Сӕйраг ӕрмӕгмӕ рахиз

Сӕргӕндтӕм рахиз

Иртас «Хуыцауы арф хъуыддӕгтӕ»

Иртас «Хуыцауы арф хъуыддӕгтӕ»

Иртас «Хуыцауы арф хъуыддӕгтӕ»

«Сыгъдӕг уд алцыдӕр иртасы, суанг Хуыцауы арф хъуыддӕгтӕ дӕр» (1 КОРИНФӔГТӔМ 2:10).

1. Библи ахуыр кӕнын чи райдайы, уымӕн цы вӕййы ӕхсызгон базонын?

МАХӔН нӕ фылдӕр хъуыды кӕны, куыд цин кодтам, ӕцӕгдзинад куы базыдтам, уӕд. Базыдтам, цы нысан кӕны Йегъовӕйы ном, Хуыцау адӕмы хъизӕмӕрттӕн кӕрон цӕуылнӕ скӕны, адӕмӕй иуӕй-иутӕ уӕларвмӕ цӕмӕн цӕуынц ӕмӕ ма уыдонӕй уӕлдай Хуыцауыл иузӕрдион чи у, уыдонмӕ цавӕр фидӕн ӕнхъӕлмӕ кӕсы. Уымӕй размӕ дӕр-иу, чи зоны, Библи кастыстӕм, фӕлӕ ацы хъуыддӕгтӕ адӕмӕн сӕ фылдӕр куыд не ’мбарынц, афтӕ сӕ не ’мбӕрстам мах дӕр. Уыдыстӕм, райсомӕй раджы балцы чи араст, ахӕм адӕймаджы хуызӕн. Уый фыццаг ницы уыдта, уымӕн ӕмӕ уыд талынг. Фӕлӕ хур куыд уӕлдӕр кодта, афтӕ йӕм алцыдӕр хуыздӕрӕй-хуыздӕр зындис. Ӕппынфӕстаг хур арвы астӕумӕ схӕццӕ. Ӕмӕ ныр бӕлццон хорз уыны, йӕ алыварс цы диссӕгтӕ ис, уыдон иууылдӕр – суанг дард цы ис, уыдӕттӕ дӕр. Афтӕ уыдыстӕм мах дӕр, немӕ Библи ахуыр кӕнын куы райдыдтой, уӕд. Фыццаг хатт ныккастыстӕм «Хуыцауы арф хъуыддӕгтӕм» (1 Коринфӕгтӕм 2:8–10).

2. Хуыцауы Ныхас ахуыр кӕнгӕйӕ алкӕддӕр цин цӕмӕн кӕндзыстӕм?

2 Фӕлӕ цымӕ Библи ӕрмӕст уӕлӕнгӕйтты зонын фаг у? Ацы ныхӕстӕ «Хуыцауы арф хъуыддӕгтӕ», зӕгъгӕ, амонынц Хуыцауы зонд ӕмбарын. Уыцы зонд чырыстӕттӕн ӕргом кӕны сыгъдӕг уд, фӕлӕ иннӕтӕй у ӕмбӕхст (1 Коринфӕгтӕм 2:7). Цас цыдӕртӕ ис базонӕн Хуыцауы зонды тыххӕй ӕмӕ цас циндзинад хӕссы уый адӕймагӕн! Мах кӕронмӕ никуы бамбардзыстӕм, Хуыцау йӕ хъуыддӕгтӕ цы стыр зондӕй аразы, уый. Библийы сӕйраг ахуырӕдтӕ куы базыдтам, уӕд куыд цин кодтам, афтӕ алкӕддӕр цин кӕндзыстӕм, амӕй фӕстӕмӕ дӕр «Хуыцауы арф хъуыддӕгтӕ» куы иртасӕм, уӕд.

3. Цӕуыл ӕууӕндӕм, уый хорз ӕмбарын цӕмӕн хъӕуы?

