Сӕйраг ӕрмӕгмӕ рахиз

Сӕргӕндтӕм рахиз

Йегъовӕйы ӕвӕрд фыййӕуттӕм хъусут

Йегъовӕйы ӕвӕрд фыййӕуттӕм хъусут

«Разамынд уын чи дӕтты, уыдон ӕдзухдӕр сымахыл тыхсынц, уымӕн ӕмӕ сӕ сымах тыххӕй дзуапп раттын хъӕудзӕн. Ӕмӕ сӕм уӕдӕ хъусут ӕмӕ сӕ коммӕ кӕсут» (ДЗУТ. 13:17).

1, 2. Йегъовӕ йӕхи фыййауимӕ цӕмӕн бары?

БИБЛИЙЫ Йегъовӕ йӕхи бары фыййауимӕ (Йез. 34:11–14). Ӕмӕ уый фӕрцы хуыздӕр ӕмбарӕм, цавӕр Хуыцау у, уый. Хорз фыййау зоны, йӕ бӕрны чи ис, уыцы фысты тыххӕй дзуапп кӕй дӕтты. Уый сӕ фӕкӕны сойджын хизӕнтӕм ӕмӕ, дон кӕм ис, ахӕм рӕттӕм (Пс. 23:1, 2); йӕ хъус сӕм фӕдары боныгон дӕр ӕмӕ ӕхсӕвыгон дӕр (Лук. 2:8); фӕхъахъхъӕны сӕ хъӕддаг сырдтӕй (1 Сам. 17:34, 35); ноггуырд уӕрыччыты йӕ хъӕбысы фӕхӕссы (Ис. 40:11); чи адзӕгъӕл, уыцы фысты агурӕг ацӕуы ӕмӕ сӕ рынчын чи у, уыдонмӕ базилы (Йез. 34:16).

2 Рагзаманты Йегъовӕйы адӕмӕн сӕ фылдӕр фыстӕ кӕй дардтой ӕмӕ зӕххы куыст кӕй кодтой, уымӕ гӕсгӕ сын зын бамбарӕн нӕ уыд, Йегъовӕ Хуыцау йӕхи фыййауимӕ цӕмӕн бары, уый. Уыдон зыдтой, фыстӕм кӕсын кӕй хъӕуы, цӕмӕй сын тӕссаг мацӕмӕй уа. Раст афтӕ адӕмы дӕр хъӕуы, цӕмӕй сӕм Йегъовӕ йӕ хъус дара ӕмӕ сын разамынд дӕтта (Мар. 6:34). Адӕмӕн хорз разамынд куы нӕ вӕййы, уӕд масты хай фӕвӕййынц. Нӕ фӕзонынц, раст цы у ӕмӕ цы нӕу, уый ӕмӕ сӕ бӕллӕхтӕй чи бахъахъхъӕна, уый дӕр сын нӕ вӕййы. Раст «ӕнӕфыййау фыстау» вӕййынц (1 Пад. 22:17). Фӕлӕ Йегъовӕ йӕ адӕмы уарзы ӕмӕ сыл тыхсы.

3. Ацы статьяйы цӕмӕ ӕркӕсдзыстӕм?

3 Абон мах дӕр ӕмбарӕм, Йегъовӕйы фыййауимӕ цӕмӕн ис абарӕн, уый. Йегъовӕ ныр дӕр йӕ адӕмыл тыхсы, хорз фыййау йӕ фыстыл куыд фӕтыхсы, афтӕ. Ацы статьяйы ӕркӕсдзыстӕм, Хуыцау нын разамынд куыд дӕтты ӕмӕ ныл куыд тыхсы, уымӕ. Стӕй ма базондзыстӕм, цы хъуамӕ аразӕм, цӕмӕй нын нӕ уарзӕгой Фыййауы разамынд пайда хӕсса.

ХОРЗ ФЫЙЙАУ ЙӔХИЦӔН РАВЗӔРСТА ӔХХУЫСГӔНДЖЫТӔ

4. Йесо Йегъовӕйы фыстыл куыд тыхсы?

4 Йегъовӕ Йесойы сӕвӕрдта чырыстон ӕмбырды сӕргъы (Еф. 1:22, 23). Йесо у «хорз фыййау», уымӕн ӕмӕ алцӕмӕйдӕр у йӕ Фыды хуызӕн. Уый Хуыцауы фысты уарзы ӕмӕ сыл тыхсы. Суанг ма «йӕ уд [дӕр] радта фысты сӕрвӕлтау» (Иоан. 10:11, 15). Чырыстийы нывонд адӕмӕн у стыр арфӕдзинад (Матф. 20:28). Йегъовӕйы фӕндон у, цӕмӕй, Йесойыл «чидӕриддӕр ӕууӕнда, уый ма фесӕфа, фӕлӕ ӕнусон цардӕй хайджын уа» (Иоан. 3:16).

