Сӕйраг ӕрмӕгмӕ рахиз

Сӕргӕндтӕм рахиз

Библи лӕмбынӕг кӕс, цӕмӕй дын ӕцӕгдӕр пайда хӕсса

Библи лӕмбынӕг кӕс, цӕмӕй дын ӕцӕгдӕр пайда хӕсса

«[Ӕз] цин кӕнын Хуыцауы закъоныл» (РОМ. 7:22).

1–3. Библи кӕй кӕсӕм ӕмӕ, цы базонӕм, уымӕ гӕсгӕ кӕй архайӕм, уый нын куыд ӕххуыс кӕны?

«ЙЕГЪОВӔЙӔН алы райсом дӕр бузныг фӕдзурын, Библи ӕмбарынӕн мын кӕй ӕххуыс кӕны, уый тыххӕй»,– загъта иу ацӕргӕ хо. Уый Библи бакаст 40 хаттӕй фылдӕр ӕмӕ йӕ ныр дӕр кӕсы. Иу ӕрыгон хо та ныффыста, зӕгъгӕ, Библи кӕй кӕсын, уый фӕрцы фидарӕй зонын, Йегъовӕ удӕгас Хуыцау кӕй у, ӕмӕ йӕм уый руаджы баввахс дӕн. Уыцы хо зӕгъы: «Нырӕй амондджындӕр никуыма уыдтӕн!»

2 Апостол Петр чырыстӕтты се ’ппӕты дӕр разӕнгард кодта, цӕмӕй «сӕ зӕрдӕ агура, Хуыцауы ныхасы чи ис, уыцы сыгъдӕг ӕхсыр» (1 Пет. 2:2). Библи ахуыргӕнгӕйӕ уыцы «сыгъдӕг ӕхсырӕй» нӕхи кӕй ӕфсадӕм ӕмӕ, цы базонӕм, уымӕ гӕсгӕ кӕй архайӕм, уый фӕрцы нӕ цӕсгом Хуыцауы раз у сыгъдӕг, стӕй ӕмбарӕм, цӕмӕн цӕрӕм, уый. Уый фӕрцы ма, ӕцӕг Хуыцауы махау чи уарзы ӕмӕ йын чи лӕггад кӕны, уыдонимӕ стӕм хӕлӕрттӕ. Ӕппӕт уыдӕтты тыххӕй куыннӕ хъуамӕ «цин кӕнӕм Хуыцауы закъоныл» (Ром. 7:22). Фӕлӕ, Библи кӕй кӕсӕм, уый ма нын ӕндӕр хъуыддӕгты дӕр у ӕххуыс. Цавӕр хъуыддӕгты?

3 Йегъовӕйы ӕмӕ йӕ Фырты тыххӕй цас фылдӕр базоныс, уыйас сӕ тынгдӕр бауарзыс, стӕй адӕмы дӕр фылдӕр райдайыс уарзын. Библийы фӕрцы зоныс, Хуыцау ацы фыддуне куы сафа, уӕд коммӕгӕс адӕмы куыд фервӕзын кӕндзӕн, уый. Стӕй ма дӕ бон у адӕмӕн хорз хабар дзурын. Хуыцауы Ныхасӕй цы базыдтай, уый иннӕтӕн куы амонай, уӕд дын Йегъовӕ арфӕ кӕндзӕн.

БИБЛИ КӔС ӔМӔ ЙЫЛ ХЪУЫДЫ КӔН

4. Библи «сабыр хъӕлӕсӕй кӕс», зӕгъгӕ, уый куыд ӕмбарын хъӕуы?

