Адӕймагӕн алкӕддӕр йӕ бон у Хуыцауӕн лӕггад кӕнын
Адӕймагӕн алкӕддӕр йӕ бон у Хуыцауӕн лӕггад кӕнын
2009 азы 19 декабры Малагӕйы провинцийы, хуссар Испанийы, донаргъуыд райстой иу мад ӕмӕ иу чызг. Сӕ дыууӕ дӕр хуыйнынц Аннӕтӕ. Уыцы аз Испанийы донаргъуыд райста 2 352 адӕймаджы. Фӕлӕ диссаг уый уыд, ӕмӕ мадыл цыди 107 азы, чызгыл та – 83 азы!
Цӕмӕн сӕ бафӕндыд сӕхи Йегъовӕйӕн снывонд кӕнын? 1970 азты райдианы-иу Аннӕйы (чызджы) сӕ сыхӕгты ус, нӕ хо, арӕх сӕхимӕ чиныгахуырмӕ фӕхуыдта. Ӕмӕ-иу Аннӕ иуӕй-иухатт бацыд. Фӕлӕ кусгӕ кӕй кодта, уымӕ гӕсгӕ нӕдӕр иуырдӕм уыд, нӕдӕр иннӕрдӕм.
Иу-дӕс азы фӕстӕ Аннӕйы цотӕй цалдӕрӕй райдыдтой Библи ахуыр кӕнын ӕмӕ систы Йегъовӕйы Ӕвдисӕнтӕ. Сӕ иу, Мари-Кармен, йӕ мадӕн ногӕй бауарзын кодта рӕстдзинад ӕмӕ йӕ сразӕнгард кодта, цӕмӕй Библи ахуыр кӕнын райдыдтаид. Уый фӕстӕ Мари-Кармены мады мад Аннӕ дӕр райдыдта Библи ахуыр кӕнын. Ӕмӕ уыцы бинонтӕй дӕс адӕймаджы донаргъуыд райстой.
Дыууӕ Аннӕ дӕр донаргъуыд куы райстой, уӕд сӕ цинӕн кӕрон дӕр нал уыд. «Йегъовӕ мын стыр хорздзинад ракодта – йӕхи мын базонын кодта»,– загъта 107-аздзыд Аннӕ. Йӕ чызг та загъта: «Цалынмӕ ног дуне нӕ ралӕууыд, уӕдмӕ мӕ фӕнды Йегъовӕйӕн лӕггад кӕнын, йӕ фӕндон ын ӕххӕст кӕнын ӕмӕ хорз хабар хъусын кӕнын, мӕ бон цас у, уыйбӕрц».
Уыцы дыууӕ идӕдз сылгоймагӕн стыр циндзинад хӕссы, ӕмбырдтӕм кӕй цӕуынц, уый. «Уыдон иу ӕмбырд дӕр никуы фӕцух кӕнынц,– зӕгъы се ’мбырды хистӕр нӕлгоймаг.– „Хъахъхъӕнӕн мӕсыг“-ы ахуыры рӕстӕг алы хатт дӕр цӕттӕ вӕййынц дзуапп раттынмӕ».
Ацы иузӕрдион сылгоймӕгтӕ нын нӕ зӕрдыл ӕрлӕууын кодтой, рагзаманты чи цард, уыцы идӕдз сылгоймаг Аннӕйы. Аннӕ «ӕдзух уыд кувӕндоны – ӕхсӕвӕй-бонӕй лӕггад кодта Хуыцауӕн, ком даргӕйӕ ӕмӕ зӕрдиагӕй кувгӕйӕ». Уый фӕрцы йӕм ӕрхауд стыр кад – ноггуырд Йесойы федта (Лук. 2:36–38). Аннӕйыл кӕд 84 азы цыди, уӕддӕр ахӕм зӕронд нӕ уыд, цӕмӕй Йегъовӕйӕн ма лӕггад кодтаид. Уый зӕгъӕн ис йӕ дыууӕ ӕмном Аннӕтӕй дӕр абон.
Библийӕ цы фӕдзурыс, уымӕ дӕ хӕстӕджытӕй исчи ӕхсызгонӕй байхъусы? Кӕнӕ хӕдзарӕй-хӕдзармӕ хъусын кӕнгӕйӕ ахӕм ацӕргӕ адӕймӕгтыл фембӕлыс, зӕрдиагӕй дӕм чи байхъусы? Ацӕргӕтӕн дӕр сӕ бон у уыцы дыууӕ Аннӕйы бафӕзмын, уымӕн ӕмӕ адӕймагӕн йӕ бон у алкӕддӕр ӕцӕг Хуыцау Йегъовӕйӕн лӕггад кӕнын райдайын.
[Ныв 25 фарсыл]
«Йегъовӕ мын стыр хорздзинад ракодта»
[Ныв 25 фарсыл]
«Цалынмӕ ног дуне нӕ ралӕууыд, уӕдмӕ мӕ фӕнды Йегъовӕйӕн лӕггад кӕнын»