Дӕхи мӕнг хъуыдытӕй ма сай
Дӕхи мӕнг хъуыдытӕй ма сай
«УЫЙ цы бакуыстай?» – бафарста Хуыцау Евӕйы, цы бӕласӕй не ’мбӕлди, уый дыргъӕй куы бахордта, уӕд. «Уый калм уыди, уый мӕ асайдта, ӕмӕ дзы бахордтон»,– загъта Евӕ (Райд. 3:13). Сайтан, Евӕйы Хуыцауы ныхмӕ чи скодта, уыцы хинӕйдзаг калм, фӕстӕдӕр хуынд ӕрцыд «рагон калм». Сайтан сайы «зӕххыл ӕппӕт адӕмы дӕр» (Рарг. 12:9).
Райдианы чиныджы ныхӕстӕй бӕрӕг у, Сайтан фӕлитой кӕй у ӕмӕ, къӕрцхъус чи нӕу, уыдоныл хинӕй кӕй цӕуы. Ӕмӕ Евӕ дӕр йӕ амӕттаг баци. Фӕлӕ афтӕ хъуамӕ ма хъуыды кӕнӕм, ӕмӕ нӕ ӕрмӕстдӕр Сайтан сайы. Адӕймаг йӕхӕдӕг дӕр йӕхи фӕсайы, ӕмӕ нӕ Библи фӕдзӕхсы, цӕмӕй нӕхи мӕнг хъуыдытӕй ма сайӕм (Иак. 1:22).
Чи зоны нӕм уый худӕг фӕкӕса кӕнӕ хъуыды кӕнӕм, уымӕн гӕнӕн нӕй, зӕгъгӕ. Фӕлӕ Библийы ацы фӕдзӕхст дзӕгъӕлы не ’рцыд фыст. Уӕдӕ хорз уаид, куы ахъуыды кӕниккам, нӕхӕдӕг нӕхи куыд фӕсайӕм ӕмӕ мӕнг хъуыдытӕн сайын куыд бакомӕм, ууыл. Уыцы хъуыддаджы нын Фыстад тынг баххуыс кӕндзӕн.
Йӕхи чи сайдта, уыдонӕй цӕуыл ахуыр кӕнӕм?
Нӕ эрӕйы размӕ 537 азы Персы номдзыд паддзах Кир бардзырд радта, цӕмӕй, дзуттӕгтӕй Вавилоны уацары чи уыд, уыдон фӕстӕмӕ Иерусалиммӕ аздӕхтаиккой ӕмӕ кувӕндон ногӕй сарӕзтаиккой (Езд. 1:1, 2). Ӕмӕ иу азы фӕстӕ, Хуыцауы фӕндонмӕ гӕсгӕ, ног кувӕндонӕн бындур ӕрӕвӕрдтой. Вавилонӕй чи ӕрыздӕхт, уыдон тынг цин кодтой ӕмӕ Йегъовӕйы кадджын кодтой, ахӕм ахсджиаг хъуыддаджы сын кӕй арфӕ кодта, уый тыххӕй (Езд. 3:8, 10, 11). Фӕлӕ бирӕ рӕстӕг нӕ рацыд, афтӕ сын сӕ куыст къуылымпы кӕнын райдыдтой, ӕмӕ сын сӕ ныфс асастой (Езд. 4:4). Дзуттӕгтӕ Вавилонӕй куы ӕрыздӕхтысты, уымӕй 15 азы куы рацыд, уӕд персайнаг хицӕуттӕ арӕзтадон куыстытӕ иууылдӕр ӕрлӕууын кодтой. Ӕмӕ уый тыххӕй Иерусалиммӕ алыхуызон хицӕуттӕ ӕрцыдысты, ӕмӕ «дзуттӕгтӕн сӕ куыст ӕрлӕууын кодтой» (Езд. 4:21–24).
Дзуттӕгтӕ ахӕм цӕлхдурыл куы сӕмбӕлдысты, уӕд сӕхи мӕнг хъуыдытӕй сайын райдыдтой: «Йегъовӕйы хӕдзар аразыны афон нӕма у. Уый рӕстӕг нӕма ’рцыд» (Аг. 1:2). Уыдон афтӕ хъуыды кодтой, ӕмӕ Хуыцауы нӕ фӕндыд, цӕмӕй кувӕндон тагъд сарӕзтаиккой. Ӕмӕ сын Хуыцау сӕ бӕрны цы кадджын хӕс бакодта, уый сӕххӕст кӕныныл нал архайдтой ӕмӕ сӕхи хӕдзӕрттӕ цалцӕг кӕнынмӕ фесты. Уӕд Хуыцауы пехуымпар Аггей дзуттӕгтӕн афтӕ бакодта: «Ӕмӕ сымахӕн та цымӕ уый рӕстӕг у, цӕмӕй, сӕ къултӕ рӕсугъд хъӕдӕй хуыд кӕмӕн сты, ахӕм хӕдзӕртты цӕрат, кӕд ӕмӕ ацы хӕдзар [Йегъовӕйы кувӕндон] ӕдзӕллаг уавӕры ис, уӕд?» (Аг. 1:4).
