Зондджын уынаффӕтӕ, иунӕг чи у ӕмӕ бинонтӕ кӕмӕн ис, уыдонӕн
Зондджын уынаффӕтӕ, иунӕг чи у ӕмӕ бинонтӕ кӕмӕн ис, уыдонӕн
«Разӕнгард уӕ кӕнын, цӕмӕй... куыд ӕмбӕлы, афтӕ цӕрат ӕмӕ ӕдзухдӕр Хицауӕн лӕггад кӕнат, мацы уӕ хъыгдара, афтӕмӕй» (1 КОР. 7:35).
1, 2. Цӕмӕн нӕ хъӕуы базонын, иунӕг чи у ӕмӕ бинонтӕ кӕмӕн ис, уыдонӕн Библи цы дзуры, уый?
ЦАРДӔМБАЛ кӕмӕн ис, уыдонӕн арӕх сӕ зӕрдӕйы сӕвзӕры алыхуызон ӕнкъарӕнтӕ: цин дӕр фӕкӕнынц, фыдӕнхъӕл дӕр фӕвӕййынц ӕмӕ мӕт дӕр фӕкӕнынц. Ӕмӕ цӕмӕй ахӕм уавӕрты раст архайой, уый тыххӕй хъуамӕ Хуыцауӕй агурой разамынд ӕмӕ ӕххуыс. Фӕлӕ нӕ Хуыцауы разамынд хъӕуы бирӕ ӕндӕр хъуыддӕгты дӕр. Зӕгъӕм, бинонтӕ кӕмӕн нӕй ӕмӕ афтӕмӕй дӕр амондджын чи у, уыдонӕн, чи зоны, сӕ хиуӕттӕ кӕнӕ се ’мбӕлттӕ ӕдзух фӕдзурынц, цӕмӕй ус ракурой кӕнӕ мой скӕной. Ис ахӕмтӕ, ӕмӕ сӕ цардӕмбал ссарын фӕнды, фӕлӕ сӕхи аккаг адӕймагыл нӕма фембӕлдысты. Кӕйдӕрты та хъӕуы разамынд, цӕмӕй сӕхи бацӕттӕ кӕной, бинонты ’хсӕн сыл цы хӕстӕ уыдзӕн, уыдон ӕххӕст кӕнынмӕ. Уымӕй уӕлдай ма, иунӕг чи у, уыцы чырыстӕттӕ дӕр ӕмӕ, бинонтӕ кӕмӕн ис, уыдон дӕр хъуамӕ сӕхи хизой ӕнӕгъдаудзинадӕй.
2 Адӕймагӕн йӕ амонд арӕх ацы хъуыддӕгтыл вӕййы баст. Фӕлӕ уымӕй ахсджиагдӕр та уый у, ӕмӕ уыдон фӕзынынц, Хуыцауимӕ йын цы хӕлардзинад ис, ууыл. 1 Коринфӕгтӕм 7 сӕры апостол Павел радта уынаффӕтӕ, бинонтӕ кӕмӕн нӕй, уыдонӕн дӕр ӕмӕ, бинонтӕ кӕмӕн ис, уыдонӕн дӕр. Павел кӕмӕ фыста, уыдоны разӕнгард кодта, цӕмӕй, куыд ӕмбӕлы, афтӕ цардаиккой ӕмӕ Хуыцауӕн ӕппӕт зӕрдӕйӕ лӕггад кодтаиккой, мацы сӕ хъыгдардтаид, афтӕмӕй (1 Кор. 7:35). Павел ацы ахсджиаг хъуыддӕгты фӕдыл цы уынаффӕтӕ радта, уыдон дын стыр ӕххуыс фӕуыдзысты. Уый фӕндыд, цӕмӕй, иунӕг чи уыд ӕмӕ бинонтӕ кӕмӕн уыд, уыдон сӕ уавӕрӕй хорз пайда кодтаиккой ӕмӕ Йегъовӕйӕн ноджы хуыздӕр лӕггад кодтаиккой.
Алчидӕр ӕй хъуамӕ йӕхӕдӕг аскъуыддзаг кӕна
3, 4. а) Искӕмӕн йе ’мбӕлттӕ ӕмӕ йӕ хиуӕттӕ бинонтӕ скӕныны хъуыддаджы сӕхи уынаффӕгӕнӕг куы скӕнынц, уӕд уый цӕмӕ ӕркӕны? ӕ) Павелы ныхӕстӕ нын куыд баххуыс кӕндзысты, цӕмӕй бинонтӕ скӕныны хъуыддагмӕ раст цӕстӕй кӕсӕм?
