«Йегъовӕйы зӕд хъахъхъӕны, Хуыцауӕй чи тӕрсы, уыдоны»
«Йегъовӕйы зӕд хъахъхъӕны, Хуыцауӕй чи тӕрсы, уыдоны»
Радзырдта йӕ Кристабел Коннел
Кристоферы фарстатӕн Библийӕ дзуаппытӕ агурыныл фестӕм ӕмӕ ӕмбисӕхсӕв куыд сси, уый дӕр нӕ бамбӕрстам. Кристофер рудзынгӕй ӕддӕмӕ кӕй акӕс-акӕс кодта, уый дӕр нӕ бафиппайдтам. Ӕппынфӕстаг нӕм раздӕхт ӕмӕ загъта: «Тӕссаг ницӕмӕй уал у, уӕ бон у ацӕуын». Уый фӕстӕ нӕ ахизын кодта, нӕ велосипедтӕ кӕм лӕууыдысты, уырдӕм, ӕмӕ нын зӕрдӕбынӕй фӕндараст загъта. Цымӕ тӕссаг цӕмӕй уыди?
ӔЗ РАЙГУЫРДТӔН 1927 азы Шеффилды (Англисы). Уӕд мӕ мыггаг уыди Эрл. Дыккаг дунеон хӕсты рӕстӕджы нын нӕ хӕдзар ныппырх кодтой ӕмӕ мӕ мӕ мадымадмӕ арвыстой. Цалынмӕ скъола каст нӕ фӕдӕн, уӕдмӕ цардтӕн уым. Не скъола уыди моладзандоны ӕмӕ-иу арӕх ус-моладзанты фарстон, царды уыйбӕрц фыддзинад ӕмӕ ӕгъатырдзинад цӕмӕн ис. Мӕ фарстӕн мын зӕрдӕзӕгъгӕ дзуапп ничи радта, нӕдӕр уыдон, нӕдӕр ӕндӕр уырнджытӕ.
Дыккаг дунеон хӕсты фӕстӕ ахуырмӕ бацыдтӕн ӕмӕ сдӕн медицинон хо. Уый фӕстӕ ацыдтӕн Лондонмӕ ӕмӕ уым кусын райдыдтон Паддингтоны рынчындоны. Лондоны адӕм ноджы ӕгъатырдӕр разындысты. Мӕ хистӕр ӕфсымӕр Корейы хӕстмӕ куы ацыд, уымӕй цасдӕры фӕстӕ иу бон рынчындоны цур дыууӕ лӕджы тынг фӕхыл сты. Сӕ иуы афтӕ фӕнадтой ӕмӕ бакуырм, фӕлӕ йын ничи баххуыс кодта. Уыцы рӕстӕг мӕ мадимӕ цыдыстӕм дӕсныфӕрсӕгмӕ, фӕлӕ уӕддӕр дзуапп нӕ базыдтон, цы фарста мӕ тыхсын кодта, уымӕн, зӕгъгӕ, царды уыйбӕрц фыддзинад цӕмӕн ис.
Загътой мын, цӕмӕй Библи ахуыр кӕнон
Иухатт мӕм ӕрбацыд мӕ хистӕр ӕфсымӕр Джон. Уый уыди Йегъовӕйы Ӕвдисӕн. «Зоныс ӕй, зӕххыл уыйбӕрц ӕвзӕр хабӕрттӕ цӕмӕн цӕуы?»,– бафарста мӕ ме ’фсымӕр. «Нӕ зонын»,– дзуапп ын радтон ӕз. Уый йӕ Библи рафӕлдӕхта ӕмӕ мын бакаст Раргомады 12:7–12. Ӕз бамбӕрстон, дунейы фыддзинад кӕй ис, уый сӕйраджыдӕр Сайтаны ӕмӕ йӕ дӕлимонты аххос кӕй у. Ме ’фсымӕр мын загъта, цӕмӕй райдайон Библи ахуыр кӕнын ӕмӕ сразы дӕн. Фӕлӕ уӕд адӕмӕй тарстӕн ӕмӕ донаргъуыд нӕ райстон (Ӕмб. 29:25).