Ацы хабарӕй цӕуыл ахуыр кӕнӕм? Афтӕ куы хъуыды кӕнӕм, Хуыцауы фӕндон тагъд нӕ сӕххӕст уыдзӕн, зӕгъгӕ, уӕд нӕ чырыстон хӕстӕм куыдфӕндыйы цӕстӕй кӕсын райдайдзыстӕм ӕмӕ нӕ нӕхи хъуыддӕгтӕй йеддӕмӕ ӕндӕр ницӕйуал мӕт уыдзӕн. Цӕмӕй ацы хъуыддаг хуыздӕр бамбарӕм, уый тыххӕй ис ӕрхӕссӕн ахӕм цӕвиттон. Зӕгъӕм, уазджытӕм ӕнхъӕлмӕ кӕсыс. Се ’рбацыдмӕ тагъд-тагъд дӕ хӕдзары куыстытӕ кӕныс ӕмӕ хӕринӕгтӕ аразыс. Фӕлӕ дын уӕдмӕ фӕхабар кодтой, дӕ уазджытӕ иу-гыццыл кӕй афӕстиат уыдзысты. Цымӕ уӕд дӕ кӕнинӕгтӕ ныууадздзынӕ?
Дӕ зӕрдыл-ма ӕрлӕууын кӕн, Аггей ӕмӕ Захари дзуттӕгтӕн куыд бамбарын кодтой, Йегъовӕйы кӕй фӕндыд, цӕмӕй кувӕндон ӕвӕстиатӕй арӕзт фӕуыдаиккой. Аггей сын Аг. 2:4). Цӕмӕй сӕ куыст размӕ цыдаид, уый тыххӕй хъуамӕ фидарӕй ӕууӕндыдаиккой, Хуыцау сын йӕ сыгъдӕг тыхы уылты кӕй ӕххуыс кӕндзӕн, ууыл (Зах. 4:6, 7). Ацы цӕвиттон нын ӕххуыс кӕны, цӕмӕй нӕхи Йегъовӕйы боны тыххӕй мӕнг хъуыдытӕй ма сайӕм (1 Кор. 10:11).
загъта: «Фидар ут, ацы бӕстӕйы адӕм... ӕмӕ кусут» (Раст хъуыдыйыл хӕст уӕм
Апостол Петр йӕ дыккаг фыстӕджы ныффыста, Йегъовӕйӕн йӕхи рӕстӕг кӕй ис, цӕмӕй «ног арв ӕмӕ ног зӕхх» скӕна (2 Пет. 3:13). Загъта ма, иуӕй-иутӕ кӕй дзырдтой, Хуыцау адӕмы хъуыддӕгтӕм никуы ӕркӕсдзӕн ӕмӕ ницы фӕивдзӕн, «дуне сфӕлдисынӕй фӕстӕмӕ куыддӕриддӕр уыд, афтӕ» уыдзӕн, зӕгъгӕ (2 Пет. 3:4). Петры фӕндыд, цӕмӕй чырыстӕттӕ сӕхи ахӕм хъуыдытӕй ма сайдтаиккой, ӕмӕ ныффыста: «Уӕ зӕрдыл цы лӕууын кӕнын, уымӕй уын уӕ зонд райхъал кӕныныл архайын». Петр йе ’мчырыстӕттӕн загъта, ахӕм зондыл хӕст чи уыд, уыдон раст кӕй нӕ уыдысты. Хуыцау адӕмы хъуыддӕгтӕм ӕркаст Нойы рӕстӕджы, ӕнӕхъӕн зӕххыл дӕр доны хъаймӕт куы рауагъта, уӕд (2 Пет. 3:1, 5–7).
Пехуымпар Аггей дӕр (н. э. размӕ 520 азы), йӕ ныфс кӕмӕн асаст ӕмӕ арӕзтадон куыстыты чи нал архайдта, уыцы дзуттӕгты разӕнгард кодта: «Уӕ хъуыддӕгтыл лӕмбынӕг ахъуыды кӕнут» (Аг. 1:5). Цӕмӕй сын сӕ зонд райхъал кодтаид, уый тыххӕй сын сӕ зӕрдыл ӕрлӕууын кодта, Хуыцаумӕ йӕ адӕмы тыххӕй цы фӕнд ис ӕмӕ сын зӕрдӕ цӕмӕй ӕвӕры, уый (Аг. 1:8; 2:4, 5). Аггей дзуттӕгты ныфсыл ныфс бафтыдта ӕмӕ уымӕй гыццыл фӕстӕдӕр арӕзтадон куыстытӕ ногӕй райдыдтой, кӕд сын хицӕуттӕ уый бар нӕ лӕвӕрдтой, уӕддӕр. Иу хатт ма сӕ се знӕгтӕ хъавыдысты бакъуылымпы кӕнын, фӕлӕ сын ницы рауад. Кӕд сӕ раздӕр паддзахы бардзырдмӕ гӕсгӕ кусын нӕ уагътой, уӕд уыцы бардзырд ивд ӕрцыд ӕмӕ кувӕндон 5 азмӕ арӕзт фӕци (Езд. 6:14, 15; Аг. 1:14, 15).