3 Фыццаг ӕнусы цӕрӕг дзуттӕгтау абон дӕр бирӕтӕм бинонтӕ скӕныны хъуыддаг тынг ахсджиаг кӕсы. Лӕппу усгуры кары (кӕнӕ чызг йӕ чындзы цӕуыны кары) куы вӕййы ӕмӕ йын бинонтӕ куы нӕма вӕййы, уӕд ыл йӕ хиуӕттӕ ӕмӕ йе ’мбӕлттӕ стыхсынц ӕмӕ йын сӕхи уынаффӕгӕнӕг скӕнынц. Чи йын фӕзӕгъы, цардӕмбал бацагурыныл дӕ тынгдӕр хъӕуы бацархайын, зӕгъгӕ. Чи та йын искӕй дӕр фӕнымудзы. Науӕд барӕй афтӕ бакӕнынц, цӕмӕй лӕппу кӕнӕ чызг, кӕй йын амонынц, уыимӕ фембӕла ӕмӕ базонгӕ уой. Фӕлӕ ахӕм хъуыддӕгтӕ арӕх уымӕ ӕркӕнынц, ӕмӕ адӕймаг сӕфсӕрмы вӕййы, ӕмбӕлттӕ кӕрӕдзийӕ адард вӕййынц кӕнӕ ма уыдӕттӕй адӕймагӕн йӕ зӕрдӕ дӕр скъахынц.
4 Павел никӕмӕн дзырдта, бинонтӕ скӕн кӕнӕ бинонтӕ ма скӕн, зӕгъгӕ (1 Кор. 7:7). Кӕд йӕхицӕн бинойнаг нӕ уыд ӕмӕ Йегъовӕйӕн зӕрдӕрухсӕй лӕггад кодта, уӕддӕр, бинонтӕ скӕнын кӕй фӕндыд, уыдоны ныхмӕ дӕр нӕ уыд. Абон дӕр чырыстӕттӕй алкӕмӕн дӕр йӕ бар йӕхи у, ус ракурдзӕн кӕнӕ мой скӕндзӕн ӕви нӕ. Ӕмӕ сын уыцы хъуыддаджы иннӕтӕ хъуамӕ сӕхи зондамонӕг ма кӕной.
Иунӕгӕй дӕр – ӕнтыстджын
5, 6. Павел чырыстӕттӕн цӕмӕн дзырдта, бинонтӕ дын куы нӕ уа, уӕд уый хорз кӕй у?
5 Павел коринфӕгтӕм цы ныффыста, уымӕй бӕрӕг у, бинонтӕ кӕмӕн нӕй, уыцы чырыстӕттӕн 1 Коринфӕгтӕм 7:8.) Чырыстон дины разамонджытӕй иуӕй-иутӕ бинонтӕ не скӕнынц, ӕмӕ, бинонтӕ чи скӕны, уыдонмӕ уӕлейӕ дӕлӕмӕ фӕкӕсынц. Фӕлӕ Павел ацы хъуыддагмӕ ӕндӕр цӕстӕй каст. Кӕд йӕхицӕн бинонтӕ нӕ уыд, уӕддӕр афтӕ нӕ хъуыды кодта, ӕмӕ, бинонтӕ кӕмӕн уыд, уыдонӕй хуыздӕр у. Павел бамбарын кодта, бинонтӕ кӕмӕн нӕй, уыдонӕн фылдӕр фадӕттӕ кӕй ис Хуыцауӕн лӕггад кӕнынӕн. Зӕгъӕм, цавӕртӕ сты?
