Сӕйраг ӕрмӕгмӕ рахиз

Сӕргӕндтӕм рахиз

Хуыцауы лӕггадгӕнджытӕ сӕ уӕздандзинадӕй бӕрӕг дарынц

Хуыцауы лӕггадгӕнджытӕ сӕ уӕздандзинадӕй бӕрӕг дарынц

Хуыцауы лӕггадгӕнджытӕ сӕ уӕздандзинадӕй бӕрӕг дарынц

«Фӕзмут Хуыцауы» (ЕФ. 5:1).

1, 2. а) Адӕймаг уӕздан цӕмӕн хъуамӕ уа? ӕ) Ацы статьяйы нӕ ныхас цӕуыл уыдзӕн?

«АДӔЙМАГ алкӕддӕр хъуамӕ уа хорз ӕгъдауыл хӕст. Ӕмӕ кӕмфӕнды ма уа, хъуамӕ йӕхи уӕздан дара»,– ныффыста Сью Фокс, хорз ӕгъдӕуттӕ чи иртасы, ахӕм специалист. Адӕймагӕн уӕздандзинад йӕ туджы куы ахъары, уӕд ын зын нӕ вӕййы иннӕтимӕ иумӕйаг ӕвзаг ссарын. Фӕлӕ адӕймаг йӕхи дарын куы нӕ фӕзоны, уӕд иннӕты йӕ ныхмӕ скӕны, сӕ зӕрдӕ сын скъахы ӕмӕ сын сӕ ныфс асӕтты.

2 Чырыстон ӕмбырды бирӕ уӕздан адӕм ис. Фӕлӕ мах хъуамӕ нӕхимӕ кӕсӕм, цӕмӕй ацы дунейы ӕнӕгъдау адӕмы хуызӕн ма суӕм. Адӕймаг йӕхи куыд хъуамӕ дара, уый фӕдыл Библийы ис бирӕ уагӕвӕрдтӕ. Уӕдӕ равзарӕм, уыцы уагӕвӕрдтӕм гӕсгӕ куы цӕрӕм, уӕд нӕ уый ӕнӕуагдзинадӕй куыд хъахъхъӕндзӕн ӕмӕ уый фӕрцы иннӕ адӕм дӕр рӕстдзинад куыд базондзысты. Уӕздандзинад цы у, уый базоныны тыххӕй ӕркӕсӕм Йегъовӕ Хуыцау ӕмӕ йӕ Фырты цӕвиттонтӕм.

Йегъовӕ ӕмӕ йӕ Фырт фӕзминаг сты сӕ уӕздандзинадӕй

3. Йегъовӕ Хуыцау йӕ уӕздандзинадӕй фӕзминаг куыд у?

3 Йегъовӕ Хуыцауы уӕздандзинадӕн ӕмбал нӕй. Кӕд Дун-дунейы хицау у, уӕддӕр адӕммӕ дары хӕлар зӕрдӕ ӕмӕ сын стыр аргъ кӕны. Йегъовӕ-иу Авраам ӕмӕ Моисеимӕ куы ныхас кодта, уӕд-иу спайда кодта иу дзуттаг дзырдӕй, ӕмӕ уый та арӕх тӕлмац кӕнынц, «дӕ хорзӕхӕй», зӕгъгӕ (Райд. 13:14; Рац. 4:6). Йӕ лӕггадгӕнджытӕй исчи куы фӕрӕдийы, уӕд ӕм Йегъовӕ вӕййы «фӕлмӕнзӕрдӕ ӕмӕ тӕригъӕдгӕнаг *..., мӕсты кӕнынмӕ тагъд нӕ фӕкӕны, ӕгӕрон вӕййы йе ’нувыд уарзт ӕмӕ алы хъуыддаджы дӕр вӕййы раст» (Пс. 86:15). Йегъовӕ тынг хицӕн кӕны, иннӕтӕй чи фӕфыдӕнхъӕл вӕййы ӕмӕ уый тыххӕй мӕстӕй чи рафыцы, уыцы адӕмӕй.

4. Куыд у нӕ бон Йегъовӕйы фӕзмын, иннӕтӕ нын исты куы дзурой, уӕд?