Нӕ хъуыддӕгтыл-иу лӕмбынӕг ахъуыды кӕнӕм
Куыд хъуыды кӕныс, Аггейы рӕстӕджы цы дзуттӕгтӕ цард, уыдонау исты зындзинӕдтыл куы сӕмбӕликкам, уӕд нӕ ныфс асӕттид? Кӕд о, уӕд нын зын уаид дарддӕр дӕр хорз хабар зынгзӕрдӕйӕ хъусын кӕнын. Фӕлӕ нын нӕ ныфс цы асӕтты? Чи зоны нын тынг зын у, ацы дунейы рӕстдзинад кӕй нӕй, уый. Ахъуыды-ма кӕн Аввакумы ныхӕстыл: «Цас ма дӕм дзыназдзынӕн, цӕмӕй мӕ фехъусай? Цас ма дӕм сиддзынӕн ӕххуысмӕ, цӕмӕй мӕ ацы фыддзинадӕй фервӕзын кӕнай» (Ав. 1:2). Иуӕй-иутӕм афтӕ кӕй кӕсы, ӕмӕ ацы дуне нырма бирӕ ахӕсдзӕн, уый тыххӕй нӕ, гӕнӕн ис, айрох уа, ӕвӕстиатӕй кӕй хъуамӕ архайӕм, ӕмӕ нӕ уды дзӕбӕхӕн цӕрын райдайӕм. Мыййаг дӕуӕн дӕр дӕ хабар афтӕ у? Ахӕм зондыл куы цӕуиккам, уӕд нӕхи мӕнг хъуыдытӕй саиккам. Фыстад нӕ фӕдзӕхсы, цӕмӕй нӕ хъуыддӕгтыл лӕмбынӕг ахъуыды кӕнӕм ӕмӕ нӕ зонд райхъал кӕнӕм. Ацы уынаффӕмӕ хъусын тынг ахсджиаг у! Уӕдӕ хъуамӕ нӕхимӕ ахӕм фарста раттӕм: «Ацы фыддунейы кӕрон ӕз кӕд ӕнхъӕл дӕн, уӕд куы не ’рцӕуа, уӕд фӕфыдӕнхъӕл уыдзынӕн?»
Хъӕуы банхъӕлмӕ кӕсын
Ахъуыды-ма кӕн, Йесо ацы цардӕвӕрды тыххӕй цы загъта, ууыл. Марчы чиныджы Йесо фӕстаг бонты тыххӕй цы дзуры, уымӕй бӕрӕг у, бирӕ хӕттыты кӕй фӕдзӕхста, цӕмӕй къӕрцхъус уӕм (Мар. 13:33–37). Йегъовӕйы стыр бон Армагеддоны тыххӕй Раргомады чиныджы дӕр ахӕм фӕдзӕхст ис (Рарг. 16:14–16). Цымӕ цӕмӕн хъуыди уыйбӕрц хатт фӕдзӕхсын? Адӕймаджы ногӕй ӕмӕ ногӕй фӕхъӕуы фӕдзӕхсын, афтӕ йӕм куы фӕкӕсы, ӕмӕ рӕстӕг ныддаргъ ис ӕмӕ ӕвӕстиатӕй кӕй хъуамӕ архайа, уый дзы куы ферох вӕййы, уӕд.
Йесо загъта, ацы цардӕвӕрды кӕронмӕ ӕнхъӕлмӕ кӕсгӕйӕ тынг ахсджиаг кӕй у, цӕмӕй ӕдзух къӕрцхъус уӕм. Ӕмӕ Йесо ӕрхаста, йӕ хӕдзар кӕмӕн фӕдавтой, ахӕм адӕймаджы цӕвиттон. Цымӕ уыцы хӕдзары хицауӕн йӕ бон цы уыд саразын, цӕмӕй йын йӕ хӕдзар ма фӕдавтаиккой? Ӕнӕхъӕн ӕхсӕв хъал куы уыдаид, уӕд ахӕм хабар не ’рцыдаид. Йесо йӕ цӕвиттон фӕци ахӕм ныхӕстӕй: «Уӕхи цӕттӕ дарут, уымӕн ӕмӕ, цы сахат ӕнхъӕл нӕ уат, уыцы сахат ӕрцӕудзӕн Адӕймаджы Фырт» (Матф. 24:43, 44).
