Сӕйраг ӕрмӕгмӕ рахиз

Сӕргӕндтӕм рахиз

Ахсджиаг хъуыдытӕ Хъуыддӕгты чиныгӕй

Ахсджиаг хъуыдытӕ Хъуыддӕгты чиныгӕй

Йегъовӕйы Ныхас у ӕгас

Ахсджиаг хъуыдытӕ Хъуыддӕгты чиныгӕй

ХЪУЫДДӔГТЫ чиныджы бӕстон фыст ис, чырыстон ӕмбырд куыд фӕзынд ӕмӕ куыд стыр кодта, уый тыххӕй. Ныффыста йӕ дохтыр Лука. Хабӕрттӕ афтӕ фыст сты, ӕмӕ адӕймаджы цӕстыты раз удӕгас нывтау слӕууынц. Дзырд дзы цӕуы чырыстӕтты хъуыддӕгтыл н. э. 33 азӕй 61 азмӕ.

Чиныджы фыццаг хайы фылдӕр фыст ис, апостол Петр цы куыст кодта, уый тыххӕй, дыккаджы та – апостол Павелы куысты тыххӕй. Лука номивджытӕй «мах» ӕмӕ «махӕн» кӕй пайда кӕны, уый дзурӕг у ууыл, ӕмӕ кӕцыдӕр хабӕрттӕ йӕхи цӕстӕй кӕй федта. Хъуыддӕгты чиныджы цы хабӕрттӕ фыст ис, уыдоныл лӕмбынӕг куы ахъуыды кӕнӕм, уӕд хуыздӕр бамбардзыстӕм, Хуыцауы Ныхасы цы стыр тых ис ӕмӕ йӕ сыгъдӕг уд куыд хъомысджын у, уый (Дзут. 4:12). Ацы чиныг ма нын баххуыс кӕндзӕн, цӕмӕй удуӕлдай уӕм ӕмӕ Хуыцауы Паддзахадыл нӕ ныфс тынгдӕр дарӕм.

ПЕТР ПАЙДА КӔНЫ «ПАДДЗАХАДЫ ДӔГЪӔЛТӔЙ»

(Хъуыддӕгтӕ 1:1–11:18)

Апостолтыл сыгъдӕг уд куы ’рцыд, уӕд ныфсджынӕй фехъусын кодтой хорз хабар адӕмӕн. Петр «уӕларвон паддзахады дӕгъӕлтӕй» фыццагӕй спайда кодта, ӕмӕ дзы зонындзинӕдты «дуар байгом кодта» ӕмӕ уӕларвон Паддзахадмӕ бацӕуыны фадат радта дзуттӕгтӕн, стӕй, ӕндӕр адӕмтӕй дзуттӕгты диныл хӕст чи уыди, уыдонӕй йын «йӕ ныхӕстӕ йӕ зӕрдӕмӕ чи айста», уыцы адӕмӕн (Матф. 16:19; Ап. хъ. 2:5, 41). Ахуыргӕнинӕгтӕн сӕ фӕдыл зилын куы райдыдтой, уӕд алы рӕттӕм фӕлыгъдысты, фӕлӕ уый фӕрцы хорз хабар апарахат алы рӕтты.

Апостолтӕ Иерусалимы куы фехъуыстой, самариӕгтӕ Хуыцауы ныхас сӕ зӕрдӕмӕ кӕй айстой, уый, уӕд сӕм Петр ӕмӕ Иоанны арвыстой. Петр спайда кодта дыккаг дӕгъӕлӕй, ӕмӕ самариӕгтӕн дӕр фадат радта Хуыцауы Паддзахадмӕ бацӕуынӕн (Ап. хъ. 8:14–17). Йесо куы райгас, уыцы хабарӕй, ӕвӕццӕгӕн, иу аз дӕр нӕма рацыд, ӕмӕ Савл диссаджы ивд акодта, чырыстон дин райста. Н. э. 36 азы Петр спайда кодта ӕртыккаг дӕгъӕлӕй, ӕмӕ, сунӕтгонд чи нӕ уыд, ӕндӕр адӕмыхӕттытӕй чи уыд, уыцы адӕм дӕр схайджын сты Хуыцауы стыр лӕварӕй – сыгъдӕг удӕй (Ап. хъ. 10:45).

