырдмӕ?
10 Библи арӕх кӕны «Чырысти ӕмӕ ӕмбырды» кой, ӕмӕ бӕрӕг у, Йесо кӕй лӕууы уыцы ӕмбырды, ома сыгъдӕг удӕй сӕрст чырыстӕтты, сӕргъы. Павел фыста, зӕгъгӕ, Хуыцау Йесойы «ӕмбырдӕн ӕххуысӕн ӕппӕты сӕргъы сӕвӕрдта. Ӕмбырд та у йӕ буар» (Ефесӕгтӕм 1:22, 23; 5:23, 32; Колоссӕгтӕм 1:18, 24). Кӕд абон сӕрст чырыстӕттӕй зӕххыл бирӕ нал баззад, уӕддӕр сӕ Йесо Чырысти, сӕ «сӕр», бирӕ уарзы. Цы зӕрдӕ сӕм дары, уый зыны Ефесӕгтӕм 5:25 стихы: «Чырысти дӕр ӕмбырд... бауарзта ӕмӕ йӕхи йӕ сӕрвӕлтау... радта». Йесо сӕ уарзы, уымӕн ӕмӕ «Хуыцауӕн алкӕддӕр хӕссынц кады нывонд, ома йын сӕ дзыхыныхасӕй адӕмы ’хсӕн йӕ ном кадджын кӕнынц». Раст афтӕ кодта Йесо дӕр, зӕххыл куы цард, уӕд (Дзуттӕгтӕм 13:15).
Цы ма нысан кӕны дзырд «ӕмбырд»
11. Чырыстон Грекъаг Фыстыты ма дзырд «ӕмбырд»-ӕн цавӕр дыккаг нысаниуӕг ис?
11 Библийы ма дзырд «ӕмбырд»-ӕн ис бӕлвырд нысаниуӕг, ӕмӕ уыцы стихтӕ 144 000 сӕрст чырыстӕттӕм, «Хуыцауы ӕмбырдмӕ», се ’ппӕтмӕ нӕ амонынц. Зӕгъӕм, Павел фыста иу чырыстон ӕмбырдмӕ: «Къуылымпыйы хос ма ут нӕдӕр дзуттӕгтӕн, нӕдӕр грекъӕгтӕн, ӕмӕ нӕдӕр Хуыцауы ӕмбырдӕн» (1 Коринфӕгтӕм 10:32). Бӕрӕг у, рагон Коринфы-иу чырыстӕттӕй исчи цыдӕр раст куы нӕ кодта, уӕд-иу уый кӕмӕндӕрты къуылымпыйы хос кӕй уыди. Фӕлӕ, цымӕ, афтӕ зӕгъӕн ис, ӕмӕ се ’взӕр хъуыддӕгтӕ къуылымпы кодтой грекъӕгты ӕмӕ дзуттӕгты се ’ппӕты дӕр, стӕй уыцы рӕстӕг цы сӕрст чырыстӕттӕ цард ӕмӕ суанг абон чи цӕры, уыдоны дӕр? Нӕ. Уӕдӕ дзырдбаст «Хуыцауы ӕмбырд» хауы цавӕрдӕр бӕлвырд рӕстӕг чи цӕры, уыцы чырыстӕттӕм. Уымӕ гӕсгӕ, дзырд ууыл куы фӕцӕуы, ӕмӕ Хуыцау разамынд дӕтты ӕмӕ арфӕ кӕны ӕмбырдӕн, уӕд нӕ хъуыдыйы вӕййынц, абон ӕгас дунейы дӕр чи цӕры, уыцы чырыстӕттӕ иууылдӕр. Кӕнӕ куы фӕдзурӕм, абон ӕмбырды ис фарн, уӕд дзырд «ӕмбырд» фӕамоны нӕ чырыстон хотӕ ӕмӕ ӕфсымӕртӕм се ’ппӕтмӕ дӕр.
12. Библийы ма дзырд «ӕмбырд»-ӕн цавӕр ӕртыккаг нысаниуӕг ис?
12 Дзырд «ӕмбырд» ма Библийы фӕамоны цавӕрдӕр горӕты, йе та бӕстӕйы чи цӕры, уыцы чырыстӕттӕм се ’ппӕтмӕ дӕр. Хъуыддӕгты 9:31 фыст ис: «Ӕгас Иудей, Галилей ӕмӕ Самарийы ӕмбырдтӕн скодта сабыр рӕстӕг». Н. э. 33 азы Фӕндзайӕм бон ӕмӕ уый хӕдфӕстӕ бирӕтӕ донаргъуыд кӕй райстой, уымӕ гӕсгӕ Иерусалимы иу ӕмбырдӕй фылдӕр фӕзынд (Хъуыддӕгтӕ 2:41, 46, 47; 4:4; 6:1, 7). Иудейы паддзах Ирод Агриппӕ I амард н. э. 44 азы. Ӕмӕ 1 Фессалоникӕгтӕм 2:14 куыд кӕсӕм, афтӕмӕй н. э. 50 азмӕ Иудейы уыд бирӕ ӕмбырдтӕ. Уымӕ гӕсгӕ, куы фӕкӕсӕм, зӕгъгӕ, Ирод «ӕмбырдӕй кӕйдӕрты райдыдта карзӕй ӕфхӕрын», уӕд уый ууыл дзурӕг у, ӕмӕ Иерусалимы иу ӕмбырдӕй фылдӕр кӕй уыд (Хъуыддӕгтӕ 12:1).