4 Йегъовӕйы нӕ фӕнды, цӕмӕй йын йӕ Ныхас тагъд-тагъд кӕсӕм. Хуыцау рагзаманты Йесо Навинӕн загъта: «Ацы закъоны чиныг алкӕддӕр уӕд де ’взагыл. Ӕхсӕвӕй-бонӕй йӕ дӕхицӕн сабыр хъӕлӕсӕй кӕс» (Йес. Н. 1:8; Пс. 1:2). Цымӕ ацы фӕдзӕхст ууыл дзурӕг у, ӕмӕ хъуамӕ Библи кӕрӕй-кӕронмӕ дӕхицӕн хъӕрӕй кӕсай? Нӕ. Уый ууыл дзурӕг у, ӕмӕ йӕ хъуамӕ афтӕ сындӕг кӕсай, цӕмӕй дӕ бон уа, цы кӕсыс, ууыл хъуыды кӕнын. Афтӕмӕй-иу дӕ хъус ӕрдардзынӕ, дӕ уавӕры дын ӕххуыс чи фӕуыдзӕн ӕмӕ дӕ чи бафидар кӕндзӕн, уыцы стихтӕм. Ахӕм ныхӕстӕ, стихтӕ кӕнӕ хабӕрттӕ куы кӕсай, уӕд-иу сӕ бакӕс сындӕггай, иуӕй-иу ныхӕстӕ та, чи зоны, хъӕрӕй дӕр. Ӕмӕ уӕд, цы кӕсыс, уый дӕ зӕрдӕмӕ бахъардзӕн. Уый ахсджиаг цӕмӕн у? Уымӕн ӕмӕ Хуыцауы уынаффӕтӕ хорз куы ӕмбарай, уӕд дӕ уыдонмӕ гӕсгӕ архайын дӕр фӕнддзӕн.

5–7. Цӕвиттонты фӕрцы бамбарын кӕн, Хуыцауы Ныхас лӕмбынӕг куы кӕсай, уӕд дын уый куыд баххуыс кӕндзӕн, цӕмӕй а) ӕнӕгъдау ми ма бакӕнай; ӕ) тӕригъӕдгӕнаг ӕмӕ фӕлмӕнзӕрдӕ уай; б) зын рӕстӕг дӕр дӕ ныфс Йегъовӕйыл дарай.

5 Чи зоны дӕм Библийы чингуытӕй кӕцыдӕртӕ зынӕмбарӕн кӕсынц. Ӕмӕ уыдон дӕр сындӕггай ӕмӕ лӕмбынӕг куы кӕсай, уӕд-иу дын ӕнцондӕр уыдзӕн, цы кӕсыс, ууыл ахъуыды кӕнын ӕмӕ йӕ бамбарын. Ӕркӕсӕм-ма ӕртӕ цӕвиттонмӕ. Фыццаг цӕвиттон: иу ӕрыгон ӕфсымӕр Библийы кӕсы Осийы чиныг. Ӕмӕ дзы 4-ӕм сӕры 11–13-ӕм стихтӕ куы бакаст, уӕд иу гыццыл ӕрлӕууыд. (Бакӕс Осийы 4:11–13.) Уыцы стихтӕм йӕ хъус цӕмӕн ӕрдардта? Уымӕн ӕмӕ йӕ скъолайы ӕнӕгъдау митыл ардауынц, ӕмӕ йӕ хъӕуы фидар фӕлӕууын. Ӕфсымӕр уыцы стихтыл хорз ахъуыды кодта ӕмӕ йӕхинымӕр дзуры: «Адӕймаджы ӕвзӕр хъуыддӕгтӕ ӕппындӕр куы ничи уына, уӕд дӕр ын сӕ Йегъовӕ уыны. Мӕн нӕ фӕнды Хуыцауы фӕхъыг кӕнын». Уыцы ӕфсымӕр йӕхицӕн фидарӕй загъта, Хуыцау ӕнӕгъдау мийыл цы нымайы, ахӕмӕй кӕй ницы сараздзӕн.

6 Дыккаг цӕвиттон: хо лӕмбынӕг кӕсы Иоилы пехуымпарад ӕмӕ бахӕццӕ 2-аг сӕры 13-ӕм стихмӕ. (Бакӕс Иоилы 2:13.) Уыцы стихы Йегъовӕйы тыххӕй бакаст ахӕм ныхӕстӕ, зӕгъгӕ, «уый у тӕригъӕдгӕнаг ӕмӕ фӕлмӕнзӕрдӕ Хуыцау, уый мӕсты кӕнынмӕ тагъд нӕ кӕны, ӕгӕрон у йе ’нувыд уарзт». Уыцы хо ахъуыды кодта, Йегъовӕйы бафӕзмын йӕ бон куыд уаид, ууыл. Ӕмӕ йӕхицӕн загъта, кӕй бацархайдзӕн, цӕмӕй йӕ лӕгимӕ ӕмӕ иннӕтимӕ дӕр схуыст ӕмӕ ӕлхыскъ ныхас мауал кӕна.

