Сӕйраг ӕрмӕгмӕ рахиз

Сӕргӕндтӕм рахиз

Кӕсджыты фарстатӕ

Кӕсджыты фарстатӕ

Кӕсджыты фарстатӕ

Йесо загъта: «Ут ӕххӕст, уӕ уӕларвон Фыд куыд ӕххӕст у, афтӕ». Уый гӕнӕн куыд ис, ӕмӕ адӕймаг «ӕххӕст уа»? (Матф. 5:48).

Цӕмӕй ацы фарстайӕн дзуапп базонӕм, уый тыххӕй нӕ бамбарын хъӕуы, Библийы дзырд «ӕххӕст» цы нысан кӕны, уый. Сыгъдӕг Фыстады дзырд «ӕххӕст» алы хатт комкоммӕ ӕмбарын нӕ фӕхъӕуы. Ӕрмӕстдӕр Йегъовӕ у алцӕмӕй ӕххӕст. Исчи кӕнӕ исты ӕххӕст вӕййы цыдӕр хъуыддӕгты. Библийы дзырд «ӕххӕст»-ӕй цы дзуттаг ӕмӕ грекъаг дзырдтӕ ӕрцыдысты тӕлмац, уыдон бирӕ рӕтты нысан кӕнынц Хуыцауы домӕнтӕм гӕсгӕ «ӕнӕхъӕн», «фӕлтӕрд» кӕнӕ «ӕнаипп».

Хуыцау Адам ӕмӕ Евӕйы куы сфӕлдыста, уӕд уыдысты ӕххӕст – зондӕй дӕр ӕмӕ буарӕй дӕр. Уыдон се Сфӕлдисӕджы домӕнтӕм гӕсгӕ уыдысты ӕххӕст. Фӕлӕ йӕм кӕй нӕ байхъуыстой ӕмӕ тӕригъӕд кӕй ракодтой, уымӕ гӕсгӕ йӕ домӕнтӕн дзуапп нал лӕвӕрдтой, ӕмӕ афтӕмӕй сӕхӕдӕг дӕр ӕмӕ сӕ байзӕддӕгтӕ дӕр ӕххӕст нал уыдысты. Уый тыххӕй Адамӕй нӕ туджы рахастам ӕнӕххӕстдзинад ӕмӕ мӕлӕт (Ром. 5:12).

Йесо хохыл кӕй дзырдта, уыцы зындгонд ныхӕстӕй бӕрӕг у, ӕнӕххӕст адӕймагӕн йӕ бон кӕй у, цӕмӕй цавӕрдӕр хъуыддӕгты ӕххӕст уа. Йесо ма уӕд загъта, алцӕмӕй ӕххӕст уарзондзинад цыхуызӕн хъуамӕ уа, уый тыххӕй дӕр. Уыцы уарзт у, Хуыцау адӕммӕ цы уарзонзондзинад равдыста, ахӕм. Йесо загъта: «Уарзут уе знӕгты ӕмӕ кувут уе ’фхӕрджыты тыххӕй. Уӕд ӕцӕгдӕр уыдзыстут уӕ уӕларвон Фыды фырттӕ, уымӕн ӕмӕ уый йӕ хур скӕсын кӕны ӕвзӕртыл дӕр ӕмӕ хӕрзтыл дӕр, ӕмӕ къӕвда дӕр ратты рӕстгӕнджытӕн дӕр ӕмӕ фыдгӕнджытӕн дӕр» (Матф. 5:44, 45). Чырыстийы ахуыргӕнинӕгтӕ ахӕм уарзондзинад кӕй ӕвдыстой, уымӕй фӕзмыдтой алцӕмӕй ӕххӕст Хуыцауы.

Абон Йегъовӕйы Ӕвдисӕнтӕ ӕгас дунейы дӕр архайынц иннӕты ахӕм уарзтӕй уарзыныл. Фӕнды сӕ, цӕмӕй рӕстдзинад базоной, алыхуызон адӕмтӕй чи у ӕмӕ алыхуызон динтыл хӕст чи у, уыдон. Йегъовӕйы Ӕвдисӕнтӕ 236 бӕстӕйы Библи ахуыр кӕнынц 7 милуанӕй фылдӕр адӕймагимӕ.

Йесо ахӕм фарста радта: «Кӕд сымах, чи уӕ уарзы, уыдоны уарзут, уӕд уын цӕй хӕрзиуӕг уыдзӕн? Хъалонисджытӕ дӕр афтӕ нӕ кӕнынц? Ӕмӕ кӕд ӕрмӕстдӕр уе ’фсымӕртыл бацин кӕнут, уӕд уадиссагӕй цы аразут? Иннӕ адӕмтӕ дӕр афтӕ нӕ кӕнынц?» (Матф. 5:46, 47). Ӕцӕг чырыстӕттӕ хъулон митӕ никӕмӕн кӕнынц, стӕй сын сӕхи чи уарзы, ӕрмӕст уыдоны нӕ уарзынц. Уыдон ӕххуыс кӕнынц мӕгуыртӕн, рынчынтӕн, ӕрыгӕттӕн ӕмӕ ацӕргӕтӕн. Афтӕмӕй фӕзмынц Йегъовӕйы уарзондзинад, ӕмӕ сӕ схонӕн ис ӕххӕст.

Цымӕ мах дӕр искуы Адамау ӕххӕст адӕймӕгтӕ суыдзыстӕм? Коммӕгӕс адӕм Чырыстийы нывондыл кӕй ӕууӕндынц, уый фӕрцы суыдзысты ӕххӕст адӕймӕгтӕ Миназон хицаудзинады рӕстӕг, «Хуыцауы Фырт... Хӕйрӕджы хъуыддӕгтӕ [куы] фехала», уӕд (1 Иоан. 3:8).