Ацы цӕвиттонӕй зыны, ӕнхъӕлмӕ кӕсынмӕ цӕттӕ кӕй хъуамӕ уӕм, кӕд нӕ бирӕ рӕстӕг бахъӕуа ӕнхъӕлмӕ кӕсын, уӕддӕр. Фӕлӕ хъуамӕ ӕгӕр ма мӕт кӕнӕм, ацы фыддунейӕн йӕ кӕрон, мах кӕд ӕнхъӕл уыдыстӕм, уӕд кӕй не ’рцыд, ууыл. Нӕхи мӕнг хъуыдытӕй хъуамӕ ма сайӕм, зӕгъгӕ, Йегъовӕйы рӕстӕг нӕма ’рцыд. Афтӕ куы кӕнӕм, уӕд нӕ Паддзахады тыххӕй хорз хабар хъусын кӕнын дӕр нал фӕнддзӕн (Ром. 12:11).
Нӕ зонд ссыгъдӕг кӕнӕм мӕнг хъуыдытӕй
Мӕнг хъуыдыты тыххӕй Галатӕгтӕм 6:7 фыст ис: «Ма рӕдийут... Адӕймаг цы байтауа, уый ӕркӕрддзӕн». Зӕхкусӕг йӕ хуымы куы ницы байтауа, уӕд ын хӕмпӕлы бын фӕуыдзӕн. Мах та нӕ зонд куы нӕ райхъал кӕнӕм, уӕд мӕнг хъуыдыты бын фӕуыдзыстӕм. Чи зоны нӕхицӕн фӕдзурӕм: «Йегъовӕйы бон ӕнӕмӕнг ӕрцӕудзӕн, фӕлӕ тагъд нӕ уыдзӕн». Афтӕмӕй нӕ лӕггадмӕ уӕлӕнгай цӕстӕй кӕсын райдайдзыстӕм ӕмӕ нӕ, гӕнӕн ис, Йегъовӕйы бон ӕнӕнхъӕлӕджы ӕрӕййафа (2 Пет. 3:10).
Фӕлӕ Хуыцаумӕ «цы... кӕсы хорз, цы йын у ӕхсызгон ӕмӕ цы у йӕ цӕсты ӕххӕст», уый ӕдзух нӕ зӕрдыл куы дарӕм ӕмӕ йӕ куы ӕмбарӕм, уӕд мӕнг хъуыдыты бын нӕ фӕуыдзыстӕм (Ром. 12:2). Ацы фӕстаг бонты нын уӕлдай тынгдӕр баххуыс кӕндзӕн, алы бон дӕр Библи куы кӕсӕм, уый. Афтӕмӕй фидарӕй ӕууӕнддзыстӕм, Йегъовӕ алы хатт дӕр йӕ фӕндон йӕ афоныл кӕй сӕххӕст кӕны, ууыл (Ав. 2:3).
Библи куы ахуыр кӕнӕм, куы кувӕм, ӕмбырдтӕ куы нӕ цух кӕнӕм, уацамынды куы цӕуӕм ӕмӕ ӕндӕр хорз хъуыддӕгтӕ куы аразӕм, уӕд «Йегъовӕйы бон... алкӕддӕр нӕ зӕрдыл дардзыстӕм» (2 Пет. 3:11, 12). Йегъовӕ уыны, алкӕддӕр зӕрдиагӕй кӕй архайӕм, уый. Апостол Павел нын нӕ зӕрдыл лӕууын кӕны: «Уӕдӕ, хорз цы у, уый аразгӕйӕ нӕ ныфс ма асӕттӕд, уымӕн ӕмӕ йӕ рӕстӕджы ӕркӕрддзыстӕм тыллӕг, кӕд нӕ бафӕллайӕм, уӕд» (Гал. 6:9).
Ныртӕккӕ уый рӕстӕг нӕу, ӕмӕ нӕхи мӕнг хъуыдытӕй сайӕм, зӕгъгӕ, Йегъовӕйы бон тагъд нӕ уыдзӕн. Ныртӕккӕ уый рӕстӕг у, цӕмӕй фидарӕй ӕууӕндӕм, Йегъовӕйы бон къӕсӕрыл кӕй ис.
[Ныв 4 фарсыл]
Аггей ӕмӕ Захари дзуттӕгтӕн дзырдтой, цӕмӕй сӕ куыст кӕронмӕ ахӕццӕ кодтаиккой
[Ныв 5 фарсыл]
Давӕг кӕй ӕрбацӕудзӕн, уый хӕдзары хицау куы зыдтаид, уӕд цы бакодтаид?