7 Ӕртыккаг цӕвиттон: иу ӕфсымӕр, бинонты хистӕр, ӕнӕ куыстӕй баззад ӕмӕ тыхсы, йӕ ус ӕмӕ йӕ сывӕллӕтты цӕмӕй дардзӕн, ууыл. Ӕфсымӕр лӕмбынӕг кӕсы Наумы чиныг, ӕмӕ 1-аг сӕры 7-ӕм стихы бакаст, Йегъовӕ кӕй «зоны, йӕхи йе уазӕг чи бакӕны, уыдоны» ӕмӕ сӕ «зын сахат» фидар мӕсыгау кӕй хъахъхъӕны. Уыцы ныхӕстӕ дзы ныфс бауагътой. Бамбӕрста йӕ, Йегъовӕ йыл кӕй тыхсы, ӕмӕ афтӕ тынг нал мӕт кӕны. Уый фӕстӕ лӕмбынӕг бакаст 15-ӕм стих. (Бакӕс Наумы 1:15.) Ӕмӕ уӕд бамбӕрста, зын рӕстӕг дӕр хорз хабар куы хъусын кӕна, уӕд афтӕмӕй кӕй равдисдзӕн, Йегъовӕйы йӕ фидар мӕсыгыл кӕй нымайы. Ӕфсымӕр аскъуыддзаг кодта, зӕгъгӕ, цалынмӕ куыст агурын, уӕдмӕ къуырийы дӕргъы фылдӕр хъусын кӕндзынӕн.

8. Цыбыртӕй радзур, Библи кӕсгӕйӕ цавӕр хорз хъуыдытӕ ссардтай, уый тыххӕй.

8 Ацы абзацты цы ахсджиаг стихты кой уыд, уыдон сты Осийы, Иоилы ӕмӕ Наумы чингуытӕй, ӕмӕ уыцы чингуытӕ та иуӕй-иутӕм зынӕмбарӕн кӕсынц. Фӕлӕ сӕ лӕмбынӕг куы кӕсай ӕмӕ-иу дзы дӕхицӕн цымыдисаг стихтӕ куы ссарай, уӕд иннӕ стихтӕ дӕр зӕрдиагдӕрӕй кӕсдзынӕ. Ахъуыды-ма кӕн, уыцы пехуымпарты чингуыты цас зондджын ӕмӕ ныфсы ныхӕстӕ ис ссарӕн! Ӕмӕ уый зӕгъӕн ис Библийы иннӕ чингуытӕй дӕр. Хуыцауы Ныхас у, бирӕ зынаргъ дуртӕ кӕм ис ссарӕн, ахӕм хъӕздыг зӕххы хуызӕн. Хорз-иу бакус уыцы зӕхх! Уӕдӕ Библи ӕнӕхъӕнӕй дӕр бакӕс, ӕмӕ-иу кӕсгӕ-кӕсын дӕ нысан уӕд, цӕмӕй дзы ссарай «зынаргъ дуртӕ», ома дзы цы уынаффӕтӕ ӕмӕ цы зӕрдӕфидаргӕнӕн ныхӕстӕ ис, уыдон.

ЦЫ КӔСАЙ, УЫЙ БАМБАРЫНЫЛ АРХАЙ

9. Хуыцауы Ныхас хуыздӕр цӕй фӕрцы ӕмбардзыстӕм?

9 Библи алы бон дӕр кӕсын ӕнӕмӕнг хъӕуы. Фӕлӕ ма хъуамӕ, цы кӕсӕм, уый ӕмбаргӕ дӕр кӕнӕм. Уӕдӕ дзы цы адӕмы ӕмӕ цы бынӕтты кой ис, стӕй дзы цы хабӕрттӕ ис фыст, уыдоны тыххӕй-иу нӕ литературӕйы фылдӕр ӕрмӕг бацагур. Кӕд, мыййаг, нӕ зоныс, Библийӕ цавӕрдӕр ныхӕстӕ дӕ цардмӕ куыд хауынц, уӕд дӕ бон у ӕххуыс ракурын ӕмбырды хистӕр нӕлгоймагӕй йе та ӕндӕр фӕлтӕрд ӕфсымӕр кӕнӕ хойӕ. Тынг ахсджиаг у, цӕмӕй, рӕстӕг куыд цӕуы, афтӕ Хуыцауы Ныхас хуыздӕр ӕмбарӕм. Уый бӕрӕг у, фыццаг ӕнусы чи цард, иу ахӕм чырыстоны хабарӕй. Йӕ ном хуынди Аполлос, ӕмӕ уый дӕр хъуыд ӕххуыс, цӕмӕй рӕстдзинад хуыздӕр бамбӕрстаид.

