Сӕйраг ӕрмӕгмӕ рахиз

Сӕргӕндтӕм рахиз

Хуыцауы ӕвӕрд Паддзах нын арфӕдзинӕдтӕ ӕрхӕсдзӕн!

Хуыцауы ӕвӕрд Паддзах нын арфӕдзинӕдтӕ ӕрхӕсдзӕн!

Хуыцауы ӕвӕрд Паддзах нын арфӕдзинӕдтӕ ӕрхӕсдзӕн!

«Ууыл ӕрцӕудзӕн Йегъовӕйы тых» (ИС. 11:2).

1. Дунейы цы хабӕрттӕ цӕуы, уыдоны тыххӕй иуӕй-иутӕ цы зӕгъынц?

«АЦЫ дунейы хицӕуттӕ кӕрӕдзи кӕй не ’мбарынц, цард уӕззауӕй-уӕззаудӕр кӕй кӕны ӕмӕ адӕм ӕрдз кӕй сафынц, уымӕ гӕсгӕ ӕвзӕры фарста: „Цымӕ ма зӕххыл цард 100 азы бӕрц дӕр ахӕсдзӕн?“». Ацы ныхӕстӕ загъта астрофизик Стивен Хокинг 2006 азы. Иу журналы ма фыст уыд: «Нӕ бон нӕу мӕгуырдзинад фесафын ӕмӕ сабыр цард скӕнын. Уый нӕ, фӕлӕ ма уавӕр ноджы фыддӕр фӕци. Фӕлӕ уый ууыл дзурӕг нӕу, ӕмӕ ницы арӕзтам. Алцыдӕр бафӕлвӕрдтам: коммунизмӕй райдай ӕмӕ капитализмӕй фӕу, Нациты Лигӕйӕ райдай ӕмӕ ядерон хӕцӕнгарзӕй фӕу. Хӕстытӕн кӕрон скӕныны тыххӕй-иу уыйбӕрц хӕстытӕ бацайдагъ, ӕмӕ йӕ ныр ӕмбарӕм, кӕрон скӕнӕн сын кӕй нӕй» («New Statesman»).

2. Йегъовӕ нӕ Хицау кӕй у, уый тагъд куыд равдисдзӕн?

2 Дунейы цы хабӕрттӕ цӕуы, ууыл Йегъовӕйы Ӕвдисӕнтӕ дис нӕ кӕнынц. Библи зӕгъы, адӕймаг афтӕ конд кӕй нӕ уыд, цӕмӕй йӕхӕдӕг йӕхицӕн разамынд дӕтта (Йер. 10:23). Йегъовӕ у нӕ Хицау: ӕрмӕстдӕр уымӕн ис бар, цӕмӕй нын разамынд дӕтта ӕмӕ нын амона, цы фӕндагыл нӕ хъӕуы цӕуын ӕмӕ йыл куыд хъӕуы цӕуын, уый. Уымӕй уӕлдай ма Хуыцау тагъд кӕрон скӕндзӕн, адӕм цы хицауӕдтӕ ӕрхъуыды кодтой, уыдонӕн. Стӕй ма фесафдзӕн, йӕ хицаудзинады ныхмӕ чи цӕуы ӕмӕ афтӕ кӕй фӕнды, цӕмӕй тӕригъӕды, ӕнӕххӕстдзинады ӕмӕ «ацы цардӕвӕрды хуыцау» Сайтан Хӕйрӕджы дӕлбар уой, уыдоны (2 Кор. 4:4).

3. Исай Мессийӕйы тыххӕй цы загъта?