Мӕ хо Дороти дӕр сси Йегъовӕйы Ӕвдисӕн. Йӕ уарзон Билл Робертсимӕ Нью-Йорчы ӕхсӕнадӕмон конгрессӕй (1953 азы) куы ӕрыздӕхтысты, уӕд сын загътон, Библи кӕй ахуыр кодтон. Билл мӕ бафарста: «Цы чиныг ахуыр кодтай, уым цы стихтӕ уыд, уыдон-иу Библийы ссардтай ӕмӕ-иу сӕ бакастӕ? Чиныджы-иу дзуаппыты бын бахахх кодтай?» «Нӕ», зӕгъгӕ, йын куы загътон, уӕд мын афтӕ бакодта: «Уӕдӕ уый ахуыр нӕ уыди! Ацу уыцы хойы ссар ӕмӕ ногӕй ахуыр кӕнын райдай!»
Уыцы рӕстӕджы мӕ дӕлимонтӕ райдыдтой тыхсын кӕнын. Ныр дӕр ма хъуыды кӕнын, Йегъовӕйӕн куыд лӕгъстӕ кодтон, цӕмӕй мӕ бахъахъхъӕна ӕмӕ мӕ се ’ндӕвдадӕй фервӕзын кӕна.Лӕггад кӕнын пионерӕй Шотланди ӕмӕ Ирландийы
Донаргъуыд райстон 1954 азы 16 январы. Майы фӕци мӕ контракт рынчындонимӕ ӕмӕ июны райдыдтон пионерӕй лӕггад кӕнын. Аст мӕйы фӕстӕ мӕ сӕрмагонд пионерӕй арвыстой горӕт Гренджмутмӕ (Шотланди). Уым банкъардтон, Йегъовӕйы зӕдтӕ мӕ кӕй хъахъхъӕдтой, уымӕн ӕмӕ дзы иунӕгӕй лӕггад кодтон (Пс. 34:7).
1956 азы мӕ арвыстой Ирландимӕ. Мемӕ ма ноджыдӕр дыууӕ хойы снысан кодтой горӕт Голуэймӕ. Фыццаг бон куы хъусын кодтам, уӕд ӕнӕнхъӕлӕджы бахостам, сауджын кӕм цард, уыцы хӕдзармӕ. Дуар ныл куы рахгӕдта, уымӕй цалдӕр минуты йеддӕмӕ нӕ рацыд, афтӕ нӕ уӕлхъус ӕрбалӕууыд пъӕлицӕйаг ӕмӕ нӕ участокмӕ акодта. Куы йӕ базыдта, чи стӕм ӕмӕ кӕм цӕрӕм, уӕд уайтагъд телефонӕй дзурынмӕ ацыд. Мах ын йӕ ныхӕстӕ фехъуыстам: «О, сыгъдӕг фыд, базыдтон ӕй кӕм цӕрынц». Цы базонын ма нӕ хъуыди, пъӕлицӕйаджы сауджын кӕй ӕрбарвыста. Фатеры кӕмӕ цардыстӕм, уымӕн нӕ рарвитын кодтой. Уымӕ гӕсгӕ нын филиал дӕр загъта, цӕмӕй ӕндӕр горӕтмӕ ацыдаиккам. Ӕфсӕнвӕндаджы станцӕмӕ дӕс минуты байрӕджы кодтам, фӕлӕ поезд нырма уым уыди. Ӕмӕ цалынмӕ нӕ ацыдыстӕм, уӕдмӕ нӕм иу нӕлгоймаг йӕ хъус дардта. Голуэйы фестӕм ӕрмӕстдӕр ӕртӕ къуыри!
