Сӕйраг ӕрмӕгмӕ рахиз

Сӕргӕндтӕм рахиз

Дун-дуне ӕргом кӕны удӕгас Хуыцауы

Дун-дуне ӕргом кӕны удӕгас Хуыцауы

«О Йегъовӕ, нӕ Хуыцау, ды дӕ кады... аккаг, уымӕн ӕмӕ... ӕппӕт дӕр ды сфӕлдыстай» (РАРГ. 4:11).

1. Цӕмӕй Йегъовӕйыл дарддӕр дӕр фидарӕй ӕууӕндӕм, уый тыххӕй цы хъуамӕ аразӕм?

БИРӔТӔ фӕзӕгъынц, зӕгъгӕ, дам, мӕхи цӕстӕй цы фенон, ӕрмӕстдӕр ууыл ӕууӕндын. Фӕлӕ Библийы куыд фыст ис, афтӕмӕй «адӕмӕй Хуыцауы никуы ничи федта» (Иоан. 1:18). Уӕдӕ куыд ис ахӕм адӕмӕн баххуыс кӕнӕн, цӕмӕй Йегъовӕйыл баууӕндой? Ӕмӕ цы ис саразӕн, цӕмӕй нӕхӕдӕг дӕр, «цӕстӕй фенӕн кӕмӕн нӕй, уыцы Хуыцау» Йегъовӕйыл дарддӕр дӕр фидарӕй ӕууӕндӕм? (Кол. 1:15). Фыццаг уал хъуамӕ базонӕм, цавӕр ахуырӕдтӕ сусӕг кӕнынц, Хуыцау ӕцӕгӕй чи у, уый. Уый фӕстӕ та хъуамӕ сахуыр уӕм Библийы фӕрцы арӕхстджынӕй ӕмбарын кӕнын, уыцы ахуырӕдтӕ, «Хуыцауы тыххӕй цы зонӕм, уый ныхмӕ» кӕй сты (2 Кор. 10:4, 5).

2, 3. Хуыцау чи у, уый базонын адӕмы цавӕр дыууӕ ахуырады хъыгдарынц?

2 Хуыцау ӕцӕгӕй чи у, уый базонын адӕмы цы мӕнг ахуырӕдтӕ хъыгдарынц, уыдонӕй иу у эволюцийы ахуырад. Уыцы ахуырад ӕрымысыд адӕймаг ӕмӕ у, Библийы цы фыст ис, уый ныхмӕ. Адӕм уыцы ахуырадыл кӕй ӕууӕндынц, уый тыххӕй сӕ фидӕнӕй ныфс нӕй. Эволюцийы ахуырадӕн йӕ хъуыды уый мидӕг ис, ӕмӕ цард йӕхи ӕгъдауӕй фӕзынд. Кӕд ӕцӕгдӕр афтӕ у, уӕд, адӕймаг зӕххыл цӕмӕн цӕры, уый бамбарын кӕнӕн нӕй.

3 Уырнӕг адӕмӕй иуӕй-иутӕ та Библийы фыст ныхӕстӕ иууылдӕр ӕмбарынц комкоммӕ. Афтӕ зӕгъынц, зӕгъгӕ, дам, Дун-дуне ӕнӕхъӕнӕй дӕр, уыимӕ зӕхх дӕр ӕмӕ йыл удӕгасӕй цыдӕриддӕр ис, уый дӕр, ӕрмӕстдӕр цалдӕр мин азы размӕ фӕзынд. Сӕ хъуыдымӕ гӕсгӕ, Хуыцау ӕппӕт дӕр сфӕлдыста ӕхсӕз бонмӕ, ома ӕхсӕз суткӕмӕ. Уыцы ахуырад хуыйны креационизм, ӕмӕ йыл чи ӕууӕнды, уыдон ницӕмӕ дарынц, сӕ хъуыдыимӕ разы чи нӕу, ахӕм зонадон бӕлвырдгӕнӕнтӕ. Ӕмӕ кӕд Библийӕн аргъ кӕнынц, уӕддӕр сӕ ахуырады тыххӕй адӕмӕн зын у Хуыцауы Ныхасыл баууӕндын. Цӕмӕн? Уымӕн ӕмӕ сӕ ныхӕстӕм гӕсгӕ афтӕ уайы, ӕмӕ, Библийы цы фыст ис, уый раст нӕу. Ацы ахуырадыл хӕст чи у, уыдон сты, фыццаг ӕнусы чи цард, уыдонӕй кӕйдӕрты хуызӕн – «Хуыцауыл тынг ӕнувыд сты, фӕлӕ, чи у, уый бӕлвырдӕй нӕ зонынц» (Ром. 10:2). Хуыцауы Ныхасы фӕрцы нӕ бон куыд у адӕмӕн ӕмбарын кӕнын, уыцы «фидӕрттӕ», ома эволюцийы ӕмӕ креационизмы ахуырӕдтӕ, раст кӕй не сты, уый? * Хъуамӕ нӕ алчидӕр ӕппӕт хъарутӕй архайа, цӕмӕй, Библийы цы фыст ис, уый бӕлвырдӕй зона.