3 Ног дунейы, Дзӕнӕты, нӕ уарзӕгой Хуыцау Йегъовӕ адӕмӕн разамынд дӕтдзӕн Мессийӕйы Паддзахады уылты (Дан. 7:13, 14). Уыцы Паддзахады Паддзахы тыххӕй пехуымпар Исай афтӕ загъта: «Йессейы бындзӕфхадӕй рацӕудзӕн къалиу, йӕ уидӕгтӕй ссӕудзӕн тау ӕмӕ ӕрхӕсдзӕн бирӕ дыргъ. Ууыл ӕрцӕудзӕн Йегъовӕйы тых – схайджын уыдзӕн зонд ӕмӕ ӕмбарындзинадӕй, уынаффӕ, хъомыс ӕмӕ зонындзинӕдтӕй ӕмӕ тӕрсдзӕн Йегъовӕйӕ» (Ис. 11:1, 2). Хуыцауы сыгъдӕг тых куыд ӕххуыс кӕндзӕн «Йессейы бындзӕфхадӕн», ома Йесо Чырыстийӕн, цӕмӕй адӕмӕн разамынд дӕтта? Йӕ разамынд адӕмӕн цавӕр арфӕдзинӕдтӕ ӕрхӕсдзӕн? Цӕмӕй уыцы арфӕдзинӕдтӕй хайджын уӕм, уый тыххӕй цы хъуамӕ аразӕм?

Хуыцау Чырыстийы Паддзахӕй сӕвӕрдта

4–6. Йесо зондджын, фӕлмӕнзӕрдӕ Паддзах, Хистӕр сауджын ӕмӕ Тӕрхонгӕнӕг цӕй фӕрцы уыдзӕн?

4 Йегъовӕйы фӕнды, цӕмӕй та адӕм зондджын ӕмӕ фӕлмӕнзӕрдӕ Паддзах, Хистӕр сауджын ӕмӕ Тӕрхонгӕнӕджы разамынды фӕрцы ногӕй ӕххӕст суой. Уый тыххӕй Хуыцау равзӕрста Йесо Чырыстийы ӕмӕ йӕ сыгъдӕг тыхӕй схайджын кодта, цӕмӕй йӕ бон уа уыцы ахсджиаг хӕстӕ ӕххӕст кӕнын. Ӕркӕсӕм, Йесо ӕппӕты хуыздӕр Паддзах, Хистӕр сауджын ӕмӕ Тӕрхонгӕнӕг цӕмӕн уыдзӕн, уымӕ.

5 Хуыцауы Йесойӕ хуыздӕр ничи зоны. Хуыцауы иунӕггуырд Фырт йӕ Фыды зоны бирӕ миллиард азтӕ. Уыцы азты дӕргъы Йесо Йегъовӕйы афтӕ хорз базыдта, ӕмӕ зӕгъӕн ис, «цӕстӕй фенӕн кӕмӕн нӕй, уыцы Хуыцауы хуызӕн» кӕй у (Кол. 1:15). Йесо йӕхӕдӕг афтӕ загъта: «Мӕн чи федта, уый федта Фыды дӕр» (Иоан. 14:9).

6 Йегъовӕйау Йесо дӕр хорз зоны Дун-дуне ӕмӕ адӕмы. Колоссӕгтӕм 1:16, 17 фыст ис: «Уымӕй фӕстӕмӕ цы сфӕлдыста, уыдӕттӕ иууылдӕр сфӕлдыста уый [йӕ Фырты] ӕххуысӕй: уӕлӕрвты цы ис, уый дӕр ӕмӕ, зӕххыл цы ис, уый дӕр; цӕстӕй цы уынӕм, уыдӕттӕ дӕр ӕмӕ, цӕстӕй цы нӕ уынӕм, уыдӕттӕ дӕр [...] Уый уыди ӕппӕтӕй дӕр раздӕр, ӕмӕ Хуыцау ӕппӕт дӕр уый ӕххуысӕй сфӕлдыста». Ахъуыды-ма кӕн! Хуыцау дуне куы фӕлдыста, уӕд Йесо, «дӕсны кусӕг», уыди йӕ фарсмӕ ӕмӕ йын ӕххуыс кодта. Йесо Дун-дунейы тыххӕй алцыдӕр зоны, суанг ма адӕймаджы сӕры магъз куыд диссаджы конд у, уый дӕр. Ӕмӕ уый тыххӕй Библи Чырыстийы хоны «зонд» (Ӕмб. 8:12, 22, 30, 31).

