Дӕ бон та у раздӕрау фылдӕр лӕггад кӕнын?
Дӕ бон та у раздӕрау фылдӕр лӕггад кӕнын?
ИСКУЫ чырыстон ӕмбырды дӕ бӕрны исты хӕстӕ уыди? Чи зоны, уыдтӕ кӕстӕриуӕггӕнӕг ӕфсымӕр кӕнӕ хистӕр нӕлгоймаг, йе та ӕххӕстрӕстӕг лӕггад кодтай. Дзырд дӕр ыл нӕй, дӕ лӕггад дын стыр циндзинад ӕмӕ удӕнцой кӕй хаста. Фӕлӕ ныр цӕйдӕр аххосӕй афтӕ нал лӕггад кӕныс.
Чидӕртӕ, раздӕр куыд лӕггад кодтой, афтӕ нал лӕггад кӕнынц, сӕ бинонтыл сӕ тыхсын кӕй хъӕуы, уый тыххӕй. Кӕмӕндӕр та уый йӕ бон нал у, азтӕ йыл сӕ уӕз кӕй ӕруагътой кӕнӕ та йе ’нӕниздзинад кӕй фӕцудыдта, уый тыххӕй. Кӕд дӕуӕн дӕр дӕ хабар афтӕ у, уӕд уый ууыл дзурӕг нӕу, ӕмӕ ницӕмӕн бӕззыс (1 Тим. 5:8). Фыццаг ӕнусы Филипп лӕггад кодта миссионерӕй, фӕлӕ фӕстӕдӕр ӕрцард Кесарийы ӕмӕ уым йӕ бинонты кой кодта (Ап. хъ. 21:8, 9). Рагон Израилы паддзах Давид куы базӕронд, уӕд бацархайдта, цӕмӕй йӕ фырт Соломон йӕ фӕстӕ паддзах суыдаид (1 Пад. 1:1, 32–35). Фӕлӕ уӕддӕр Йегъовӕ Филиппы ӕмӕ Давиды уарзта ӕмӕ сын аргъ кодта. Суанг ма сын абоны онг дӕр адӕм сӕ хорзы кой кӕнынц.
Фӕлӕ дын, чи зоны, бар нал ис цавӕрдӕр кадджын хӕстӕ ӕххӕст кӕнынӕн. Чи зоны, дӕхи, куыд ӕмбӕлы, афтӕ нӕ дардтай кӕнӕ та дын дӕ бинонты ’хсӕн цавӕрдӕр зындзинӕдтӕ фӕзынд (1 Тим. 3:2, 4, 10, 12). Чи зоны дӕм афтӕ кӕсы, ӕмӕ ӕфсымӕртӕ дӕ хъуыддаджы фӕдыл раст уынаффӕ нӕ рахастой, ӕмӕ абоны онг дӕр тӕргай дӕ.
Архай, цӕмӕй та раздӕрау лӕггад кӕнай
Цы кадджын хӕстӕ дын уыд, уыдон ма дӕ бон искуы ногӕй ӕххӕст кӕнын бауыдзӕн? Куыннӕ ма! Фӕлӕ та цӕмӕй раздӕрау лӕггад кӕнай, уый тыххӕй хъуамӕ уымӕ тырнай (1 Тим. 3:1). Цы дӕ хъуамӕ разӕнгард кӕна уымӕ? Хуыцауӕн дӕ дӕ цард снывонд кӕнын цы сразӕнгард кодта, уый – Йегъовӕйы ӕмӕ йын чи лӕггад кӕны, уыдоны кӕй уарзыс, уый. Кӕд дӕ уыцы уарзондзинад ӕвдисын фӕнды ӕмӕ фылдӕр лӕггад кӕнынмӕ цӕттӕ дӕ, уӕд Йегъовӕйӕн фадат ратдзынӕ, цӕмӕй, дӕ хӕстӕ куы нал ӕххӕст кодтай, уый размӕ дӕр ӕмӕ уый фӕстӕ дӕр цы базыдтай ӕмӕ цӕуыл сахуыр дӕ, уыдӕттӕй спайда кӕна.