3 Уыцы «арф хъуыддӕгтӕ» нӕ цӕмӕн хъӕуы ӕмбарын? Мах хъуамӕ ’мбарӕм, цӕуыл ӕууӕндӕм, уый. Фӕлӕ ма хъӕуы ӕмбарын, ууыл цӕмӕн ӕууӕндӕм, уый дӕр – ома цӕуыл ӕууӕндӕм, уый бындур – уый нын бафидар кӕндзӕн нӕ уырнындзинад. Библи нын дзуры, цӕмӕй «уӕм ӕмбаргӕ» ӕмӕ «ӕмбарӕм, цы у Хуыцауы фӕндон: цы йӕм кӕсы хорз, цы йын у ӕхсызгон ӕмӕ цы у йӕ цӕсты ӕххӕст» (Ромӕгтӕм 12:1, 2). Хуыцау нын цавӕрдӕр хъуыддаг афтӕ цӕмӕн кӕнын кӕны, уый куы фембарӕм, уӕд нӕ тынгдӕр фӕфӕнды йӕ коммӕ кӕсын. «Хуыцауы арф хъуыддӕгтӕ» кӕй зонӕм, уый нын хъару дӕтты, цӕмӕй фӕлварӕнты фидар фӕлӕууӕм ӕмӕ ӕнӕзакъон хъуыддӕгтӕ ма кӕнӕм. Уый фӕрцы «хорз хъуыддӕгтыл нӕ уд... хъарӕм» (Титмӕ 2:14).

4. Библи ахуыр кӕнынмӕ цы хауы?

4 Цӕмӕй арф хъуыддӕгтӕ ӕмбарӕм, уый тыххӕй хъӕуы ахуыр кӕнын. Фӕлӕ ахуыр кӕнын ӕмӕ исты уӕлӕнгай кӕсын иу не сты. Ахуыр кӕнын у, адӕймаг исты лӕмбынӕг куы фӕиртасы, цӕмӕй фена, цы кӕсы ӕмӕ раздӕр цы базыдта, уыдон кӕрӕдзиимӕ куыд баст сты, уый (2 Тимофеймӕ 1:13). Иртасынмӕ ма хауы, Библийы кӕнӕ нӕ литературӕйы цыдӕр афтӕ фыст цӕмӕн ӕрцыд, уый бамбарын дӕр. Библи куы фӕахуыр кӕнӕм, уӕд-иу хъуамӕ хъуыды кӕнӕм, цы базыдтам, уымӕй нӕ бон куыд у спайда кӕнын, цӕмӕй, кӕм куыд бакӕнӕм, уый зонӕм ӕмӕ цӕмӕй иннӕтӕн нӕ бон ӕххуыс кӕнын уа. Фыстад ӕнӕхъӕнӕй дӕр Хуыцауы комытӕфӕй кӕй у ӕмӕ пайда кӕй у, уымӕ гӕсгӕ хъуамӕ иртасӕм «Йегъовӕйы дзыхӕй рацӕугӕ алы дзырд» дӕр (2 Тимофеймӕ 3:16, 17; Матфейы 4:4). Библи ахуыр кӕнын зын хъуыддаг у. Фӕлӕ ма у ӕхсызгон хъуыддаг дӕр. Стӕй «Хуыцауы арф хъуыддӕгтӕ» зын бамбарӕн не сты.

Йегъовӕ йӕ ныхас ӕмбарын кӕны сӕрныллӕг адӕмӕн

5. «Хуыцауы арф хъуыддӕгтӕ» кӕй бон у ӕмбарын?

5 Кӕд скъолайы хорз нӕ ахуыр кодтай кӕнӕ исты лӕмбынӕг иртасын ахуыр нӕ дӕ, уӕд дӕм хъуамӕ афтӕ ма кӕса, ӕмӕ «Хуыцауы арф хъуыддӕгтӕ» нӕ бамбардзынӕ. Йесо зӕххыл куы уыд, уӕд Йегъовӕ йӕ фӕндон ӕргом кодта зондджынтӕ ӕмӕ ӕмбаргӕтӕн нӕ, фӕлӕ ахуырдзинад кӕмӕ нӕ уыд ӕмӕ хуымӕтӕг чи уыд, ахӕм адӕмӕн. Уыцы сӕрныллӕг адӕм цӕттӕ уыдысты, цӕмӕй сӕ Хуыцауы лӕггадгӕнӕг ахуыр кодтаид. Скъолатӕ чи фӕци, ахӕм зондджын адӕмимӕ абаргӕйӕ уыдон уыдысты сывӕллӕтты хуызӕн (Матфейы 11:25; Хъуыддӕгтӕ 4:13). «Хуыцау, чи йӕ уарзы, уыдонӕн цы ’рцӕттӕ кодта», уый тыххӕй апостол Павел йе ’мчырыстӕттӕм ныффыста: «Уыцы хабӕрттӕ Хуыцау махӕн раргом кодта йӕ сыгъдӕг уды фӕрцы, уымӕн ӕмӕ сыгъдӕг уд алцыдӕр иртасы, суанг Хуыцауы арф хъуыддӕгтӕ дӕр» (1 Коринфӕгтӕм 2:9, 10).