Мах снысан кодтой ӕндӕр горӕт Люмерикмӕ, уым Католикон аргъуан тынг ӕндӕвта горӕты цӕрджытыл. Уацамынды-иу ныл адӕм ӕрӕмбырд сты, нӕ фӕстӕ-иу рацу-бацу кодтой ӕмӕ-иу нӕ хынджылӕг кодтой. Бирӕтӕ дуар бакӕнын дӕр нӕ уӕндыдысты. Афӕдзы размӕ сыхаг горӕт Клунларӕйы адӕм иу ӕфсымӕры тынг фӕнадтой. Ӕмӕ уымӕ гӕсгӕ тынг бацин кодтам, куы фембӕлдыстӕм Кристоферыл, уӕлдӕр кӕй тыххӕй цыди дзырд, ууыл. Куы ныхас кодтам, уӕд сауджын хӕдзары фӕмидӕг ӕмӕ Кристоферӕн карзӕй загъта, цӕмӕй нӕ расура. Кристофер ын загъта: «Ацы сылгоймӕгты ӕз фӕхуыдтон ӕмӕ цалынмӕ мидӕмӕ ӕрбахызтысты, уӕдмӕ дуар ӕрбахостой. Ды та дуӕрттӕ дӕ сӕрӕй тоныс». Ӕмӕ сауджын мӕстӕй судзгӕйӕ федде.
Мах ӕй зонгӕ дӕр нӕ кодтам, сауджын нӕлгоймӕгты кӕй ӕрӕмбырд кодта ӕмӕ нӕм ӕддейӕ кӕй ӕнхъӕлмӕ кастысты. Кристофер сын сӕ фыдвӕндтӕ куы базыдта, уӕд йӕхи дардта, статьяйы райдианы куыд фыст ис, афтӕ. Цалынмӕ адӕм нӕ апырх сты, уӕдмӕ нӕ йӕ хӕдзарӕй нӕ рауагъта. Фӕстӕдӕр базыдтам, Кристоферы ӕмӕ йӕ бинонты кӕй бахъуыди уыцы горӕтӕй сыстын ӕмӕ Англисмӕ алидзын.
Фӕхуыдтой мӕ Галаадмӕ
1958 азы Нью-Йорчы ӕхсӕнадӕмон конгресмӕ, «Хуыцауы фӕндон», зӕгъгӕ, мӕхи куы цӕттӕ кодтон, уӕд мӕ фӕхуыдтой Галаады 33-ӕм къласмӕ. Конгрессы фӕстӕ хӕдзармӕ нал ӕрыздӕхтӕн, фӕлӕ ацыдтӕн Коллингвудмӕ (провинци Онтарио, Канадӕ). Уым фӕлӕггад кодтон 1959 азмӕ, цалынмӕ Галаады скъолайы мӕ ахуыр нӕ райдыдта, уӕдмӕ. Конгрессы базонгӕ дӕн Эрик Коннелимӕ. Уый рӕстдзинад базыдта 1957 азы ӕмӕ пионерӕй лӕггад кӕнын райдыдта 1958 азы. Конгрессы фӕстӕ мӕм Эрик алы бон дӕр ӕрвыста фыстӕджытӕ: Канадӕмӕ дӕр ӕмӕ Галаады скъоламӕ дӕр. Тынг тыхстӕн, Скъола каст куы фӕуон, уӕд цы бауыдзыстӕм, ууыл.
Галаады скъола мын мӕ царды стыр фӕд ныууагъта. Уыцы къласы ма мемӕ ахуыр кодтой мӕ хо Дороти ӕмӕ йӕ лӕг. Уыдоны миссионертӕй снысан кодтой Португалимӕ, мӕн та Ирландимӕ, ӕмӕ ууыл тынг бадис кодтон. Тынг зын мын уыди, мӕ хоимӕ мӕ иу ранмӕ кӕй нӕ арвыстой! Скъолайы ахуыргӕнджытӕй иуы бафарстон, зӕгъгӕ, кӕд, мыййаг, исты раст нӕ бакодтон. «Тыхсгӕ ма кӕн,– загъта мын уый.– Ды ӕмӕ де ’мбал, Айлин Маони, сразы стут, цы бӕстӕмӕ уӕ арвитой, уырдӕм ацӕуыныл». Ӕмӕ Ирланди дӕр, кӕй зӕгъын ӕй хъӕуы, уыди уыцы бӕстӕтӕй иу.