Дӕ зӕрдыл-ма ӕрлӕууын кӕн, израилӕгтӕ Йегъовӕйы куы фӕхъыг кодтой ӕмӕ йӕ разы сӕ хорз ном куы фесӕфтой, уӕд сын Йегъовӕ цы загъта, уый. Библийы кӕсӕм: «Ӕз дӕн Йегъовӕ, Ӕз нӕ ивын. Уымӕ гӕсгӕ сымах, Иаковы фырттӕ, нӕ фесӕфтыстут» (Мал. 3:6). Йегъовӕ израилӕгты уарзта ӕмӕ йӕ фӕндыд, цӕмӕй йын дарддӕр дӕр лӕггад кодтаиккой. Йегъовӕйы фӕнды, цӕмӕй дӕуӕй дӕр йӕ хъуыддаджы пайда кӕна. Цы у дӕ бон дӕ уавӕрты аразын? Паддзахады хъуыддӕгты архайынӕн сӕйраджыдӕр ӕрдзон курдиӕттӕ не сты, фӕлӕ Хуыцауимӕ ӕввахс ахастытӕ. Уымӕ гӕсгӕ дын кӕд ныртӕккӕ ӕмбырды ницы хӕстӕ ис, уӕд ӕппӕт тыхтӕй архай, цӕмӕй Йегъовӕмӕ баввахсдӕр уай.
Цӕмӕй уырнындзинады фидар уай, уый тыххӕй хъуамӕ «агурай Йегъовӕйы ӕмӕ дзы курай, цӕмӕй дын йӕ хъаруйӕ бахай кӕна» (Пс. 105:4; 1 Кор. 16:13). Уый дӕ къухы бафтдзӕн, Йегъовӕмӕ зӕрдӕбынӕй куы кувай, уӕд. Дӕ хабӕрттӕ Йегъовӕйӕн куы фӕкӕныс, уӕд-иу дзы дӕ зӕрдӕйы ӕнкъарӕнтӕ ма басусӕг кӕн ӕмӕ-иу дзы сыгъдӕг уд ракур. Афтӕмӕй Йегъовӕмӕ баввахс уыдзынӕ ӕмӕ дӕ уырнындзинад бафидар уыдзӕн (Пс. 62:8; Фил. 4:6, 13). Йегъовӕмӕ ма ӕввахс кӕндзынӕ, йӕ Ныхас ын хуыздӕр куы ахуыр кӕнай, уӕд дӕр. Ӕмбырды дыл бирӕ хӕстӕ кӕй нӕй, уый фӕрцы дӕ бон фылдӕр рӕстӕг хицӕн кӕнын у, цӕмӕй дӕхӕдӕг дӕр ӕмӕ дӕ бинонтимӕ дӕр Библи хуыздӕр ахуыр кӕнай. Афтӕмӕй дӕ къухы бафтдзӕн, раздӕр дын цы не ’нтыст, уый – дӕ хъуыддӕгтӕ графикмӕ гӕсгӕ аразын.
Ис. 43:10–12). Махӕй алчидӕр кусы Хуыцауимӕ, ӕмӕ уымӕй стырдӕр кад та уӕвгӕ дӕр нӕй (1 Кор. 3:9). Фылдӕр куы хъусын кӕнай, уӕд дӕхи уырнындзинад дӕр фидар кӕндзынӕ ӕмӕ ма, демӕ чи фӕхъусын кӕны, уыдоны уырнындзинад дӕр.