4 Хуыцауы уӕздандзинад ма бӕрӕг кӕны, адӕммӕ куыд хъусы, уымӕй дӕр. Авраам Йегъовӕйы Содомы адӕмы тыххӕй куы фарста, уӕд ын уый фӕразонӕй йӕ алы фарстайӕн дӕр дзуапп лӕвӕрдта (Райд. 18:23–32). Йегъовӕ афтӕ нӕ хъуыды кодта, ӕмӕ йын Авраам йӕ рӕстӕг исы. Йегъовӕ хъусы йӕ лӕггадгӕнджыты куывдтытӕ ӕмӕ, йӕ тӕригъӕдтыл чи фӕсмон кӕны, уыцы адӕмы лӕгъстӕтӕм. (Бакӕс Псалом 51:11, 17.) Хорз уаид, мах дӕр Йегъовӕйы куы фӕзмиккам ӕмӕ нын иннӕтӕ исты куы фӕдзурынц, уӕд-иу сӕм куы байхъусиккам.

5. Йесойау уӕздан куы уӕм, уӕд нын уый куыд ӕххуыс кӕндзӕн, цӕмӕй иннӕтӕм хуыздӕр цӕстӕй кӕсӕм?

5 Йесо Чырысти йӕ Фыдӕй бирӕ цӕуылдӕрты сахуыр, уыимӕ уӕздандзинадыл дӕр. Кӕд ын хъусын кӕныныл бирӕ рӕстӕг ӕмӕ хъарутӕ цыди, уӕддӕр-иу адӕмимӕ алкӕддӕр уыд фӕразон ӕмӕ хӕларзӕрдӕ. Хъотырджынтӕ, куырм чи уыд, ахӕм мӕгуыргуртӕ, стӕй ма иннӕ ӕххуысхъуаг адӕм уыдтой, Йесо цӕттӕ кӕй уыд ӕмӕ йӕ фӕндгӕ дӕр кӕй кодта, цӕмӕй сын баххуыс кодтаид. Ӕмӕ-иу ӕм кӕд ӕнӕнхъӕлӕджы бацыдысты, уӕддӕр-иу сыл йӕхи никуы атигъ кодта. Арӕх-иу йӕхи хъуыддӕгтӕ дӕр ныууагъта, цӕмӕй-иу ныфссаст адӕймагӕн баххуыс кодтаид. Чи йыл ӕууӕндыд, уыдоны-иу алкӕддӕр йӕ зӕрдӕйы хъармӕй батавта (Марчы 5:30–34; Лук. 18:35–41). Мах чырыстӕттӕ кӕй стӕм, уымӕ гӕсгӕ Йесойы фӕзмӕм ӕмӕ иннӕтӕм дарӕм хӕлар зӕрдӕ ӕмӕ сӕм не ’ххуысы къух бадарӕм. Уый нӕ хиуӕттӕ, нӕ сыхӕгтӕ ӕмӕ иннӕ адӕм ӕнӕбафиппайгӕ нӕ фӕвӕййынц. Уымӕй уӕлдай ма нӕ уӕздандзинадӕй Йегъовӕйы кадджын кӕнӕм ӕмӕ нын уый нӕ циныл цин ӕфтауы.

6. Хӕлардзинад ӕмӕ фӕлмӕндзинады тыххӕй Йесо цавӕр цӕвиттон ныууагъта?

6 Йесо адӕмӕн кӕй аргъ кодта, уый ма бӕрӕг уыди, сӕ номӕй-иу сӕм кӕй дзырдта, уымӕй дӕр. Цымӕ дзуттаг дины разамонджытӕ дӕр адӕмӕн афтӕ аргъ кодтой? Ӕппындӕр нӕ. Закъон чи нӕ зыдта, уыдоны хуыдтой «ӕлгъыст адӕм» ӕмӕ сӕм кӕсгӕ дӕр раст ахӕм цӕстӕй кодтой (Иоан. 7:49). Фӕлӕ Хуыцауы Фырт афтӕ нӕ кодта. Марфӕ, Марийӕ, Закхей ӕмӕ ма бирӕ ӕндӕр адӕммӕ Йесо дзырдта сӕ номӕй (Лук. 10:41, 42; 19:5). Адӕмы ӕгъдӕуттӕ кӕнӕ ӕндӕр цавӕрдӕр хъуыддӕгтӕ фӕамонынц, иннӕтимӕ куыд ныхас кӕнын хъӕуы, уый. Ӕмӕ уымӕ гӕсгӕ Йегъовӕйы лӕггадгӕнджытӕ дӕр архайынц, цӕмӕй алкӕимӕдӕр уой уӕздан *. Уыдон адӕмы хъӕздгуытыл ӕмӕ мӕгуыртыл нӕ дих кӕнынц, ӕмӕ се ’муырнджытӕн дӕр ӕмӕ иннӕ адӕмӕн дӕр аргъ кӕнынц. (Бакӕс Иаковы 2:1–4.)

