Йегъовӕйӕн лӕггадгӕнгӕйӕ уӕззаузонд у
«Алкӕддӕр... у уӕззаузонд» (ТИТ. 2:7).
1, 2. Абон бирӕтӕ цардмӕ цы цӕстӕй кӕсынц ӕмӕ цавӕр фарстатыл хъуамӕ ахъуыды кӕнӕм?
ЗӔХХЫЛ абон адӕм куыд уынгӕджы сты, афтӕ никуы. Йегъовӕйы чи нӕ зоны, уыдоны ацы «тынг уӕззау рӕстӕг» уыйонг свӕййынц, ӕмӕ сӕ къухтӕ ӕруадзынц (2 Тим. 3:1–5). Сӕ уӕззау цард сын чи фӕрогдӕр кӕна, уый нӕй. Ӕмӕ цӕмӕй сӕ зындзинӕдтӕ ферох кӕной, уый тыххӕй бирӕтӕ удӕнцой фӕагурынц ирхӕфсӕнты.
2 Цӕмӕй адӕм сӕ зындзинӕдтӕ ферох кӕной, уый тыххӕй сын царды ӕппӕты сӕйрагдӕр свӕййынц ирхӕфсӕнтӕ. Фӕлӕ чырыстӕттӕ къӕрцхъус куы нӕ уой, уӕд уыдон дӕр афтӕ кӕнын райдайдзысты. Цӕмӕй афтӕ ма рауайа, уый тыххӕй цы хъӕуы? Цымӕ уый ууыл дзурӕг у, ӕмӕ нын нӕхи аирхӕфсыны бар нӕй? Цы хъӕуы, цӕмӕй ирхӕфсӕнтӕм ӕмӕ нӕ хӕстӕм раст цӕстӕй кӕсӕм? Библийӕ нын цавӕр уынаффӕтӕ баххуыс кӕндзысты, цӕмӕй нӕхиуыл ӕгӕр ма хъуыды кӕнӕм?
Уӕззаузонд уӕм ирхӕфсӕнтылмард дунейы
3, 4. Библи нын куыд ӕххуыс кӕны, цӕмӕй уӕззаузонд уӕм?
3 Ацы дунейы адӕм тынг «уарзынц ирхӕфсӕнтӕ», царды сӕ ӕндӕр ницы хъӕуы (2 Тим. 3:4). Адӕймаг йӕ рӕстӕг ӕрмӕстдӕр йӕ удыдзӕбӕхӕн ӕрвитыныл куы суа, уӕд Йегъовӕйӕ адард уыдзӕн (Ӕмб. 21:17). Уый тыххӕй апостол Павел, Тимофеймӕ ӕмӕ Титмӕ цы фыстӕджытӕ ныффыста, уым нын радта уынаффӕ, цӕмӕй уӕззаузондыл хӕст уӕм. Уыцы уынаффӕ нын баххуыс кӕндзӕн, цӕмӕй ацы дунейы адӕмау цардмӕ уӕлӕнгай цӕстӕй ма кӕсӕм. (Бакӕс 1 Тимофеймӕ 2:1, 2; Титмӕ 2:2–8.)
4 Бирӕ ӕнустӕ раздӕр Соломон ныффыста, адӕймаг ӕрмӕст ирхӕфсӕнтыл кӕй хъуамӕ ма хъуыды кӕна, фӕлӕ царды бирӕ ахсджиагдӕр цы у, ууыл дӕр (Еккл. 3:4; 7:2–4). Адӕймаджы цард цыбыр кӕй у, уый тыххӕй хъуамӕ «нӕ тых, нӕ бонӕй архайӕм», цӕмӕй ирвӕзындзинад райсӕм (Лук. 13:24). Ӕмӕ уый тыххӕй та хъуамӕ уӕззаузонд уӕм (Тит 2:7). Уый ууыл дзурӕг у, ӕмӕ нӕ царды алы хъуыддагыл дӕр кӕй хъӕуы лӕмбынӕг хъуыды кӕнын.
5. Уӕззаузондӕй цы хъуыддӕгты хъуамӕ архайӕм, уыдонӕй иу цавӕр у?