10, 11. а) Аполлосӕн куыд баххуыс кодтой, цӕмӕй ноджы хуыздӕр хъусын кодтаид? ӕ) Аполлосы хабарӕй цӕуыл ахуыр кӕнӕм?

10 Аполлос уыди дзуттаг ӕмӕ «хорз зыдта Фыстад». Уый «Хуыцауы сыгъдӕг тыхы фӕрцы йӕ удӕй арт уагъта». Хъуыддӕгты чиныджы фыст ис: «[Аполлос] дзырдта ӕмӕ ахуыр кодта Йесойы тыххӕй. Ӕмӕ, цы дзырдта, уый уыди раст, кӕд ӕрмӕстдӕр, Иоанн кӕй тыххӕй хъусын кодта, уыцы донаргъуыды тыххӕй зыдта, уӕддӕр». Аполлос нӕ зыдта, Аргъауӕг Иоанны фӕстӕ Йесо йӕ ахуыргӕнинӕгтӕн донаргъуыды тыххӕй ног цыдӕртӕ кӕй бамбарын кодта. Ефесы куы хъусын кодта, уӕд ӕм Прискиллӕ ӕмӕ Акилӕ дӕр хъуыстой. Ӕмӕ йын уый фӕстӕ «Хуыцауы фӕндаг бӕлвырддӕр бамбарын кодтой» (Хъуыд. 18:24–26). Уый Аполлосӕн цы пайда фӕци?

11 Ефесӕй Аполлос ацыд Ахаймӕ. Ӕмӕ «уырдӕм куы ’рцыд, уӕд, Хуыцауы стыр хорзӕхы фӕрцы уырнджытӕ чи систы, уыдонӕн тынг баххуыс кодта, уымӕн ӕмӕ фидарӕй дзырдта ӕмӕ, дзуттӕгты ахуырӕдтӕ раст кӕй нӕ уыдысты, уый адӕмы раз бӕлвырд кодта – Фыстадӕй ӕвдыста, Йесо ӕцӕгдӕр Чырысти кӕй у, уый» (Хъуыд. 18:27, 28). Ныр Аполлос раст ӕмбӕрста, донаргъуыд цы нысан кӕны, уый. Ӕмӕ, фылдӕр кӕй зыдта, уый фӕрцы ногтӕн «тынг баххуыс кодта», цӕмӕй рӕстдзинады фӕндагыл размӕ цыдаиккой. Уыцы хабарӕй цӕуыл ахуыр кӕнӕм? Аполлосау мах дӕр фӕархайӕм, цӕмӕй, Библийы цы фӕкӕсӕм, уый ӕмбаргӕ дӕр кӕнӕм. Фӕлӕ нын, зӕгъӕм, фӕлтӕрд ӕфсымӕр кӕнӕ хо бацамыдта, нӕ бон цы у саразын, цӕмӕй ӕнтыстджындӕрӕй хъусын кӕнӕм. Уӕд дзы хъуамӕ уӕм бузныг ӕмӕ йын йӕ уынаффӕмӕ сӕрныллӕгӕй байхъусӕм. Уый фӕрцы хуыздӕр ахуыргӕнджытӕ суыдзыстӕм. (Кӕс рамкӕ «Библийы ахуырӕдтӕ абон куыд ӕмбарӕм, ды дӕр сӕ афтӕ амоныс?».)

ЦЫ ЗОНЫС, УЫЙ ФӔРЦЫ ИННӔТӔН ӔХХУЫС КӔН

12, 13. Библи чи ахуыр кӕны, уымӕн Хуыцауы Ныхасы фӕрцы нӕ бон куыд у фӕлмӕнӕй ӕххуыс кӕнын, цӕмӕй размӕ цӕуа?