УЫРНЫНДЗИНАДЫ БЫНДУР – БӔЛВЫРДГӔНӔНТӔ АГУРЫН ӔМӔ АРФ ХЪУЫДЫ КӔНЫН

4. Цӕмӕй нӕ уырнындзинадӕн фидар бындур уа, уый тыххӕй цы хъӕуы?

4 Библи нӕ разӕнгард кӕны, цӕмӕй зонындзинӕдтӕн хӕзнайау аргъ кӕнӕм (Ӕмб. 10:14). Йегъовӕйы нӕ фӕнды, цӕмӕй ӕууӕндӕм адӕмы ӕрымысгӕ ахуырӕдтыл ӕмӕ дины ӕгъдӕуттыл. Уый фӕнды, цӕмӕй нӕ уырнындзинадӕн уа фидар бындур, ома бӕлвырдгӕнӕнтӕ агурӕм ӕмӕ арф хъуыды кӕнӕм. (Бакӕс Дзуттӕгтӕм 11:1.) Фыццаджыдӕр хъуамӕ фидарӕй ӕууӕндӕм, Йегъовӕ кӕй ис, ууыл. (Бакӕс Дзуттӕгтӕм 11:6.) Мах Хуыцауыл ӕууӕндӕм, афтӕ нӕ кӕй фӕнды, уый тыххӕй нӕ, фӕлӕ, бӕлвырдгӕнӕнтӕ кӕй иртасӕм ӕмӕ «арф [кӕй] хъуыды кӕнӕм», уый тыххӕй (Ром. 12:1).

5. Хуыцау кӕй ис, ууыл цӕмӕн ис ӕууӕндӕн?

5 Кӕд Хуыцауы фенӕн нӕй, уӕддӕр, кӕй ис, ууыл фидарӕй цӕмӕн ис ӕууӕндӕн? Апостол Павел уый бамбарын кодта ахӕм ныхӕстӕй: «Цӕстӕй фенӕн кӕй нӕй, йӕ уыцы миниуджытӕ – йе ’нусон тых ӕмӕ, Хуыцау кӕй у, уый – дуне куы сфӕлдыста, уӕдӕй нырмӕ ирдӕй зынынц, уымӕн ӕмӕ бӕрӕг сты йе сконд хъуыддӕгты» (Ром. 1:20). Хуыцау кӕй нӕ уырны, ахӕм адӕймагӕн куыд ис баххуыс кӕнӕн, Павелы ныхӕстӕ раст кӕй сты, уый бамбарынӕн? Дӕ бон у, ӕмӕ йын йӕ хъус ӕрдарай, не Сфӕлдисӕджы тых ӕмӕ зонд йе сконд хъуыддӕгты куыд зынынц, уымӕ.

ХУЫЦАУЫ ТЫХ ЗЫНЫ ЙЕ СКОНД ХЪУЫДДӔГТЫ

6, 7. Йегъовӕйы тых цавӕр дыууӕ хъуыддаджы зыны?