сӕ бон кӕй у Хуыцауӕн ӕнтыстджынӕй лӕггад кӕнын. (Бакӕс6 Иунӕг чи у, уыцы чырыстонӕн арӕх йӕ фадӕттӕ фӕамонынц цавӕрдӕр хуызы балӕггад кӕнын, бинонтӕ кӕмӕн ис, уымӕн та – нӕ. Павелмӕ ахӕм стыр кад ӕрхауд, ӕмӕ уыди «иннӕ адӕмтӕм ӕрвыст апостол» (Ром. 11:13). Хъуыддӕгты чиныджы 13–20 сӕрты бакӕсӕн ис, Павелыл цы хабӕрттӕ ӕрцыд, уыдоны тыххӕй. Павел ӕмӕ иннӕ миссионертӕ цыдысты балцыты ӕмӕ хъусын кодтой ног бынӕтты, стӕй бирӕ ног ӕмбырдтӕ арӕзтой. Павел йӕ лӕггады ахӕм зындзинӕдтӕ бавзӕрста, ӕмӕ абон махӕй бирӕтӕ ахӕм зындзинӕдтӕ никуы бавзардзысты (2 Кор. 11:23–27, 32, 33). Фӕлӕ бирӕтӕн чырыстон фӕндагыл слӕууынӕн кӕй ӕххуыс кодта, уый йын хаста стыр циндзинад, ӕмӕ йӕм йӕ зындзинӕдтӕ дӕр ницы кастысты (1 Фес. 1:2–7, 9; 2:19). Павелӕн бинонтӕ куы уыдаид, уӕд ын, ӕвӕццӕгӕн, уыйбӕрц цыдӕртӕ нӕ бантыстаид.
7. Дыууӕ ӕнӕцыд хойы сӕ уавӕрӕй куыд спайда кодтой?
7 Бинонтӕ кӕмӕн нӕй, уыцы чырыстӕттӕй бирӕтӕ сӕ уавӕрӕй пайда кӕнынц, цӕмӕй Хуыцауы Паддзахады тыххӕй фылдӕр хъусын кӕной. Сарӕ ӕмӕ Лимбани цӕрынц Боливийы, сты ӕнӕцыд хотӕ. Ацы дыууӕ хойы иуцасдӕрмӕ ацыдысты, бирӕ азты дӕргъы кӕм ничи хъусын кодта, ахӕм хъӕумӕ. Уыцы хъӕуы рухс нӕ уыди. Ӕмӕ, хотӕ куыд радзырдтой, афтӕмӕй адӕм сӕ рӕстӕг ӕрвыстой чингуытыл, уымӕн ӕмӕ нӕдӕр телевизормӕ кастысты, нӕдӕр радиомӕ хъуыстой. Уыцы хъӕуы цӕрджытӕй иуӕй-иутӕ кастысты, Йегъовӕйы Ӕвдисӕнтӕ кӕддӕр мыхуыры кӕй уагътой, уыцы журналтӕ ӕмӕ чингуытӕ. Цалдӕр хӕдзарӕй фӕстӕмӕ алы хӕдзары дӕр хотӕ кӕимӕ ныхас кодтой, уыдоны фӕндыд Библийы тыххӕй фылдӕр базонын. Уымӕ гӕсгӕ Сарӕ ӕмӕ Лимбанийы бахъуыд бирӕ рӕстӕг, цӕмӕй алы хӕдзармӕ дӕр бацыдаиккой. Иу ацӕргӕ сылгоймаг нӕ хотӕн загъта: «Иугӕр Йегъовӕйы Ӕвдисӕнтӕ махмӕ дӕр ӕрхӕццӕ сты, уӕд кӕрон, ӕвӕццӕгӕн, ӕцӕгдӕр хӕстӕг у». Бирӕ нӕ рацыд, ӕмӕ хъӕуы цӕрджытӕ райдыдтой ӕмбырдтӕм цӕуын.
8, 9. а) Павел цӕмӕн загъта, бинонтӕ кӕмӕн нӕй, уыдонӕн уый хорз фадат кӕй у Йегъовӕйӕн лӕггад кӕнынӕн? ӕ) Бинонтӕ кӕмӕн нӕй, уыдонӕн цавӕр фадӕттӕ ис Йегъовӕйӕн лӕггад кӕнынӕн?