12 Прискиллӕ, Акилӕ ӕмӕ Аполлосау мах дӕр Фыстады фӕрцы иннӕтӕн ӕххуыс кӕнӕм. Чи зоны, Библи чи ахуыр кӕны, ахӕм адӕймаджы рӕстдзинады фӕндагыл размӕ цӕуын цыдӕр къуылымпы кодта, ӕмӕ йын уыцы цӕлхдуры сӕрты ахизынӕн баххуыс кодтай. Уый дын цины хос нӕ уыд? Кӕнӕ та, чи зоны, хистӕр нӕлгоймаг дӕ ӕмӕ дын де ’мчырыстон загъта, Библийӕ йын цы уынаффӕ радтай, уый йын зын сахат стыр ӕххуыс кӕй фӕци, ӕмӕ дын раарфӕ кодта. Уый дӕр дын ӕхсызгон куыннӕ уыдаид. Дзырд дӕр ыл нӕй, Хуыцауы Ныхасы фӕрцы иннӕтӕн куы ӕххуыс кӕнай, цӕмӕй сӕ цард хуыздӕрырдӕм фӕивой, уӕд дын уый стыр циндзинад хӕсдзӕн *. Ӕркӕсӕм, уыцы хъуыддаг дӕ къухы куыд бафтдзӕн, уымӕ.

13 Зӕгъӕм, Илийайы рӕстӕджы израилӕгтӕй бирӕтӕн зын уыд равзарын, кӕмӕн кувой, уый – ӕцӕг Хуыцауӕн ӕви мӕнг хуыцауӕн. Ӕмӕ абон дӕр, Библи чи ахуыр кӕны, уыдонӕй чидӕртӕ рӕстдзинады фӕндагыл слӕууынмӕ сӕ ныфс нӕ фӕхӕссынц. Ахӕм адӕмӕн баххуыс кӕндзысты, Илийа израилӕгтӕн кӕй загъта, уыцы ныхӕстӕ. (Бакӕс 1 Паддзӕхты 18:21.) Йе та, зӕгъӕм, Библи чи ахуыр кӕны, уый тӕрсы, йе ’мбӕлттӕ кӕнӕ йӕ бинонтӕ цы зӕгъдзысты, уымӕй. Уӕд дӕ бон у йемӕ аныхас кӕнын Исайы 51:12, 13 стихтыл. (Бакӕс сӕ.) Афтӕмӕй йын баххуыс кӕндзынӕ, цӕмӕй фӕныфсджындӕр уа ӕмӕ йӕ Йегъовӕйӕн лӕггад кӕнын бафӕнда.

14. Искӕмӕн баххуыс кӕнынӕн дӕ Библийӕ цавӕрдӕр стихтӕ куы бахъӕуой, уӕд сӕ цӕй фӕрцы ӕрхъуыды кӕндзынӕ?

14 Адӕймагӕн йӕ ныфсыл ныфс чи бафтауы, хъарутӕ дзы чи бауадзы ӕмӕ йӕ раст фӕндагыл чи саразы, ахӕм ныхӕстӕ Библийы бирӕ ис. Фӕлӕ, чи зоны, зӕгъай, цавӕрдӕр стих мӕ куы бахъӕуа, уӕд-иу ӕй куыд ссарон, зӕгъгӕ. Алы бон дӕр Библи кӕс ӕмӕ Хуыцауы ныхӕстыл хъуыды кӕн. Афтӕмӕй фылдӕр стихтӕ зондзынӕ, ӕмӕ дӕ куы бахъӕуой, уӕд дын Йегъовӕ йӕ сыгъдӕг тыхӕй баххуыс кӕндзӕн, цӕмӕй сӕ ӕрхъуыды кӕнай (Мар. 13:11; бакӕс Иоанны 14:26) *.

15. Цы дын баххуыс кӕндзӕн Хуыцауы Ныхас хуыздӕр ӕмбарынӕн?

15 Паддзах Соломонау Йегъовӕмӕ кув, цӕмӕй дын дӕ лӕггадимӕ баст хӕстӕ ӕххӕст кӕнынӕн зонд дӕтта (2 Аз. 1:7–10). Раджы заманты пехуымпартӕ куыд кодтой, афтӕ ды дӕр Хуыцауы Ныхас «лӕмбынӕг иртас ӕмӕ йӕ бамбарыныл архай», цӕмӕй хорз зонай Йегъовӕйы ӕмӕ йӕ фӕндон (1 Пет. 1:10–12). Апостол Павел Тимофейы разӕнгард кодта, цӕмӕй лӕмбынӕг иртӕстаид «уырнындзинады ныхӕстӕ» ӕмӕ «хорз ахуырады ныхӕстӕ» (1 Тим. 4:6). Ды дӕр афтӕ куы архайай, уӕд Библи хуыздӕр зондзынӕ ӕмӕ уый фӕрцы дӕ бон уыдзӕн иннӕтӕн дӕр ӕххуыс кӕнын. Стӕй ма дӕхи уырнындзинад дӕр фидар кӕндзӕн.