6 Йегъовӕйы тых зыны, зӕххыл цард цы дыууӕ хъуыддаджы фӕрцы хъахъхъӕны, уыдоны. Уыцы дыууӕ хъуыддаджы сты зӕххы атмосферӕ ӕмӕ, «магнитное поле» кӕй хонынц, уыцы тых. Атмосферӕ нын ӕрмӕст уӕлдӕф нӕ дӕтты, фӕлӕ ма нӕ хъахъхъӕны, космосы цы стыр дурты къӕрттытӕ фӕтӕхы, уыдонӕн сӕ фылдӕрӕй. Уыцы къӕрттытӕ зӕхмӕ куы ӕрхауиккой, уӕд стыр зиан ракӕниккой. Фӕлӕ куыддӕр зӕххы атмосферӕмӕ батӕхынц, афтӕ дзы басудзынц. Куы фӕсудзынц, уӕд зӕххыл адӕймаг фены диссаджы рӕсугъд ныв – афтӕ йӕм фӕкӕсы, цыма стъалы ӕрхауди.

7 Зӕххыл ма цард хъахъхъӕны, «магнитное поле» кӕй хонынц, уыцы стыр тых дӕр. Зӕххы хуылфы ис ӕддаг ӕмӕ мидӕггаг апп (ядро). Ӕддаг аппӕн йӕ фылдӕр хай конд у фыцгӕ ӕфсӕйнагӕй, ӕмӕ йӕ фӕрцы фӕзыны уыцы стыр тых. Уыцы тых ӕнӕхъӕн зӕхх дӕр ӕмбӕрзы, ӕмӕ суанг космосмӕ дӕр хӕццӕ кӕны. Уый нӕ хъахъхъӕны хурӕй ӕмӕ дзы цы энерги рацӕуы, уымӕй. Уыцы энергиимӕ рацӕуы тыхджын радиаци дӕр. Фӕлӕ, «магнитное поле» кӕй хонынц, уыцы тых радиаци уромы ӕмӕ йӕ зӕхмӕ нӕ уадзы. Уый фӕрцы зӕхх радиацийӕ нӕ басудзы. Ӕмӕ кӕд уыцы тых цӕстӕй фенӕн нӕй, уӕддӕр рабӕрӕг вӕййы, зӕххы цӕгат ӕмӕ хуссар кӕрон арвыл ӕхсӕвыгон алыхуызон рухсытӕ куы ферттивынц, уӕд («северное полярное сияние» ӕмӕ «южное полярное сияние»). Ӕцӕгдӕр, Йегъовӕ у «стыр тыхы» хицау. (Бакӕс Исайы 40:26.)

ХУЫЦАУЫ ЗОНД БӔРӔГ У ӔРДЗЫ

8, 9. Зӕххыл ӕнусӕй-ӕнусмӕ цард цӕй фӕрцы ис ӕмӕ уымӕй Йегъовӕйы стыр зонд куыд зыны?

8 Йегъовӕйы стыр зонд бӕрӕг у, миназты дӕргъы зӕххыл цард цӕй фӕрцы ис, уыдӕттӕй. Дӕ цӕстытыл-ма ауайын кӕн, цыма цӕрыс, тынг бирӕ адӕм кӕм цӕры ӕмӕ алырдыгӕй дӕр къултӕй ӕхгӕд чи у, ахӕм горӕты. Уыцы горӕтмӕ сыгъдӕг дон дӕр никӕцӕй ис бауадзӕн ӕмӕ дзы бырӕттӕ ӕддӕмӕ акалой, уый фадат дӕр нӕй. Ахӕм горӕтмӕ цыбыр рӕстӕгмӕ фырчъизийӕ бацӕуӕн нал уыдзӕн ӕмӕ дзы цӕрӕг дӕр нал баззайдзӕн. Нӕ зӕхх дӕр абарӕн ис ахӕм горӕтимӕ. Зӕххыл цы дон ис, уымӕй фылдӕр ӕм никӕцӕй ис бауадзӕн ӕмӕ дзы цы бырӕттӕ ӕмӕ чъизитӕ ис, уыдон дӕр космосмӕ тынг зын у акалын. Фӕлӕ уӕддӕр зӕхх, цыдӕриддӕр ыл цӕрӕг ӕмӕ змӕлӕг ис, уыдонӕн ӕнусӕй-ӕнусмӕ дӕтты, цӕрынӕн сӕ цы хъӕуы, уый. Цӕй фӕрцы? Зӕххыл цы бахардз вӕййы, уый зӕхх фӕстӕмӕ йӕхӕдӕг кӕй баххӕст кӕны, уый фӕрцы.