8 Бинонтӕ кӕмӕн ис, уыцы чырыстӕттӕ, хъусын
кӕнын ӕнцон кӕм нӕу, ахӕм рӕтты куы фӕлӕггад кӕнынц, уӕд уыдон дӕр ӕнтыстджын куыннӕ вӕййынц. Фӕлӕ, иунӕг чи у, уыцы пионертӕн цас фадӕттӕ ис, уыйбӕрц фадӕттӕ, бинонтӕ ӕмӕ сывӕллӕттӕ кӕмӕн ис, уыцы чырыстӕттӕн нӕй. Павел ӕмбырдтӕм куы фыста, уӕд ӕй ӕмбӕрста, хъусын кӕныны хъуыддаджы нырма бирӕ куыст кӕй уыди. Ӕмӕ йӕ фӕндыд, цӕмӕй, йӕхӕдӕг цы циндзинад банкъардта, иннӕтӕ дӕр уыцы циндзинад сӕхиуыл банкъардтаиккой. Ӕмӕ афтӕ дӕр уый тыххӕй загъта, зӕгъгӕ, бинонтӕ кӕмӕн нӕй, уыдонӕн уый хорз фадат у Йегъовӕйӕн лӕггад кӕнынӕн.9 Иу ӕнӕцыд хо, цӕры Америкӕйы, афтӕ загъта: «Иуӕй-иутӕм афтӕ кӕсы, ӕмӕ, бинонтӕ кӕмӕн нӕй, уыдон амондджын нӕ вӕййынц. Фӕлӕ йӕ ӕз бамбӕрстон, Йегъовӕ йӕ хӕлар кӕмӕн у, уый кӕй у ӕцӕг амондджын. Бинонтӕ дын кӕй нӕй, уымӕ гӕсгӕ кӕд дӕхи цӕмӕйдӕрты цух кӕныс, уӕддӕр уый у диссаджы лӕвар, кӕд ӕмӕ дзы раст пайда кӕныс, уӕд». Стӕй ма ноджыдӕр зӕгъы: «Иунӕг кӕй дӕ, уый дын ӕххуыс цы фӕуыдзӕн, ӕндӕр дӕ къуылымпы нӕ бакӕндзӕн, цӕмӕй амондджын уай. Ӕз ӕй зонын, Йегъовӕ йӕ фӕлмӕн уарзт никӕмӕн ӕвгъау кӕны. Бинонтӕ кӕмӕн нӕй, уыдоны дӕр уарзы ӕмӕ, бинонтӕ кӕмӕн ис, уыдоны дӕр». Ацы хо ныртӕккӕ лӕггад кӕны, хъусынгӕнджытӕ кӕм нӕ фаг кӕны, ахӕм бӕстӕйы. Кӕд дӕуӕн дӕр бинонтӕ нӕй, уӕд дӕ бон нӕ уаид фылдӕр рӕстӕг рахицӕн кӕнын, цӕмӕй адӕмӕн рӕстдзинад базонынӕн баххуыс кӕнай? Кӕд о, уӕд ды дӕр дӕ уавӕр нымайдзынӕ Йегъовӕйы зынаргъ лӕварыл.
Бинонтӕ скӕнын кӕй фӕнды, уыдон
10, 11. Йӕхицӕн аккаг цардӕмбал чи нӕма ссардта, уыдонӕн Йегъовӕ куыд ӕххуыс кӕны?
10 Йегъовӕйы иузӕрдион лӕггадгӕнджытӕй иунӕг чи у, уыдонӕй кӕйдӕрты цасдӕры фӕстӕ бафӕнды ус ракурын кӕнӕ мой скӕнын. Уыдон ӕмбарынц, Йегъовӕйы разамынд сӕ кӕй хъӕуы, ӕмӕ йӕм фӕкувынц, цӕмӕй сын баххуыс кӕна аккаг цардӕмбал ссарынӕн. (Бакӕс 1 Коринфӕгтӕм 7:36.)
11 Кӕд дӕ фӕнды, Йегъовӕйӕн ӕппӕт зӕрдӕйӕ чи лӕггад кӕны, ахӕм адӕймагимӕ дӕ цард баиу кӕнын, уӕд уый тыххӕй Йегъовӕмӕ кув (Фил. 4:6, 7). Цасфӕнды дӕ ма бахъӕуа ӕнхъӕлмӕ кӕсын,– дӕ ныфс ма асӕттӕд. Нӕ уарзӕгой Хуыцау Йегъовӕ йӕ хорз зоны, цы дӕ хъӕуы, уый. Ӕмӕ йыл дӕ зӕрдӕ куы дарай, уӕд дын хъарутӕ дӕтдзӕн, цӕмӕй фидар фӕлӕууай (Дзут. 13:6).
12. Искӕй куы фӕнда йӕ цард демӕ баиу кӕнын, уӕд дӕ цӕмӕн хъӕуы хорз ахъуыды кӕнын?