7, 8. Хуыцауы сыгъдӕг тых Йесойӕн куыд ӕххуыс кодта?

7 Йесо схайджын ис Хуыцауы сыгъдӕг тыхӕй. Йесо загъта: «Ӕз хайджын дӕн Йегъовӕйы тыхӕй, уымӕн ӕмӕ мӕ уый байсӕрста, цӕмӕй мӕгуыртӕн хорз хабар хъусын кӕнон. Уый мӕ рарвыста, цӕмӕй уацайрӕгтӕн дзурон, кӕй ссӕрибар уыдзысты, ӕмӕ куырмытӕн – цӕстӕй кӕй ракӕсдзысты, цӕмӕй ӕфхӕрд адӕмы суӕгъд кӕнон, цӕмӕй хъусын кӕнон Йегъовӕйы хорзӕхы азы тыххӕй» (Лук. 4:18, 19). Йесо донаргъуыд куы райста, уӕд, ӕвӕццӕгӕн, сыгъдӕг тыхы фӕрцы йӕ зӕрдыл ӕрлӕууыд, уӕлӕрвты цӕргӕйӕ цы зыдта, уый. Зӕгъӕм, Мессийӕ уӕвгӕйӕ, зӕххыл Хуыцауы фӕндон куыд хъуамӕ сӕххӕст кодтаид, уый. (Бакӕс Исайы 42:1; Лукайы 3:21, 22; Иоанны 12:50.)

8 Йесо Хуыцауы сыгъдӕг тыхӕй хайджын кӕй уыд, стӕй алцӕмӕй ӕххӕст кӕй уыди, уымӕ гӕсгӕ ӕрмӕст ӕппӕты номдзыддӕр адӕймаг нӕ уыд, фӕлӕ ма Ӕппӕты хуыздӕр Ахуыргӕнӕг дӕр. Чи-иу ӕм хъуыста, уыдон-иу «дисӕй мардысты, куыд сӕ ахуыр кодта, ууыл» (Матф. 7:28). Чырысти зыдта, адӕм тӕригъӕд ӕмӕ ӕнӕххӕстдзинад сӕ туджы куыд рахастой, стӕй Хуыцауӕй куыд адард сты, уый. Зыдта ма, адӕймаджы зӕрдӕйы цы ис ӕмӕ адӕмимӕ хи дарын куыд хъӕуы, уый дӕр (Матф. 9:4; Иоан. 1:47)

9. Йесойы хорз Паддзах схонӕн цӕмӕн ис?

9 Йесо цард зӕххыл. Йесо зӕххыл кӕй цард ӕмӕ ӕнӕххӕст адӕмы ’хсӕн кӕй уыд, уый йын баххуыс кодта, цӕмӕй хорз Паддзах суыдаид. Апостол Павел ныффыста: «[Йесо] хъуамӕ алцӕмӕй дӕр суыдаид „йе ’фсымӕрты“ хуызӕн, цӕмӕй Хуыцауы хъуыддаджы суыдаид фӕлмӕнзӕрдӕ ӕмӕ иузӕрдион хистӕр сауджын, ӕмӕ цӕмӕй адӕмы тӕригъӕдты тыххӕй фидауынгӕнӕг нывонд ӕрхастаид. Фӕлварӕнты йӕхӕдӕг кӕй хъизӕмар кодта, уымӕ гӕсгӕ йӕ бон баххуыс кӕнын у, фӕлварӕнты чи ис, уыдонӕн» (Дзут. 2:17, 18). Йесо «фӕлварӕнтӕй» хызт кӕй нӕ уыд, уымӕ гӕсгӕ ӕмбары, фыдӕвзарӕнтӕ кӕмӕн вӕййы, уыдоны. Йесойы фӕлмӕнзӕрдӕдзинад бӕрӕг уыди, зӕххыл куы лӕггад кодта, уӕд. Рынчын ӕмӕ ныфссаст адӕм, суанг ма сывӕллӕттӕ дӕр, Йесойӕ нӕ тарстысты ӕмӕ йӕм цыдысты (Марчы 5:22–24, 38–42; 10:14–16). Сӕрныллӕг ӕмӕ, Хуыцауы тыххӕй фылдӕр базонын кӕй фӕндыд, уыдонӕн дӕр Йесоимӕ тынг ӕнцон уыд. Фӕлӕ сӕрбӕрзонд, хъал ӕмӕ, «Хуыцауы чи нӕ уарзта», уыдон ӕй ницӕмӕ дардтой, се сӕфт дзы уыдтой ӕмӕ йӕ ныхмӕ цыдысты (Иоан. 5:40–42; 11:47–53).