Фарстытӕн дзуаппытӕ

2:44–47; 4:34, 35 – Уырнджытӕ сӕ мулк цӕмӕн уӕй кодтой ӕмӕ се ’хца цӕмӕн уӕрстой? Уырнджытӕ чи систы, уыдонӕй бирӕтӕ уыдысты дард рӕттӕй. Уыдоны фӕндыд, цӕмӕй сӕ ног дины тыххӕй фылдӕр базыдтаиккой ӕмӕ ма иннӕтӕн дӕр хорз хабар хъусын кодтаиккой. Фӕлӕ Иерусалимы фылдӕр рӕстӕг баззайын сӕ къух нӕ амыдта. Уый тыххӕй чырыстӕттӕй иуӕй-иутӕ сӕ фӕллӕйттӕ уӕй кодтой ӕмӕ ’хца, хъуаг чи ӕййӕфта, уыдонӕн ӕххуыс кодтой.

4:13 – Петр ӕмӕ Иоанн кӕсын ӕмӕ фыссын нӕ зыдтой? Зыдтой. Ахуырдзинад сӕм нӕй ӕмӕ хуымӕтӕг сты, зӕгъгӕ та сӕ загътой, раввинты скъолаты кӕй нӕ ахуыр кодтой ӕмӕ сӕм дины ахуырад кӕй нӕ уыд, уый тыххӕй.

5:34–39 – Гамалиил Синедрионы цы загъта, уый Лука кӕцӕй зыдта, кӕд ӕмӕ дзы ӕддагон адӕймаг нӕ уыд, уӕд? Уый фӕдыл ис, ӕппынкъаддӕр, ӕртӕ хъуыдыйы: 1) Лука хабар базыдта Павелӕй, Гамалиилы раздӕры ахуыргӕнинагӕй; 2) ныхас кодта, Синедрионы уӕнгтӕй апостолты фарс чи уыди, уыдонӕй кӕимӕдӕр, зӕгъӕм, Никодимимӕ; 3) хабар куыд уыд, уый Лукайӕн раргом кодта Хуыцау.

7:59 – Стефан Йесомӕ куывта? Нӕ, Йесомӕ нӕ куывта. Адӕймаг хъуамӕ лӕггад кӕна Йегъовӕ Хуыцауӕн, ӕмӕ кувгӕ дӕр хъуамӕ кӕна ӕрмӕстдӕр уымӕ (Лук. 4:8; 6:12). Стефан алы хатт дӕр куывта Йегъовӕмӕ Йесойы уылты (Иоан. 15:16). Фӕлӕ ацы хатт цӕстылуайӕны федта «Адӕймаджы Фырты, Хуыцауы рахиз фарс лӕугӕ» (Ап. хъ. 7:56). Стефан хорз зыдта, Йесомӕ кӕй ис ахӕм тых, цӕмӕй мӕрдты цардмӕ раздаха. Грекъаг тексты ацы ран ис дзырд «куывта» нӕ, фӕлӕ «дзырдта». Уӕдӕ Стефан Йесомӕ кувгӕ нӕ кодта, фӕлӕ йын загъта, цӕмӕй, мӕрдты куы ӕгас кӕна, уӕд ӕй ма ферох кӕна (Иоан. 5:27–29).

Зондзонӕнтӕ махӕн

1:8. Йегъовӕйы лӕггадгӕнджытӕ ӕгас зӕххыл дӕр хорз хабар хъусын кӕнынц, сыгъдӕг уд сын кӕй ӕххуыс кӕны, уый фӕрцы.