5 Зӕгъӕм, чырыстӕттӕ Йегъовӕ ӕмӕ Йесойы кӕй фӕзмынц, уымӕ гӕсгӕ кусынмӕ зивӕг нӕ кӕнынц (Иоан. 5:17). Ӕнӕзивӕг ӕмӕ ӕнӕзӕрдӕхудт кӕй сты, уый тыххӕй сӕ арӕх ӕппӕлгӕ дӕр ракӕнынц. Уӕлдай тынгдӕр та бинонты хистӕрты хъӕуы фыдӕбон кӕнын, цӕмӕй сӕ бинонты дарой. Уымӕн ӕмӕ йӕхиуӕттыл чи нӕ тыхсы, уый «уырнындзинад» чи ныууагъта, уымӕй уӕлдай нӕу ӕмӕ Йегъовӕйы ӕгад кӕны (1 Тим. 5:8).
Нӕ лӕггады уӕззаузонд, фӕлӕ зӕрдӕрайгӕ
6. Чырыстӕттӕ сӕ лӕггадмӕ раст цӕстӕй кӕй хъуамӕ кӕсой, уый кӕцӕй зонӕм?
6 Йегъовӕйӕн адӕм куыд лӕггад кӕнынц, уымӕ уӕлӕнгай цӕстӕй никуы каст. Уымӕн ӕрхӕссӕн ис ахӕм цӕвиттон. Израилӕгтӕ-иу Йегъовӕйы куы ныууагътой ӕмӕ-иу ын куы нал лӕггад кодтой, уӕд-иу сӕхи бирӕ фыдбылызты хай бакодтой (Йес. Н. 23:12, ). Н. э. 1 ӕнусы Чырыстийы фӕдылдзӕуджытӕ хъуамӕ хъӕбатырӕй тох кодтаиккой, цӕмӕй раст дин мӕнг ахуырӕдтӕй ӕмӕ ӕцӕгӕлон ӕгъдӕуттӕй бахъахъхъӕдтаиккой ( 132 Иоан. 7–11; Рарг. 2:14–16). Абон дӕр чырыстӕттӕ сӕ лӕггадмӕ куыдфӕндыйы цӕстӕй нӕ кӕсынц (1 Тим. 6:20).
7. Павел йӕ лӕггадмӕ йӕхи куыд цӕттӕ кодта?
7 Адӕмӕн хорз хабар кӕй хъусын кӕнӕм, уый нын стыр цины хос у. Фӕлӕ цӕмӕй уацамынды нӕ циндзинад ма сафӕм, уый тыххӕй йӕм хъуамӕ уӕлӕнгай цӕстӕй ма кӕсӕм ӕмӕ йӕм нӕхи рагацау цӕттӕ кӕнӕм. Павел кӕмӕн хъусын кодта, уыдон ын зынаргъ кӕй уыдысты, уый тыххӕй афтӕ загъта: «Алыхуызон адӕмӕн дӕр сдӕн алцыдӕр, цӕмӕй исты хуызы иуӕй-иуты уӕддӕр фервӕзын кӕнон. Адӕттӕ иууылдӕр аразын хорз хабары тыххӕй, цӕмӕй йӕ иннӕтӕн хъусын кӕнон» (1 Кор. 9:22, 23). Павелӕн ӕхсызгон уыд адӕмӕн рӕстдзинады тыххӕй дзурын. Уый тынг тыхсти, кӕмӕн хъусын кодта, уыдонӕн куыд баххуыс кодтаид, ууыл. Уымӕ гӕсгӕ йӕ бон уыд иннӕты ныфсыл ныфс афтауын ӕмӕ сӕ Йегъовӕйӕн лӕггад кӕнынмӕ разӕнгард кӕнын.
8. а) Хуыцауы Ныхас кӕмӕн фӕамонӕм, уыдонмӕ цы цӕстӕй хъуамӕ кӕсӕм? ӕ) Иннӕтимӕ Библи ахуыр кӕнын циндзинад куыд хӕссы?