9 Ахъуыды-ма кӕнӕм, зӕхх адӕмӕн ӕмӕ цӕрӕгойтӕн туаггуыр (кислород) куыд дӕтты, ууыл. Зӕххыл цыдӕриддӕр цӕрӕг удтӕ ис, уыдон се ’ппӕт дӕр улӕфынц туаггуыр ӕмӕ фӕстӕмӕ та раулӕфынц ӕвзалытуаг газ (углекислый газ). Ӕмӕ кӕд ӕдзухдӕр улӕфынц, уӕддӕр туаггуыр нӕ фӕвӕййы. Куыд ис уымӕн гӕнӕн? Хабар афтӕ у, ӕмӕ зайӕгойтӕ цъирынц ӕвзалытуаг газ, стӕй сӕхи ӕфсадынц донӕй, хуры тынтӕй ӕмӕ алыхуызон элементтӕй, фӕстӕмӕ та дӕттынц углеводтӕ ӕмӕ туаггуыр. Мах туаггуыр куы сулӕфӕм ӕмӕ фӕстӕмӕ ӕвзалытуаг газ куы раулӕфӕм, уӕд та уыцы хъуыддаг райдайы ногӕй, хонынц ӕй фотосинтез. Уӕдӕ Йегъовӕ алкӕмӕн дӕр «цард дӕр, улӕфт дӕр» дӕтты, цы зайӕгойтӕ скодта, уыдоны фӕрцы (Хъуыд. 17:25). Ӕмӕ уый Йегъовӕйӕн йе стыр зондыл дзурӕг куыннӕ у!

10, 11. Монарх кӕй хонынц, уыцы гӕлӕбу, стӕй цъырцъыраг куыд конд сты, уымӕй Йегъовӕйы стыр зонд куыд зыны?

10 Йегъовӕйы стыр зонд ма зыны, зӕххыл тынг бирӕ цӕрӕгойты куыд сфӕлдыста, уымӕй дӕр. Ахуыргӕндтӕ куыд зӕгъынц, афтӕмӕй зӕххыл ис 2 милуанӕй 100 милуаны онг алыхуызон цӕрӕгойты мыггӕгтӕ. (Бакӕс Псалом 104:24.) Ныртӕккӕ ӕркӕсдзыстӕм, уыцы цӕрӕгойтӕй иуӕй-иутӕ куыд конд сты, уымӕ ӕмӕ уый фӕрцы дӕр фендзыстӕм, Йегъовӕ цы стыр зонды хицау у, уый.

Хуыцауы зонд бӕрӕг у, цъырцъыраджы цӕстытӕ куыд конд сты, уымӕй; разӕй ӕвдыст у, цӕст бирӕ хатт куыд фестырдӕр кодтой, уый (кӕс 11 абзац)

11 Зӕгъӕм, монарх кӕй хонынц, уыцы гӕлӕбуйӕн йӕ магъз судзины хъусы йас йеддӕмӕ нӕу. Фӕлӕ йӕ бон у Канадӕйӕ Мексикӕмӕ 3 000 километры бӕрц атӕхын. Тӕхын ӕй кӕдӕм хъӕуы, уый базоны хурмӕ гӕсгӕ. Фӕлӕ куыд фӕтӕхы, кӕд ӕмӕ хур иу ран нӕ лӕууы, уӕд? Йегъовӕ йын йӕ гыццыл магъз афтӕ скодта, ӕмӕ кӕд хур иу ран нӕ лӕууы, уӕддӕр йӕ бон вӕййы, кӕдӕм ӕй хъӕуы, уырдӕм атӕхын. Кӕнӕ-ма ахъуыды кӕнӕм, цъырцъыраджы (стрекоза) цӕстытӕ куыд конд сты, ууыл. Йӕ дыууӕ цӕстӕй алкӕцыйыл дӕр ис 30 000 линзӕйы бӕрц. Фӕлӕ йӕ гыццыл магъзӕн йӕ бон у, утӕппӕт линзӕтӕй йӕм цы сигналтӕ бацӕуы, уыдон бамбарын ӕмӕ йӕ алыварс цыфӕнды гыццыл фезмӕлд дӕр бафиппайын.

