БИОГРАФИ
Ӕххӕстрӕстӕг кӕй лӕггад кӕнын, уый мын бирӕ хорздзинӕдтӕ ӕрхаста
Ныр 65 азы ӕххӕстрӕстӕг кӕй лӕггад кӕнын, ууыл хъуыды кӕнгӕйӕ мӕ бон фидарӕй зӕгъын у, диссаджы цард кӕй фӕцардтӕн. Афтӕ нӕ зӕгъын, ӕмӕ маст никуы бавзӕрстон кӕнӕ мӕ ныфс никуы асаст (Пс. 34:12; 94:19). Фӕлӕ уӕддӕр уый уыд ӕппӕты хуыздӕр ӕмӕ арфӕйагдӕр цард!
1950 азы 7 сентябры райдыдтон Бруклины Вефилы лӕггад кӕнын. Уыцы рӕстӕг дзы лӕггад кодта 355 ӕфсымӕр ӕмӕ хойы. Уыдысты алы ӕмӕ алыхуызон адӕмыхӕттытӕй, стӕй алыхуызон кары – 19 азӕй 80 азы онг. Бирӕтӕ сӕ уыдысты сӕрст чырыстӕттӕ.
ЙЕГЪОВӔЙӔН ЛӔГГАД КӔНЫН КУЫД РАЙДЫДТОН
Мӕ мад Йегъовӕйӕн лӕггад кӕнын райдыдта, гыццыл ма куы уыдтӕн, уӕд. Ӕмӕ мӕ мады руаджы ӕз дӕр нӕ «амондджын Хуыцауӕн» лӕггад кӕнын райдыдтон (1 Тим. 1:11). 1939 азы 1 июлы Колумбусы (штат Небраскӕ, АИШ) уыди зоналон конгресс (раздӕр афтӕ хуыдтой районон конгресстӕ), ӕмӕ уым райстон донаргъуыд. Уӕд мыл цыди дӕс азы. Иу-сӕдӕ адӕймагӕй ӕрӕмбырд стӕм, ӕфсымӕртӕ кӕй баххуырстой, уыцы агъуысты, цӕмӕй байхъуыстаиккам Джозеф Рутерфорды раныхасы записьмӕ, «Фашизм ӕви сӕрибардзинад?», зӕгъгӕ. Раныхасӕн йе ’мбисмӕ куы байхъуыстам, уӕд, цы гыццыл залы уыдыстӕм, уый ӕдде адӕм ӕрӕмбырд. Уыдон нӕм мидӕмӕ ӕрбабырстой, не ’мбырд нын кӕронмӕ ауадзын нӕ бауагътой ӕмӕ нӕ уыцы горӕтӕй ратардтой. Уӕд мах ӕрӕмбырд стӕм, уыцы горӕтмӕ хӕстӕг не ’фсымӕртӕй сӕ иуӕн цы хӕдзар уыди, уым, ӕмӕ программӕмӕ кӕронмӕ байхъуыстам. Ахӕм хабӕртты фӕстӕ мӕ мӕ донаргъуыды бон куыд хъуамӕ ферох уыдаид!
Мӕ мад зӕрдиагӕй архайдта, цӕмӕй рӕстдзинад мӕ зӕрдӕйы ӕрфидар уыдаид. Мӕ фыд хорз адӕймаг уыд ӕмӕ махӕн дӕр, йӕ бинонтӕн, хорз уыд. Фӕлӕ йӕ динтӕ нӕ цымыдис кодтой, стӕй йын уӕлдай нӕ уыд, Хуыцауы хъуыддӕгты архайын ӕви нӕ, уый дӕр. Фӕлӕ мын мӕ мад ӕмӕ Омахӕйы ӕмбырды хотӕ ӕмӕ ӕфсымӕртӕ тынг баххуыс кодтой, цӕмӕй рӕстдзинады фӕндагыл размӕ цыдаин.
МӔ ЦАРД КУЫД АРАЗДЗЫНӔН, УЫЙ КУЫД АСКЪУЫДДЗАГ КОДТОН
Скъола куы фӕуд кодтон, уӕд мӕ хъуыди аскъуыддзаг кӕнын, дарддӕр цы араздзынӕн, уый. Ӕнӕуи-иу алы аз дӕр сӕрдыгон каникулты рӕстӕг ме ’мгар хотӕ ӕмӕ ӕфсымӕртимӕ лӕггад кодтон ӕххуысгӕнӕг пионерӕй.