8 Павел йӕ лӕггадмӕ цы цӕстӕй касти? Уый «цагъарау» зӕрдиагӕй лӕггад кодта Йегъовӕйӕн дӕр ӕмӕ, хорз хабармӕ чи хъуыста, уыдонӕн дӕр (Ром. 12:11; 1 Кор. 9:19). Хуыцауы Ныхас иннӕтӕн куы фӕамонӕм Библийы ахуыры, ӕмбырды фембӕлдты йе та бинонты ахуыры рӕстӕг, уӕд ӕй фембарӕм, уый стыр бӕрндзинад кӕй у? Гӕнӕн ис, ӕмӕ нӕм искӕимӕ Библи ахуыр кӕнын зын кӕса. Кӕй зӕгъын ӕй хъӕуы, цӕмӕй иннӕтӕн баххуыс кӕнӕм, уый тыххӕй-иу хъуамӕ нӕ рӕстӕгӕй рахицӕн кӕнӕм. Афтӕ куы кӕнӕм, уӕд Чырыстийы ныхӕстӕм гӕсгӕ архайдзыстӕм, зӕгъгӕ, «райсынӕй раттын амондджындӕр хъуыддаг у» (Хъуыд. 20:35). Иннӕтӕн ирвӕзындзинады фӕндагыл ӕрлӕууынӕн кӕй ӕххуыс кӕнӕм, уый нын цы стыр циндзинад хӕссы, афтӕ ӕндӕр ницы.
9, 10. а) Уӕззаузонд кӕй хъуамӕ уӕм, уый ууыл дзурӕг у, ӕмӕ иннӕтимӕ нӕ рӕстӕг хъӕлдзӕгӕй хъуамӕ ма ӕрвитӕм ӕмӕ ма улӕфӕм? ӕ) Хистӕр нӕлгоймагӕн цы баххуыс кӕндзӕн, цӕмӕй иннӕтӕн уа удӕнцойы хос ӕмӕ дзы ма тӕрсой?
9 Уӕззаузонд кӕй хъуамӕ уӕм, уый ууыл дзурӕг нӕу, ӕмӕ иннӕтимӕ нӕ рӕстӕг хъӕлдзӕгӕй хъуамӕ ма ӕрвитӕм ӕмӕ ма улӕфӕм. Уыцы хъуыддаджы ӕппӕты хуыздӕр цӕвиттон у Йесо. Уый рӕстӕг ардта ӕрмӕст иннӕты ахуыр кӕнынӕн нӕ, фӕлӕ ма улӕфынӕн дӕр, стӕй хорз хӕлӕрттӕ скӕнынӕн дӕр (Лук. 5:27–29; Иоан. 12:1, 2). Уӕззаузонд кӕй хъуамӕ уӕм, уый ууыл дзурӕг нӕу, ӕмӕ хъуамӕ ӕппындзух ӕлхынцъ ӕрфыгӕй кӕсӕм. Йесо тызмӕг куы уыдаид, уӕд ӕм хӕстӕг дӕр ничи бацыдаид. Суанг ма дзы сывӕллӕттӕ дӕр нӕ тарстысты (Мар. 10:13–16). Нӕ бон куыд у Йесойау алцӕмӕдӕр раст цӕстӕй кӕсын?