12, 13. Йегъовӕ нын нӕ кълеткӕтӕ куыд скодта, уый диссаг цӕмӕн у?

12 Ноджы диссагдӕр та у, Йегъовӕ адӕмы ӕмӕ цӕрӕгойты кълеткӕтӕ куыд скодта, уый. Зӕгъӕм, дӕ буар конд у иу-100 триллион кълеткӕйӕ. Ӕмӕ уыцы кълеткӕтӕй алкӕцыйы дӕр ис лыстӕг бӕндӕны хуызӕн цыдӕр. Хонынц ӕй ДНК (дезоксирибонуклеиновая кислота). ДНК-йы фыст ис, нӕ буар ӕнӕхъӕнӕй дӕр куыд конд хъуамӕ уа, уыцы информаци.

13 Цас информаци цӕуы ДНК-йы? ДНК-йы иу грамм абарӕм компакт-дискимӕ (CD). Иу компакт-дискыл цӕуы, иу дзырдуаты цыдӕриддӕр информаци ис, уый, кӕд пластикы гыццыл гӕппӕл йеддӕмӕ ницы у, уӕддӕр. Фӕлӕ ДНК-йы иу граммы та ис, триллион компакт-дискыл цас информаци бацӕуид, уыйбӕрц! Хус ДНК-йӕ иу гыццыл уидыджы дзаг куы райсӕм, уӕд дзы уыйбӕрц информаци уаид, ӕмӕ дзы скӕнӕн уаид 2,5 триллион адӕймаджы бӕрц!

14. Ахуыргӕндтӕ цы ног хабӕрттӕ базыдтой, уый дӕ цӕмӕ разӕнгард кӕны?

14 Адӕймаджы буар скӕнынӕн цы информаци хъӕуы, уый паддзах Давид абарста чиныгимӕ. Давид Йегъовӕ Хуыцауы тыххӕй загъта: «Ды мӕ федтай, гуырдз йеддӕмӕ куы ницыма уыдтӕн, уӕд. Дӕ чиныджы фыст уыди, ме уӕнгтӕ иууылдӕр кӕд фӕзындысты, уыцы бонты тыххӕй, кӕд ӕмӕ дзы иу дӕр нӕма уыди, уӕддӕр» (Пс. 139:16). Уӕдӕ Давид, йӕ буар куыд конд у, ууыл куы хъуыды кодта, уӕд ӕй куыннӕ хъуамӕ фӕндыдаид Йегъовӕйы кадджын кӕнын! Фӕстаг азты ахуыргӕндтӕ бирӕ ног хабӕрттӕ базыдтой, адӕймаджы буар куыд конд у, уый тыххӕй, ӕмӕ нӕ уыдӕттӕ ноджы тынгдӕр дисы ӕфтауынц. Мах дӕр разы стӕм, Йегъовӕйы тыххӕй псаломзарӕггӕнӕг цы загъта, уыимӕ: «Кадджын дӕ кӕндзынӕн, уымӕн ӕмӕ, куыд диссаджы конд дӕн, ууыл хъуыды кӕнгӕйӕ мӕ хъуын арц сбады. Дӕ хъуыддӕгтӕ сты диссаг, ӕмӕ уый мӕ уд хорз зоны» (Пс. 139:14). Ӕцӕгдӕр, нӕ алыварс цы диссӕгтӕ ис, уыдон дзурӕг сты, удӕгас Хуыцау кӕй ис, ууыл.