4:36–5:11. Кипраг Иосифы хуыдтой Варнавӕ, ома «Рӕвдыддзинады фырт». Афтӕ йӕ, ӕвӕццӕгӕн, схуыдтой апостолтӕ, фӕлмӕн ӕмӕ хӕларзӕрдӕ адӕймаг кӕй уыд, иннӕтӕн баххуыс кӕнынмӕ алкӕддӕр цӕттӕ кӕй уыд, уый тыххӕй. Мах дӕр хъуамӕ Варнавӕйы хуызӕн уӕм, Анани ӕмӕ Сапфирӕйы хуызӕн хинӕйдзаг ӕмӕ фӕлитой нӕ, фӕлӕ.

9:23–25. Адӕймаг йе знӕгтӕй куы алидза, цӕмӕй дарддӕр дӕр йӕ бон уа хорз хабар хъусын кӕнын, уӕд уый ууыл дзурӕг нӕ уыдзӕн, ӕмӕ тӕппуд у.

9:28–30. Кӕцыдӕр рӕтты кӕнӕ кӕмӕндӕрты кӕй хъусын кӕнӕм, уый нӕ цардӕн, не ’гъдау ӕмӕ нӕ уырнындзинадӕн тӕссаг куы суа, уӕд хъуамӕ ӕмбаргӕ уӕм ӕмӕ нӕ хъус дарӕм, кӕм ӕмӕ кӕд хъусын кӕнӕм, уымӕ.

9:31. Сабыр рӕстӕджы хъуамӕ архайӕм, цӕмӕй Библи ахуыр кӕнӕм ӕмӕ йыл хъуыды кӕнӕм, ӕмӕ афтӕмӕй нӕ уырнындзинад фидар кӕнӕм. Цы базыдтам, уымӕ гӕсгӕ куы цӕрӕм ӕмӕ зӕрдиагӕй куы хъусын кӕнӕм, уӕд нын уый баххуыс кӕндзӕн, цӕмӕй Йегъовӕйы зӕрдӕхудты ма бацӕуӕм.

ПАВЕЛ ЗЫНГЗӔРДӔЙӔ ХЪУСЫН КӔНЫ

(Хъуыддӕгтӕ 11:19–28:31)

Н. э. 44 азы Агав ӕрцыд Антиохимӕ. Уым Варнавӕ ӕмӕ Савл «ӕнӕхъӕн афӕдз» адӕмы ахуыр кодтой. Агав загъта, кӕй скӕндзӕн тынг ӕххормаг рӕстӕг», ӕмӕ йӕ пехуымпар-ныхас сӕххӕст дыууӕ азы фӕстӕ (Ап. хъ. 11:26–28). Варнавӕ ӕмӕ Савл та, «Иерусалимы сӕ ӕфсымӕртӕн баххуыс кӕнынӕн цы саразын хъуыди, уый куы бакодтой, уӕд фӕстӕмӕ ӕрыздӕхтысты» Антиохимӕ (Ап. хъ. 12:25). Н. э. 47 азы – Савл чырыстон дин куы райста, уымӕй иу-12 азы фӕстӕ – Варнавӕ ӕмӕ Савлы сыгъдӕг уд арвыста уацамындон балцы (Ап. хъ. 13:1–4). Н. э. 48 азы уыдон ӕрыздӕхтысты Антиохимӕ, «Хуыцауы стыр хорзӕхыл [сӕ] кӕм бафӕдзӕхстой, уыцы сахармӕ» (Ап. хъ. 14:26).