13. Библийы дзырд «ӕмбырд»-ӕн йӕ цыппӕрӕм нысаниуӕг цы у?
13 Дзырд «ӕмбырд»-ӕн йӕ цыппӕрӕм нысаниуӕг амоны, иу ран, зӕгъӕм, иу хӕдзары, цы чырыстӕттӕ ӕмбырд кӕнынц, уыдонмӕ. Дзырдӕн, Павел фыста «Галатийы ӕмбырдты» тыххӕй. Уыцы стыр ромаг провинцийы уыди цалдӕр ахӕм ӕмбырды. Павел дыууӕ раны кӕны Галатийы «ӕмбырдты» кой, ӕмӕ уыцы провинцимӕ хаудтой горӕттӕ Антиохи, Дерви, Листрӕ ӕмӕ Икони. Уыцы горӕтты алы ӕмбырды дӕр ӕвӕрд ӕрцыд хистӕр нӕлгоймӕгтӕ, кӕнӕ цӕстдарджытӕ (1 Коринфӕгтӕм 16:1; Галатӕгтӕм 1:2; Хъуыддӕгтӕ 14:19–23). Библимӕ гӕсгӕ, уыдон иууылдӕр уыдысты «Хуыцауы ӕмбырдтӕ» (1 Коринфӕгтӕм 11:16; 2 Фессалоникӕгтӕм 1:4).
14. Библийы иуӕй-иу стихты дзырд «ӕмбырд» цӕмӕ фӕамоны?
14 Иуӕй-иу ӕмбырдтӕ стыртӕ нӕ уыдысты, ӕмӕ сӕ бон уыд иу хӕдзары ӕмбырд кӕнын. Фӕлӕ ахӕм гыццыл къордтӕй дӕр иуӕй-иуты хуыдтой «ӕмбырдтӕ». Библийӕ зонӕм, ахӕм ӕмбырдтӕ кӕй уыд Акилӕ ӕмӕ Прискиллӕйы хӕдзары, стӕй уӕд Нимфастӕм ӕмӕ Филимонтӕм (Ромӕгтӕм 16:3–5; Колоссӕгтӕм 4:15; Филимонмӕ 2). Уымӕ гӕсгӕ, уый ныфсы хос у, абон хӕдзӕртты чи ӕмбырд кӕны, уыцы гыццыл къордтӕн. Ахӕм гыццыл къордтӕн Йегъовӕ арфӕ кодта фыццаг ӕнусы ӕмӕ сын арфӕ кӕны абон дӕр, дӕтты сын йӕ сыгъдӕг уд.
Ӕмбырдтӕ кадджын кӕнынц Йегъовӕйы
15. Фыццаг ӕнусы ӕмбырдты иуӕй-иуты сыгъдӕг уд цавӕр курдиӕттӕй схайджын кодта?
15 Статьяйы райдианы куыд загътам, афтӕмӕй Псалом 21:23 сӕххӕст Йесо Чырыстийыл, уый ӕмбырды астӕу Хуыцауы кадджын кодта (Дзуттӕгтӕм 2:12). Йӕ иузӕрдион фӕдылдзӕуджытӕ дӕр ӕмбырды кадджын кодтой Йегъовӕйы. Фыццаг ӕнусы ӕцӕг чырыстӕттыл сыгъдӕг уд куы ’рцыд, уӕд систы Хуыцауы фырттӕ ӕмӕ Чырыстийы ӕфсымӕртӕ. Уыдонӕй ма иуӕй-иуты сыгъдӕг уд схайджын кодта диссаджы курдиӕттӕй дӕр. Зӕгъӕм, зондджын ныхас кӕныны кӕнӕ зоныны курдиатӕй, низтӕ дзӕбӕх кӕныны кӕнӕ пехуымпар-ныхас кӕныны курдиатӕй кӕнӕ ма суанг цы ӕвзӕгтӕ нӕ зыдтой, уыдоныл дзурыны курдиатӕй дӕр (1 Коринфӕгтӕм 12:4–11).
16. Иуӕй-иутӕн сыгъдӕг уды курдиӕттӕ лӕвӕрд цӕмӕн ӕрцыдысты?