Уыцы рӕстӕг нӕм цӕуӕг цӕстдарджытӕй снысан кодтой дыууӕ ӕрыгон ӕнӕус ӕфсымӕры – Джон Чимиклисы ӕмӕ Тед Ярачы. Уыдон каст фесты Галаады скъолайы ӕвдӕм кълас. Сӕ дыууӕйыл дӕр цыди 20 азӕй гыццыл фылдӕр, ӕмӕ уый куы базыдтон, уӕд тынг бадис кодтон. Мӕныл та уӕд цыди 18 азы ӕмӕ тагъд хъуамӕ скъола фӕуыдаин. Ныр дӕр ма йӕ хъуыды кӕнын, ӕфсымӕр Чимиклис мӕ куыд бафарста, дарддӕр дӕм цы пълӕнттӕ ис, зӕгъгӕ. Ӕмӕ йын мӕ пълӕнтты тыххӕй куы радзырдтон, уӕд мын загъта: «Тынг хорз! Райдай ӕххӕстрӕстӕг лӕггад кӕнын. Ӕмӕ йӕ фендзынӕ, уый дын куыд бирӕ хорздзинӕдтӕ ’рхӕсдзӕн». Уыцы ныхӕстӕ мын мӕ зӕрдӕ тынг бацагайдтой, стӕй мын сӕ дыууӕйы цӕвиттон дӕр стыр ӕххуыс фӕци. Ӕмӕ 1948 азы, скъола куы фӕдӕн, уый фӕстӕ, ӕххӕстрӕстӕг пионерӕй лӕггад кӕнын райдыдтон.
ВЕФИЛЫ ЛӔГГАД КӔНЫН КУЫД РАЙДЫДТОН
1950 азы июлы мӕ ныййарджытимӕ ацыдтӕн, горӕт Нью-Йорчы стадион «Янки»-йы чи цыди, уыцы ӕхсӕнадӕмон конгресмӕ. Уым бацыдтӕн, Вефилы лӕггад кӕнын кӕй фӕндыд, уыдонӕн цы фембӕлд уыди, уырдӕм. Уыцы фембӕлды анкетӕ райстон, байдзаг ӕй кодтон ӕмӕ йӕ стӕй арвыстон.
Пионерӕй кӕй лӕггад кодтон ӕмӕ мӕ ныййарджыты хӕдзары кӕй цардтӕн, уый тыххӕй мын мӕ фыд никуы ницы загъта. Фӕлӕ йӕ фӕндыд, цӕмӕй сын ӕхцайӕ гыццыл ӕххуыс кодтаин. Ӕмӕ иубон, августы райдианы, нӕхицӕй куыст агурӕг куы рацӕйцыдтӕн, уӕд нӕ почтӕйы асыкмӕ бауадтӕн ӕмӕ дзы федтон мӕ номыл ӕрвыст писмо Бруклинӕй. Уыцы писмо уыди Нейтан Норрӕй, ӕмӕ дзы фыст уыд: «Дӕ анкетӕ дын райстам. Куыд бамбӕрстон, афтӕмӕй цӕттӕ дӕ Вефилы цӕрӕнбонты лӕггад кӕнынмӕ. Хорз уаид, 1950 азы 7 сентябры Вефилмӕ куы ’рбацӕуис. Мӕнӕ нӕ адрис: Нью-Йорк, Бруклин, Коламбийӕ хайтс, 124».
Уыцы бон мӕ фыд куыстӕй куы ’рбацыд, уӕд ын загътон, куыст кӕй ссардтон. Уый мын афтӕ: «Тынг хорз. Ӕмӕ кӕм кусдзынӕ?» Ӕмӕ йын ӕз дӕр загътон: «Бруклины Вефилы, мӕй исдзынӕн 10 доллӕры». Уый фехъусгӕйӕ мӕ фыд тынг бадис кодта, фӕлӕ мын загъта, зӕгъгӕ, иугӕр уыцы куыст равзӕрстай, уӕд хъуамӕ архайай, цӕмӕй дын дзы исты бантыса. Уымӕй цалдӕр азы фӕстӕ, 1953 азы, стадион «Янки»-йы цы конгресс уыди, уым мӕ фыд донаргъуыд райста.