6. Сыгъдӕг уд «Хуыцауы арф хъуыддӕгтӕ» куыд иртасы?

6 Хуыцауы сыгъдӕг уд алцыдӕр, «суанг Хуыцауы арф хъуыддӕгтӕ дӕр», куыд иртасы? Йегъовӕ алы чырыстонӕн дӕр Библи хицӕнӕй не ’ргом кӕны. Йӕ сыгъдӕг уды фӕрцы разамынд дӕтты йӕ организацийӕн ӕмӕ йӕ организацийы уылты йӕ Ныхас ӕмбарын кӕны йӕ адӕмӕн – ӕмвӕндӕй йын чи лӕггад кӕны, уыдонӕн (Хъуыддӕгтӕ 20:28; Ефесӕгтӕм 4:3–6). Йегъовӕйы Ӕвдисӕнтӕ ӕгас зӕххы къорийыл дӕр Библи ахуыр кӕнынц иу программӕмӕ гӕсгӕ. Бирӕ азтӕм ӕмбырдты ӕвзӕрст ӕрцыдысты Библийы ахуырӕдтӕ иууылдӕр. Сыгъдӕг уд архайы ӕмбырдты уылты ӕмӕ адӕмӕн ӕххуыс кӕны, цӕмӕй сӕм фӕзына, «Хуыцауы арф хъуыддӕгтӕ» ӕмбарынӕн чи хъӕуы, ахӕм миниуджытӕ (Хъуыддӕгтӕ 5:32).

Цы сты «Хуыцауы арф хъуыддӕгтӕ»?

7. Бирӕ адӕм «Хуыцауы арф хъуыддӕгтӕ» цӕуылнӕ ’мбарынц?

7 Афтӕ хъуыды кӕнын нӕ хъӕуы, ӕмӕ «арф хъуыддӕгтӕ» ӕнӕмӕнгӕй хъуамӕ зын ӕмбарӕн уой. «Хуыцауы арф хъуыддӕгтӕ» адӕмӕн сӕ фылдӕр не ’мбарынц. Ӕмӕ уый тыххӕй нӕ, ӕмӕ Хуыцауы зонд зын бамбарӕн у. Хъуыддаг уый мидӕг ис, ӕмӕ Сайтан адӕмы сайы, цӕмӕй, Йегъовӕ йӕ организацийы уылты цы ӕххуыс дӕтты, ууыл ма разы кӕной (2 Коринфӕгтӕм 4:3, 4).

8. Цавӕр арф хъуыддӕгты кой кодта Павел, ефесӕгтӕм цы фыстӕг ныффыста, уымӕн йе ’ртыккаг сӕры?

8 Павел ефесӕгтӕм цы фыстӕг ныффыста, уымӕн йе ’ртыккаг сӕрӕй бӕрӕг у, Йегъовӕйы адӕмӕн сӕ фылдӕр тынг хорз кӕй ӕмбарынц «Хуыцауы арф хъуыддӕгтӕ», зӕгъӕм, чи у, Хуыцау зӕрдӕ кӕмӕй бавӕрдта, уыцы байзӕддаг, адӕмӕй чидӕртӕ уӕлӕрвтӕм ӕвзӕрст кӕй цӕуынц ӕмӕ цы у Мессийӕйы Паддзахад. Павел ныффыста: «Ацы сусӕгдзинад ныр сыгъдӕг удӕй йӕ сыгъдӕг апостолтӕн ӕмӕ пехуымпартӕн куыд раргом, афтӕ раздӕры фӕлтӕртӕн нӕ уыд ӕргом. Уыцы сусӕгдзинад та уый мидӕг ис, ӕмӕ... ӕндӕр адӕмыхӕттытӕй чи сты, уыдон дӕр Йесо Чырыстиимӕ кӕй баиу уыдзысты, йемӕ иумӕ кӕй суыдзысты бындартӕ ӕмӕ уыцы иу буары уӕнгтӕ ӕмӕ сын немӕ иумӕ кӕй уыдзӕн хай зӕрдӕвӕрдӕй». Павел загъта, кӕй йын бахӕс кодтой, цӕмӕй «адӕмӕн ӕмбарын кодтаид... Хуыцау раджы замантӕй фӕстӕмӕ кӕй ӕмбӕхста, уыцы сусӕгдзинад куыд ӕргом кӕны, уый» (Ефесӕгтӕм 3:5–9).