12 Зӕгъӕм, йӕ уырнындзинад лӕмӕгъ кӕмӕн у кӕнӕ Йегъовӕйы Ӕвдисӕн чи нӕу, уый куы фӕнда йӕ цард демӕ баиу кӕнын, уӕд та куыд? Чи зоны дӕ тынг фӕнды ус ракурын кӕнӕ мой скӕнын. Фӕлӕ йӕ зон: ацы хъуыддаджы куы фӕрӕдийай, уӕд дӕ зӕрдӕйы рыст, ныр цы у, уымӕй фыддӕр фӕуыдзӕн. Стӕй дӕ рох ма уӕд: дӕ цард кӕимӕ баиу кӕнай, уыимӕ амондджын уай ӕви нӕ,– йемӕ цӕрӕнбонтӕм «баст» уыдзынӕ (1 Кор. 7:27, фип.). Уӕдӕ ма тӕрс, зӕгъгӕ мын ӕндӕр ничиуал бакомдзӕн кӕнӕ мӕ ӕндӕр ничиуал ракурдзӕн. Дӕ цард искӕимӕ ӕрмӕст уый тыххӕй куы баиу кӕнай, уӕд фӕсмойнаг фӕуыдзынӕ. (Бакӕс 1 Коринфӕгтӕм 7:39.)
Хъуамӕ йӕ ӕмбарай, бинонты цард цы у
13–15. Лӕппу ӕмӕ чызджы цавӕр ахсджиаг хъуыддӕгтыл фӕхъӕуы рагацау аныхас кӕнын?
13 Павел загъта, зӕгъгӕ, бинонтӕ кӕмӕн нӕй, уыдонӕн уый хорз фадат у Хуыцауӕн лӕггад кӕнынӕн. Фӕлӕ, бинонтӕ скӕнын чи сфӕнд кодта, уыдонӕй хуыздӕр йӕхи нӕ хуыдта. Йӕ уынаффӕтӕ бинонтӕн ӕххуыс кӕнынц, цӕмӕй, бинонты цард ӕцӕгӕй цы у, уый ӕмбарой ӕмӕ цӕрӕнбонтӕм дӕр иумӕ уой.
14 Иуӕй-иуты фӕхъӕуы бинонты цардмӕ ӕндӕр цӕстӕй ракӕсын. Лӕппу ӕмӕ чызг ӕмбӕлгӕ куы фӕкӕнынц, уӕд сӕм афтӕ фӕкӕсы, ӕмӕ уыдоны хуызӕн никуы ничи уарзта, дуне дӕр сыл нал феххӕссы. Ӕмӕ сӕ цард куы баиу кӕнынц, уӕд дӕр сӕм афтӕ фӕкӕсы, ӕмӕ сӕ амонд, сӕ цин никуы ницӕмӕй фӕкъахыр уыдзӕн. Фӕлӕ ӕцӕгӕй та цард афтӕ нӕу. Адӕймаг алкӕддӕр цин кӕна, уымӕн гӕнӕн нӕй. Дыууӕ уды кӕрӕдзийы куы фӕуарзынц, уӕд зӕххыл уыдонӕй амондджындӕр нӕ вӕййы. Фӕлӕ уый фаг нӕу, бинонты царды цы зындзинӕдтӕ вӕййы, уыдоны сӕрты хизынӕн. Уыцы зындзинӕдтӕй та иу бинонтӕ дӕр хызт не сты. (Бакӕс 1 Коринфӕгтӕм 7:28.) *
15 Арӕх афтӕ рауайы, ӕмӕ, йӕ цард ӕрӕджы чи баиу кодта, уыдон цавӕрдӕр ахсджиаг хъуыддӕгты кӕрӕдзи нӕ бамбарынц. Ӕмӕ уӕд арвыцӕфау кӕнӕ ма фыдӕнхъӕл дӕр фӕвӕййынц. Зӕгъӕм сын иу хъуыды нӕ вӕййы, ӕхца куыд ӕмӕ цӕуыл хардз кӕной, уый фӕдыл. Кӕнӕ сӕ фӕллад куыд уадзой, кӕм баулӕфой, кӕм цӕрой
ӕмӕ сӕ хиуӕтты цас арӕх бӕрӕг кӕндзысты, уый фӕдыл дӕр сын зын вӕййы иу хъуыдымӕ ӕрцӕуын. Уымӕй уӕлдай ма сӕ дыууӕмӕ дӕр вӕййы цавӕрдӕр хъӕндзинӕдтӕ, ӕмӕ уый тыххӕй дӕр иу иннӕмӕ фӕмӕсты кӕны. Лӕппу ӕмӕ чызг нырма ӕмбӕлгӕ куы фӕкӕнынц, уӕд уыцы ахсджиаг хъуыддӕгтӕ ницӕмӕ фӕдарынц. Фӕлӕ сыл рагацау куы нӕ аныхас кӕной, уӕд сын уый фӕстӕ зындӕр уыдзӕн уыцы фарстатӕ скъуыддзаг кӕнын. Уымӕ гӕсгӕ хуыздӕр уаид, куы сыл аныхас кӕниккой сӕ цард баиу кӕныны размӕ.16. Лӕг ӕмӕ ус зын фарстатӕ куыд скъуыддзаг кӕндзысты, уый фӕдыл сын иу хъуыды цӕмӕн хъуамӕ уа?