10. Йесо нӕ тынг кӕй уарзы, уый куыд равдыста?

10 Йесо йӕ цард мах тыххӕй радта. Йесо хорз Паддзах кӕй у, уый ноджы тынгдӕр рабӕрӕг ис, мах сӕрвӕлтау кӕй амард, уымӕй. (Бакӕс Псалом 40:6–10.) Иоанны 15:13 фыст ис: «Уымӕй стырдӕр уарзондзинад нӕй, ӕмӕ исчи йӕ хӕлӕртты сӕрвӕлтау йӕ уд куы ратта». Ӕнӕххӕст зӕххон хицӕуттӕй, иннӕты фӕллойӕ чи цӕры, уыдонӕй уӕлдай, Йесо йӕ цард адӕмы тыххӕй радта (Матф. 20:28).

Йӕ нывонды аргъӕй спайда кӕндзӕн

11. Нӕ ныфс ӕгасӕй дӕр Йесойыл, нӕ Ирвӕзынгӕнӕгыл, цӕмӕн хъуамӕ дарӕм?

11 Куыд хорз у, Йесо Хистӕр сауджын кӕй у! Чырысти йӕхи нывондӕн кӕй ӕрхаста, уый фӕрцы хайджын уыдзыстӕм бирӕ хорздзинӕдтӕй. Нӕ Ирвӕзынгӕнӕг зӕххыл куы царди, уӕд равдыста, йӕ Миназон хицаудзинады рӕстӕджы иузӕрдион адӕмӕн цы сараздзӕн, уый. Йесо дзӕбӕх кодта рынчынты, ӕгас кодта мӕрдты, ӕфсӕста мингай ӕххормаг адӕмы, йӕ бар ма цыди суанг ӕрдзыл дӕр (Матф. 8:26; 14:14–21; Лук. 7:14, 15). Уыцы хъуыддӕгтӕ уый тыххӕй нӕ арӕзта, цӕмӕй адӕмы ӕргом йӕ бартӕм ӕмӕ йӕ хъарумӕ раздӕхтаид, фӕлӕ цӕмӕй равдыстаид, тӕригъӕд сын кӕй кодта ӕмӕ сӕ тынг кӕй уарзта. Иу хатт ӕм иу хъотырджын лӕг куы бацыди ӕмӕ йын куы ныллӕгъстӕ кодта, «ӕрмӕст дӕ бафӕндӕд, ӕндӕр мӕ сдзӕбӕх кӕндзынӕ», зӕгъгӕ, уӕд ын загъта: «Фӕнды мӕ» (Марчы 1:40, 41). Йесо йӕ Миназон хицаудзинады рӕстӕг ӕппӕт адӕммӕ дӕр дардзӕн ахӕм зӕрдӕ.

12. Исай 11:9 куыд сӕххӕст уыдзӕн?

12 Чырысти иу-2 000 азы размӕ адӕмы ахуыр кодта Хуыцауы тыххӕй. Ӕмӕ фидӕны дӕр уыцы хъуыддаг йе ’мпаддзӕхтимӕ адарддӕр кӕндзӕн. Ӕмӕ афтӕмӕй Исайы 11:9 сӕххӕст уыдзӕн: «Зӕхх байдзаг уыдзӕн зонындзинӕдтӕй Йегъовӕйы тыххӕй, денджыз дӕттӕй куыд дзаг у, афтӕ». Уымӕ ма хаудзӕн иу хъуыддаг, Адам райдианы цы куыст хъуамӕ кодтаид, уый – ахуыр сӕ кӕндзысты, зӕхмӕ ӕмӕ йыл цы ӕнӕнымӕц цӕрӕгойтӕ ис, уыдонмӕ зилын. Миназы кӕрон Хуыцау кӕронмӕ сӕххӕст кӕндзӕн, ӕппӕты райдианы йӕм цы фӕнд уыд, уый. Йӕ фӕнды тыххӕй та фыст ис Райдианы 1:28. Уӕд Чырыстийы нывонд ӕххӕстӕй пайда ӕрхӕсдзӕн.