9. «Хуыцауы арф хъуыддӕгтӕ» ӕмбарын стыр кад цӕмӕн у?

9 Павел ма бамбарын кодта, Хуыцауы фӕндон кӕй уыд, цӕмӕй «уӕлӕрвты [дӕр]... ӕмбырды уылты раргом уыдаид, алыхуызӕтты чи зыны, Хуыцауы уыцы зонд» (Ефесӕгтӕм 3:10). Зӕдтӕ бирӕ цӕуылдӕрты ахуыр кӕнынц, Йегъовӕ чырыстон ӕмбырдӕн цы аразы, уымӕ кӕсгӕйӕ. Цӕй стыр кад нын у, суанг зӕдты дӕр базонын кӕй фӕнды, уыцы хъуыддӕгтӕ кӕй ӕмбарӕм! (1 Петры 1:10–12). Павел ма нын дзуры, кӕй хъуамӕ архайӕм, цӕмӕй «ӕппӕт сыгъдӕджытимӕ иумӕ» бамбарӕм, чырыстон уырнындзинадӕн «йӕ уӕрх ӕмӕ йӕ дӕргъ, йӕ бӕрзӕнд ӕмӕ йӕ арф» цы у, уый (Ефесӕгтӕм 3:11, 18). Цӕй уӕдӕ ’ркӕсӕм, чи зоны, нырма кӕмӕ не ’ркастыстӕм, иуӕй-иу ахӕм «арф хъуыддӕгтӕм».

«Хуыцауы арф хъуыддӕгтӕй» иуӕй-иутӕ

10, 11. Библи куыд дзуры, афтӕмӕй Йесо Хуыцауы уӕларвон «сылгоймаджы» байзӕддаг кӕд сси?

10 Мах ӕй зонӕм, Хуыцауы уӕларвон «сылгоймаджы» байзӕддаг сӕйраджыдӕр Йесо кӕй у. Уыцы сылгоймаджы тыххӕй фыст ис Райдианы 3:15. Цӕмӕй ацы хабар хуыздӕр бамбарӕм, уый тыххӕй нӕ бон у ахъуыды кӕнын ахӕм фарстыл: «Кӕд сси Йесо, Хуыцау зӕрдӕ кӕмӕй бавӕрдта, уыцы байзӕддаг? Зӕхмӕ ӕрцӕуыны размӕ, зӕххыл адӕймагӕй куы райгуырд, донаргъуыд куы райста ӕви куы райгас, уӕд?»

11 Хуыцау зӕрдӕ бавӕрдта, йӕ организацийы уӕларвон хай, пехуымпарады «сылгоймаг» чи у, уый кӕй ныййардзӕн, калмы сӕр чи ныцъцъӕл кӕндзӕн, уыцы байзӕддаджы. Мингай азтӕ рацыд, фӕлӕ Хуыцауы «сылгоймагӕн», Сайтаны чи фесӕфтаид ӕмӕ йын йӕ хъуыддӕгтӕ чи фехӕлдтаид, ахӕм байзӕддаг нӕ райгуырд. Исай йӕ пехуымпарады сылгоймаджы хоны «ӕнӕзӕнӕг» ӕмӕ «зӕрдӕсаст» (Исай 54:1, 5, 6). Ӕппынфӕстаг Вифлеемы райгуырд Йесо. Фӕлӕ донаргъуыд куы райста, сыгъдӕг удӕй сӕрст куы ’рцыд ӕмӕ та Хуыцауы уӕларвон фырт куы сси, Йегъовӕ ӕрмӕст уӕд загъта: «Ай у мӕ... Фырт» (Матфейы 3:17; Иоанны 3:3). Уӕд рабӕрӕг, «сылгоймаджы» байзӕддаг сӕйраджыдӕр чи уыд, уый. Фӕстӕдӕр Йесойы фӕдылдзӕуджытӕ дӕр сӕрст ӕрцыдысты сыгъдӕг удӕй ӕмӕ систы Хуыцауы фырттӕ. Йегъовӕйы «сылгоймагӕн», бирӕ рӕстӕг «зӕнӕг кӕмӕн нӕ уыд», уымӕн фӕстагмӕ йӕ бон баци «хъӕр кӕнын фырцинӕй» (Исай 54:1; Галатӕгтӕм 3:29).