БИБЛИ ЛӔМБЫНӔГ КУЫ КӔСӔМ, УӔД УЫДЗЫСТӔМ ХЪАХЪХЪӔД

16. а) Вериӕгтӕ алы бон дӕр Фыстад лӕмбынӕг кӕй иртӕстой, уый сын куыд баххуыс кодта? ӕ) Библи алы бон дӕр кӕсын ахсджиаг цӕмӕн у?

16 Македойнаг горӕт Верийы цы дзуттӕгтӕ цард, уыдон «алы бон дӕр Фыстад лӕмбынӕг иртӕстой». Ӕмӕ сын Павел хорз хабар куы хъусын кодта, уӕд-иу ын йӕ ныхӕстӕ абарстой, Фыстадӕй цы зыдтой, уыимӕ. Уый сын цы пайда фӕци? Бирӕтӕ сӕ бамбӕрстой, Павел рӕстдзинад кӕй дзуры, ӕмӕ «систы уырнджытӕ» (Хъуыд. 17:10–12). Уыцы хабарӕй бӕрӕг у, Библи алы бон дӕр куы кӕсай, уӕд Йегъовӕйыл тынгдӕр кӕй ӕууӕнддзынӕ. Кӕд нӕ фӕнды Хуыцауы ног дунемӕ бацӕуын, уӕд нӕм хъуамӕ уа ахӕм фидар уырнындзинад (Дзут. 11:1).

17, 18. а) Уырнындзинад ӕмӕ уарзондзинад чырыстоны «зӕрдӕ» куыд хъахъхъӕнынц? ӕ) Цы ныфс нын ис, уый нӕ куыд хъахъхъӕны?

17 Павел куыд бамбарын кодта, афтӕмӕй нӕ ӕнӕмӕнг хъӕуы уырнындзинад, уарзондзинад ӕмӕ ныфс. Уый загъта: «Мах боны хъӕбултӕ кӕй стӕм, уымӕ гӕсгӕ уӕм къӕрцхъус ӕмӕ нӕ уӕлӕ дарӕм уырнындзинады ӕмӕ уарзондзинады згъӕрхӕдон, стӕй ирвӕзындзинады ныфсы згъӕрхуд» (1 Фес. 5:8). Раджы заманты-иу ӕфсӕддон йӕ уӕлӕ скодта згъӕрхӕдон, цӕмӕй йӕ зӕрдӕ знаджы цӕфтӕй хъахъхъӕд уыдаид. Раст афтӕ чырыстоны дӕр хъӕуы йӕ «зӕрдӕ» хъахъхъӕнын, цӕмӕй тӕригъӕды фӕндагыл ма ацӕуа. Йегъовӕйы зӕрдӕвӕрдтыл фидарӕй чи ӕууӕнды ӕмӕ Хуыцауы ӕмӕ адӕмы чи уарзы, ахӕм чырыстон, зӕгъӕн ис, ӕмӕ йӕ уӕлӕ скодта ӕппӕты хуыздӕр згъӕрхӕдон. Ахӕм адӕймаг, йӕ бон цыдӕриддӕр у, уый араздзӕн, цӕмӕй Хуыцауы хорзӕхӕй ӕнӕхай ма фӕуа.

18 Павел ма загъта згъӕрхуды тыххӕй, ома «ирвӕзындзинады ныфсы» тыххӕй дӕр. Раджы заманты-иу ӕфсӕддонӕн хӕсты йӕ сӕрыл уыд згъӕрхуд, ӕмӕ йӕ уый хъахъхъӕдта. Йегъовӕйӕн йӕ бон ирвӕзын кӕнын кӕй у, уымӕй нӕ фидар ныфс куы уа, уӕд махӕн дӕр уыцы ныфс нӕ зонд хъахъхъӕндзӕн. Нӕ ныфс фидар куы уа, уӕд, раст дины ныхмӕ чи сси ӕмӕ йӕ чи ныууагъта, уыдоны «дзӕгъӕл ныхӕстӕм» нӕ хъусдзыстӕм – уыцы ныхӕстӕ сты тӕссаг, низау тагъд ахӕлиу вӕййынц (2 Тим. 2:16–19). Цы ныфс нын ис, уый ма нын ахӕм хъару дӕр дӕтдзӕн, цӕмӕй, Йегъовӕйы цӕсты ӕвзӕр чи у, уыцы хъуыддӕгтӕй нӕхи хизӕм.