Кӕй зӕгъын ӕй хъӕуы, ды нырма дӕр Йегъовӕйы ном хӕссыс (Де ’нкъарӕнтимӕ тох кӕн
Раздӕрау дӕ бон лӕггад кӕнын кӕй нал у, уый дын, чи зоны, зын у кӕнӕ фӕсмон кӕныс, уыцы циндзинадӕй кӕй фӕцух дӕ, уый тыххӕй. Чи зоны, дӕхи рӕстытӕ дӕр кӕныс. Фӕлӕ, зӕгъӕм, бӕрнхӕссӕг ӕфсымӕртӕн уыдӕттӕ радзырдтай, фӕлӕ уӕддӕр уыдон аскъуыддзаг кодтой, ӕмбырды дыл цы хӕстӕ уыди, уыдон кӕй нал ӕххӕст кӕндзынӕ, уӕд та куыд? Гӕнӕн ис, ӕфсымӕртӕм маст хӕссын райдайай ӕмӕ дӕ уый хъыгдара дӕ разы хорз нысӕнттӕ ӕвӕрын ӕмӕ суанг уыцы хабарӕй зонд райсын дӕр. Ӕркӕсӕм, Иов, Манасси ӕмӕ нын Иосифы хабӕрттӕ куыд баххуыс кӕндзысты ӕнӕраст ӕнкъарӕнтимӕ тох кӕнынӕн.
Рагзаманты Иов Йегъовӕмӕ куывта иннӕты номӕй. Уый уыд мыггаджы хистӕр ӕмӕ тӕрхонгӕнӕг (Иов 1:5; 29:7–17, 21–25). Фӕстӕдӕр, йӕ царды ӕхсидгӕ азты, уый йӕ хъӕздыгдзинад фесӕфта, йӕ сывӕллӕттӕ фӕмард сты ӕмӕ йӕхӕдӕг та тынг фӕрынчын. Уый аххосӕй йын иннӕтӕ раздӕрау нал кад кодтой. Иов загъта: «Мӕхицӕй кӕстӕр чи у, уыдон мыл худынц» (Иов 30:1).
Иов йӕхи ӕппындӕр зылынджыныл нӕ нымадта, ӕмӕ йӕ фӕндыд Хуыцауы раз йӕ рӕстдзинад сбӕлвырд кӕнын (Иов 13:15). Кӕд афтӕ уыди, уӕддӕр Йегъовӕмӕ ӕнхъӕлмӕ каст, ӕмӕ уый тыххӕй арфӕгонд ӕрцыд. Иов бамбӕрста, йӕ зондахаст ӕй сраст кӕнын кӕй хъӕуы, уӕлдай дӕр та, фӕлварӕнтӕм цы цӕстӕй каст, уыцы хъуыддаджы (Иов 40:6–8; 42:3, 6). Фӕстагмӕ Йегъовӕ Иовӕн йӕ сӕрныллӕгдзинады тыххӕй стыр арфӕ ракодта (Иов 42:10–13).
Кӕд, ӕнӕраст ми кӕй бакодтай, уый тыххӕй дын нӕй раздӕрау лӕггад кӕныны бар, уӕд, чи зоны, мӕт кӕныс, Йегъовӕ ӕмӕ дын де ’фсымӕртӕ зӕрдӕйӕ ныххатыр кӕндзысты ӕмӕ дын дӕ рӕдыд ферох кӕндзысты ӕви нӕ, ууыл. Ӕркӕсӕм-ма Иудӕйы паддзах Манассийы хабармӕ. «Манасси Йегъовӕйы цӕсты бирӕ ӕвзӕрдзинад арӕзта ӕмӕ йӕ афтӕмӕй ӕфхӕрдта» (2 Пад. 21:6). Фӕлӕ уӕддӕр Манасси амард Хуыцауыл иузӕрдион адӕймагӕй ӕмӕ паддзахы бартӕ йӕ мӕлӕты онг нӕ фесӕфта. Цымӕ уымӕн гӕнӕн куыд уыд?
Ӕппынфӕстаг Манасси йӕ рӕдыдтытыл басаст. Йегъовӕмӕ куы нӕ байхъуыста, уӕд ын уый йӕ ныхмӕ растын кодта ассириӕгты. Уыдон ӕй хъадаманты дард Вавилонмӕ уацары акодтой. Уым Манасси «йӕ Хуыцау Йегъовӕйы зӕрдӕ ӕрфӕлмӕн кодта ӕмӕ йӕхи тынг ӕрныллӕг кодта йӕ фыдӕлты Хуыцауы раз. Куывта йӕм». Манасси зӕрдӕйӕ кӕй ӕрфӕсмон кодта, уый бӕрӕг уыд йӕ хъуыддӕгтӕй, ӕмӕ йын Йегъовӕ йӕ тӕригъӕдтӕ ныххатыр кодта (2 Аз. 33:12, 13).