5, 6. а) Йесо йӕ фысты кӕй бар бакодта? Цы хъуамӕ аразӕм, цӕмӕй нын уый пайда хӕсса? ӕ) Хистӕр нӕлгоймӕгтӕм сӕйраджыдӕр цӕмӕн хъусӕм?

5 Нӕ бон куыд у равдисын, Йесо Чырыстийы нӕ Фыййауыл кӕй нымайӕм? Йесо загъта: «Мӕ фыстӕ хъусынц мӕ хъӕлӕсмӕ, ӕмӕ сӕ ӕз зонын, ӕмӕ уыдон цӕуынц мӕ фӕдыл» (Иоан. 10:27). Йесойы хъӕлӕсмӕ хъусын нысан кӕны алы хъуыддаджы дӕр йӕ разамындмӕ гӕсгӕ архайын. Ӕмӕ уымӕ хауы, йӕхицӕн ӕххуысгӕнджытӕй кӕй равзӕрста, уыцы фыййӕутты коммӕ кӕсын дӕр. Йесо куыд загъта, афтӕмӕй йӕ апостолтӕ ӕмӕ йӕ ахуыргӕнинӕгтӕ хъуамӕ адарддӕр кодтаиккой, йӕхӕдӕг кӕй райдыдта, уыцы куыст. Уыдон хъуамӕ Йесойы «гыццыл фыстӕм кастаиккой» ӕмӕ сӕ «ахуыр кодтаиккой». (Бакӕс Иоанны 21:15–17; Матф. 28:20.) Хорз хабар ӕгас зӕххыл дӕр хъуыстгонд кӕй цӕуы, уый фӕрцы Йесойы ахуыргӕнинӕгтӕ фылдӕрӕй-фылдӕр кӕнынц. Ӕмӕ уымӕ гӕсгӕ Йесо равзӕрста фӕлтӕрд чырыстӕтты, цӕмӕй ӕмбырдтӕм сӕ хъус дарой (Еф. 4:11, 12).

6 Фӕстӕдӕр апостол Павел Ефесы ӕмбырды цӕстдарджытӕн сӕ зӕрдыл ӕрлӕууын кодта, Хуыцауы сыгъдӕг тых сӕ кӕй «сӕвӕрдта фыййӕуттӕй, цӕмӕй хизой Хуыцауы дзуг» (Хъуыд. 20:28). Абон дӕр хистӕр нӕлгоймӕгты снысан кӕнынц сыгъдӕг тыхы разамындӕй. Цӕмӕн ис афтӕ зӕгъӕн? Уымӕн ӕмӕ сӕм вӕййы, Библимӕ гӕсгӕ цӕстдарджытӕм цы миниуджытӕ хъуамӕ уа, уыцы миниуджытӕ. Уӕдӕ сӕм кӕй хъусӕм, уымӕй ӕвдисӕм, нӕ кадджын Фыййӕуттӕ Йегъовӕ ӕмӕ Йесойӕн кӕй аргъ кӕнӕм (Лук. 10:16). Кӕй зӕгъын ӕй хъӕуы, сӕйраджыдӕр уый тыххӕй хъусӕм хистӕр нӕлгоймӕгтӕм. Фӕлӕ ма уымӕн ис ӕндӕр аххосӕгтӕ дӕр.

7. Хистӕр нӕлгоймӕгтӕ дын куыд ӕххуыс кӕнынц, цӕмӕй Йегъовӕимӕ ӕнгом уай?