Фӕстӕмӕ Ирландимӕ
Ӕз Ирландимӕ ӕрцыдтӕн 1959 азы августы, снысан мӕ кодтой иу ӕмбырдмӕ, хуындис «Дун-Лэаре». Уыцы рӕстӕджы Эрик дӕр ӕрыздӕхт Англисмӕ ӕмӕ тынг цин кодта, афтӕ хӕстӕг ӕм кӕй уыдтӕн, ууыл. Тынг ӕй фӕндыд миссионерӕй лӕггад кӕнын, ӕмӕ Ирландийы
бирӕ куыст кӕй уыд, уымӕ гӕсгӕ аскъуыддзаг кодта, уым пионерӕй кӕй лӕггад кӕндзӕн. Эрик ӕрцыд Дун-Лэаремӕ ӕмӕ 1961 азы нӕ цард баиу кодтам.Ӕхсӕз мӕйы фӕстӕ Эрик мотоциклыл бахаудта аварийы. Йӕ сӕр афтӕ тынг ныццавта ӕмӕ йӕ дохтыртӕ фервӕзын ӕнхъӕл дӕр нал уыдысты. Рынчындоны фӕци ӕртӕ къуыри, ӕмӕ йӕ хӕдзармӕ куы рафыстой, уӕд ӕм фондз мӕйы дӕргъы кастӕн, цалынмӕ йӕ къахыл не слӕууыд. Уыцы рӕстӕджы, мӕ бон куыд уыд, афтӕ хъусын кодтон.
1965 азы нӕ арвыстой наулӕууӕн горӕт Слайгомӕ (цӕгат-хурныгуылӕн донгӕрон). Уыцы ӕмбырды уыди ӕрмӕстдӕр аст хъусынгӕнӕджы. Ӕртӕ азы фӕстӕ ацыдыстӕм цӕгатырдӕм Лондондерримӕ ӕндӕр гыццыл ӕмбырдмӕ. Иухатт, уацамындӕй фӕстӕмӕ куы здӕхтыстӕм, уӕд федтам, цы уынгыл цардыстӕм, уым фӕндаджы астӕутыл сындзджын телтӕ кӕй аивӕзтой. Цӕгат Ирландийы райдыдтой змӕстытӕ. Фӕсивӕды бандӕтӕ машинӕтӕ сыгътой. Уӕдмӕ горӕт адих протестантон ӕмӕ католикон зонӕтыл. Тынг тӕссаг уыди иу зонӕйӕ иннӕ зонӕмӕ цӕуын.
Нӕ цард ӕмӕ нӕ лӕггад зын рӕстӕг
Мах уӕддӕр хъусын кодтам ӕгас горӕты дӕр. Бирӕ хӕттыты бамбӕрстам, зӕдтӕ нӕ кӕй хъахъхъӕдтой. Цы районты-иу хъусын кодтам, уым-иу змӕстытӕ куы райдыдтой, уӕд-иу уайтагъд нӕхи уырдыгӕй айстам. Тӕссаг-иу куы нал уыди, уӕд та-иу фӕстӕмӕ ӕрбаздӕхтыстӕм. Иухатт нӕ хӕдзары цур дӕр дыууӕ къорды фӕбыцӕу сты. Нӕ цуры цы ахорӕнты дукани уыд, ууыл зынг сирвӕзт. Уый афтӕ тынг сыгъди, ӕмӕ дзы алырдӕмты судзгӕйӕ цыдӕртӕ тахти ӕмӕ суанг нӕ рудзынгыл дӕр ӕмбӕлдысты. Ӕнӕхъӕн ӕхсӕв нӕ бафынӕй стӕм, уымӕн ӕмӕ нӕ хӕдзар хъахъхъӕдтам, цӕмӕй ма ссыгъдаид. 1970 азы Белфастмӕ цӕрынмӕ куы алыгъдыстӕм, уӕд базыдтам, уыцы дуканимӕ зынгӕфтауӕн бомбӕ кӕй баппӕрстой ӕмӕ, раздӕр цы хӕдзары цардыстӕм, уый бынтондӕр кӕй басыгъд.