7. Библийы уагӕвӕрдтӕ нын куыд ӕххуыс кӕнынц, цӕмӕй алы адӕймагӕн дӕр кад кӕнӕм?

7 Хуыцау ӕмӕ йӕ Фырт ӕппӕт адӕмыхӕттытӕм дӕр фӕлмӕн зӕрдӕ кӕй дарынц, уымӕй сын кад кӕнынц ӕмӕ уый фӕрцы рӕстзӕрдӕ адӕм раст фӕндагыл ӕрлӕууынц. Кӕй зӕгъын ӕй хъӕуы, уӕздандзинад цы у, уымӕ алы ран дӕр ӕндӕр ӕмӕ ӕндӕр цӕстӕй кӕсынц. Уымӕ гӕсгӕ, нӕхи куыд дардзыстӕм, уый цавӕрдӕр бӕлвырд уагӕвӕрдтӕй аразгӕ нӕу. Библийы уагӕвӕрдтӕ нын ӕххуыс кӕндзысты, цӕмӕй ӕмбаргӕ уӕм ӕмӕ алкӕмӕн дӕр кад кӕнӕм. Ӕркӕсӕм-ма, уӕздан куы уӕм, уӕд уацамынды ӕнтыстджындӕр куыд уыдзыстӕм, уымӕ.

Адӕмӕн салам дӕттут ӕмӕ семӕ ныхас кӕнут

8, 9. а) Ӕнӕгъдаудзинадыл цавӕр хъуыддаг дзурӕг уыдзӕн? ӕ) Адӕмимӕ куыд стӕм, ууыл Матфейы 5:47 фыст Йесойы ныхӕстӕ цӕмӕн хъуамӕ ӕндавой?

8 Абон цард дугъон бӕхӕй хъауджыдӕр нӕу. Уымӕ гӕсгӕ дыууӕ адӕймаджы кӕрӕдзийы рӕзты куы ахизынц ӕмӕ кӕрӕдзийӕн салам куы нӕ раттынц, уӕд уый диссаг никӕмӕуал фӕкӕсы. Кӕй зӕгъын ӕй хъӕуы, адӕймаг стыр уынджы цал адӕймагимӕ ’мбӕла, уалимӕ нӕ ныхас кӕндзӕн. Фӕлӕ ӕндӕр ран ӕмӕ ӕндӕр уавӕрты раст уаид адӕмӕн салам дӕттын. Ахӕм ӕгъдау дӕм ис, ӕмӕ адӕмӕн салам дӕттай? Ӕви сӕ рӕзты ахизыс, ӕмӕ сӕм нӕдӕр худгӕ бакӕныс, нӕдӕр сын хорз ныхас фӕзӕгъыс? Адӕймаг ӕй йӕхӕдӕг ӕмбаргӕ дӕр нӕ бакӕны, афтӕ уыцы ӕвзӕр миниуӕгыл фӕцахуыр вӕййы, ӕмӕ уый та ууыл дзурӕг вӕййы, ӕмӕ ӕнӕгъдау у.

9 Йесо загъта ахӕм ныхӕстӕ: «Кӕд ӕрмӕстдӕр уе ’фсымӕртыл бацин кӕнут, уӕд уадиссагӕй цы аразут? Исты афтӕ нӕ кӕнынц иннӕ адӕмыхӕттытӕ дӕр?» (Матф. 5:47). Доналд Вайс иртасы, адӕм кӕрӕдзимӕ цы цӕстӕй хъуамӕ кӕсой, уыцы фарстатӕ. Уый ныффыста: «Адӕмӕн тынг хъыг вӕййы, иннӕтӕ сӕ куы ницӕмӕ фӕдарынц, уый. Тынг зын у, ӕнӕрвӕссон ахаст йӕхиуыл чи бавзӕрста, ахӕм адӕймагӕн исты зӕрдӕлӕууӕн ныхӕстӕ ссарын. Уымӕн йӕ хос хуымӕтӕг у: адӕмӕн салам дӕттут. Семӕ ныхас кӕнут». Адӕммӕ уазал цӕстӕй куы нӕ кӕсӕм, уӕд ӕнтыстджын уыдзыстӕм.