Чырыстон цы кадджын хӕстӕ фесафы, уыдон ын йӕ бӕрны фӕстӕмӕ иухаттӕн нӕ бакӕнынц. Рӕстӕг куыд цӕуа, афтӕ дын чи зоны цыдӕртӕ дӕр бабар кӕной. Куы сӕ ӕххӕст кӕнай ӕмӕ сӕ, гӕнӕн ӕмӕ амал уӕвгӕйӕ, хорз куы кӕнай, уӕд дын фӕстӕдӕр ӕндӕр хӕстӕ дӕр бабар кӕндзысты. Уый зӕгъӕн нӕй, ӕмӕ дӕ фӕндагыл ӕнӕкъулымпыйӕ цӕудзынӕ. Гӕнӕн ис, ӕмӕ фыдӕнхъӕл дӕр фӕуай. Фӕлӕ ӕнӕзивӕг куы уай ӕмӕ фӕндфидарӕй куы архайай, уӕд дын бирӕ цыдӕртӕ бантысдзӕн.
Райд. 37:2, 26–28). Кӕй зӕгъын ӕй хъӕуы, Иосиф уый ӕнхъӕл дӕр нӕ уыд, ӕмӕ йын йӕ фыды фырттӕ ахӕм ӕгъатыр ми бакӕндзысты. Фӕлӕ Иосиф уыцы уавӕрты дӕр ӕнӕзивӕгӕй архайдта. Йегъовӕ йын уый тыххӕй раарфӕ кодта, ӕмӕ йӕ «хицауы хӕдзары йӕ бар уыдысты алыхуызон хъуыддӕгтӕ» (Райд. 39:2). Фӕстӕдӕр Иосифы ахӕстоны ныппӕрстой. Фӕлӕ та уым дӕр иузӕрдион уыди, Йегъовӕ йыл йӕ арм дардта, ӕмӕ йын ахӕстоны цавӕрдӕр хъуыддӕгтӕ йӕ бар бакодтой (Райд. 39:21–23).
Ӕркӕсӕм-ма Иаковы фырт Иосифы хабармӕ. Иосиф 17-аздзыдӕй йӕхиуыл бавзӕрста, ӕнӕрастдзинад цы у, уый, йе ’фсымӕртӕ йӕ кӕмӕндӕр куы ауӕй кодтой, уӕд (Иосиф нӕ зыдта, уал азы ахӕстоны кӕй фӕци, уый хуымӕтӕджы кӕй нӕ уыд. Фӕлӕ йӕ бон цы уыди, уый арӕзта. Афтӕмӕй Йегъовӕ Иосифы уылты бахъахъхъӕдта, зӕрдӕвӕрд Байзӕддӕг цы хӕдзарвӕндаджы хъуамӕ фӕзындаид, уый (Райд. 3:15; 45:5–8). Кӕд мах уымӕ не ’нхъӕлмӕ кӕсӕм, ӕмӕ нын Хуыцауы фӕндты Иосифау стыр бынат уыдзӕн, уӕддӕр йӕ хабарӕй бӕрӕг у, Хуыцауы лӕггадгӕнджытӕн цавӕрдӕр хъуыддӕгтӕ куы бабар кӕнынц, уӕд уый арӕх Йегъовӕйы фӕндон кӕй вӕййы. Уый алкӕддӕр дӕ зӕрдыл дар ӕмӕ Иосифы фӕзм.
Дӕ рӕдыдтытыл ахуыр кӕн
Иов, Манасси ӕмӕ Иосиф ахӕм зын уавӕрты бахаудысты, ӕмӕ гӕнӕн ис сӕ ныфс дӕр асастаид. Фӕлӕ сӕ Йегъовӕ ахӕм уавӕрты бахауын кӕй бауагъта, ууыл се ’ртӕ дӕр разы уыдысты, ӕмӕ уыцы уавӕртӕй алчи дӕр йӕхицӕн зондӕн цыдӕр райста. Дӕуӕн та дӕ бон цы у зондӕн райсын?
