Уыдон уыдысты цӕттӕ – Уӕрӕсе
1991 азы Уӕрӕсейы Йегъовӕйы Ӕвдисӕнтӕ тынг фӕцин кодтой, бирӕ рӕстӕджы фӕстӕ сын хицауад сӕрибарӕй лӕггад кӕныны бар кӕй радта, ууыл. Уыцы рӕстӕг хъуыды дӕр ничи акодтаид, Уӕрӕсейы Ӕвдисӕнты нымӕц дӕс хатты кӕй фӕфылдӕр уыдзӕн ӕмӕ 170 000 бӕрц кӕй суыдзысты! Ацы бӕстӕйы хорз хабар зӕрдиагӕй чи хъусын кӕны, уыдоны ’хсӕн ис фӕсарӕйнаг хотӕ ӕмӕ ӕфсымӕртӕ дӕр. Уыдон Уӕрӕсемӕ ӕрцыдысты, цӕмӕй хуымгӕрдӕны баххуыс кӕной (Матф. 9:37, 38). Цӕй ӕмӕ дзы иуӕй-иутимӕ базонгӕ уӕм.
ӔФСЫМӔРТӔ ӔМБЫРДТӔН ЗӔРДИАГӔЙ ӔХХУЫС КӔНЫНЦ
Уӕрӕсейы сӕрибарӕй хъусын кӕныны бар куы радтой, уӕд Матфейыл цыди 28 азы ӕмӕ царди Великобританийы. Уыцы аз облӕстон конгрессы раныхӕстӕй иуы дзырд цыди, Скӕсӕн Европӕйы ӕмбырдты ӕххуыс кӕй хъӕуы, ууыл. Раныхас кӕмӕн уыд, уыцы ӕфсымӕр цӕвиттонӕн ӕрхаста Санкт-Петербурджы иу ӕмбырд – уым уыди ӕрмӕстдӕр иу кӕстӕриуӕггӕнӕг ӕфсымӕр, хистӕр нӕлгоймӕгтӕ та дзы ӕппындӕр нӕ уыд. Фӕлӕ хъусынгӕнджытӕ Библи ахуыр кодтой цалдӕр сӕдӕ адӕймагимӕ! Матфей загъта: «Уыцы раныхасы фӕстӕ ӕдзухдӕр Уӕрӕсейыл хъуыды кодтон ӕмӕ-иу Йегъовӕйӕн дзырдтон, уырдӕм ацӕуын мӕ кӕй фӕнды, уый тыххӕй». Матфей иугыццыл ӕхца бамбырд кодта, цы йӕм уыд, уымӕн йӕ фылдӕр ауӕй кодта ӕмӕ 1992 азы Уӕрӕсемӕ ӕрцыд. Цымӕ дарддӕр йӕ хабар куыд рауад?
Матфей загъта: «Ӕвзаг ахуыр кӕнын мын зын уыди. Мӕ бон нӕ уыди адӕмимӕ Хуыцауы тыххӕй рӕстмӕ ныхас кӕнын». Уымӕй уӕлдай ма йын зын уыди цӕрӕнбынат ссарын дӕр. «Ӕнӕнхъӕлӕджы-иу мӕ ӕндӕр фатермӕ ацӕуын цал хатты бахъуыд, уый мӕ бон банымайын дӕр нӕу». Фӕлӕ йын кӕд райдианы ахӕм зындзинӕдтӕ уыди, уӕддӕр зӕгъы: «Уӕрӕсемӕ кӕй ӕрцыдтӕн, мӕ царды уымӕй хуыздӕр уынаффӕ никуы рахастон». Афтӕ цӕмӕн хъуыды кӕны, уый тыххӕй Матфей загъта: «Ам лӕггад кӕнгӕйӕ сахуыр дӕн мӕ зӕрдӕ Йегъовӕйыл тынгдӕр дарын, ӕмӕ иу ӕмӕ дыууӕ хатты нӕ федтон, куыд мын ӕххуыс кӕны, уый». Фӕстӕдӕр Матфейы снысан кодтой хистӕр нӕлгоймагӕй ӕмӕ сӕрмагонд пионерӕй, ныр та лӕггад кӕны Йегъовӕйы Ӕвдисӕнты филиалы, Санкт-Петербурджы.
