Библи ахуыр кӕнынӕн рӕстӕг рахицӕн кодтай?
Библи ахуыр кӕнынӕн рӕстӕг рахицӕн кодтай?
ФАРОН Разамонӕг совет ӕмбырды фембӕлдты ивындзинӕдтӕ скодта. Афтӕмӕй нын фӕзынд фадат, цӕмӕй нӕ бинонтимӕ Библи ахуыр кӕнынӕн ӕмӕ йыл ныхас кӕнынӕн фылдӕр рӕстӕг арӕм. Кӕд бинонты хистӕр дӕ, уӕд дӕ хӕс у дӕ ус ӕмӕ дӕ сывӕллӕттимӕ ӕдзух Библи ахуыр кӕнын. Ӕмӕ уӕ ахуыр хъуамӕ афтӕ аразат, цӕмӕй уӕ алкӕмӕн дӕр пайда уа. Сывӕллӕттӕ кӕмӕн нӕй, уыцы бинонтӕн дӕр сӕ бон у уыцы рӕстӕг иумӕ Библи ахуыр кӕнын. Ӕнӕус ӕфсымӕртӕ ӕмӕ ӕнӕцыд хотӕн дӕр сӕ бон у уыцы рӕстӕг Библи ахуыр кӕнын.
Уыцы ивындзинады тыххӕй бирӕтӕ тынг бузныг сты. Зӕгъӕм, Кевин, хистӕр нӕлгоймаг, ныффыста: «Не ’мбырды хотӕ ӕмӕ ӕфсымӕртимӕ ацы хъуыддагыл куыд цин кӕнӕм, уый тыххӕй ӕрмӕст „бузныг“ зӕгъын фаг нӕ уыдзӕн. Не ’мбырды хистӕр нӕлгоймӕгтимӕ ныхас кодтам, уыцы сӕрибар изӕр цы фӕаразӕм, ууыл: цымӕ нын Разамонӕг совет цы загъта, уый кӕнӕм – нӕ бинонтимӕ Библи фӕахуыр кӕнӕм?»
Джоди, йӕ лӕг у хистӕр нӕлгоймаг, фыссы: «Нӕ чызджытыл цӕуы 15, 11 ӕмӕ 2 азы. Ӕрӕджы рахызтыстӕм, къухӕй амонгӕ ӕвзагыл кӕм дзурынц, уыцы ӕмбырдмӕ. Ӕмбырдтӕм цӕттӕ кӕнынӕн бирӕ рӕстӕг ӕмӕ бирӕ тыхтӕ хъӕуы. Уыцы ивындзинады фӕрцы нын фӕзынд сӕрибар рӕстӕг ӕмӕ нӕ бон у нӕ бинонтимӕ Библи ахуыр кӕнын».
Джон ӕмӕ Джоан, лӕггад кӕнынц ӕххӕстрӕстӕг пионертӕй, ныффыстой: «Раздӕр-иу нын иумӕ Библи ахуыр кӕнын стӕм хатт уади. Уымӕн ӕмӕ-иу нӕ бинонты ахуырӕн нӕ бон рӕстӕг ссарын уыди, ӕмбырды хъуыддӕгтӕй-иу гыццыл куы фӕсӕрибар стӕм, ӕрмӕстдӕр уӕд. Ацы ивындзинад у Йегъовӕйы лӕвар, ӕмӕ уыцы рӕстӕг Библи ахуыр кӕнынӕн куы рахицӕн кӕнӕм, уӕд нӕ уырнындзинад бафидар вӕййы».
Тонийӕн бинонтӕ нӕй, цӕуы йыл 20 азы бӕрц. Уый Библи фӕахуыр кӕны дыццӕджы изӕрӕй. Ӕмбырды фӕмбӕлдтӕм та йӕхи фӕцӕттӕ кӕны ӕндӕр бонты. Фӕлӕ тынгдӕр фенхъӕлмӕ кӕсы дыццӕгмӕ. Цӕмӕн? «Уыцы изӕр мын у уӕлдай ахсджиаг, уымӕн ӕмӕ Йегъовӕимӕ фылдӕр фӕныхас кӕнын,– зӕгъы Тони.– Дыууӕ сахаты дӕргъы Библи фӕахуыр кӕнын ӕмӕ ахӕм ӕрмӕг равзарын, цӕмӕй мын ӕххуыс кӕна Йегъовӕмӕ ӕввахс кӕнынӕн. Фылдӕр рӕстӕг мын кӕй ис, уымӕ гӕсгӕ мӕ бон вӕййы, Библийӕ цы стихтӕ бакӕсын, уыдоныл ахъуыды кӕнын дӕр». Уый фӕрцы йын цы бантысы? «Ныр мын Йегъовӕйы амындтӕ мӕ зӕрдӕйы арфдӕр ахъарынц,– дзуры Тони.– „Фыстады ӕмбарынад“-ы бакастӕн Давид ӕмӕ Ионафаны тыххӕй ӕмӕ базыдтон, Ионафан Давидыл куыд ӕнувыд уыд, уый. Ионафаны хабарӕй бамбӕрстон, ӕцӕг ӕмбал цавӕр хъуамӕ уа. Ныфс мӕ ис, ӕмӕ дарддӕр дӕр дыццӕджы изӕрӕй Библи куы ахуыр кӕнон, уӕд мӕхицӕн ноджы фылдӕр хӕзнатӕ кӕй ссардзынӕн».
Дзырд дӕр ыл нӕй, Йеговӕйы лӕггадгӕнджытӕн се ’ппӕтӕн дӕр стыр пайда кӕй ӕрхӕсдзӕн, уыцы сӕрибар рӕстӕг сӕхӕдӕг дӕр ӕмӕ сӕ бинонтимӕ дӕр Библи лӕмбынӕг куы ахуыр кӕной, уый.