Ахъуыды кӕн, кӕд дӕ мыййаг Йегъовӕ истӕуыл ахуыр кӕны. Иов йӕ фыртыхстӕй райдыдта хъуыды кӕнын ӕрмӕстдӕр йӕхиуыл ӕмӕ, бирӕ ахсджиагдӕр цы уыд, уый дзы айрох. Фӕлӕ йын Йегъовӕ зӕрдӕхӕларӕй зонд куы бацамыдта, уӕд Иов хъуыддӕгтӕм раст цӕстӕй кӕсын райдыдта, ӕмӕ загъта: «Ӕз дзырдтон, фӕлӕ не ’мбӕрстон» (Иов 42:3). Кӕд, раздӕрау кӕй нал лӕггад кӕныс, ууыл мӕт кӕныс, уӕд, цы дӕ, уымӕй фылдӕр дӕхицӕй ӕнхъӕл ма у ӕмӕ афтӕ хъуыды кӕн, бонзонгӕ куыд уай (Ром. 12:3). Чи зоны, Йегъовӕ архайы, цӕмӕй дын зонд бацамона, фӕлӕ, уыцы хъуыддаг куыд аразы, уый нырма кӕронмӕ не ’мбарыс.
Зондамындмӕ хъус. Райдианы Манассимӕ, чи зоны, афтӕ каст, ӕмӕ ӕгӕр карз ӕфхӕрд баййӕфта. Фӕлӕ фӕстӕдӕр йӕ тӕригъӕдтыл басаст, ӕрфӕсмон кодта ӕмӕ йе ’взӕр хъуыддӕгтӕ ныууагъта. Зондамындмӕ цыфӕнды цӕстӕй ма кӕсай, уӕддӕр дӕхи Йегъовӕйы раз ӕрныллӕг кӕн, ӕмӕ дӕ уый сбӕрзонд кӕндзӕн (1 Пет. 5:6; Иак. 4:10).
У фӕразон ӕмӕ ӕнӕзивӕг. Иосиф уыйбӕрц дудгӕбӕттӕ кӕй бавзӕрста, уымӕ гӕсгӕ йӕ бон уыд маст йӕ зӕрдӕйы нывӕрын ӕмӕ йе ’фсымӕртӕм знаджы цӕстӕй кӕсын. Фӕлӕ уый сси ӕмбаргӕ ӕмӕ тӕригъӕдгӕнаг адӕймаг (Райд. 50:15–21). Кӕд фыдӕнхъӕл фӕдӕ, уӕд фӕразон у. Ӕнӕзивӕгӕй хъус, Йегъовӕ дын цы амоны, уымӕ.
Искуы чырыстон ӕмбырды дӕ бӕрны кадджын хӕстӕ уыди? Кӕд о, уӕд Йегъовӕйӕн фадат ратт, цӕмӕй та дын ногӕй кадджын хӕстӕ бабар кӕна. Хуыцаумӕ ӕввахсдӕр кӕн. Де ’нкъарӕнтимӕ тох кӕнгӕйӕ фӕразон ӕмӕ сӕрныллӕг у. Цыфӕнды дын ма бахӕс кӕной – ӕнӕзивӕгӕй йӕ ӕххӕст кӕн. Фидарӕй дӕ уырнӕд, «ӕнаипп чи у, уыдонӕн Йегъовӕ [кӕй] нӕ бавгъау кӕндзӕн хорздзинӕдтӕ» (Пс. 84:11).
[Хицӕнгонд текст 30 фарсыл]
Зӕрдӕбынӕй кув, цӕмӕй уырнындзинады фидар уай
[Ныв 31 фарсыл]
Фылдӕр куы хъусын кӕнай, уӕд дӕ уырнындзинад бафидар уыдзӕн
[Ныв 32 фарсыл]
Йегъовӕйӕн фадат ратт, цӕмӕй та дын кадджын хӕстӕ бабар кӕна