Иу-фараст мӕйы фӕстӕ Павел (хуыдтой ма йӕ Савл дӕр) йӕхицӕн ӕмбалӕн равзӕрста Силӕйы ӕмӕ ацыд йӕ дыккаг балцы (Ап. хъ. 15:40). Фӕндагыл семӕ бамбал сты Тимофей ӕмӕ Лука. Лука баззад Филиппты. Павел та йӕ фӕндаг дарддӕр акодта Афинтӕм ӕмӕ уый фӕстӕ та – Коринфмӕ. Уыцы сахары фембӕлд Акилӕ ӕмӕ Прискиллӕимӕ ӕмӕ афӕдз ӕмӕ ’рдӕг уым фӕци (Ап. хъ. 18:11). Павел Тимофейы ӕмӕ Силӕйы Коринфы ныууагъта, йӕхӕдӕг та Акилӕ ӕмӕ Прискиллӕйы йемӕ акодта, ӕмӕ н. э. 52 азы райдианы науыл Сиримӕ ацыд (Ап. хъ. 18:18). Акилӕ ӕмӕ Прискиллӕ йемӕ Ефесы онг ацыдысты ӕмӕ уым баззадысты.

Н. э. 52 азы Павел иуцасдӕр фӕци Сириаг Антиохийы ӕмӕ стӕй ацыд йе ’ртыккаг балцы (Ап. хъ. 18:23). Ефесы Йегъовӕйы ныхасӕн «бауромӕн нӕ уыд ӕмӕ уӕлахиз кодта» (Ап. хъ. 19:20). Павел уым фӕцис ӕртӕ азы (Ап. хъ. 20:31). Н. э. 56 азы Фӕндзайӕм бонмӕ Павел ӕрцыд Иерусалиммӕ. Уым ӕй ӕрцахстой, ӕмӕ хицӕуттӕн ныфсджынӕй хъусын кодта хорз хабар. Ромы Павелы иу хӕдзары ахстӕй фӕдардтой дыууӕ азы (уый уыдаид н. э. 59–61 азты). Фӕлӕ уӕддӕр Павел фадӕттӕ агуырдта, цӕмӕй Хуыцауы Паддзахады тыххӕй хъусын кодтаид ӕмӕ «ахуыр кодтаид Хицау Йесо Чырыстийы тыххӕй» (Ап. хъ. 28:30, 31).

Фарстытӕн дзуаппытӕ

14:8–13 – Листрӕйы цӕрджытӕ цӕмӕн схуыдтой Варнавӕйы Зевс, Павелы та – Гермес? Грекъаг мифологийы хистӕр хуыцау уыди Зевс. Йӕ фырт Гермес та зындгонд уыдис йӕ дзырдарӕхстдзинадӕй. Фылдӕр Павел кӕй ныхас кодта, уымӕ гӕсгӕ йӕ Листрӕйы цӕрджытӕ схуыдтой Гермес, Варнавӕйы та – Зевс.

16:6, 7 – Сыгъдӕг уд Павелы ӕмӕ йе ’мбӕлтты Азийы ӕмӕ Вифинийы хъусын кӕнын цӕуылнӕ бауагъта? Хъусынгӕнджытӕ бирӕ кӕй нӕ уыдысты, уымӕ гӕсгӕ сӕ сыгъдӕг уд арвыста, фылдӕр адӕм кӕм байхъуыстаид, ахӕм рӕттӕм.

18:12–17 – Хицау Галлион адӕмы цӕуылнӕ баурӕдта, Сосфены нӕмын куы райдыдтой, уӕд? Чи зоны, ӕмӕ Галлион хъуыды кодта, зӕгъгӕ, Павелы ныхмӕ адӕмы чи ракодта, уымӕн афтӕ хъуыди. Фӕлӕ уыцы хабары фӕстӕ Сосфен, ӕвӕццӕгӕн, чырыстон дин райста. Фӕстӕдӕр Павел загъта, «не ’фсымӕр Сосфен», зӕгъгӕ (1 Кор. 1:1).

18:18 – Цавӕр дзырд радта Павел? Библииртасджытӕй иуӕй-иутӕ дзурынц, зӕгъгӕ, Павел дзырд радта, назорейау кӕй цӕрдзӕн, уый тыххӕй (Нымӕц. 6:1–21). Фӕлӕ Павел цавӕр дзырд радта, уый Библийы фыст нӕй. Ницы дзы ис уый тыххӕй дӕр, Павел дзырд, чырыстон куы сси, уый размӕ радта ӕви уый фӕстӕ, стӕй, цы дзырд радта, уымӕн уый йӕ райдиан уыд ӕви йӕ кӕрон. Куыдфӕнды ма уыдаид, ахӕм дзырд раттын тӕригъӕдыл нымад нӕ уыд.