7 Хистӕр нӕлгоймӕгтӕ нын цы ныфсы ныхӕстӕ фӕзӕгъынц ӕмӕ нын цы уынаффӕтӕ фӕдӕттынц, уыдон вӕййынц, Библи цы дзуры, уымӕ гӕсгӕ. Сӕ нысан уый нӕ вӕййы, цӕмӕй нын амоной, куыд цӕргӕ нын у, уый (2 Кор. 1:24). Сӕ нысан у, цӕмӕй нын Библийы фӕрцы раст уынаффӕтӕ хӕссынӕн баххуыс кӕной, стӕй цӕмӕй ӕмбырды алцыдӕр уаг ӕмӕ ӕгъдауыл уа ӕмӕ не ’хсӕн уа фарн (1 Кор. 14:33, 40). Библийы фыст ис, зӕгъгӕ, хистӕр нӕлгоймӕгтӕ «ӕдзухдӕр сымахыл тыхсынц». Уый ууыл дзурӕг у, ӕмӕ сӕ тынг фӕнды, цӕмӕй ӕмбырды алчидӕр Йегъовӕимӕ ӕнгом уа. Ӕмӕ хо кӕнӕ ӕфсымӕрӕн «рӕдыд къахдзӕф» саразынӕй тӕссаг куы вӕййы кӕнӕ та йӕ куы саразы, уӕд ӕвӕстиатӕй бацархайынц, цӕмӕй йын баххуыс кӕной (Гал. 6:1, 2; Иуд. 22). Уӕдӕ нын «разамынд... чи дӕтты, уыдоны» коммӕ куыннӕ хъуамӕ кӕсӕм. (Бакӕс Дзуттӕгтӕм 13:17.)

8. Хистӕр нӕлгоймӕгтӕ Хуыцауы дзуг куыд хъахъхъӕнынц?

8 Апостол Павел йӕхӕдӕг дӕр уыди хистӕр нӕлгоймаг. Уый Колоссты ӕмбырдмӕ ныффыста: «Уӕхи хъахъхъӕнут, цӕмӕй уӕ зондджын ныхӕстӕй ӕмӕ хинӕйбыд, афтид ахуырӕдтӕй мачи асайа ӕмӕ уӕ ма ӕрцахса. Уыдӕттӕ Чырыстийы ахуырадыл не ’нцайынц, фӕлӕ адӕймаджы ӕрымысгӕ ӕгъдӕуттыл ӕмӕ ацы дунейы уагӕвӕрдтыл» (Кол. 2:8). Ацы ныхӕстӕй дӕр ис бамбарӕн, хистӕр нӕлгоймӕгтӕм ма ноджыдӕр цӕмӕн хъӕуы хъусын, уый. Ӕмбырды цӕстдарджытӕ нӕ фӕдзӕхсынц, цӕмӕй нӕхи хизӕм, нӕ уырнындзинадӕн тӕссаг кӕмӕй у, уыдонӕй, ӕмӕ нӕ афтӕмӕй хъахъхъӕнынц. Апостол Петр дӕр йе ’мчырыстӕттӕм фыста «мӕнг пехуымпарты» ӕмӕ «мӕнг ахуыргӕнджыты» тыххӕй, зӕгъгӕ, «лӕмӕгъ чи у, уыдоны рӕдийын кӕнынц» (2 Пет. 2:1, 14). Ӕмӕ абон дӕр хистӕр нӕлгоймӕгтӕ хъуамӕ хотӕ ӕмӕ ӕфсымӕрты фӕдзӕхсой, ахӕм хабӕрттӕй сын тӕссаг куы уа, уӕд. Уыцы цӕстдарджытӕ сты фӕлтӕрд чырыстӕттӕ. Стӕй сӕ цалынмӕ хистӕр нӕлгоймӕгтӕй не снысан кӕнынц, уӕдмӕ дӕр бӕрӕг вӕййы, Библи хорз кӕй зонынц ӕмӕ сӕ бон кӕй у «раст ахуырад» амонын (1 Тим. 3:2; Тит. 1:9). Хистӕр нӕлгоймӕгтӕ фӕлтӕрд ӕмӕ ӕмбаргӕ кӕй сты, стӕй Хуыцауы зондӕй кӕй архайынц, уый фӕрцы сӕ бон у дзугӕн хорз разамынд дӕттын.

Фыййау йӕ дзуг куыд фӕхъахъхъӕны, афтӕ хистӕр нӕлгоймӕгтӕ дӕр хъахъхъӕнынц, сӕ бар сын кӕй бакодтой, уыдоны (кӕс 8 абзац)

ХОРЗ ФЫЙЙАУ ЙӔ ФЫСТЫ ӔФСАДЫ ӔМӔ СӔ ХЪАХЪХЪӔНЫ

9. Нӕ рӕстӕджы чырыстон ӕмбырдӕн разамынд ӕмӕ уырнындзинад фидаргӕнӕн хӕринаг лӕвӕрд куыд цӕуы?