Иннӕ хатт та иу хоимӕ уацамынды куы уыдыстӕм, уӕд иу хӕдзары рудзынгыл федтам трубайы лыггаг. Йӕ рӕзты ацыдыстӕм. Цалдӕр минуты фӕстӕ райхъуыст гуыпп. Бынӕттон цӕрджытӕ ӕддӕмӕ рагуылф кодтой ӕмӕ нӕ куы ауыдтой, уӕд фенхъӕлдтой, ӕмӕ уыцы бомбӕ мах бавӕрдтам. Уӕд нӕ нӕ хотӕй иу, уым хӕстӕг чи цард, уый, йӕхимӕ бахуыдта ӕмӕ йӕ сыхӕгтӕ бамбӕрстой, мах кӕй ницыгӕнӕг стӕм.
1971 азы та ногӕй ӕрцыдыстӕм Лондондерримӕ нӕ хотӕй иуы бӕрӕг кӕнынмӕ. Нӕ хойӕн куы радзырдтам нӕ балцы тыххӕй, ӕмӕ постыл куыд рахызтыстӕм, уый тыххӕй, уӕд нӕ бафарста: «Ӕмӕ дзы ничи уыди?» «Куыннӕ дзы уыди,– загътам ын мах,– фӕлӕ нӕм кӕсгӕ дӕр ничи ракодта». Нӕ хо тынг бадис кодта. Цӕмӕн? Уымӕн ӕмӕ цалдӕр боны размӕ уыцы постыл цыдысты дохтыр, стӕй та пъӕлицӕйаг ӕмӕ сӕ дыууӕйӕн дӕр сӕ машинӕтӕ байстой ӕмӕ сын сӕ басыгътой.
1972 азы мах ацыдыстӕм Коркмӕ. Уый фӕстӕ та лӕггад кодтам нырма горӕт Нейсы, стӕй та Арклоуы. Ӕппынфӕстаг нӕ 1987 азы снысан кодтой горӕт Каслбармӕ ӕмӕ абоны онг дӕр уым лӕггад кӕнӕм. Ам нӕм ӕрхауд стыр кад: ӕххуыс кодтам Паддзахады зал аразынӕн. 1999 азы Эрик тынг фӕрынчын, фӕлӕ мын Йегъовӕ ӕмӕ не ’мбырд кӕй ӕххуыс кодтой, уый фӕрцы фидар фӕлӕууыдтӕн. Уый мын уыйбӕрц хъару лӕвӕрдта ӕмӕ, цалынмӕ нӕ адзӕбӕх, уӕдмӕ йӕм зылдтӕн.
Эрик ӕмӕ ӕз Пионерты скъолайы ахуыр кодтам дыууӕ хатты. Эрик ма ныр дӕр у ӕмбырды хистӕр нӕлгоймаг. Ӕз тынг уӕззау рынчын дӕн артритӕй, дохтыртӕ мын баивтой мӕ сины хъултӕ дӕр ӕмӕ мӕ уӕрджыты хъултӕ дӕр. Кӕд мӕ дины тыххӕй мӕ ныхмӕ карзӕй цыдысты ӕмӕ змӕст рӕстӕджытӕ дӕр ӕрӕййӕфтон, уӕддӕр мын ӕппӕты зындӕр уыди, мӕ бон машинӕ скъӕрын кӕй нал суыдзӕн, уый. Уый мын стыр фӕлварӕн сси, уымӕн ӕмӕ мӕ бон бирӕ цыдӕртӕ нал у аразын. Ӕмбырд мӕм йӕ хъус тынг дары. Ныр цӕуын лӕдзӕджы ӕнцой. Дард искуыдӕм мӕ куы фӕхъӕуы цӕуын, уӕд та ацӕуын ӕртӕцалхыг мопедыл (кусы аккумулятортыл).
Эрикимӕ сӕрмагонд пионертӕй иумӕ нымайгӕйӕ фӕлӕггад кодтам 100 азӕй фылдӕр – уыдонӕй 98 азы ам, Ирландийы. Кӕд базӕронд стӕм, уӕддӕр нӕ фидар фӕнд у дарддӕр дӕр афтӕ лӕггад кӕнын. Мах диссӕгтӕм не ’нхъӕлмӕ кӕсӕм, фӕлӕ нӕ уӕддӕр уырны, Йегъовӕйы хъомысджын зӕдтӕ кӕй хъахъхъӕнынц, Хуыцауӕй чи тӕрсы ӕмӕ йын иузӕрдионӕй чи лӕггад кӕны, уыдоны.