10. Уӕздан куы уӕм, уӕд уацамынды ӕнтыстджын куыд уыдзыстӕм? (Кӕс фӕлгӕты  «Дӕ мидбылты-иу бахуд».)

10 Ӕркӕсӕм Том ӕмӕ Кэролы цӕвиттонмӕ. Ацы лӕг ӕмӕ ус цӕрынц Цӕгат Америкӕйы иу стыр горӕты. Уыдон сӕ сыхӕгтимӕ зӕрдӕхӕларӕй фӕныхас кӕнынц, ӕмӕ уый дӕр нымайынц сӕ лӕггадыл. Уый куыд фӕкӕнынц? Иаковы 3:18 стих ӕрхӕсгӕйӕ Том дзуры: «Мах архайӕм, цӕмӕй адӕмӕн салам дӕттӕм ӕмӕ-иу сыл бацин кӕнӕм. Мах-иу бацӕуӕм, йӕ хӕдзары раз лӕугӕ кӕй фенӕм, уыдонмӕ, стӕй нӕ районы чи кусы, уыдонмӕ дӕр. Худгӕйӕ-иу сын салам раттӕм. Семӕ фӕныхас кӕнӕм, цы сӕ тыхсын кӕны ӕмӕ сӕ цы цымыдис кӕны, ууыл: сывӕллӕттӕ, куитӕ, хӕдзӕрттӕ ӕмӕ куыстыл. Рӕстӕг куыд цӕуы, афтӕ немӕ балымӕн вӕййынц». Кэрол дӕр дзуры: «Семӕ ногӕй куы фембӕлӕм, уӕд сын нӕхи бацамонӕм ӕмӕ сын сӕхи дӕр афӕрсӕм сӕ нӕмттӕй. Цы хъуыддаджы лӕуд стӕм, уый сын фӕзӕгъӕм, фӕлӕ сӕ ныхӕстыл нӕ ныддарӕм. Куыдфӕстагмӕ нын фадат фӕзыны, ӕмӕ сын нӕ Хуыцауы тыххӕй радзурӕм». Том ӕмӕ Кэрол сӕ сыхӕгтӕй бирӕты зӕрдӕтӕм ссардтой фӕндаг. Бирӕтӕ сӕ исынц нӕ литературӕ ӕмӕ кӕйдӕрты та бафӕндыд рӕстдзинады тыххӕй ноджы фылдӕр базонын.

Цыфӕнды зын уавӕрты дӕр уӕздан ут

11, 12. Хорз хабар хъусынгӕнгӕйӕ нӕ ныхмӕ кӕй дзурдзысты, уымӕ цӕттӕ цӕмӕн хъуамӕ уӕм ӕмӕ нӕхи куыд хъуамӕ дарӕм?

11 Хорз хабар хъусынгӕнгӕйӕ хатт адӕм нӕ ныхмӕ карзӕй дӕр фӕдзурынц. Мах ууыл дис нӕ кӕнӕм, уымӕн ӕмӕ Йесо Чырысти йӕ ахуыргӕнинӕгты бафӕдзӕхста: «Кӕд мӕн ӕфхӕрдтой, уӕд сымах дӕр ӕфхӕрдзысты» (Иоан. 15:20). Фӕлӕ ӕфхӕрӕн ныхасӕн ӕфхӕрӕн ныхасӕй дзуапп куы дӕттӕм, уӕд уый хорзӕй ницӕмӕ ӕркӕндзӕн. Нӕхи куыд хъуамӕ дарӕм? Апостол Петр ныффыста: «Уӕ Хицау Чырыстийы уӕ зӕрдӕты кадджын кӕнут, алкӕддӕр цӕттӕ ут, уӕ ныфсы тыххӕй уӕ чидӕриддӕр фӕрса, уыдонӕн дзуапп раттынмӕ. Ӕрмӕст сын дзуапп дӕттут сабырӕй ӕмӕ уӕзданӕй» (1 Пет. 3:15). Нӕ ныхмӕдзурджытӕн сабырӕй ӕмӕ уӕзданӕй дзуапп куы дӕттӕм, уӕд нӕм, гӕнӕн ис, ӕмӕ сӕ ахаст фӕивой ӕмӕ фӕфӕлмӕндӕр уой (Тит. 2:7, 8).