12, 13. Цавӕр стихтӕ ’вдисынц, зӕххыл чи ис, уыцы сӕрст чырыстӕттӕ иууылдӕр иумӕ кӕй сты «ӕууӕнкджын ӕмӕ зондджын цагъар»?

12 «Хуыцауы арф хъуыддӕгтӕй» ма иу у, Хуыцауы кӕй фӕнды адӕмӕй 144 000 адӕймаджы равзарын (Раргомад 14:1, 4). Мах ӕй зонӕм, зӕххыл иу рӕстӕг чи цӕры, уыцы сӕрст чырыстӕттӕ иууылдӕр иумӕ кӕй сты «ӕууӕнкджын ӕмӕ зондджын цагъар». Ӕмӕ Чырыстийы ныхӕстӕм гӕсгӕ, цагъар хъуамӕ йӕ хӕдзаронтӕн хӕринаг афоныл дӕтта (Матфейы 24:45). Цавӕр стихтӕй ис базонӕн, ӕцӕгдӕр афтӕ кӕй у, уый? Цымӕ Йесойы уый зӕгъын фӕндыд, ӕмӕ «ӕууӕнкджын цагъар» схонӕн ис цыфӕнды чырыстоны дӕр, йе ’фсымӕрты Хуыцауы ныхасӕй чи ӕфсады?

13 Йегъовӕ израилӕгтӕн загъта: «Сымах стут ме ’вдисӕнтӕ... ме ’взӕрст лӕггадгӕнӕг» (Исай 43:10). Фӕлӕ н. э. 33 азы 11 нисаны Йесо израилӕгты дины разамонджытӕн загъта, Хуыцау сын сӕ адӕмы йӕ лӕггадгӕнӕгыл кӕй нал нымайы. Мӕнӕ йӕ ныхӕстӕ: «Хуыцауы паддзахад сымахӕй байсдзысты ӕмӕ йӕ ратдзысты, уыцы паддзахады аккаг хъуыддӕгтӕ чи кӕна, уыдонӕн». Адӕмӕн Йесо загъта: «Ныр уын уӕ хӕдзар ныууагъдӕуыдзӕн» (Матфейы 21:43; 23:38). Израилы адӕм, Йегъовӕйы цагъар, нӕдӕр ӕууӕнкджын уыдысты, нӕдӕр иузӕрдион (Исай 29:13, 14). Уыцы бон ма Йесо адӕмы куы бафарста, чи у уыцы ӕууӕнкджын ӕмӕ зондджын цагъар, зӕгъгӕ, уӕд йӕ фарсты хъуыды уыдис ахӕм: израилӕгты бӕсты цавӕр зондджын адӕм уыдзысты Хуыцауы ӕууӕнкджын цагъар? Уыцы фарстӕн дзуапп радта апостол Петр йӕ фыстӕджы сӕрст чырыстӕттӕм: «Сымах... стут... сыгъдӕг адӕм, Хуыцау йӕхи кӕй бакодта, уыцы адӕм» (1 Петры 1:4; 2:9). Ныр Йегъовӕйы цагъар систы уыцы адӕм, «Хуыцауы Израил» (Галатӕгтӕм 6:16). Рагон Израилы адӕм иууылдӕр иумӕ иу «лӕггадгӕнӕгыл» нымад куыд уыдысты, афтӕ зӕххыл иу рӕстӕг чи цӕры, уыцы сӕрст чырыстӕттӕ дӕр иумӕ сты «ӕууӕнкджын ӕмӕ зондджын цагъар». Кӕуылты кад у уый, йӕ цагъары уылты нын Хуыцау кӕй дӕтты «хӕринаг»!

Библи ахуыр кӕнын – ӕхсызгон хъуыддаг

14. Адӕймаг Библи куы фӕахуыр кӕны, уӕд ын уый, ӕнӕуи йӕ куы фӕкӕсы, уымӕй ӕхсызгондӕр цӕмӕн вӕййы?