ИННӔТӔН ӔХХУЫС КӔН УДӔГАС ХУЫЦАУЫ КАДДЖЫН КӔНЫНӔН

15, 16. а) Нӕ публикацитӕ адӕмӕн куыд ӕххуыс кӕнынц Йегъовӕйы сконд хъуыддӕгты тыххӕй базонынӕн? ӕ) Рубрикӕйы, «Случайность или замысел?», зӕгъгӕ, цы статьятӕ вӕййы, уыдонӕй дӕ зӕрдӕмӕ тынгдӕр кӕцы фӕцыд?

15 Бирӕ азты дӕргъы журнал «Пробудитесь!» ӕмбарын кӕны, Дун-дунейы цыдӕриддӕр ис, уыдон куыд диссаджы конд сты, уый, ӕмӕ уый фӕрцы милуантӕ бамбӕрстой, Хуыцау кӕй ис. Зӕгъӕм, 2006 азы сентябры номыр хуынди «Существует ли Творец?». Уыцы сӕрмагонд номырӕн йӕ нысан уыди, эволюци ӕмӕ креационизмы ахуырӕдтыл хӕст чи у, уыдонӕн баххуыс кӕнын. Иугонд Штатты филиалмӕ иу хо уыцы номыры тыххӕй ныффыста: «Ацы сӕрмагонд журнал адӕм афтӕ хорз истой, ӕмӕ диссаг. Иу сылгоймаг дзы 20 журналы ракуырдта. Биологийы ахуыргӕнӕг у, ӕмӕ йӕ фӕндыд, цӕмӕй уыцы журнал йӕ ахуырдзаутӕм дӕр уыдаид». Иу ӕфсымӕр та ныффыста: «Хъусын кӕныны хъуыддаджы архайын 1940-ӕм азты кӕронӕй фӕстӕмӕ ӕмӕ мыл тагъд 75 азы сӕххӕст уыдзӕн. Фӕлӕ ацы сӕрмагонд номыр парахат кӕнгӕйӕ куыд цин кодтон, афтӕ никуыма».

16 2008 азӕй фӕстӕмӕ «Пробудитесь!»-ы бирӕ номырты вӕййы рубрикӕ «Случайность или замысел?». Уыцы цыбыр статьяты дзырд фӕцӕуы, Хуыцау цы сфӕлдыста, уыдон куыд диссаг сты, ууыл. Стӕй ма дзы фыст вӕййы, ӕрдзы диссӕгтӕм гӕсгӕ адӕм цытӕ ӕрымысыдысты, уый тыххӕй дӕр. Уымӕй уӕлдай ма 2010 азы райстам брошюрӕ «Была ли жизнь создана?». Цы рӕсугъд нывтӕ ӕмӕ дзы схемӕтӕ ис, уыдон нын ӕххуыс кӕнынц, цӕмӕй Йегъовӕйӕ йе сконд хъуыддӕгты тыххӕй ноджы тынгдӕр бузныг уӕм. Алы хайы кӕрон дӕр дзы цы фарстатӕ ис, уыдоны фӕрцы та адӕймагӕн йӕ бон вӕййы, цы бакаст, ууыл ахъуыды кӕнын. Ацы замманай брошюрӕйӕ хъусын кӕнгӕйӕ фӕпайда кӕныс?

17, 18. а) Ныййарджытӕн сӕ бон куыд у сӕ сывӕллӕттӕн ӕххуыс кӕнын, цӕмӕй Хуыцауы тыххӕй ныфсджындӕрӕй дзурой? ӕ) Брошюрӕтӕй, «Была ли жизнь создана?» ӕмӕ «У истоков жизни», зӕгъгӕ, уӕ бинонты ахуыры рӕстӕг куыд фӕпайда кӕнут?