12 Цымӕ нӕ бон у нӕхи бацӕттӕ кӕнын, цӕмӕй нӕ ныхмӕ исчи исты куы зӕгъа, уӕд ын ахӕм дзуапп раттӕм, ӕмӕ нӕ Хуыцау райгонд уа? О, нӕ бон у. Павел радта ахӕм уынаффӕ: «Уӕ дзыхыныхас алкӕддӕр уӕд фӕлмӕн ӕмӕ зӕрдӕмӕдзӕугӕ, цӕмӕй зонат, кӕмӕн цавӕр дзуапп раттын хъӕуы, уый» (Кол. 4:6). Уӕдӕ нӕ бинонтӕй, не ’мкусджытӕй, не ’муырнджытӕй, нӕ сыхӕгтӕй ӕмӕ, кӕимӕ ахуыр кӕнӕм, уыдонӕй алкӕимӕ дӕр уӕзданӕй куы ныхас кӕнӕм, уӕд, куыд чырыстӕттӕ, афтӕ нын ӕнцондӕр уыдзӕн сфӕразын, исчи ныл куы худа ӕмӕ нӕ куы ӕфхӕра, уый. (Бакӕс Ромӕгтӕм 12:17–21.)

13. Ӕрхӕсс цӕвиттон, уӕздандзинад ныхмӕлӕуджыты ахаст куыд фӕивы, уымӕн.

13 Адӕймаг зын уавӕрты дӕр уӕздан куы вӕййы, уӕд уый хорз хъуыддӕгтӕм ӕркӕны. Зӕгъӕм, Японы иу Ӕвдисӕн хӕдзарӕй хӕдзармӕ хъусын кодта. Иу хӕдзармӕ куы бахоста, уӕд ӕм ракастысты хӕдзары хицау ӕмӕ йӕ уазӕг. Уыдон дзы хынджылӕг кӕнын райдыдтой. Ӕфсымӕр сын уӕзданӕй хӕрзбон загъта ӕмӕ рацыд. Дарддӕр йӕ участокыл куы зылди, уӕд бафиппайдта, уазӕг йӕ фӕдыл кӕй кӕсы. Не ’фсымӕр ӕм куы бацыд, уӕд ын уыцы нӕлгоймаг загъта: «Ӕрдӕбон дын цытӕ фӕдзырдтам, уый тыххӕй дӕ хатыр курын. Кӕд дын ӕнӕхъола ныхӕстӕ фӕкодтам, уӕддӕр ды дӕ мидбылты худтӕ. Цы мӕ хъӕуы аразын, цӕмӕй ӕз дӕр ахӕм уон?» Куыд рабӕрӕг, афтӕмӕй уыцы нӕлгоймаг ӕгуыстӕй баззад, стӕй ма ӕрӕджы йӕ мад дӕр амарди, ӕмӕ уымӕ гӕсгӕ йӕ ныфс асаст. Ӕвдисӕн ын загъта Библи ахуыр кӕныны тыххӕй ӕмӕ уый дӕр сразы. Цасдӕры фӕстӕ Библи ахуыр кӕнын райдыдта къуыри дыууӕ хатты.

Уӕздандзинадыл ӕппӕты хуыздӕр кӕм сахуыр уыдзыстӕм

14, 15. Рагзаманты Йегъовӕйы лӕггадгӕнджытӕ сӕ сывӕллӕтты куыд хъомыл кодтой?