Зондзонӕнтӕ махӕн

12:5–11. Нӕ бон дӕр у ӕмӕ нӕ хӕс дӕр у, цӕмӕй не ’фсымӕрты тыххӕй кувӕм.

12:21–23; 14:14–18. Ирод, Хуыцаумӕ чи ’мбӕлы, уыцы кад йӕхи бакодта. Куыд тынг хицӕн кодтой уымӕй Павел ӕмӕ Варнавӕ! Адӕм сӕ кадджын кӕнын куы райдыдтой, уӕд уайтагъд хъӕддых сӕ ныхмӕ фӕлӕууыдысты ӕмӕ сӕ ’рсабыр кодтой. Йегъовӕйы хъуыддаджы нын цасфӕнды ма ’нтыса, уӕддӕр хъуамӕ кадмӕ ма бӕллӕм.

14:5–7. Ӕмбаргӕ куы уӕм, уӕд нын уый баххуыс кӕндзӕн, цӕмӕй алкӕддӕр нӕ бон уа зӕрдиагӕй хъусын кӕнын (Матф. 10:23).

14:22. Чырыстӕттӕ цӕттӕ сты фыдӕвзарӕнтӕм. Ӕмӕ сӕ цӕмӕй сӕхи бахизой, уый тыххӕй сӕ уырнындзинады сӕрты нӕ хизынц (2 Тим. 3:12).

16:1, 2. Чырыстон фӕсивӕд хъуамӕ ӕмбырды зӕрдӕбынӕй лӕггад кӕной Йегъовӕйӕн ӕмӕ дзы ’ххуыс агурой, цӕмӕй сӕхицӕн хорз ном скӕной.

16:3. Мах хъуамӕ, нӕ бон цыдӕриддӕр у, уый аразӕм, цӕмӕй иннӕтӕ хорз хабар сӕ зӕрдӕмӕ айсой. Фӕлӕ уыимӕ хъуамӕ Библийы уагӕвӕрдтӕ ма халӕм (1 Кор. 9:19–23).

20:20, 21. Хӕдзарӕй хӕдзармӕ хъусын кӕнын ӕнӕмӕнг хъуыддаг у, Хуыцауӕн чи лӕггад кӕны, уыдонӕн.

20:24; 21:13. Йегъовӕйыл иузӕрдион уай, уый цард бахъахъхъӕнынӕй ахсджиагдӕр у.

21:21–26. Мах хъуамӕ цӕттӕ уӕм хорз уынаффӕмӕ байхъусынмӕ.

25:8–12. Абон чырыстӕттӕн сӕ бон дӕр у ӕмӕ хъуамӕ закъӕттӕй пайда дӕр кӕной «хорз хабары сӕрыл тохы дӕр ӕмӕ, хорз хабар хъусын кӕныны хъуыддаг закъонмӕ гӕсгӕ ӕрфидар кӕныныл... дӕр» (Фил. 1:7).

26:24, 25. Хъуамӕ дзурӕм, «ӕцӕг цы у» ӕмӕ раст зондыл дзурӕг цы у, уый, кӕд, йӕ зӕрдӕйы фӕндтыл чи цӕуы, ахӕм адӕймаг уыцы ныхӕстӕ ӕнӕзонддзинадыл нымайы, уӕддӕр (1 Кор. 2:14).

[Ныв 30 фарсыл]

Петр «паддзахады дӕгъӕлтӕй» кӕд спайда кодта?

[Ныв 31 фарсыл]

Ӕгас зӕххыл дӕр хорз хабар хъуыстгонд цӕуы сыгъдӕг уды ӕххуысы фӕрцы