Уыцы рӕстӕг ма Вефилмӕ фӕхуыдтой, пионертӕй иумӕ кӕимӕ лӕггад кодтам, уыцы ӕфсымӕры, Альфред Нусраллайы, ӕмӕ мын уый тынг ӕхсызгон уыди. Гъемӕ Вефилмӕ иумӕ ацыдыстӕм. Фӕстӕдӕр Альфред бинонтӕ ӕркодта ӕмӕ йӕ стӕй йӕ бинойнаг Джоанимӕ фӕхуыдтой Галаады скъоламӕ. Уырдыгӕй сӕ миссионертӕй лӕггад кӕнынмӕ арвыстой Ливанмӕ. Уый фӕстӕ та фӕстӕмӕ Иугонд Штаттӕм ӕрцыдысты, уымӕн ӕмӕ Альфреды уырдӕм цӕуӕг цӕстдарӕгӕй снысан кодтой.
ВЕФИЛЫ ЦАВӔР КУЫСТЫТӔ КОДТОН
Вефилмӕ куы ’рцыдтӕн, уӕд мӕ снысан кодтой типографимӕ, куыстон дзы чиныгаразӕн станокыл. Фыццаг кӕуыл бакуыстон, уыцы чиныг уыд, «Дин адӕмӕн цы ӕрхаста?», зӕгъгӕ. Аст мӕйы фӕстӕ мӕ снысан кодтой уацамындӕн дзуапдӕттӕг хайадмӕ, уыцы хайады цӕстдарӕг уыди ӕфсымӕр Томас Салливан. Ӕфсымӕр Салливан Йегъовӕйы организацийы бирӕ азтӕ фӕлӕггад кодта, ӕмӕ уыди куырыхон зонды хицау ӕмӕ арфуынӕг адӕймаг. Йемӕ лӕггад кӕнын мын тынг ӕхсызгон уыд, стӕй дзы бирӕ цӕуылдӕрты сахуыр дӕн.
Уацамындӕн дзуапдӕттӕг хайады иу-ӕртӕ азы куы балӕггад кодтон, уӕд мын Макс Ларсон, типографийы цӕстдарӕг, загъта, зӕгъгӕ, ӕфсымӕр Норры фӕнды демӕ аныхас кӕнын. Мӕхинымӕр ахъуыды кодтон, зӕгъын, ӕвӕццӕгӕн, цыдӕр раст нӕ сарӕзтон. Фӕлӕ мын ӕфсымӕр Норр, цӕй тыххӕй мӕм фӕдзырдта, уый куы загъта, уӕд сулӕфыдтӕн. Уый мӕ бафарста, зӕгъгӕ, мыййаг, ӕввахс рӕстӕджыты Вефилӕй ацӕуын фӕнд кӕныс? Хъуыддаг уый мидӕг уыд, ӕмӕ йӕ цасдӕр рӕстӕгмӕ хъуыди, офисы йын чи ӕххуыс кодтаид, ахӕм исчи, ӕмӕ йӕ фӕндыд базонын, уыцы куыст кӕнын мӕ бон бауыдзӕн ӕви нӕ. Ӕз ын загътон, Вефилӕй цӕуинаг кӕй нӕ дӕн. Гъемӕ мӕм ахӕм кад ӕрхауд, ӕмӕ йӕ офисы фӕкуыстон 20 азы.
Вефилы ма Томас Салливан ӕмӕ Нейтан Норры йеддӕмӕ лӕггад кодтон ӕндӕр ӕфсымӕртимӕ дӕр, зӕгъӕм, Милтон Хеншелимӕ, Клаус Дженсенимӕ, Макс Ларсонимӕ, Хьюго Римеримӕ ӕмӕ Грант Сьютеримӕ. Ӕз арӕх фӕзӕгъын, уыцы ӕфсымӕртимӕ лӕггад кӕнгӕйӕ цӕуыл сахуыр дӕн, уый тыххӕй мӕ фидын куы хъуыдаид, уӕд уыйбӕрц ӕхца кӕй никуы ссардтаин.