14 Рагзаманты Хуыцауы ’фсарм кӕмӕ уыди, уыцы ныййарджытӕ сӕ сывӕллӕтты уӕздандзинадыл ахуыр кодтой хӕдзары. Дӕ хъус-ма ӕрдар, Авраам ӕмӕ йӕ фырт Исахъ кӕрӕдзиимӕ куыд уӕзданӕй ныхас кодтой, уымӕ. Уый тыххӕй фыст ис Райдианы 22:7. Иосифы хабарӕй дӕр бӕрӕг у, йӕ ныййарджытӕ йӕ хорз кӕй схъомыл кодтой. Ахӕстоны йӕ куы бакодтой, уӕд, йемӕ чи бадти, суанг уыдонимӕ дӕр уӕзданӕй ныхас кодта (Райд. 40:8, 14). Фараонимӕ ныхасгӕнгӕйӕ бӕрӕг уыди, Иосиф кӕй зыдта, стыр хицӕуттимӕ куыд ныхас кӕнын хъӕуы, уый (Райд. 41:16, 33, 34).

15 Хуыцау Израилы фырттӕн радта Дӕс фӕдзӕхсты. Уыдонӕй иу уыд ахӕм: «Нымай дӕ фыд ӕмӕ дӕ мады, цӕмӕй бирӕ фӕцӕрай, дӕ Хуыцау Йегъовӕ дын кӕй дӕтты, уыцы зӕххыл» (Рац. 20:12). Сывӕллӕттӕ сӕ ныййарджытӕн кӕй аргъ кодтой, уый-иу ӕвдыстой, хӕдзары-иу сӕхи хорз кӕй дардтой, уымӕй. Йеффайы чызг йӕ фыдӕн стыр кад скодта, йӕ фыд цы дзырд радта, уый сӕххӕст кӕныныл куы сразы, уӕд, кӕд ын уый ӕнцон нӕ уыди, уӕддӕр (Тӕрх. 11:35–40).

16–18. а) Цы хъӕуы аразын, цӕмӕй сывӕллӕттӕ уаг ӕмӕ ӕгъдауыл сахуыр уой? ӕ) Сывӕллӕттӕ хорз хъомыл куы вӕййынц, уӕд уый цы пайда ӕрхӕссы?

16 Сывӕллӕтты уаг ӕмӕ ӕгъдауыл ахуыр кӕнын тынг ахсджиаг у. Цӕмӕй сывӕллӕттӕн стырӕй адӕмимӕ ӕнцондӕр цӕрӕн уа, уый тыххӕй хъуамӕ гыццылӕй сахуыр уой уазджытӕн ӕгасцуай дзурын, телефонӕй ныхас кӕнын ӕмӕ фынгыл хи дарын. Уыдон хъуамӕ хорз ӕмбарой, цӕмӕн хъӕуы иннӕтӕн дуарыл хӕцын, ацӕргӕтӕ ӕмӕ рынчынтӕм хӕлар зӕрдӕ дарын ӕмӕ, уӕззау хӕссинӕгтӕ кӕмӕ вӕййы, уыдонӕн ӕххуыс кӕнын. Хъуамӕ ма ӕмбарой, ахсджиаг кӕй у сыгъдӕгзӕрдӕйӕ дзурын «дӕ хорзӕхӕй», «бузныг», «табуафси», «фӕкӕсон дӕм?» ӕмӕ «бахатыр кӕн».

17 Сывӕллӕтты уӕздандзинадыл сахуыр кӕнын зын нӕу. Уыцы хъуыддаджы ныййарджытӕн фыццаджыдӕр баххуыс кӕндзӕн, сӕхӕдӕг дӕр уӕздан куы уой, уый. 25-аздзыд Курт дзуры, йӕхӕдӕг дӕр ӕмӕ йе ’ртӕ ӕфсымӕры дӕр уаг ӕмӕ ӕгъдауыл куыд ахуыр кодтой, уый тыххӕй: «Мах уыдтам, нӕ мад ӕмӕ нӕ фыд кӕрӕдзимӕ куыд хӕларзӕрдӕ уыдысты, стӕй иннӕ адӕмимӕ дӕр куыд фӕразонӕй ӕмӕ куыд уӕзданӕй ныхас кодтой, уый. Мӕ фыд-иу Паддзахады залы фембӕлдты размӕ дӕр ӕмӕ сӕ фӕстӕ дӕр ацӕргӕ хотӕ ӕмӕ ӕфсымӕртимӕ куы ныхас кодта, уӕд-иу ӕз дӕр алы хатт дӕр уыдтӕн йемӕ. Ӕз-иу хъуыстон, салам-иу сын куыд лӕвӕрдта ӕмӕ-иу уыдтон, семӕ куыд уӕзданӕй ныхас кодта, уый». Курт ма дзуры: «Цасдӕры фӕстӕ ӕз дӕр мӕхи афтӕ дарын райдыдтон. Зӕгъӕн ис, ӕмӕ уӕздандзинад мӕ туджы ахъардта. Адӕймаг йӕхи афтӕ дарын райдайы, ӕгъдау ӕй кӕй ӕрцахсы, уый тыххӕй нӕ, фӕлӕ йӕ фӕндгӕ кӕй кӕны, уый тыххӕй».