9 Йегъовӕ йӕ организацийы уылты йӕ адӕмӕн се ’ппӕтӕн дӕр парахатӕй дӕтты, уырнындзинад чи фидар кӕны, ахӕм хӕринаг. Нӕ литературӕйы вӕййы бирӕ хорз уынаффӕтӕ Библийӕ. Стӕй ма нӕ организаци рӕстӕгӕй-рӕстӕгмӕ разамынд фӕдӕтты хистӕр нӕлгоймӕгтӕн сӕхицӕн дӕр, зӕгъӕм, фыстӕджыты уылты кӕнӕ цӕуӕг цӕстдарджыты уылты. Ӕппӕт уыдӕтты фӕрцы Йегъовӕйы фыстӕн алкӕддӕр вӕййы хорз разамынд.

10. Хотӕ ӕмӕ ӕфсымӕртӕй исчи ӕмбырдтӕм куы нал цӕуа, уӕд хистӕр нӕлгоймӕгтӕ цы хъуамӕ саразой?

10 Хорз фыййау йӕ фысты хъахъхъӕны ӕмӕ сӕм зилы. Ӕмӕ хистӕр нӕлгоймӕгтӕн дӕр сӕ хӕс у, цӕмӕй-иу баххуыс кӕной, йӕ уырнындзинад кӕмӕн ӕрлӕмӕгъ кӕнӕ тӕригъӕд чи ракодта, уыдонӕн. (Бакӕс Иаковы 5:14, 15.) Чи зоны, уыцы хотӕ ӕмӕ ӕфсымӕртӕй чидӕртӕ ӕмбырдтӕм нал цӕуынц ӕмӕ Хуыцауӕн нал лӕггад кӕнынц. Ахӕм уавӕры хистӕр нӕлгоймаг хъуамӕ, йӕ бон цыдӕриддӕр у, уый сараза, цӕмӕй, чи адзӕгъӕл, уыцы фысты ссара ӕмӕ сӕ баразӕнгард кӕна, цӕмӕй фӕстӕмӕ дзугмӕ, ома ӕмбырдмӕ, ӕрбаздӕхой. Йесо загъта: «Мӕ уӕларвон Фыды... нӕ фӕнды, цӕмӕй ацы гыццылтӕй иу дӕр фесӕфа» (Матф. 18:12–14).

ХИСТӔР НӔЛГОЙМӔГТЫ ХЪӔНДЗИНӔДТӔМ ЦЫ ЦӔСТӔЙ ХЪУАМӔ КӔСӔМ?

11. Иуӕй-иутӕн хистӕр нӕлгоймӕгты коммӕ кӕсын зын цӕмӕн вӕййы?

11 Йегъовӕ ӕмӕ Йесо сты ӕххӕст Фыййӕуттӕ, фау ӕрхӕссӕн сӕм ӕппындӕр ницӕмӕй ис. Фӕлӕ хистӕр нӕлгоймӕгтӕй та уый зӕгъӕн нӕй. Ӕмӕ уый тыххӕй кӕмӕндӕрты, чи зоны, зын уа сӕ коммӕ кӕсын. Гӕнӕн ис, ӕмӕ афтӕ хъуыды кӕной: «Уыдон дӕр мах хуызӕн ӕнӕххӕст адӕймӕгтӕ сты. Цӕмӕн сӕм хъуамӕ хъусӕм?» Хистӕр нӕлгоймӕгтӕ ӕцӕгдӕр ӕнӕххӕст сты. Фӕлӕ сын хъуамӕ сӕ рӕдыдтытӕм ӕмӕ сӕ хъӕндзинӕдтӕм раст цӕстӕй кӕсӕм.

12, 13. а) Йегъовӕ рагзаманты йӕ адӕмӕн разамынд кӕй уылты лӕвӕрдта, уыдонӕй иуӕй-иутӕ цавӕр рӕдыдтытӕ сарӕзтой? ӕ) Сӕ рӕдыдтыты тыххӕй Библийы фыст цӕмӕн ӕрцыд?

12 Библийы ӕргом фыст ис, Йегъовӕ рагзаманты йӕ адӕмӕн разамынд кӕй уылты лӕвӕрдта, уыцы адӕймӕгты рӕдыдтыты тыххӕй. Зӕгъӕм, Хуыцау Давиды Израилӕн паддзахӕй сӕвӕрдта. Фӕлӕ фӕстӕдӕр уый Хуыцауы раз уӕззау тӕригъӕд ракодта – кӕйдӕр усимӕ ӕмуат ӕрцыд ӕмӕ йын йӕ лӕджы та амарын кодта (2 Сам. 12:7–9). Ӕркӕсӕм-ма апостол Петры хабармӕ дӕр. Кӕд чырыстон ӕмбырды ахсджиаг хӕстӕ ӕххӕст кодта, уӕддӕр стыр рӕдыдтытӕ сарӕзта (Матф. 16:18, 19; Иоан. 13:38; 18:27; Гал. 2:11–14). Уӕвгӕ, Адам ӕмӕ Евӕйы фӕстӕ Йесойы йеддӕмӕ иу адӕймаг дӕр ӕххӕст нӕ уыд.