Тӕрхонгӕнӕгӕй йӕ сӕвӕрдта

13. Йесо рӕстдзинад кӕй уарзта, уый куыд рабӕрӕг?

13 Хуыцау Чырыстийы «удӕгӕстӕн дӕр ӕмӕ мӕрдтӕн дӕр тӕрхонгӕнӕгӕй сӕвӕрдта» (Ап. хъ. 10:42). Куыд ӕхсызгон у, Йесо ӕнӕзӕрдӕхудт кӕй у ӕмӕ йӕ астӕуыл рӕстдзинад ӕмӕ иузӕрдиондзинад ронау баст кӕй сты! (Ис. 11:5) Чырысти йе сӕфт уыдта ӕнӕфсисдзинадӕй, цӕстмӕ митӕй ӕмӕ ӕндӕр фыдхъуыддӕгтӕй. Ӕмӕ карзӕй дзырдта, иннӕты фыдудӕй чи мардта, уыдоны ныхмӕ (Матф. 23:1–8, 25–28; Марчы 3:5). Йесо ма, «адӕймаджы зӕрдӕйы цы ис, уый» кӕй зыдта, уый тыххӕй йӕ ничи фӕсайдтаид (Иоан. 2:25).

14. Йесо рӕстдзинад кӕй уарзы, уый абон куыд ӕвдисы ӕмӕ нӕхимӕ цавӕр фарстатӕ хъуамӕ раттӕм?

14 Йесо рӕстдзинад кӕй уарзы, уый ма абон бӕрӕг у, чи никуыма уыди, уыцы хъуыддагӕй,– хъусын кӕныны ӕмӕ адӕмы ахуыр кӕныны хъуыддагӕн, разамынд кӕй дӕтты, уымӕй. Уыцы куыст адӕмӕй, хицӕуттӕй ӕмӕ дӕлимонтӕй иу дӕр нӕ бауромдзӕн, цалынмӕ Хуыцау йӕ фӕндон кӕронмӕ нӕ сӕххӕст кӕна, уӕдмӕ. Уымӕ гӕсгӕ хъуамӕ ма дызӕрдыг кӕнӕм, Армагеддоны фӕстӕ рӕстдзинад кӕй фӕуӕлахиз уыдзӕн. (Бакӕс Исайы 11:4; Матфейы 16:27.) Уӕдӕ нӕхимӕ раттӕм ахӕм фарстатӕ: «Йесо адӕммӕ цы зӕрдӕ дардта, ӕз дӕр сӕм ахӕм зӕрдӕ дарын? Кӕд мӕ ме ’нӕниздзинад кӕнӕ мӕ уавӕртӕ уыйбӕрц нӕ амонынц, уӕддӕр ӕппӕт хъарутӕй архайын Йегъовӕйӕн лӕггад кӕныныл?»

15. Нӕ хъуыдыйы нӕ цы хъӕуы дарын, цӕмӕй Хуыцауӕн ӕппӕт зӕрдӕйӕ лӕггад кӕнӕм?