18 Йӕ сывӕллӕтты уаг ӕмӕ ӕгъдауыл чи ахуыр кӕны, уыцы ныййарджытӕн сӕ къухы цы бафтдзӕн? Сӕ сывӕллӕттӕн сӕ бон уыдзӕн сӕхицӕн хорз ӕмбӕлттӕ ссарын ӕмӕ иннӕтимӕ фӕрнӕй цӕрын. Куысты сын зын нӕ уыдзӕн хицӕуттимӕ дӕр ӕмӕ се ’мкусджытимӕ дӕр иумӕйаг ӕвзаг ссарын. Уымӕй уӕлдай ма уӕздан ӕмӕ ӕгъдауджын сывӕллӕттӕ сӕ ныййарджыты зӕрдӕ рухс кӕндзысты ӕмӕ сын удӕнцой хӕсдзысты. (Бакӕс Ӕмбисӕндтӕ 23:24, 25.)

Нӕ уӕздандзинадӕй хицӕн кӕнӕм иннӕтӕй

19, 20. Нӕ фидар фӕнд цӕмӕн хъуамӕ уа, нӕ Хуыцау ӕмӕ йӕ Фырты хуызӕн уӕздан уӕм, уый?

19 «Уарзон хъӕбултау, фӕзмут Хуыцауы»,– ныффыста Павел (Еф. 5:1). Цӕмӕй Йегъовӕ Хуыцауы ӕмӕ йӕ Фырты фӕзмӕм, уый тыххӕй хъуамӕ архайӕм Библийы уагӕвӕрдтӕм гӕсгӕ, зӕгъӕм, ацы статьяйы кӕй кой цыди, уыдонмӕ гӕсгӕ. Афтӕмӕй цӕстмӕ митӕ нӕ кӕндзыстӕм, стыр бынаты чи бады, уыдоны зӕрдӕтӕ балхӕныны тыххӕй йе та нӕхицӕн исты пайда райсыны тыххӕй (Иудӕ 16).

20 Сайтаны ӕвзӕр хицаудзинадӕн ралӕууыдысты йӕ фӕстаг бонтӕ. Фӕлӕ уый уӕддӕр архайы, цӕмӕй фехала, Йегъовӕ хӕрзӕгъдаудзинадӕн цы уагӕвӕрдтӕ сфидар кодта, уыдон. Кӕд афтӕ у, уӕддӕр Хӕйрӕгӕн йӕ бон нӕ бауыдзӕн ӕцӕг чырыстӕттӕн сӕ хорз уаг ӕмӕ ӕгъдау фехалын. Цӕй уӕдӕ архайӕм, цӕмӕй нӕ Хуыцау ӕмӕ йӕ Фырты хуызӕн уӕздан уӕм. Уӕд нӕ ныхасӕй дӕр ӕмӕ нӕ уагахастӕй дӕр хицӕн кӕндзыстӕм, хорз ӕгъдауыл хӕст чи нӕу, уыцы адӕмӕй. Мах кадджын кӕндзыстӕм нӕ Хуыцау Йегъовӕйы ном – хӕрзӕгъдаудзинад ӕмӕ уӕздандзинад кӕмӕй цӕуынц, уый ном. Ӕмӕ уый фӕрцы сыгъдӕгзӕрдӕ адӕмы фӕнддзӕн рӕстдзинады фӕндагыл слӕууын.

[Фиппаинӕгтӕ]

^ 3 абз. «Тӕригъӕдгӕнаг»-ӕй тӕлмац дзуттаг дзырд ма нысан кӕны «ӕгъдауджын», «ӕфсармджын» ӕмӕ «уӕздан» дӕр.