14 Библийӕ исты ногӕй куы базонӕм ӕмӕ нӕ уырнындзинад куы фӕфидардӕр вӕййы, уӕд цин нӕ фӕкӕнӕм? Уымӕ гӕсгӕ, адӕймаг Библи куы фӕахуыр кӕны, уӕд ын уый ӕхсызгондӕр вӕййы, ӕнӕуи йӕ куы фӕкӕсы, уымӕй. Уӕдӕ нӕ литературӕ куы фӕкӕсыс, уӕд-иу ахъуыды кӕн: «Ацы фарсты тыххӕй раздӕр цы зыдтон, уый, ам цы фыст ис, уыимӕ куыд баст у? Статьяйы цы хатдзӕгтӕ ис, уыдон сбӕлвырд кӕнынӕн ма мӕ бон цавӕр стихтӕ кӕнӕ цавӕр хъуыдытӕ у ӕрхӕссын?» Кӕд ма дӕ ӕрмӕг бацагурын хъӕуы, уӕд дӕ фарст афысс, ӕмӕ йын иннӕ хатт дзуапп бацагур.

15. Цӕмӕй Библийы хабӕрттӕ хуыздӕр бамбарай, уый тыххӕй цавӕр фарстатӕ у дӕ бон раиртасын ӕмӕ дын уый хорз ӕххуыс кӕд уыдзӕн?

15 Цӕмӕй Библийы хабӕрттӕ хуыздӕр бамбарай, уый тыххӕй цавӕр фарстатӕ у дӕ бон раиртасын? Зӕгъӕм, Хуыцау, ӕппӕт адӕмӕн дӕр стыр пайда чи фӕуыдаид, уый тыххӕй цавӕр бадзырдтӕ скодта. Дӕ уырнындзинад дын бафидар кӕндзӕн, Йесо Чырыстимӕ цы пехуымпарӕдтӕ амонынц, уыдон куы иртасай кӕнӕ, Библийы пехуымпарадон чингуытӕй искӕцы стих стихы фӕдыл лӕмбынӕг куы равзарай. Стыр ӕххуыс ма дын фӕуыдзӕн чиныг «Йегъовӕйы Ӕвдисӕнтӕ – Хуыцауы Паддзахады хъусынгӕнджытӕ» (уыр.) *. Уым фыст ис Йегъовӕйы организацийы нырыккон истори. Иуӕй-иу стихтӕ хуыздӕр бамбардзынӕ, ногӕй дӕ зӕрдыл куы ’рлӕууын кӕнай «Кӕсджыты фарстытӕ» фӕстаг азты «Хъахъхъӕнӕн мӕсыг»-ы номыртӕй. Дӕ хъус сӕйраджыдӕр дар, цы хатдзӕгтӕ дзы вӕййы, уыдон Библи куыд бӕлвырд кӕны, уымӕ. Афтӕмӕй зондӕй архайдзынӕ ӕмӕ ӕмбаргӕ уыдзынӕ (Дзуттӕгтӕм 5:14). Исты фарст куы иртасай, уӕд-иу дӕ фиппаинӕгтӕ афысс дӕ Библийы кӕнӕ гӕххӕттыл, цӕмӕй ма-иу сӕм уый фӕстӕ дӕр ӕркӕсай. Уый хорз ӕххуыс уыдзӕн дӕхицӕн дӕр ӕмӕ ма сӕ дӕ бон уыдзӕн спайда кӕнын иннӕтӕн баххуыс кӕнынӕн дӕр.

Сывӕллӕттӕн ӕххуыс кӕн, цӕмӕй Библи ахуыр кӕнын бауарзой

16. Куыд ис ӕххуыс кӕнӕн сывӕллӕттӕн, цӕмӕй Библи ахуыр кӕнын бауарзой?