16 Ӕвзӕгтыл дзурыны тыххӕй Павел загъта: «Хуыцауы кадӕн зардзынӕн ӕрмӕст сыгъдӕг удӕй нӕ, фӕлӕ мӕ зондӕй дӕр» (1 Коринфӕгтӕм 14:15). Павел зыдта: цӕмӕй иннӕтӕ цӕуылдӕр сахуыр уыдаиккой, уый тыххӕй хъуамӕ ӕмбӕрстаиккой, цы сын дзырдта, уый. Павелы фӕндыд ӕмбырды ’хсӕн Йегъовӕйы кадджын кӕнын. Сыгъдӕг уды курдиӕттӕй хайджын чи уыд, уыдоны разӕнгард кодта: «Архайут, цӕмӕй уӕм дзы бирӕ уа ӕмӕ уыдоны фӕрцы ӕмбырд фидар кӕнат». Ам Павел дзырдта, бынӕттон ӕмбырды сыгъдӕг уды курдиӕттӕй хайджын чи уыд, уыцы чырыстӕтты тыххӕй (1 Коринфӕгтӕм 14:4, 5, 12, 23). Куыд зыны, афтӕмӕй Павел тыхсти алы ӕмбырдыл дӕр, ӕмбӕрста йӕ, алкӕцыйы дӕр дзы чырыстӕтты бон кӕй уыд Хуыцауӕн кад кӕнын.
17. Абоны ӕмбырдты тыххӕй фидарӕй зӕгъӕн цы ис?
17 Йегъовӕ абон дӕр ӕмбырды уылты архайы ӕмӕ йын ӕххуыс кӕны. Арфӕ кӕны, зӕххыл ма цы сӕрст чырыстӕттӕ ис, уыдонӕн. Уый бӕрӕг у уымӕй, ӕмӕ Хуыцауы адӕмӕн парахатӕй ис, сӕ уырнындзинад сын чи фидар кӕны, ахӕм «хӕринаг» (Лукайы 12:42). Йегъовӕ арфӕ кӕны йӕ адӕмӕн ӕгас дунейы дӕр. Стӕй ма арфӕ кӕны алы ӕмбырдӕн дӕр. Уым Хуыцауы кадджын кӕнӕм нӕ хъуыддӕгтӕ ӕмӕ нӕ дзуаппытӕй ӕмӕ ма ахуыр кӕнӕм, цӕмӕй йӕ нӕ бон уа кадджын кӕнын, ӕмбырды куы нӕ вӕййӕм, уӕд дӕр.
18, 19. Иузӕрдион чырыстӕтты се ’мбырды цы аразын фӕнды?
18 Нӕ зӕрдыл ма ӕрлӕууын кӕнӕм, Павел Филиппы (Македонийы) чырыстӕттӕн цы дзырдта, уый: «Ӕдзухдӕр уый тыххӕй фӕкувын, цӕмӕй... Йесо Чырыстийы фӕрцы уӕ хъуыддӕгтӕ уой раст, ӕмӕ уымӕй кадджын ӕмӕ бӕрзонд кӕнат Хуыцауы». Уый ууыл дзурӕг уыд, ӕмӕ филиппӕгтӕ хъуамӕ адӕмӕн дзырдтаиккой Чырыстийыл кӕй ӕууӕндынц, уый тыххӕй ӕмӕ сӕ диссаджы ныфсы тыххӕй (Филиппӕгтӕм 1:9–11; 3:8–11). Уымӕ гӕсгӕ ма Павел йе ’мчырыстӕттӕн загъта: «Цӕй уӕдӕ [Йесойы] уылты Хуыцауӕн алкӕддӕр хӕссӕм кады нывонд, ома йын нӕ дзыхыныхасӕй адӕмы ’хсӕн йӕ ном кадджын кӕнӕм» (Дзуттӕгтӕм 13:15).
19 Фӕнды дӕ Йесойау Хуыцауы дӕ дзыхыныхасӕй кадджын кӕнын «ӕмбырды астӕу», ӕмӕ йӕ чи нӕ зоны, ӕмӕ йын нырма чи нӕ кад кӕны, уыдоны ’хсӕн? (Дзуттӕгтӕм 2:12; Ромӕгтӕм 15:9–11). Ацы фарстӕн цы дзуапп ратдзыстӕм, уымӕй бӕрӕг уыдзӕн, куыд хорз ӕмбарӕм, не ’мбырдӕн Хуыцауы фӕндты цы бынат ис, уый. Иннӕ статьяйы аныхас кӕндзыстӕм, Йегъовӕ не ’мбырдӕн разамынд куыд дӕтты ӕмӕ йын цы бынат хъуамӕ уа нӕ царды, ууыл.
Бахъуыды кодтай?
• Сӕрст чырыстӕтты ӕмбырд куыд фӕзынд?
• Библийы ма дзырд «ӕмбырд»-ӕн цавӕр ӕртӕ нысаниуӕджы ис?
• Давид, Йесо ӕмӕ фыццаг ӕнусы чырыстӕтты цы фӕндыд ӕмбырды аразын, ӕмӕ уый махӕн цӕуыл дзурӕг у?
[Фарстатӕ ахуыр кӕнынӕн]
[Ныв 9 фарсыл]
Гыццыл къордтӕ дӕр сты «Хуыцауы ӕмбырдтӕ»
[Ныв 10 фарсыл]
Бенины чырыстӕттау нӕ бон у Йегъовӕйы стыр ӕмбырды кадджын кӕнын
[Ныв 11 фарсыл]
Йесо цавӕр ӕмбырдӕн уыд бындур?