ЦӔМӔЙ ФЕРВӔЗӔМ, УЫЙ ТЫХХӔЙ БИБЛИ КӔСЫН ӔНӔМӔНГ У

19, 20. Хуыцауы Ныхасӕн цӕмӕн аргъ кӕнӕм? Кӕй йын аргъ кӕнӕм, уый цӕмӕй бӕрӕг уыдзӕн? (Кӕс рамкӕ «Йегъовӕ мын дӕтты, цы мӕ хъӕуы, растдӕр уый».)

19 Кӕрон куыд ӕввахсдӕр кӕны, афтӕ нӕ тынгдӕр хъӕуы Хуыцауы Ныхасыл ӕууӕндын. Библийы уынаффӕтӕ нын ӕххуыс кӕнынц не ’взӕр хъуыддӕгтӕ ныууадзынӕн ӕмӕ нӕ тӕригъӕдджын фӕндтимӕ тох кӕнынӕн. Хуыцауы Ныхас нын цы ныфс ӕмӕ удӕнцой дӕтты, уый фӕрцы фидар фӕлӕудзыстӕм, Хӕйрӕг ӕмӕ нӕ йӕ дуне цы фӕлварӕнты ӕппарынц, уыдоны. Йегъовӕ нын йӕ Ныхасы уылты цы амоны, уый нын баххуыс кӕндзӕн, цӕмӕй царды фӕндагӕй ма ахауӕм.

20 Хуыцауы фӕнды, «цӕмӕй алыхуызон адӕм... фервӕзой». Уыцы «алыхуызон адӕммӕ» хауынц Йегъовӕйы лӕггадгӕнджытӕ, стӕй ма, хорз хабармӕ зӕрдиагӕй чи хъусы ӕмӕ Библи кӕимӕ ахуыр кӕнӕм, уыдон дӕр. Фӕлӕ, фервӕзын кӕй фӕнды, уыдон се ’ппӕт дӕр хъуамӕ, «рӕстдзинад цы у, уый бӕлвырдӕй базоной» (1 Тим. 2:4). Уӕдӕ цӕмӕй фервӕзӕм, уый тыххӕй ӕнӕмӕнг у Библи кӕсын ӕмӕ йын йӕ уынаффӕтӕм гӕсгӕ архайын. Библи алы бон дӕр куы кӕсӕм, уӕд бӕрӕг уыдзӕн, Йегъовӕйы Ныхасӕн тынг кӕй аргъ кӕнӕм, уый (Иоан. 17:17).

^ 12 абз. Кӕй зӕгъын ӕй хъӕуы, искӕмӕн Библийӕ уынаффӕ куы дӕттӕм, уӕд ын йӕ цард тыхӕй нӕ ивын кӕндзыстӕм ӕмӕ йын уайдзӕф дӕр нӕ кӕндзыстӕм. Библи чи ахуыр кӕны, уыдонимӕ хъуамӕ уӕм фӕразон ӕмӕ хӕларзӕрдӕ, Йегъовӕ махимӕ куыд у, афтӕ (Пс. 103:8).

^ 14 абз. Зӕгъӕм, Библийӕ кӕцыдӕр скъуыддзагӕй хъуыды кӕныс ӕрмӕст сӕйраг ныхӕстӕ, фӕлӕ кӕцы чиныг, кӕцы сӕр ӕмӕ кӕцы стихӕй сты, уый та нӕ. Уӕд уыцы ныхӕстӕ дӕ бон у бацагурын, «Библи – Ног дунейы тӕлмац»-ы фӕстейӕ цы дзырдамонӕн ис, уым кӕнӕ, компьютеры кӕй сӕвӕрынц, уыцы библиотекӕйы (Watchtower Library), ӕмӕ афтӕмӕй, чи зоны, стих дӕр ссарай.