10 Иу ӕфсымӕр иу хистӕр нӕлгоймаджы тыххӕй афтӕ загъта: «Уый никӕмӕй ницы домы, домгӕ кӕны ӕрмӕстдӕр йӕхицӕй». Дӕуӕй дӕр афтӕ зӕгъӕн ис? Адӕймаг иннӕтӕм исты бӕлвырд хъуыддӕгты истӕмӕ ӕнхъӕлмӕ кӕса, уым ӕвзӕрӕй ницы ис. Зӕгъӕм, ныййарджытӕ сӕ сывӕллӕттӕй сӕ кармӕ ӕмӕ сӕ гӕнӕнтӕм гӕсгӕ исты куы домой ӕмӕ сын уыцы хъуыддӕгты куы ӕххуыс кӕной, уӕд сывӕллӕттӕ дӕр ӕнӕзивӕгӕй сӕ коммӕ кӕсдзысты. Раст афтӕ хистӕр нӕлгоймӕгтӕ дӕр се ’мчырыстӕтты разӕнгард кӕнынц, цӕмӕй уырнындзинады рӕзой, ӕмӕ сын уый тыххӕй бӕлвырд уынаффӕтӕ раттынц. Уымӕй уӕлдай ма хистӕр нӕлгоймаг йӕхӕдӕг дӕр ӕмбаргӕ куы уа ӕмӕ йӕхицӕй бирӕ куы нӕ дома, уӕд иннӕтӕн уыдзӕн удӕнцойы хос ӕмӕ дзы нӕ тӕрсдзысты (Ром. 12:3). Иу хо загъта: «Мӕн нӕ фӕнды, цӕмӕй хистӕр нӕлгоймаг алцыдӕр хъазынмӕ иса. Фӕлӕ ӕдзух йе ’рфгуыты бынӕй куы кӕса, уӕд ӕм ничи уӕнддзӕн». Ӕндӕр хо та зӕгъы, хистӕр нӕлгоймӕгтӕй кӕмӕйдӕрты кӕй «тӕрсы, уымӕн ӕмӕ тынг тызмӕгхуыз сты». Хистӕр нӕлгоймӕгтӕ хъуамӕ макуы рох кӕной, се ’мчырыстӕттӕ иууылдӕр Йегъовӕйӕн, «амондджын Хуыцауӕн», цингӕнгӕйӕ кӕй хъуамӕ лӕггад кӕной (1 Тим. 1:11).
Ӕмбырды бӕрндзинад исын
11. Дзырд «тырнын» чырыстон нӕлгоймӕгтӕн цӕуыл дзурӕг у?
11 Павел ӕмбырдты нӕлгоймӕгты разӕнгард кодта, цӕмӕй сӕхиуыл куыстаиккой ӕмӕ фылдӕр бӕрндзинад истаиккой. Фӕлӕ йӕ уый зӕгъын нӕ фӕндыд, цӕмӕй сӕхицӕн уӕлдай кад агуырдтаиккой. Уымӕ гӕсгӕ ныффыста: «Цӕстдарӕг уа, уымӕ чи тырны, уый хорз хъуыддагмӕ бӕллы» (1 Тим. 3:1, 4). Дзырд «тырнын» чырыстон нӕлгоймӕгтӕн ууыл дзурӕг у, ӕмӕ сӕ хъуамӕ тынг фӕнда, цӕмӕй сӕм чырыстон миниуджытӕ фӕзына, ӕмӕ сӕ бон уа се ’фсымӕртӕн лӕггад кӕнын. Ӕфсымӕр иу азы бӕрц донаргъуыд куы уа ӕмӕ, кӕстӕриуӕггӕнӕг ӕфсымӕрмӕ цы миниуджытӕ хъуамӕ уа, уыдон ӕм куы уой, уӕд ын ис радтӕн рекомендаци. Уыцы миниуджыты тыххӕй фыст ис 1 Тимофеймӕ 3:8–13. Нӕ хъус-ма ӕрдарӕм 8 стихмӕ: «Кӕстӕриуӕггӕнӕг ӕфсымӕртӕ дӕр хъуамӕ уой уӕззаузонд».
12, 13. Радзур, ӕрыгон ӕфсымӕртӕн сӕ бон куыд у сӕхимӕ бӕрндзинад исын.
12 Ӕрыгон ӕфсымӕр дӕ? Донаргъуыд дӕ? Уӕззаузондыл хӕст дӕ? Кӕд о, уӕд дӕ бон у цалдӕр хъуыддагмӕ тырнын. Сӕ иу у, хуыздӕр хъусын кӕнын. Де ’мбырды алы кары хотӕ ӕмӕ ӕфсымӕртимӕ уарзыс уацамынды цӕуын? Архайыс, Библи ахуыр кӕнын кӕимӕ райдайай, ахӕм адӕймаджы ссарыныл? Ӕмбырды цы уынаффӕтӕ фехъусыс, уыдонмӕ гӕсгӕ адӕмимӕ Библи куы ахуыр кӕнай, уӕд хуыздӕр ахуыргӕнӕг суыдзынӕ. Уымӕй уӕлдай ма сахуыр уыдзынӕ, Йегъовӕйы фӕндӕгтыл цӕуын чи ахуыр кӕны, ахӕм адӕймаджы ӕмбарын. Дӕ ахуыргӕнинаг куы бамбара, царды йӕ цыдӕр фӕивын кӕй хъӕуы, уӕд ын фӕлмӕнӕй ӕмӕ фӕразонӕй ӕххуыс кӕндзынӕ Библийы уагӕвӕрдтӕй пайда кӕнын.