17 Ныййарджытӕ, ацы диссаджы брошюрӕмӕ уӕ сывӕллӕттимӕ уӕ бинонты ахуыры рӕстӕг ӕркастыстут? Ацы брошюрӕйы фӕрцы уӕ сывӕллӕттӕ ноджы фидардӕрӕй ӕууӕнддзысты, Йегъовӕ удӕгас Хуыцау кӕй у, ууыл. Чи зоны, уӕ сывӕллӕттӕ хистӕр кълӕсты ахуыр кӕнынц. Эволюцийы ахуырад чи амоны, уыдон тынг архайынц, цӕмӕй уын уӕ сывӕллӕтты баууӕндын кӕной, цард йӕхи ӕгъдауӕй кӕй фӕзынд, ууыл. Ахуыргӕндтӕ ӕмӕ ахуыргӕнджытӕ эволюцийы ахуырады тыххӕй афтӕ фӕдзурынц, цыма ӕцӕг хабар у. Стӕй ма уый фехъусӕн вӕййы, ӕрдзы тыххӕй цы документалон кинонывтӕ ӕмӕ передачӕтӕ вӕййы, уыдоны дӕр. Цӕмӕй уӕ сывӕллӕттӕн сӕ бон уа, уыцы ахуырад раст кӕй нӕу, уый ӕмбарын кӕнын, уый тыххӕй сын стыр ӕххуыс уыдзӕн ӕндӕр брошюрӕ – «У истоков жизни. Пять вопросов, которые требуют ответа», уый дӕр рацыд 2010 азы. Ацы брошюрӕ дӕр ӕмӕ брошюрӕ «Была ли жизнь создана?» дӕр кӕстӕрты разӕнгард кӕнынц, цӕмӕй сахуыр уой «хъуыды кӕнын» (Ӕмб. 2:10, 11). Ацы брошюрӕты фӕрцы сын ӕнцондӕр уыдзӕн бамбарын, скъолайы сын цы дзурынц, уый раст у ӕви нӕ.

Ныййарджытӕ, уӕ сывӕллӕтты цӕттӕ кӕнут, цӕмӕй сӕ уырнындзинады тыххӕй ныфсджынӕй дзурой (кӕс 17 абзац)

18 Иуӕй-иу хатт ног хабӕртты фӕзӕгъынц, ахуыргӕндтӕ, дам, ссардтой рагон цӕрӕгойты стджытӕ ӕмӕ, дам, уыдон бӕлвырд кӕнынц, эволюцийы ахуырад раст кӕй у. Кӕнӕ та фӕзӕгъынц, ахуыргӕндтӕ, дам, сӕ лабораториты сбӕлвырд кодтой, цард йӕхи ӕгъдауӕй кӕй фӕзынд. Брошюрӕ «У истоков жизни» афтӕ арӕзт у, ӕмӕ скъоладзаутӕн ӕххуыс кӕны, уыцы хабӕрттӕ ӕцӕг сты ӕви нӕ, уый сбӕлвырд кӕнынӕн. Ныййарджытӕ, ацы брошюрӕты фӕрцы уӕ сывӕллӕттӕн ӕххуыс кӕнут, цӕмӕй, Сфӕлдисӕг кӕй ис, ууыл фидарӕй ӕууӕндой ӕмӕ уый тыххӕй иннӕтимӕ дӕр ныфсджындӕрӕй ныхас кӕной. (Бакӕс 1 Петры 3:15.)

19. Алчидӕр нӕ йӕхицӕн стыр кадыл цы нымайы?

19 Нӕ публикациты Хуыцауы сконд хъуыддӕгты тыххӕй бирӕ ӕрмӕг вӕййы, ӕмӕ сӕ лӕмбынӕг куы иртасӕм, уӕд бирӕ цыдӕртӕ базондзыстӕм Йегъовӕйы рӕсугъд миниуджыты тыххӕй. Уыцы фидар бӕлвырдгӕнӕнтӕ нӕ разӕнгард кӕнынц, цӕмӕй Йегъовӕйы ӕппӕт зӕрдӕйӕ кадджын кӕнӕм (Пс. 19:1, 2). Мах нӕхицӕн стыр кадыл нымайӕм, нӕ бон кӕй у Дунесфӕлдисӕг Хуыцау Йегъовӕйы кадджын кӕнын. Йегъовӕ ӕцӕгдӕр у уый аккаг! (1 Тим. 1:17).

^ 3 абз. Креационизмы ахуырадыл хӕст чи у, уыдонимӕ куыд ис ныхас кӕнӕн, уый тыххӕй дзырд цӕуы брошюрӕйы «Была ли жизнь создана?», 24–28 фӕрстӕ.