Кӕимӕ лӕггад кодтон, уыцы ӕфсымӕртӕ сӕ куыст алкӕддӕр бӕстон арӕзтой. Ӕфсымӕр Норр йӕ куысты фӕллад нӕ зыдта, ӕмӕ йӕ бон цыдӕриддӕр уыди, уый арӕзта, цӕмӕй Хуыцауы Паддзахады хъуыддаг размӕ цыдаид. Йемӕ чи лӕггад кодта, уыдон ӕй зыдтой, сӕрибарӕй аныхас кӕнӕн кӕимӕ ис, ахӕм адӕймагӕй. Кӕд-иу исты хъуыддаджы фӕдыл иухуызон нӕ хъуыды кодтам, уӕддӕр-иу ын нӕ бон уыди уый тыххӕй ӕргом зӕгъын. Ӕмӕ-иу ӕй зыдтам, дарддӕр дӕр ныл кӕй ӕууӕнддзӕн.
Иухатт мын ӕфсымӕр Норр дзырдта, гыццыл хъуыддӕгтӕ кӕнын дӕр ахсджиаг кӕй у, уый тыххӕй ӕмӕ мын цӕвиттонӕн ӕрхаста йӕхи хабар. Типографийы цӕстдарӕг ма куы уыд, уӕд-иу ӕм хатт ӕфсымӕр Рутерфорд телефонӕй ӕрбадзырдта, сихорафон типографийӕ куы рацӕуай, уӕд-ма мын-иу демӕ цалдӕр фыстхалӕны рахӕсс, куыстӕн мӕ хъӕуынц, зӕгъгӕ. Ӕфсымӕр Норр загъта, скъладмӕ-иу кӕй бацыд, уыцы фыстхалӕнтӕй-иу цалдӕр кӕй райста ӕмӕ-иу сӕ йӕ дзыппы кӕй нывӕрдта. Стӕй-иу сӕ сихорафон ӕфсымӕр Рутерфорды кабинетмӕ бахаста. Кӕд уый хуымӕтӕг хъуыддаг уыди, уӕддӕр ӕфсымӕр Рутерфордӕн хорз ӕххуыс уыд. Стӕй мын ӕфсымӕр Норр загъта: «Куысты рӕстӕг мӕ цыргъ кърандӕстӕ фӕхъӕуы. Ӕмӕ-ма, дӕ хорзӕхӕй, уыцы хъуыддагмӕ дӕ хъус фӕдар, цӕмӕй-иу алы райсом дӕр ме стъолыл цыргъ кърандӕстӕ уа». Гъемӕ бирӕ азты дӕргъы уыцы хъуыддагмӕ мӕ хъус дардтон.
Ӕфсымӕр Норр нын арӕх дзырдта, зӕгъгӕ уын ӕфсымӕртӕй исчи хӕслӕвӕрд куы дӕтта, уӕд-иу ӕм лӕмбынӕг байхъусут. Иухатт мын иу хъуыддаг бахӕс кодта ӕмӕ мын бӕстон бамбарын кодта, куыд ӕй хъуамӕ саразон, уый, фӕлӕ йӕм ӕз лӕмбынӕг нӕ байхъуыстон. Ӕмӕ хабар афтӕ рауад, ӕмӕ мӕн тыххӕй ӕфсымӕр Норр иннӕты раз фӕтыхст. Уый мын тынг зын уыд, ӕмӕ йӕм цыбыр писмо афыстон, зӕгъгӕ, мӕхи фӕсмонӕй хӕрын ӕмӕ, ӕвӕццӕгӕн, хуыздӕр уыдзӕн, дӕ офисы куы нал кусон. Уыцы райсом, гыццыл фӕстӕдӕр, ӕфсымӕр Норр, кӕм бадтӕн, уырдӕм бацыд ӕмӕ мын загъта: «Роберт, дӕ писмо дын бакастӕн. Раст у, фӕрӕдыдтӕ. Фӕлӕ йыл айразмӕ аныхас кодтам, ӕмӕ мӕ уырны, амӕй фӕстӕмӕ лӕмбынӕгдӕр кӕй уыдзынӕ. Ныр та нӕ куыстмӕ бавналӕм». Мемӕ афтӕ хӕларзӕрдӕ кӕй уыд, уый тыххӕй дзы тынг фӕбузныг дӕн.