16 Цӕмӕй дыууӕ уды амондджын уой, уый тыххӕй сын хъуамӕ уа иу хъуыды, сӕ хӕстӕ куыд ӕххӕст кӕндзысты, уый фӕдыл. Зӕгъӕм, сӕ сывӕллӕтты куыд хъомыл кӕндзысты? Науӕд сӕ ныййарджытӕ куыд зӕронддӕр кӕной, афтӕ сӕ хъӕудзӕн ӕххуыс. Ӕмӕ сын куыд ӕххуыс кӕндзысты? Ахӕм бинонтӕ нӕй, ӕмӕ сын зындзинӕдтӕ ма уа. Фӕлӕ уыцы зындзинӕдтӕн сӕ цард халын хъуамӕ ма бауадзой. Библийы цы уынаффӕтӕ ис, уыдон сын баххуыс кӕндзысты, цӕмӕй зын фарстатӕ скъуыддзаг кӕной, зын уавӕрты фӕразой ӕмӕ дарддӕр дӕр иумӕ фӕрнӕй ӕмӕ амондджынӕй цӕрой (1 Кор. 7:10, 11).
17. Бинонтӕ кӕмӕн ис, уый «дунейы хъуыддӕгтыл» цӕмӕн мӕт кӕны?
17 Павел 1 Коринфӕгтӕм 7:32–34 ноджыдӕр дзуры бинонты царды хабӕрттӕй иуыл. (Бакӕс сӕ.) Бинонтӕ кӕмӕн ис, уый «мӕт кӕны дунейы хъуыддӕгтыл», зӕгъӕм, хӕрдыл, уӕлӕдарӕсыл, кӕм цӕрой, ууыл ӕмӕ ӕндӕр хъӕугӕ хабӕрттыл. Цымӕ уыдӕттыл цӕмӕн мӕт кӕны? Зӕгъӕм, ӕфсымӕрӕн ус куы нӕма уыди, уӕд-иу йӕ хъарутӕ ӕмӕ йӕ рӕстӕг лӕвӕрдта уацамындӕн. Фӕлӕ ныр бинонджын адӕймаг у, ӕмӕ йӕ хъӕуы уыцы рӕстӕгӕй ӕмӕ хъарутӕй цасдӕр рахицӕн кӕнын, цӕмӕй йӕ бинойнагыл батыхса. Ӕмӕ йыл йӕ бинойнаг дӕр афтӕ тыхсы. Йегъовӕ йӕ ӕмбары, лӕджы дӕр ӕмӕ усы дӕр кӕй фӕнды, цӕмӕй йӕ цардӕмбал йемӕ амондджын уа. Стӕй ма уый дӕр зоны, ӕмӕ, раздӕр сӕ бон цас уыд лӕггад кӕнын, ныр сӕ бон уыйбӕрц, чи зоны, нал уыдзӕн. Ныр сӕ уыцы рӕстӕгӕй ӕмӕ хъарутӕй цасдӕр бахъӕудзӕн, цӕмӕй кӕрӕдзимӕ ӕнгомдӕр кӕной.
18. Лӕг ӕмӕ ус сӕ рӕстӕг куыд ӕрвитынц, уыцы хъуыддаджы сӕ фӕивын цы фӕхъӕуы?
18 Цы зӕгъӕн ис, лӕппу ӕмӕ чызг раздӕр ирхӕфсӕнтыл Еф. 5:31).