^ 6 абз. Иуӕй-иу адӕмтӕм хистӕрмӕ айдагъ йӕ номӕй дзурын рӕсугъд нӕу. Йӕ номӕй йӕм дзурӕн вӕййы, йӕхӕдӕг бар куы ратты, ӕрмӕстдӕр уӕд. Ӕмӕ чырыстӕттӕ хъуамӕ ахӕм ӕгъдӕуттӕн аргъ кӕной.

Бахъуыды кодтай?

• Йегъовӕ ӕмӕ йӕ Фыртӕй уӕздандзинады тыххӕй цы базыдтам?

• Адӕмӕн салам куы дӕттӕм, уӕд уый махыл, чырыстӕттыл, хуыздӕрырдӕм куыд фӕзындзӕн?

• Уӕздан куы уӕм, уӕд уацамынды ӕнтыстджын куыд уыдзыстӕм?

• Цӕмӕй сывӕллӕттӕ уаг ӕмӕ ӕгъдауыл сахуыр уой, уый тыххӕй ныййарджытӕ цы хъуамӕ аразой?

[Фарстатӕ ахуыр кӕнынӕн]

 [Рамкӕ 27 фарсыл]

Дӕ мидбылты-иу бахуд

Бирӕтӕн тынг зын вӕййы ӕнӕзонгӕ адӕмимӕ сныхас кӕнын. Фӕлӕ Йегъовӕйы Ӕвдисӕнтӕ Хуыцауы ӕмӕ адӕмы кӕй уарзынц, уымӕ гӕсгӕ ӕппӕт зӕрдӕйӕ архайынц, цӕмӕй адӕмимӕ ныхас кӕнын сахуыр уой ӕмӕ сын сӕ бон уа хорз хабар фехъусын кӕнын. Уыцы хъуыддаджы дын цы баххуыс кӕндзӕн?

Хорз уагӕвӕрд ис Филиппӕгтӕм 2:4: «Уӕхицӕн куыд хуыздӕр уа, ӕрмӕст ууыл ма хъуыды кӕнут, фӕлӕ, иннӕтӕн куыд хуыздӕр уа, ууыл дӕр». Ацы ныхӕстӕ дӕ зӕрдыл даргӕйӕ ахъуыды кӕн: адӕймаг дыл фыццаг хатт куы фембӕлы, уӕд дӕ уый фӕнымайы ӕцӕгӕлоныл. Цы у дӕ бон саразын, цӕмӕй йӕ демӕ дзурын бафӕнда? Уымӕн дын баххуыс кӕндзӕн, дӕ мидбылты йӕм куы бахудай ӕмӕ йын зӕрдӕхӕларӕй салам куы раттай, уый. Фӕлӕ ма хъуамӕ дӕ хъус ноджы иу цӕмӕдӕр ӕрдарай.

Искӕимӕ дӕ сныхас кӕнын куы бафӕнда, уӕд ӕй гӕнӕн ис, ӕмӕ бахъыгдарай, йӕ хъуыдытӕй йӕ фӕиппӕрд кӕнай. Уый цӕуыл тыхсы, ууыл хъуыды дӕр куы нӕ акӕнай, афтӕмӕй, дӕу цы зӕгъын фӕнды, ууыл куы райдайай дзурын, уӕд дӕм чи зоны ма байхъуса. Уымӕ гӕсгӕ хорз уаид ахъуыды кӕнын, цымӕ уыцы адӕймаг цӕуыл хъуыды кодтаид, ӕмӕ уымӕй ныхас райдайын. Йесо дӕр афтӕ бакодта, самариаг сылгоймагыл цъайы цур куы фембӕлд, уӕд (Иоан. 4:7–26). Сылгоймаджы хъуыдытӕ уыдысты, дон куыд ахӕсса, ууыл. Йесо дӕр йӕ ныхас раст уымӕй райдыдта, ӕмӕ сын Хуыцауы тыххӕй диссаджы ныхас бацайдагъ.

[Нывтӕ 26 фарсыл]

Хӕларзӕрдӕ куы уӕм, уӕд нӕ бон уыдзӕн адӕмимӕ Хуыцауы тыххӕй ныхас кӕнын

[Ныв 28 фарсыл]

Уӕздандзинадӕн йӕ аргъ никуы сӕфы