1999 азы 25-аздзыд Хироо Японийы фӕци Лӕггад фӕхуыздӕр кӕныны скъола, ӕмӕ йын сӕ ахуыргӕнджытӕй иу загъта, цӕмӕй ӕндӕр бӕстӕйы лӕггад кӕныны тыххӕй ахъуыды кодтаид. Хироо фехъуыста, Уӕрӕсейы хъусынгӕнджыты ӕххуыс кӕй хъӕуы ӕмӕ райдыдта уырыссаг ӕвзаг ахуыр кӕнын. Стӕй ма сарӕзта иу хъуыддаг. Хироо загъта:
«Уӕрӕсейы хъызт зымӕг кӕй вӕййы, уымӕ гӕсгӕ уырдӕм ноябры ацыдтӕн, цӕмӕй базыдтаин, мӕ бон суыдзӕн уазӕлттӕ сфӕразын ӕви нӕ». Зымӕг уым куы арвыста, уӕд фӕстӕмӕ Японимӕ ӕрыздӕхт ӕмӕ йӕ цард фӕхуымӕтӕгдӕр кодта, цӕмӕй фаг ӕхца ӕрӕмбырд кодтаид ӕмӕ фӕстӕмӕ Уӕрӕсемӕ ацыдаид, фӕлӕ ацы хатт – цӕрынмӕ.Ныр Хироо Уӕрӕсейы цӕры 12 азы ӕмӕ уыцы рӕстӕджы дӕргъы лӕггад кодта бирӕ алыхуызон ӕмбырдты. Хатт-иу, цы ӕмбырды лӕггад кодта, уым уый йеддӕмӕ хистӕр нӕлгоймаг нӕ уыд, ӕмӕ-иу дзы хъусынгӕнджытӕ та уыди 100 адӕймагӕй фылдӕр. Иу ӕмбырды та-иу алы къуыри дӕр ауагъта хъусын кӕныны фембӕлдӕн йӕ фылдӕр хай, стӕй ма уагъта Хуыцауы Ныхас хъусынгӕнджыты скъола, «Хъахъхъӕнӕн мӕсыджы» ахуыр ӕмӕ фондз чиныгахуыры. Уымӕй уӕлдай ма бирӕ хъусынгӕнджыты бӕрӕг кодта, цӕмӕй сӕ фидар кодтаид. Уыцы рӕстӕджытыл хъуыды кӕнгӕйӕ Хироо загъта: «Мӕнӕн тынг ӕхсызгон уыди хотӕ ӕмӕ ӕфсымӕртӕн сӕ уырнындзинад фидар кӕнын». Ӕххуыс кӕм хъӕуы, уым лӕггад кӕнын ын цы пайда фӕци? Уый загъта: «Цалынмӕ Уӕрӕсемӕ не ’рцыдтӕн, уӕдмӕ дӕр лӕггад кодтон хистӕр нӕлгоймагӕй ӕмӕ пионерӕй. Фӕлӕ ардӕм куы ’рцыдтӕн, уӕд цыма Йегъовӕйы ногӕй базыдтон, афтӕ мӕм касти. Ӕз сахуыр дӕн мӕ царды алы хъуыддаджы дӕр Йегъовӕйыл мӕ ныфс ноджы тынгдӕр дарын». 2005 азы Хироо йӕ цард баиу кодта Светланӕимӕ ӕмӕ ныр иумӕ пионертӕй лӕггад кӕнынц.
34-аздзыд Мэттью ӕмӕ йӕ 28-аздзыд ӕфсымӕр Майкл сты Канадӕйӕ. Иухатт Мэттью ӕмӕ Майкл Уӕрӕсемӕ ӕрцыдысты ӕмӕ федтой, Библи ахуыр кӕнын кӕй фӕнды ӕмӕ ӕмбырдтӕм чи цӕуы, ахӕм адӕм дзы бирӕ кӕй ис, ӕмбырдтӕ чи уадза, ахӕм ӕфсымӕртӕ та дзы гыццыл йеддӕмӕ кӕй нӕй. Ӕмӕ сӕ уый дисы бафтыдта. Мэттью загъта: «Ӕз цы ӕмбырды уыдтӕн, уырдӕм-иу ӕрбацыд 200 адӕймаджы бӕрц, фӕлӕ фембӕлдтӕ иууылдӕр уагътой иу ацӕргӕ хистӕр нӕлгоймаг ӕмӕ иу ӕрыгон кӕстӕриуӕггӕнӕг ӕфсымӕр. Уый куы федтон, уӕд мӕ бафӕндыд уырдӕм лӕггад кӕнынмӕ ӕрцӕуын ӕмӕ уыцы ӕфсымӕртӕн баххуыс кӕнын». Ӕмӕ 2002 азы Мэттью Уӕрӕсемӕ цӕрынмӕ ӕрцыд.
Цыппар азы фӕстӕ Майкл дӕр Уӕрӕсемӕ ӕрцыд ӕмӕ федта, нырма дӕр дзы ӕфсымӕрты ӕххуыс кӕй хъӕуы. Кӕстӕриуӕггӕнӕг ӕфсымӕр кӕй уыди, уымӕ гӕсгӕ йын бахӕс кодтой ӕмбырды ӕхцайы хыгъдтӕ кӕнын, стӕй ма дзуапп лӕвӕрдта литературӕ ӕмӕ участокты тыххӕй дӕр. Уымӕй уӕлдай ма йын йӕ бӕрны бакодтой ӕмбырды секретары хӕстӕ дӕр, стӕй ма раныхӕстӕ дӕр касти ӕмӕ ма конгресстӕ цӕттӕ кӕнынӕн ӕмӕ Паддзахады залтӕ аразынӕн дӕр ӕххуыс кодта. Зӕгъын хъӕуы уый, ӕмӕ ӕмбырдты нырма дӕр хъӕуы ӕххуыс. Уыйбӕрц хӕслӕвӕрдтӕ ӕххӕст кӕнын ӕнцон нӕу, фӕлӕ Майкл зӕгъы: «Ӕфсымӕртӕн ӕххуыс кӕнын мын стыр цины хос у. Мӕнмӕ гӕсгӕ, царды уымӕй хуыздӕр хъуыддаг нӕй!» Ныр Майкл лӕггад кӕны хистӕр нӕлгоймагӕй.