ӕмӕ улӕфыныл цас рӕстӕг ӕрвыстой, уый тыххӕй та? Кӕд, Йегъовӕйӕн цы рӕстӕг ӕмӕ хъарутӕ лӕвӕрдтой, уыдонӕй сӕ сӕ кӕрӕдзийӕн хъӕуы рахицӕн кӕнын, уӕд, ирхӕфсӕнтыл ӕмӕ улӕфыныл цы рӕстӕг ӕрвыстой, уымӕй хъуамӕ ма рахицӕн кӕной? Лӕгӕн бинонтӕ куы нӕма уыди, уӕд йе ’мбӕлттимӕ спортыл цас рӕстӕг ӕрвыста, ныр дӕр уыйбӕрц рӕстӕг куы ’рвита, уӕд уый йӕ усмӕ куыд фӕкӕсдзӕн? Науӕд ус дӕр йе ’мбӕлттимӕ раздӕрау бирӕ рӕстӕг куы ’рвита, уӕд йӕ лӕг цы зӕгъдзӕн? Уӕд йӕ цардӕмбалмӕ афтӕ кӕсдзӕн, ӕмӕ ӕнамонд у, йӕ цардӕмбалы нӕ хъӕуы, нӕ йӕ уарзы. Цӕмӕй афтӕ ма рауайа, уый тыххӕй хъуамӕ ӕппӕт тыхтӕй архайой, цӕмӕй кӕрӕдзимӕ ӕнгомдӕр кӕной (Йегъовӕйы фӕнды, цӕмӕй хӕрзӕгъдау уӕм
19, 20. а) Бинонтӕ кӕмӕн ис, уыдон дӕр сӕхи ӕнӕгъдаудзинадӕй цӕмӕн хъуамӕ хъахъхъӕной? ӕ) Лӕг ӕмӕ ус кӕрӕдзийӕ бирӕ рӕстӕгмӕ куы фӕхицӕн уой, уӕд уый тӕссаг цӕмӕй у?
19 Йегъовӕйы лӕггадгӕнджытӕ ӕппӕт тыхтӕй архайынц, цӕмӕй хӕрзӕгъдау уой. Иуӕй-иутӕ бинонтӕ уый тыххӕй скӕнынц, зӕгъгӕ, афтӕмӕй мӕхи ӕнӕгъдаудзинадӕй бахиздзынӕн. Фӕлӕ дын бинонтӕ куы уа, уӕд уый ууыл дзурӕг нӕу, ӕмӕ адӕймагӕн ӕнӕгъдау ми бакӕнынӕй тӕссаг нал у. Лӕджы дӕр ӕмӕ усы дӕр уӕддӕр хъӕуы сӕхи ӕнӕгъдаудзинадӕй хъахъхъӕнын. Раджы заманты-иу горӕты алыварс скодтой стыр, фидар къултӕ. Ӕмӕ-иу адӕймагӕн уыцы горӕты мидӕг тӕссаг ницӕмӕй уыд. Фӕлӕ-иу горӕты ӕдде та тӕссаг уыд абырджытӕй ӕмӕ фыдгӕнджытӕй. Бинонтӕ кӕмӕн ис, уыдонӕн Йегъовӕ цы арӕнтӕ сӕвӕрдта, уыдон абарӕн ис ахӕм фидар къултимӕ. Лӕг ӕмӕ ус сӕхи ӕнӕгъдаудзинадӕй ӕрмӕстдӕр уӕд бахиздзысты, ӕмӕ сын Йегъовӕ цы закъӕттӕ ӕмӕ арӕнтӕ сӕвӕрдта, уыдоны сӕрты куы нӕ хизой.
20 Павел уыцы арӕнты кой кӕны 1 Коринфӕгтӕм 7:2–5. Лӕгимӕ ӕмуат ӕрцӕуыны бар ис ӕрмӕстдӕр йӕ усӕн. Ӕмӕ усимӕ ӕмуат ӕрцӕуыны бар ис ӕрмӕстдӕр йӕ лӕгӕн. Хуыцау фӕдзӕхсы, цӕмӕй лӕг дӕр ӕмӕ ус дӕр ӕххӕст кӕна, уыцы хъуыддаджы йыл йӕ цардӕмбалы раз цы «хӕс» ис, уый. Лӕг ӕмӕ ус кӕрӕдзийӕ бирӕ рӕстӕгмӕ куы фӕхицӕн уой, уӕд сӕ бон нӕ уыдзӕн уыцы «хӕс» ӕххӕст кӕнын. Иуӕй-иутӕ улӕфынмӕ иумӕ нӕ, фӕлӕ хицӕнтӕй ацӕуынц. Иннӕтӕ та бирӕ рӕстӕгмӕ искуыдӕм ацӕуынц сӕ куысты тыххӕй. Хӕйрӕгӕн йӕ бон у ахӕм уавӕртӕй спайда кӕнын, цӕмӕй сын сӕ цард фехала. Лӕг кӕнӕ ус, йӕ цардӕмбалы раз ыл цы «хӕс» ис, ууыл куы нӕ хъуыды кӕна, уӕд уый уымӕ дӕр ӕркӕндзӕн, ӕмӕ сӕ иу фӕрӕдидзӕн ӕмӕ йӕ цардӕмбалыл гадзрахатӕй рацӕудзӕн. Йӕ бинонтыл чи тыхсы, фӕлӕ йӕ бинонты цард тӕссаг уавӕры чи не ’ппары, уыцы бинонты хистӕртӕн Йегъовӕ арфӕ кӕны (Пс. 37:25).
