Йегъовӕ рӕдауӕй арфӕ кӕны, зӕрдиагӕй чи дӕтты, уыдонӕн
ХУЫЦАУ адӕмы схайджын кодта диссаджы лӕварӕй – сӕ бон у уынаффӕтӕ хӕссын. Уымӕй уӕлдай ма Йегъовӕ рӕдауӕй арфӕ кӕны, уыцы лӕварӕй йӕхи уды хорзӕн чи нӕ пайда кӕны, фӕлӕ йӕ хъарутӕ Хуыцауы фӕндон ӕххӕст кӕнынӕн ӕмӕ йын йӕ ном рухс кӕнынӕн чи дӕтты, уыдонӕн. Йегъовӕйы нӕ фӕнды, цӕмӕй йӕм адӕм, тӕрсгӕ дзы кӕй кӕнынц, уый тыххӕй хъусой кӕнӕ йын цӕмӕй йӕ фӕндон тыхӕй кӕнӕгау ӕххӕст кӕной. Уый фӕнды, цӕмӕй йын лӕггад кӕной, уарзгӕ йӕ кӕй кӕнынц ӕмӕ дзы бузныг кӕй сты, уый тыххӕй.
Зӕгъӕм, израилӕгтӕ Синайы ӕдзӕрӕг быдыры куы уыдысты, уӕд сын Йегъовӕ загъта, цӕмӕй йын кувӕн бынат сарӕзтаиккой. Хуыцау загъта: «Йегъовӕйӕн мысайнӕгтӕ ӕрбахӕссут. Йӕ зӕрдӕ кӕмӕндӕриддӕр зӕгъы, уыдон Йегъовӕйӕн мысайнаг ӕрбахӕссӕнт» (Рац. 35:5). Алы израилагӕн дӕр йӕ бон уыди, йӕ къух цы амыдта, уый раттын. Ӕмӕ уыцы мысайнаг, фӕнды гыццыл уыдаид, фӕнды – стыр, уӕддӕр Хуыцауы фӕндон сӕххӕст кӕнынӕн пайда уыдаид. Цымӕ адӕм уыцы хъуыддагмӕ цы цӕстӕй ракастысты?
«Йӕ зӕрдӕ кӕй разӕнгард кодта» ӕмӕ «йӕ зӕрдӕ кӕмӕндӕриддӕр дзырдта», уыдон мысайнӕгтӕ ӕрбахастой. Нӕлгоймӕгтӕ ӕмӕ сылгоймӕгтӕ сӕ зӕрдӕйы фӕндонмӕ гӕсгӕ хастой, Йегъовӕйӕн кувӕн бынат саразынӕн цытӕ хъуыди, уыдӕттӕ: хъуырӕгънӕджытӕ, хъусцӕджытӕ, къухдарӕнтӕ, сызгъӕрин, ӕвзист, ӕрхуы, ӕрвхуыз ӕндах, тарсырх къуымбил ӕндах, сырх-сырхид ӕндах, гӕнӕй конд ӕппӕты хуыздӕр ӕндах, сӕгъы къуымбил, сырхӕй ахуырст фысы цӕрмттӕ, фӕлмӕн сӕрак, акъаци хъӕдӕрмӕг, зынаргъ дуртӕ, бальзамы сой, стӕй ӕнӕуи сой дӕр. Ӕмӕ, «цы ’рбахастой, уыдон фаг уыдысты ӕппӕт куыстытӕн дӕр, уыдысты фагӕй дӕр фылдӕр» (Рац. 35:21–24, 27–29; 36:7).
Фӕлӕ Йегъовӕ цин кодта, адӕм цы хастой, уыдӕттыл нӕ, фӕлӕ сӕ зӕрдиагӕй кӕй хастой, ууыл. Израилӕгтӕ ма Хуыцауы хъуыддаджы тыххӕй сӕ рӕстӕг ӕмӕ сӕ хъарутӕ дӕр нӕ бавгъау кодтой. «Къухӕй хорз, дӕсны чи арӕхст, уыцы сылгоймӕгтӕ ӕлвыстой ӕндӕхтӕ», стӕй «иннӕ арӕхстджын сылгоймӕгтӕ та, йӕ зӕрдӕ кӕй разӕнгард кодта, уыдон, ӕлвыстой сӕгъы къуымбил». Уымӕй уӕлдай ма Йегъовӕ Веселеилӕн радта «зонд ӕмӕ ӕмбаргӕдзинад, цӕмӕй зыдтаид алы хъуыддаг дӕр ӕмӕ къухӕй алцы саразынмӕ дӕр уыдаид дӕсны». Хуыцау Веселеилы дӕр ӕмӕ Аголиавы дӕр схайджын кодта арӕхстдзинадӕй, цӕмӕй сӕ бон уыдаид, цы куыст сын бахӕс кодта, уый бакӕнын (Йегъовӕ израилӕгтӕн куы загъта, цӕмӕй мысайнӕгтӕ ӕрбахастаиккой, уӕд нӕ дызӕрдыг кодта, «йӕ зӕрдӕ кӕмӕндӕриддӕр зӕгъы, уыдон» Хуыцауӕн кувынимӕ баст хъуыддагӕн, сӕ бон цӕмӕй у, уымӕй кӕй баххуыс кӕндзысты. Ӕмӕ стӕй, мысайнӕгтӕ зӕрдиагӕй чи радта, уыдонӕн йӕхӕдӕг дӕр рӕдауӕй раарфӕ кодта – цы аразын сӕ хъӕуы, уый сын бацамыдта ӕмӕ сын сӕ зӕрдӕтӕ цинӕй байдзаг кодта. Афтӕмӕй Йегъовӕ равдыста, йӕ лӕггадгӕнджытӕ рӕдау куы вӕййынц, уӕд сын кӕй фӕарфӕ кӕны ӕмӕ сӕ йӕ фӕндон сӕххӕст кӕнынӕн цыдӕриддӕр фӕхъӕуы, уымӕй цух кӕй нӕ ныууадзы (Пс. 34:9). Уӕдӕ Йегъовӕйӕн удуӕлдайӕ куы лӕггад кӕнай, уӕд дын ӕнӕмӕнг раарфӕ кӕндзӕн.