15 Цӕмӕй Хуыцауӕн ӕппӕт зӕрдӕйӕ лӕггад кӕнӕм, уый тыххӕй нӕ нӕ хъуыдыйы дарын хъӕуы, хъусын кӕнынмӕ нӕ йӕхӕдӕг кӕй ӕрвиты. Уыцы хъуыддаг нын йӕхӕдӕг бабар кодта. Разамынд та йын дӕтты йӕ Фырты уылты. Ӕмӕ дзы чи архайы, уыдонӕн йӕ сыгъдӕг тыхы уылты сӕ хъарутыл хъарутӕ ӕфтауы. Хуыцау ӕмӕ йӕ Фыртимӕ иумӕ кӕй лӕггад кӕныс, уыцы стыр кадӕн аргъ кӕныс? Йегъовӕйы йеддӕмӕ ма ӕндӕр йӕ бон кӕмӕн у 7 милуан адӕймаджы сразӕнгард кӕнын, цӕмӕй 236 бӕстӕйы хорз хабар хъусын кӕной? Уыцы адӕм иннӕты цӕсты сты, «ахуырдзинад» кӕмӕ нӕй, ахӕм «хуымӕтӕг адӕм» (Ап. хъ. 4:13).

Чырыстийы арфӕдзинӕдтӕм тырн!

16. Райдианы 22:18 цавӕр арфӕдзинӕдты тыххӕй фыст ис?

16 Йегъовӕ Авраамӕн загъта: «Дӕ байзӕддаджы фӕрцы арфӕгонд ӕрцӕудзысты зӕххыл ӕппӕт адӕмтӕ дӕр, мӕ ныхасмӕ мын кӕй байхъуыстай, уый тыххӕй» (Райд. 22:18). Хуыцауӕн ӕмӕ йӕ Фыртӕн лӕггад кӕнын стыр кадыл чи нымайы, уыдонӕн сӕ бон у ныфсджынӕй ӕнхъӕлмӕ кӕсын, Мессийӕ-Байзӕддаг цы арфӕдзинӕдтӕ ӕрхӕсдзӕн, уымӕ. Ӕмӕ Хуыцауӕн лӕггад кӕнгӕйӕ уыцы арфӕдзинӕдтӕ сӕ зӕрдыл дарынц.

17, 18. Йегъовӕ Дыккаг закъоны 28:2 зӕрдӕ цӕмӕй бавӕрдта ӕмӕ уый махӕн цӕуыл дзурӕг у?

17 Иу хатт Хуыцау Авраамы байзӕддӕгтӕн, Израилы адӕмӕн, загъта: «Дӕ Хуыцау Йегъовӕмӕ кӕй хъусдзынӕ, уый тыххӕй дыл ӕрцӕудзысты ӕппӕт ацы арфӕдзинӕдтӕ [Закъоны бадзырды амынд чи сты, уыдон] ӕмӕ уыдзысты дӕ хай» (Дык. з. 28:2). Уый хауы абон Хуыцауы лӕггадгӕнджытӕм дӕр. Кӕд дӕ фӕнды Йегъовӕйы арфӕдзинӕдтӕ райсын, уӕд ӕм хъуамӕ «хъусай». Уӕд дыл йӕ арфӕдзинӕдтӕ «ӕрцӕудзысты... ӕмӕ уыдзысты дӕ хай». Цымӕ «хъусынмӕ» цы хауы?

18 «Хъусынмӕ» хауы, Хуыцау йӕ Ныхасы ӕмӕ нын нӕ уырнындзинад фидар кӕнынӕн цы хӕринаг дӕтты, уым цы дзуры, уый зӕрдӕмӕ арф исын (Матф. 24:45). Уымӕ ма хауы Хуыцауы ӕмӕ йӕ Фырты коммӕ кӕсын дӕр. Йесо загъта: «Мӕнмӕ „Хицау! Хицау!“ чи дзуры, уыдонӕй алчи нӕ бацӕудзӕн уӕларвон паддзахадмӕ, фӕлӕ йӕм бацӕудзӕн, мӕ уӕларвон Фыды фӕндон чи ӕххӕст кӕны, уый» (Матф. 7:21). Хуыцаумӕ хъусын ма нысан кӕны, ӕмбырды цы ӕгъдау ӕрӕвӕрдта, уыцы ӕгъдауыл фидар хӕцын ӕмӕ хистӕр нӕлгоймӕгты, «лӕвӕртты – адӕймӕгты», коммӕ кӕсын (Еф. 4:8).