Библийы уынаффӕмӕ хъус
21. а) Адӕймагӕн ӕнцон цӕуылнӕ вӕййы, бинонтӕ скӕна ӕви нӕ, уый фӕдыл уынаффӕ рахӕссын? ӕ) 1 Коринфӕгтӕм 7 сӕры цы уынаффӕтӕ ис, уыдон нын куыд баххуыс кӕндзысты?
21 Адӕймагӕн ӕнцон нӕ вӕййы, бинонтӕ скӕна ӕви нӕ, уый фӕдыл уынаффӕ рахӕссын. Иунӕгӕй баззайын сфӕнд кӕнай ӕви бинонтӕ скӕнын,– зындзинӕдтӕй хызт нӕ уыдзынӕ, уымӕн ӕмӕ иууылдӕр ӕнӕххӕст стӕм. Ӕмӕ кӕд Йегъовӕ йӕ адӕмӕн арфӕ кӕны, уӕддӕр-иу хатт фыдӕнхъӕл дӕр фӕуыдзысты, сӕ зӕрдӕ дӕр-иу истӕуыл фӕрисдзӕн. Фӕлӕ Павел 1 Коринфӕгтӕм 7 сӕры цы уынаффӕтӕ радта, уыдоны фӕрцы дӕхи бахиздзынӕ, кӕй кой кодтам, уыцы зындзинӕдтӕй. Ӕмӕ дын бинонтӕ уа ӕви нӕ – дӕ бон уыдзӕн Йегъовӕйы зӕрдӕ рухс кӕнын. (Бакӕс 1 Коринфӕгтӕм 7:37, 38.) Хуыцау дӕ райгонд уа, уымӕй стырдӕр хорзӕх та ацы царды нӕй. Ӕмӕ уымӕн та гӕнӕн ис ныр дӕр ӕмӕ фидӕны дӕр, Хуыцау зӕрдӕ кӕмӕй бавӕрдта, уыцы ног дунейы куы цӕрӕм, уӕд. Уым нӕлгоймӕгтӕ дӕр ӕмӕ сылгоймӕгтӕ дӕр абоны зындзинӕдтӕй се ’ппӕтӕй дӕр сулӕфдзысты.
[Фиппаинаг]
Цавӕр дзуапп ратдзынӕ?
• Бинонтӕ кӕмӕн нӕй, уыдонӕн цӕуылнӕ хъӕуы дзурын, цӕмӕй ус ракурой кӕнӕ мой скӕной?
• Иунӕг чи у, уыцы чырыстонӕн йӕ бон куыд у йӕ уавӕрӕй хуыздӕр пайда кӕнын?
• Ӕмбӕлгӕ чи кӕны, уыцы лӕппу ӕмӕ чызгӕн сӕ бон куыд у сӕхи фидӕны зындзинӕдтӕм бацӕттӕ кӕнын?
• Бинонтӕ кӕмӕн ис, уыдон дӕр сӕхи ӕнӕгъдаудзинадӕй цӕмӕн хъуамӕ хъахъхъӕной?
[Фарстатӕ ахуыр кӕнынӕн]
[Нывтӕ 14 фарсыл]
Иунӕг чи у, уыцы чырыстӕттӕй фылдӕр лӕггад кӕнын чи райдайы, уыдон вӕййынц амондджын
[Ныв 16 фарсыл]
Иуӕй-иутӕ сӕ цард куы баиу кӕнынц, уӕд сӕ фӕивын цы фӕхъӕуы?