13 Ӕрыгон ӕфсымӕртӕ, уе ’мбырды цы кардзыд хотӕ ӕмӕ ӕфсымӕртӕ ис, уыдонӕн ӕххуыс кӕнут. Уӕ бон ма у фӕкӕсын, Паддзахады залмӕ куы фӕзилынц ӕмӕ йӕ куы фефснайынц, уӕд дӕр. Алкӕддӕр ӕнӕзивӕг куы уат, уӕд уымӕй бӕрӕг уыдзӕн, уӕ лӕггадмӕ уӕлӕнгай цӕстӕй кӕй нӕ кӕсут. Тимофейау сымахӕн дӕр уӕ бон у, цӕмӕй сахуыр уат ӕмбырдӕн сыгъдӕгзӕрдӕйӕ ӕххуыс кӕныныл. (Бакӕс Филиппӕгтӕм 2:19–22.)
14. Ӕрыгон ӕфсымӕрты куыд ис «бафӕлварӕн»?
14 Хистӕр нӕлгоймӕгтӕ, «ӕвзонг адӕймаджы зӕрдӕйы цы монцтӕ фӕзыны, уыдонӕй дард [чи] лидзы» ӕмӕ «рӕстдзинадмӕ, уырнындзинадмӕ, уарзондзинадмӕ ӕмӕ фарнмӕ» ӕмӕ ӕндӕр хорз хъуыддӕгтӕм чи тырны, ахӕм ӕрыгон ӕфсымӕртӕн ӕххуыс кӕнут (2 Тим. 2:22). Ӕмбырды сын исты хъуыддӕгтӕ куы бабар кӕнат, уӕд сӕ «бафӕлвардзыстут», ӕмӕ рабӕрӕг уыдзӕн, сӕ бон фылдӕр хӕстӕ ӕххӕст кӕнын у ӕви нӕ. Ӕмӕ сын афтӕмӕй «се ’нтыстдзинад алчидӕр уындзын» (1 Тим. 3:10; 4:15).
Ӕмбырды ӕмӕ бинонты ’хсӕн уӕззаузонд у
15. 1 Тимофеймӕ 5:1, 2 гӕсгӕ иннӕтӕм цы цӕстӕй хъуамӕ кӕсӕм?
15 Уӕззаузонд адӕймаг йӕ хотӕ ӕмӕ йе ’фсымӕртӕн фӕкад кӕны. Павел Тимофейӕн уынаффӕ радта, цӕмӕй иннӕтӕн аргъ кӕна. (Бакӕс 1 Тимофеймӕ 5:1, 2.) Уӕззаузонд ӕфсымӕртӕ хотӕм дзӕгъӕл кӕстытӕ ӕмӕ дзырдӕппарӕнтӕ никуы фӕкӕнынц, афтӕ хотӕ дӕр. Иов сылгоймӕгтӕн, уӕлдайдӕр та йӕ цардӕмбалӕн, кӕй кад кодта, уымӕй у фӕзминаг. Уый йӕхи хъахъхъӕдта, цӕмӕй ӕндӕр сылгоймагмӕ мондаг каст ма бакодтаид (Иов 31:1). Не ’фсымӕртӕм ӕмӕ нӕ хотӕм раст цӕстӕй куы кӕсӕм, уӕд архайдзыстӕм, цӕмӕй сӕ ма фефсӕрмы кӕнӕм. Уӕлдайдӕр та лӕппу ӕмӕ чызг куы фембӕлынц ӕмӕ сӕ цард баиу кӕнынмӕ куы фӕхъавынц, уӕд хъуамӕ кӕрӕдзийӕн кад кӕной. Уӕззаузонд чырыстон искӕй ӕнкъарӕнтӕй никуы хъаздзӕн (Ӕмб. 12:22).