БИНОНТӔ ӔРКОДТОН
Вефилы аст азы фӕлӕггад кодтон, ӕмӕ мӕ зӕрды уыд дарддӕр дӕр уым лӕггад кӕнын. Фӕлӕ стӕй хабар фӕивта. 1958 азы стадионтӕ «Янки» ӕмӕ «Поло Граундс»-ы ӕхсӕнадӕмон конгресс куы цыд, уӕд фембӕлдтӕн Лорен Бруксыл. Уыцы хоимӕ базонгӕ стӕм 1955 азы Канадӕйы, горӕт Монреалы. Уым Лорен лӕггад кодта пионерӕй. Ӕххӕстрӕстӕг кӕй лӕггад кодта, уымӕн тынг аргъ кодта, стӕй цӕттӕ уыди, Йегъовӕйы организаци йӕ кӕдӕмдӕриддӕр арвыстаид, уырдӕм ацӕуынмӕ, ӕмӕ дзы уый мӕ зӕрдӕмӕ тынг фӕцыд. Лоренӕн йӕ нысан уыд Галаады скъолайы сахуыр кӕнын. Ӕмӕ йӕ 1956 азы фӕхуыдтой 27-ӕм къласмӕ, уӕд ыл цыди 22 азы. Скъолайы фӕстӕ йӕ миссионерӕй лӕггад кӕнынмӕ арвыстой Бразилимӕ. Ӕмӕ 1958 азы Лоренимӕ ногӕй куы фембӕлдыстӕм, уӕд сфӕнд кодтам кӕрӕдзи хуыздӕр базонын. Куы йын загътон, нӕ цард баиу кӕнӕм, зӕгъгӕ, уӕд сразы. Мах спълан кодтам иннӕ аз чындзӕхсӕв скӕнын ӕмӕ уый фӕстӕ та фӕнд кодтам иумӕ миссионертӕй лӕггад кӕнын.
Мӕ хабар ӕфсымӕр Норрӕн куы радзырдтон, уӕд мын уый ахӕм уынаффӕ радта, зӕгъгӕ уал ӕртӕ азы банхъӕлмӕ кӕсут, цӕмӕй чындзӕхсӕвы фӕстӕ Вефилы лӕггад кӕнат. Уыцы рӕстӕг, сӕ цард баиу кӕнынмӕ чи хъавыд, уыдон цӕмӕй дарддӕр дӕр Вефилы лӕггад кодтаиккой, уый тыххӕй сӕ иу уӕдмӕ Вефилы хъуамӕ балӕггад кодтаид дӕс азы кӕнӕ уымӕй фылдӕр, иннӕ та – ӕппынкъаддӕр ӕртӕ азы. Ӕмӕ уӕд Лорен дӕр сразы, цӕмӕй уал дыууӕ азы балӕггад кодтаид Бразилийы Вефилы, уый фӕстӕ та иу аз – Бруклины Вефилы.
Фыццаг дыууӕ азы кӕрӕдзимӕ ӕрмӕстдӕр писмотӕ фыстам. Телефонӕй дзурын уӕд тынг зынаргъ уыд, стӕй Интернет дӕр кӕцӕй уыд! Лоренимӕ нӕ цард баиу кодтам 1961 азы 16 сентябры. Нӕ чындзӕхсӕвы раныхас уыди ӕфсымӕр Норрӕн, ӕмӕ уый нӕхицӕн стыр кадыл нымайӕм. Раст зӕгъгӕйӕ нӕм уыцы цалдӕр азы уӕд бирӕ фӕкастысты. Фӕлӕ ныр Лоренимӕ иумӕ стӕм 50 азӕй фылдӕр. Ӕмӕ цы амондджын цард фӕкодтам, ууыл куы фӕхъуыды кӕнӕм, уӕд фӕзӕгъӕм, уыцы цалдӕр азы дзӕгъӕлы кӕй нӕ банхъӕлмӕ кастыстӕм.
КАДДЖЫН ХӔСТӔ
1964 азы мӕм ахӕм кад ӕрхауд, ӕмӕ мӕ снысан кодтой зоналон цӕстдарӕгӕй, цӕмӕй ӕндӕр бӕстӕтӕ бӕрӕг кодтаин. Уӕд-иу зоналон цӕстдарджытӕн сӕ устыты семӕ не ’рвыстой. Фӕлӕ 1977 азы уыцы хъуыддаг фӕивта, ӕмӕ зоналон цӕстдарджытӕн сӕ устытӕ дӕр семӕ ӕндӕр бӕстӕтӕм цӕуын райдыдтой. Уыцы аз Лоренимӕ, стӕй Грант ӕмӕ Эдит Сьютеримӕ иумӕ бабӕрӕг кодтам Германийы, Австрийы, Грецийы, Кипры, Турцийы ӕмӕ Израилы филиалтӕ. Ӕдӕппӕтӕй бабӕрӕг кодтон иу-70 бӕстӕйы.