13 Цымӕ Йегъовӕ Библийы цӕмӕн ныффыссын кодта, разамонджытӕй-иу йӕхӕдӕг кӕй равзӕрста, уыдоны рӕдыдтыты тыххӕй? Иу уый, ӕмӕ йӕ афтӕмӕй фӕндыд бамбарын кӕнын, йӕ бон кӕй у ӕнӕххӕст адӕймӕгты уылты дӕр йӕ адӕмӕн разамынд дӕттын. Ӕмӕ, уӕвгӕ, алкӕддӕр афтӕ кодта. Уӕдӕ нын разамынд чи дӕтты, уыдоны хъӕндзинӕдтӕ нын ӕфсон хъуамӕ ма уой, цӕмӕй сыл хъуыр-хъуыр кӕнӕм ӕмӕ сӕ мацӕмӕ дарӕм. Йегъовӕ домы, цӕмӕй уыцы ӕфсымӕртӕн кад кӕнӕм ӕмӕ сӕ коммӕ кӕсӕм. (Бакӕс Рацыд 16:2, 8.)

14, 15. Цӕуыл ахуыр кӕнӕм, рагзаманты Йегъовӕ йӕ адӕмӕн разамынд куыд лӕвӕрдта, уымӕй?

14 Абон нын разамынд чи дӕтты, уыдоны коммӕ кӕсын тынг ахсджиаг у. Ахъуыды-ма кӕн, рагзаманты-иу Йегъовӕ йӕ адӕмӕн зын рӕстӕджыты разамынд куыд лӕвӕрдта, ууыл. Израилӕгтӕ Египетӕй куы рацыдысты, уӕд сын Хуыцау разамынд лӕвӕрдта Моисей ӕмӕ Аароны уылты. Зӕгъӕм, цӕмӕй израилӕгтӕн дӕсӕм ӕфхӕрд мацы зиан ракодтаид, уый тыххӕй сӕ хъуыди бӕлвырд амындтӕм гӕсгӕ архайын. Хъуамӕ нысангонд изӕр уӕрыкк аргӕвстаиккой ӕмӕ ӕхсӕвӕр скодтаиккой, уӕрыччы тугӕй та хъуамӕ сӕ дуары тарвӕзтыл ӕмӕ дуары сӕрмӕ ӕвӕрд хъӕдыл бапырх кодтаиккой. Цымӕ сӕм уӕд Хуыцау уӕлӕрвтӕй ӕрдзырдта ӕмӕ сын йӕхӕдӕг загъта, цы аразын сӕ хъуыд, уый? Нӕ, израилӕгтӕ хъуамӕ байхъуыстаиккой хистӕр лӕгтӕм. Ӕмӕ уыдонӕн та амындтӕ радта Моисей (Рац. 12:1–7, 21–23, 29). Уыцы рӕстӕг Моисей ӕмӕ хистӕр лӕгтӕ уыдысты Хуыцауы минӕвӕрттӕ. Абон та Йегъовӕ чырыстӕттӕн разамынд дӕтты хистӕр нӕлгоймӕгты уылты.

15 Йегъовӕ-иу йӕ адӕмӕн цавӕрдӕр адӕймаджы кӕнӕ зӕды уылты амындтӕ куыд радта ӕмӕ-иу уый фӕрцы куыд фервӕзтысты, ахӕм хабӕрттӕ ма Библийы ӕндӕр рӕтты дӕр ис фыст. Йегъовӕ-иу ӕндӕр кӕмӕндӕр радта уый бар, цӕмӕй йӕ номӕй дзырдтаид ӕмӕ зын рӕстӕг йӕ адӕмӕн разамынд лӕвӕрдтаид. Ӕмӕ фидарӕй зӕгъӕн ис, Армагеддоны рӕстӕг дӕр Йегъовӕ афтӕ кӕй архайдзӕн. Фӕлӕ, кӕй зӕгъын ӕй хъӕуы, Йегъовӕйы организацийы алыхуызон хӕстӕ чи ӕххӕст кӕны, уыцы хистӕр нӕлгоймӕгтӕ се ’ппӕт дӕр хъуамӕ уой къӕрцхъус, цӕмӕй сӕ бартӕй раст пайда кӕной.