16. а) Нӕлгоймаг бинонты ’хсӕн цы бынат ахсы, уымӕ ацы дуне цы цӕстӕй кӕсы? ӕ) Библи нӕлгоймаджы хӕсты тыххӕй цы дзуры?
16 Хуыцау бинонтӕй алкӕуылдӕр цы хӕстӕ сӕвӕрдта, уымӕ дӕр хъуамӕ раст цӕстӕй кӕсӕм. Хӕйрӕджы дуне хынджылӕггаг кӕны, Хуыцау нӕлгоймаджы бинонты хистӕрӕй кӕй сӕвӕрдта, уый. Нӕлгоймӕгты кинонывты ӕмӕ передачӕты ӕдылыйы ӕмӕ ӕгуыдзӕджы бынаты сӕвӕрынц. Фӕлӕ Библимӕ гӕсгӕ нӕлгоймагыл ис стыр хӕстӕ ӕмӕ «усӕн у йӕ сӕрыхицау» (Еф. 5:23; 1 Кор. 11:3).
17. Бинонты ахуырмӕ цы цӕстӕй кӕсӕм, уымӕй куыд зыны, нӕ хӕстӕ ӕххӕстгӕнгӕйӕ уӕззаузондӕй кӕй архайӕм.
17 Лӕг хъуамӕ йӕ бинонты дара. Фӕлӕ йӕ бинонты уырнындзинад куы нӕ фидар кӕна, уӕд уый ууыл дзурӕг уыдзӕн, ӕмӕ йӕм фаг ӕмбаргӕдзинад нӕй (Дык. з. 6:6, 7). 1 Тимофеймӕ 3:4 фыст ис, зӕгъгӕ, нӕлгоймагӕн бинонтӕ куы уа ӕмӕ йӕ ӕмбырды фылдӕр хӕстӕ ӕххӕст кӕнын куы фӕнда, уӕд хъуамӕ «йӕ бинонтӕн уа хорз уынаффӕгӕнӕг, йӕ сывӕллӕттӕ уой коммӕгӕс ӕмӕ уӕззау зондыл хӕст». Уымӕ гӕсгӕ дӕхимӕ ратт ахӕм фарста: «Алкӕддӕр рӕстӕг рахицӕн кӕнын мӕ бинонтимӕ Библи ахуыр кӕнынӕн?» Хатт афтӕ рауайы, ӕмӕ устытӕй иуӕй-иутӕ сӕ лӕгтӕн фӕлӕгъстӕ кӕнынц, цӕмӕй уыцы хъуыддаджы разамынд сӕхимӕ исой. Фӕлӕ уый алы лӕгӕн дӕр йӕ хӕс у, ӕмӕ йӕм хъуамӕ уӕлӕнгай цӕстӕй ма кӕса. Кӕй зӕгъын ӕй хъӕуы, устытӕ дӕр хъуамӕ ӕххуыс кӕной сӕ лӕгтӕн, цӕмӕй сӕ бинонты ахуыр хорз цӕуа ӕмӕ сын пайда хӕсса.
18. Сывӕллӕттӕ уӕззаузондӕй архайын куыд сахуыр уыдзысты?