1980 азы Бразили куы бӕрӕг кодтон, уӕд нӕ фӕндаг уыд, экваторыл чи ис, иу ахӕм горӕтыл, Белем, зӕгъгӕ. Кӕддӕр дзы Лорен лӕггад кодта миссионерӕй. Бабӕрӕг ма кодтам, Манаусы нын цы ӕфсымӕртӕ уыд, уыдоны дӕр. Уыцы ран мын стадионы уыди раныхас, ӕмӕ уым бафиппайдтам, хицӕнӕй чи бадт, ахӕм адӕмы къорд. Бразилиӕгтӕм ахӕм ӕгъдау ис, ӕмӕ сылгоймӕгтӕ салам дӕтгӕйӕ кӕрӕдзийӕн апъа кӕнынц, нӕлгоймӕгтӕ та кӕрӕдзийы къухтӕ райсынц. Фӕлӕ уыдон афтӕ нӕ кодтой. Цымӕ цӕуылнӕ?
Куыд базыдтам, афтӕмӕй уыдон уыдысты нӕ зынаргъ хотӕ ӕмӕ ӕфсымӕртӕ, ӕмӕ хицӕнӕй уымӕн бадтысты, ӕмӕ уыдысты хъотырӕй рынчын. Цӕргӕ та кодтой хибарӕй, Амазонкӕйы тропикон хъӕды астӕу сын цы хъӕу уыд, уым. Цӕмӕй сӕ низ иннӕтыл ма бахӕцыдаид, уый тыххӕй къухӕй никӕуыл ӕндзӕвыдысты. Фӕлӕ нын нӕ зӕрдӕтӕ тынг бацагайдтой, ӕмӕ нӕ сӕ амондджын цӕсгӕмттӕ никуы ферох уыдзысты! Ӕвӕдза, куыд раст сты, Йегъовӕ йӕ пехуымпар Исайы уылты кӕй загъта, уыцы ныхӕстӕ: «Мӕ лӕггадгӕнджытӕ цины хъӕр кӕндзысты, сӕ зӕрдӕ кӕй райдзӕн, уый тыххӕй» (Ис. 65:14).
АМОНДДЖЫН ӔМӔ АРФӔЙАГ ЦАРД
Лоренимӕ Йегъовӕйӕн ныр 60 азӕй фылдӕр лӕггад кӕнӕм, ӕмӕ арӕх фӕхъуыды кӕнӕм уыцы диссаджы рӕстӕджытыл. Йегъовӕ нын йӕ организацийы уылты цы разамынд лӕвӕрдта, уымӕ кӕй хъуыстам, уый нын ӕрхаста бирӕ арфӕдзинӕдтӕ. Ӕмӕ кӕд раздӕрау ӕндӕр ӕмӕ ӕндӕр бӕстӕтӕм цӕуын мӕ бон нал у, уӕддӕр мӕ бон у Координаторты комитетимӕ ӕмӕ Уацамындӕн дзуапдӕттӕг комитетимӕ ӕмгуыст кӕнын ӕмӕ афтӕмӕй Разамонӕг советӕн ӕххуыс кӕнын. Ӕз мӕхицӕн стыр кадыл нымайын, ахӕм хуызы мӕ бон кӕй у, ӕгас зӕххыл дӕр нын цы хотӕ ӕмӕ ӕфсымӕртӕ ис, уыдонӕн гыццыл истӕмӕй баххуыс кӕнын. Ӕххӕстрӕстӕг лӕггад кӕнын куыд бирӕ ӕрыгон хотӕ ӕмӕ ӕфсымӕртӕ райдайынц, уымӕ кӕсгӕйӕ нӕ циныл цин ӕфты. Уыдон дӕр пехуымпар Исайау загътой: «Мӕнӕ ӕз! Мӕн арвит» (Ис. 6:8). Уыцы хотӕ ӕмӕ ӕфсымӕрты хабарӕй бӕрӕг у, кӕддӕр мын районон цӕстдарӕг цы загъта, уый раст кӕй у: «Райдай ӕххӕстрӕстӕг лӕггад кӕнын. Ӕмӕ йӕ фендзынӕ, уый дын куыд бирӕ хорздзинӕдтӕ ’рхӕсдзӕн».