19. Нӕ бон ма куыд у Хуыцауы арфӕдзинӕдтӕ райсын?

19 Уыцы «лӕвӕрттӕм – адӕймӕгтӕм» хауы, ӕгас дунейы дӕр ӕцӕг чырыстӕттӕн разамынд чи дӕтты, уыцы Разамонӕг совет (Ап. хъ. 15:2, 6). Чырыстийы сӕрст ӕфсымӕртӕм цы зӕрдӕ дарӕм, уымӕй кӕнгӕ уыдзӕн, стыр бӕллӕхы рӕстӕг нын цы тӕрхон хаст ӕрцӕудзӕн, уый (Матф. 25:34–40). Уӕдӕ ма цӕмӕй Хуыцауы арфӕдзинӕдтӕй хайджын уӕм, уый тыххӕй нӕ хъӕуы зӕрдиагӕй ӕххуыс кӕнын Хуыцауы сӕрст лӕггадгӕнджытӕн.

20. а) «Лӕвӕрттӕн – адӕймӕгтӕн» сӕйраджыдӕр сӕ хӕс цы у? ӕ) Уыцы ӕфсымӕртӕн кӕй аргъ кӕнӕм, уый нӕ бон куыд у равдисын?

20 Уыцы «лӕвӕрттӕм – адӕймӕгтӕм» ма хауынц, филиалты комитетты чи ис, уыцы ӕфсымӕртӕ, цӕугӕ цӕстдарджытӕ ӕмӕ ӕмбырды хистӕр нӕлгоймӕгтӕ. Уыдон иууылдӕр нысангонд ӕрцӕуынц Хуыцауы сыгъдӕг тыхы уылты (Ап. хъ. 20:28). Уыцы ӕфсымӕртӕн сӕйраджыдӕр сӕ хӕс у Хуыцауы адӕмӕн ӕххуыс кӕнын, «цалынмӕ уырнындзинады ӕмӕ, Хуыцауы Фырт чи у, уый бӕлвырдӕй базоныны хъуыддаджы не ’ппӕт дӕр иу зондмӕ не ’рцӕуӕм, цалынмӕ нӕ лӕджы кары нӕ бацӕуӕм ӕмӕ алцӕмӕй дӕр Чырыстийау нӕ сырӕзӕм, уӕдмӕ» (Еф. 4:13). Кӕй зӕгъын ӕй хъӕуы, уыдон дӕр махау ӕнӕххӕст сты. Фӕлӕ уыцы фӕлмӕнзӕрдӕ фыййӕутты фыдӕбонӕн куы аргъ кӕнӕм ӕмӕ сӕм зӕрдиагӕй куы хъусӕм, уӕд арфӕдзинӕдтӕй хайджын уыдзыстӕм (Дзут. 13:7, 17).

21. Хуыцауы Фырты коммӕ цӕмӕн хъуамӕ кӕсӕм?

21 Тагъд Чырысти Сайтаны фыддуне фесафдзӕн. Уыцы рӕстӕг нӕ цард уыдзӕн Йесойы къухы, уымӕн ӕмӕ йын Хуыцау радта уыцы бартӕ, цӕмӕй «тынг бирӕ адӕмы» кӕна «царды суадӕттӕм» (Рарг. 7:9, 16, 17). Цӕй уӕдӕ ӕппӕт тыхтӕй архайӕм, цӕмӕй Йегъовӕйы ӕвӕрд Паддзахы коммӕ ӕнӕзивӕгӕй кӕсӕм ӕмӕ йын аргъ кӕнӕм.

Цы базыдтай...

Исайы 11:1–5?

Марчы 1:40, 41?

Хъуыддӕгты 10:42?

Райдианы 22:18?

[Фарстатӕ ахуыр кӕнынӕн]

[Ныв 17 фарсыл]

Йесойы фӕлмӕнзӕрдӕдзинад рабӕрӕг, Иаиры чызджы кӕй райгас кодта, уымӕй

[Нывтӕ 18 фарсыл]

Йесо разамынд дӕтты хъусын кӕныны хъуыддагӕн