16 Ныййарджытӕн сӕ бон бирӕ у саразын, цӕмӕй сӕ сывӕллӕтты Хуыцаумӕ баввахс кӕнын бафӕнда. Афтӕ хъуыды кӕнын нӕ хъӕуы, ӕмӕ сывӕллӕттӕ Библийы арф хъуыддӕгтӕ нӕ бамбардзысты. Ныййарджытӕн сӕ бон у сӕ сывӕллӕттӕн бахӕс кӕнын, цӕмӕй бинонты ахуырмӕ исты фарст раиртасой ӕмӕ сӕ стӕй бафӕрсой, уыцы ӕрмӕгӕй цы базыдтой, уымӕй. Бинонты ахуыры рӕстӕджы ма ис ӕвдисӕн, цавӕр уавӕрты бахауынц сывӕллӕттӕ, уый, цӕмӕй сахуыр уой ахӕм уавӕрты сӕ уырнындзинады сӕрыл дзурын ӕмӕ, цӕуыл ӕууӕндынц, уый ӕмбарын кӕнын. Брошюрӕ «Дӕ цӕст ахӕсс „арфӕгонд зӕххыл“» (уыр.) * ӕххуыс кӕны, Библийы цы зӕххыты кой цӕуы, уый амонынӕн ӕмӕ Библийӕ ӕрвылкъуыри дӕр цы бакӕсӕм, уый арфдӕр ӕмбарын кӕнынӕн.

17. Нӕ рӕстӕг иууылдӕр ӕрмӕст Библи иртасыныл цӕуылнӕ хъуамӕ цӕуа?

17 Библи иртасын у ӕхсызгон хъуыддаг ӕмӕ фидар кӕны адӕймаджы уырнындзинад. Фӕлӕ хъуамӕ лӕмбынӕг уӕм, цӕмӕй нын рӕстӕг ӕмбырды фембӕлдтӕм цӕттӕ кӕнынӕн дӕр зайа. Йегъовӕ ма пайда кӕны ӕмбырды фембӕлдтӕй дӕр, цӕмӕй нын разамынд дӕтта «ӕууӕнкджын ӕмӕ зондджын цагъары» уылты. Фӕлӕ ма уымӕй уӕлдай нӕхӕдӕг цавӕрдӕр фарстытӕ кӕй иртасӕм, уый фӕрцы нӕ бон вӕййы зӕгъын бирӕ хорз хъуыдытӕ нӕ фембӕлдты, зӕгъӕм, чиныгахуыры кӕнӕ, Хуыцауы Ныхас хъусынгӕнджыты скъолайы Библийӕ ахсджиаг хъуыдытӕ куы февзарӕм, уӕд.

18. «Хуыцауы арф хъуыддӕгтӕ» лӕмбынӕг иртасын цӕмӕн хъӕуы?

18 Хуыцауы Ныхас лӕмбынӕг куы иртасай, уӕд ӕввахсдӕр кӕндзынӕ Йегъовӕмӕ. Уыцы хъуыддаг куыд ахсджиаг у, уый тыххӕй Библийы фыст ис: «Ӕхца куыд хъахъхъӕны, афтӕ хъахъхъӕнынц зонындзинӕдтӕ дӕр, фӕлӕ зонындзинӕдтӕ хуыздӕр уымӕй сты, ӕмӕ зонд, кӕмӕ ис, уый мӕлӕтӕй хизы» (Екклесиаст 7:12). Уымӕ гӕсгӕ нын Библийы хабӕрттӕ хуыздӕр бамбарыныл цы рӕстӕг ӕмӕ цы тых бахардз вӕййы, уый дзӕгъӕлы нӕу. Библи, лӕмбынӕг ӕй чи иртасы, уыдонӕн дзуры: «Ссардзынӕ Хуыцауы тыххӕй зонындзинӕдтӕ» (Ӕмбисӕндтӕ 2:4, 5).

[Фиппаинӕгтӕ]

^ 15 абз. Мыхуыры йӕ рауагътой Йегъовӕйы Ӕвдисӕнтӕ.

^ 16 абз. Мыхуыры йӕ рауагътой Йегъовӕйы Ӕвдисӕнтӕ.

Куыд бамбарын кӕнис?

• Цы сты «Хуыцауы арф хъуыддӕгтӕ»?

• «Хуыцауы арф хъуыддӕгтӕ» иртасынӕн кӕрон цӕуылнӕ ис?

• Ӕппӕт чырыстӕттӕн дӕр «Хуыцауы арф хъуыддӕгтӕ» сӕ бон ӕмбарын цӕмӕн у?

• «Хуыцауы арф хъуыддӕгтӕ» дӕ бон хуыздӕр бамбарын куыд у?

[Фарстатӕ ахуыр кӕнынӕн]

[Ныв 31 фарсыл]

Ныййарджытӕн сӕ бон у сӕ сывӕллӕттӕн бахӕс кӕнын, цӕмӕй бинонты ахуырмӕ исты фарст раиртасой