18 Сывӕллӕттӕ дӕр хъуамӕ архайой уӕззаузондӕй (Еккл. 12:1). Сывӕллӕтты хӕдзары исты куыстыл куы ӕфтауӕм, уӕд сыл уымӕй ницы ӕрцӕудзӕн. Фӕлӕ уый хъуамӕ уа сӕ кар ӕмӕ сӕ хъарутӕм гӕсгӕ (Йер. хъ. 3:27). Паддзах Давид ма гыццыл лӕппу куы уыди, уӕд ахуыр кодта, цӕмӕй хорз фыййау суыдаид. Сахуыр ма ис хъисфӕндырыл цӕгъдын ӕмӕ зарджыттӕ мысын. Уыцы курдиӕтты фӕрцы сси Израилы паддзахы лӕггадгӕнӕг (1 Сам. 16:11, 12, 18–21). Дзырд дӕр ыл нӕй, Давид гыццылӕй ахъазын дӕр кӕй уарзта, фӕлӕ сахуыр, фӕстӕдӕр ын Йегъовӕйы кадджын кӕнынӕн чи баххуыс кодтаид, ахӕм ахсджиаг хъуыддӕгтыл дӕр. Фыййау кӕй цыди, уый йын баххуыс кодта Израилы адӕмӕн фӕразонӕй разамынд дӕттынӕн. Ӕрыгӕттӕ, цымӕ цавӕр хъӕугӕ хъуыддӕгтыл сахуыр стут, цӕмӕй уӕ бон уа уе Сфӕлдисӕг Хуыцауӕн лӕггад кӕнын ӕмӕ фидӕны уӕхимӕ фылдӕр бӕрндзинад исын?
Ӕмбаргӕ ут
19, 20. Дӕхимӕ ӕмӕ дӕ лӕггадмӕ цавӕр цӕстӕй хъуамӕ кӕсай?
19 Не ’ппӕт дӕр архайӕм, цӕмӕй ӕмбаргӕ уӕм ӕмӕ цы стӕм, уымӕй фылдӕр нӕхицӕй ма ӕнхъӕлӕм. Хъуамӕ ӕгӕр раст ма уӕм (Еккл. 7:16). Хӕдзары, куысты йе та ӕмбырды искӕимӕ кӕрӕдзи куы нӕ бамбарӕм, уӕд нын баххуыс кӕндзӕн хъазӕн ныхас. Бинонтӕ иууылдӕр хъуамӕ лӕмбынӕг уой, цӕмӕй ӕгӕр домаг ма уой, ӕмӕ сӕ хӕдзарӕй тохы быдыр ма саразой ӕмӕ сӕ фарн ма фехалой. Ӕмбырды алкӕмӕндӕр йӕ бон у ахуыр кӕнын хъӕлдзӕг ныхас кӕныныл ӕмӕ кӕрӕдзийыл цин кӕныныл, куыд ныхас кӕнынц ӕмӕ иннӕты куыд ахуыр кӕнынц, уымӕй иннӕты куы фидар кӕной ӕмӕ сын уый пайда куы уа, уӕд (2 Кор. 13:10; Еф. 4:29).
20 Мах цӕрӕм, Йегъовӕйӕн ӕмӕ закъӕттӕн ӕппындӕр кӕм нӕ аргъ кӕнынц, ахӕм дунейы. Фӕлӕ Йегъовӕйы адӕм та йӕ коммӕ кӕй кӕсынц ӕмӕ йыл иузӕрдион кӕй сты, уымӕ уӕлӕнгай цӕстӕй нӕ кӕсынц. Йегъовӕйӕн лӕггад кӕны тынг бирӕ адӕм ӕмӕ сты «уӕззау зондыл хӕст». Куыд хорз у, мах дӕр се ’хсӕн кӕй стӕм! Цӕй уӕдӕ дарддӕр дӕр нӕ царды ӕмӕ нӕ лӕггады уӕззаузондӕй архайӕм.
Цавӕр дзуапп ратдзынӕ?
• Абон бирӕтӕ цардмӕ цы цӕстӕй кӕсынц, уымӕ мах афтӕ цӕуылнӕ хъуамӕ кӕсӕм?
• Нӕ бон куыд у, цӕмӕй нӕ лӕггады уӕззаузонд, фӕлӕ зӕрдӕрайгӕ уӕм?
• Бӕрндзинад исынмӕ цы цӕстӕй кӕсӕм, уымӕй куыд вӕййы бӕрӕг, уӕззаузонд стӕм ӕви нӕ?
• Не ’мчырыстӕттӕн ӕмӕ нӕ бинонтӕн цӕмӕн хъуамӕ кад кӕнӕм?
[Фарстатӕ ахуыр кӕнынӕн]
[Нывтӕ 12 фарсыл]
Нӕлгоймаг хъуамӕ йӕ бинонты дара ӕмӕ сын сӕ уырнындзинад фидар кӕна