ИУ ДЗУГ, ИУ ФЫЙЙАУ

16. Цавӕр «хъӕлӕсмӕ» хъуамӕ хъусӕм?

16 Йегъовӕйы адӕм сты «иу дзугӕй» ӕмӕ сын ис «иу фыййау» (Иоан. 10:16). Йесо йӕ ахуыргӕнинӕгтӕн загъта, зӕгъгӕ, «цалынмӕ ацы цардӕвӕрды кӕрон не ’рцӕуа, уӕдмӕ ӕз алы бон дӕр уыдзынӕн уемӕ» (Матф. 28:20). Ныр Йесо уӕлӕрвты у Паддзах ӕмӕ тагъд Хӕйрӕджы дунейӕн кӕрон скӕндзӕн. Ӕмӕ уӕдмӕ цы хабӕрттӕ хъуамӕ ӕрцӕуа, уыдоныл се ’ппӕтыл дӕр йӕ бар цӕуы. Цӕмӕй Хуыцауы дзугӕй ма адзӕгъӕл уӕм ӕмӕ нын тӕссаг мацӕмӕй уа, уый тыххӕй хъуамӕ хъусӕм, Исайы чиныджы цы «хъӕлӕсы» кой ис, уымӕ. Исай ныффыста: «Дӕ фӕстӕ хъусдзынӕ хъӕлӕс: „Мӕнӕ фӕндаг. Цӕут ацы фӕндагыл“». Уыцы «хъӕлӕс» у, Хуыцауы сыгъдӕг тых нын Библийы уылты цы амоны, уый, стӕй нын Йегъовӕ ӕмӕ Йесо се ’взӕрст фыййӕутты уылты цы разамынд дӕттынц, уый дӕр. (Бакӕс Исайы 30:21; Раргомад 3:22.)

Иу ныййарӕг йеддӕмӕ кӕм нӕй, уыцы бинонтӕн хистӕр нӕлгоймӕгтӕ ӕххуыс кӕнынц сӕхи ӕвзӕр ӕмбӕлттӕй бахъахъхъӕнынӕн (кӕс 17, 18 абзацтӕ)

17, 18. а) Хуыцауы дзугӕн тӕссаг цӕмӕй у, фӕлӕ фидарӕй цы зонӕм? ӕ) Иннӕ статьяйы дзырд цӕуыл цӕудзӕн?

17 Библийы Хӕйрӕджы тыххӕй фыст ис, зӕгъгӕ, «богътӕгӕнаг домбайау разил-базил кӕны ӕмӕ агуры, кӕй аныхъуыра, уый» (1 Пет. 5:8). Уый ӕххормаг тугдзых сырды хуызӕн Хуыцауы дзуджы алыварс разил-базил кӕны ӕмӕ фадат агуры, цӕмӕй, къӕрцхъус чи нӕу кӕнӕ дзугӕй чи адзӕгъӕл, уыдоныл йӕхи ныццӕва. Уымӕ гӕсгӕ хъуамӕ лӕмбынӕг уӕм, цӕмӕй дзугӕй ма адард уӕм ӕмӕ нын «нӕ удтӕ... чи хъахъхъӕны, уыцы фыййаумӕ», ома Йегъовӕмӕ, хъусӕм (1 Пет. 2:25). Раргомады 7:17 фыст ис, стыр бӕллӕхы сӕрты чи ахиздзӕн, уыдоны тыххӕй, зӕгъгӕ сӕ Йесо «хиздзӕн ӕмӕ сӕ кӕндзӕн царды суадӕттӕм» ӕмӕ сын «Хуыцау ныссӕрфдзӕн сӕ цӕссыгтӕ». Уымӕй стырдӕр арфӕдзинад ма цы хъуамӕ уа!

18 Куыд федтам, афтӕмӕй хистӕр нӕлгоймӕгтыл ис стыр хӕс – Хуыцауы дзугмӕ кӕсын. Уӕдӕ уыцы бӕрнон ӕфсымӕртӕ цы хъуамӕ аразой, цӕмӕй Йесойы фыстӕм, куыд ӕмбӕлы, афтӕ кӕсой? Уый базондзыстӕм иннӕ статьяйӕ.