Цасдӕр рӕстӕджы фӕстӕ Мэттью йӕ цард баиу кодта Маринӕимӕ, Майкл та – Ольгӕимӕ. Сӕ цыппар дӕр иннӕ хъусынгӕнджытимӕ зӕрдиагӕй ӕххуыс кӕнынц, стырӕй-стырдӕр чи кӕны, уыцы ӕмбырдтӕн.
ЗЫНГЗӔРДӔ ХОТӔ ХУЫМГӔРДӔНЫ ӔХХУЫС КӔНЫНЦ
1994 азы Татьянӕйыл цыди 16 азы. Уыцы аз Украинӕйы се ’мбырдмӕ ӕрцыд ӕхсӕз сӕрмагонд пионеры Чехийӕ, Польшӕйӕ ӕмӕ Словакийӕ. Татьянӕ уыцы хотӕ ӕмӕ ’фсымӕрты ӕхсызгонӕй ӕрымысы. «Уыдон уыдысты зынгзӕрдӕ хъусынгӕнджытӕ,– зӕгъы Татьянӕ.– Семӕ алкӕмӕн дӕр ӕнцон уыди, тынг хӕларзӕрдӕ уыдысты, стӕй Библи дӕр хорз зыдтой». Татьянӕ уыдта, Йегъовӕ сын сӕ удуӕлдай лӕггадӕн куыд арфӕ кодта, уый ӕмӕ йӕ фӕндыди, цӕмӕй уыдоны хуызӕн уыдаид.
Уыцы зынгзӕрдӕ пионерты цӕвиттон Татьянӕйы баразӕнгард кодта, цӕмӕй-иу каникулты рӕстӕг иннӕ хъусынгӕнджытимӕ ацыдаид, Ӕвдисӕнтӕ кӕм никуы хъусын кодтой, ахӕм дард рӕттӕм Украинӕйы ӕмӕ Беларусы. Йӕ зӕрдӕмӕ тынг цыди ахӕм рӕтты хъусын кӕнын, ӕмӕ сфӕнд кодта Уӕрӕсемӕ лӕггад кӕнынмӕ ацӕуын. Фыццаг уал уазӕгуаты ацыд, уырдӕм фӕсарӕнтӕй чи ӕрцыд, иу ахӕм хомӕ, ӕмӕ бацархайдта ахӕм куыст ссарын, цӕмӕй
йӕ бон уыдаид йӕхи дарын ӕмӕ пионерӕй лӕггад кӕнын. Фӕстӕдӕр, 2000 азы, Татьянӕ Уӕрӕсемӕ цӕрынмӕ ӕрцыд. Цымӕ цавӕр зындзинӕдтыл сӕмбӕлд?Татьянӕ загъта: «Ӕнӕхъӕн хӕдзарӕн фидын мын зын кӕй уыди, уымӕ гӕсгӕ-иу фатеры баххуырстон иу къомнӕт. Ахӕм уавӕрты цӕрын ӕнцон нӕ уыд. Хатгай-иу мӕ фӕстӕмӕ хӕдзармӕ аздӕхын дӕр бафӕндыд. Фӕлӕ-иу мын Йегъовӕ баххуыс кодта, цӕмӕй-иу бамбӕрстаин, дарддӕр дӕр ам куы лӕггад кӕнон, уӕд мын уый стыр пайда кӕй ӕрхӕсдзӕн». Абон Татьянӕ Уӕрӕсейы лӕггад кӕны миссионерӕй. Татьянӕ ма загъта: «Нӕхицӕй куы ацыдтӕн, уӕдӕй фӕстӕмӕ цӕуыл сахуыр дӕн, уымӕн аргъ дӕр нӕй, стӕй ма бирӕ ӕмбӕлттӕ дӕр ссардтон. Фӕлӕ ӕппӕты сӕйрагдӕр та уый у, ӕмӕ мӕ уырнындзинад тынг бафидар».
Японийӕ иу хойыл, Масако, зӕгъгӕ, цӕуы 50 азӕй гыццыл фылдӕр. Цӕрӕнбонты йӕ фӕндыд миссионерӕй лӕггад кӕнын, фӕлӕ йын йе ’нӕниздзинады тыххӕй уый фадат нӕ уыди. Фӕстӕдӕр йе ’нӕниздзинад куы фӕхуыздӕр, уӕд сфӕнд кодта Уӕрӕсемӕ ацӕуын ӕмӕ уым хуымгӕрдӕны баххуыс кӕнын. Масакойӕн зын уыди хорз цӕрӕнбынат ӕмӕ куыст ссарын, фӕлӕ уӕддӕр, япойнаг ӕвзаджы уроктӕ кӕй лӕвӕрдта ӕмӕ хӕдзарӕфснайӕгӕй кӕй куыста, уый фӕрцы йӕ бон уыди йӕхи дарын ӕмӕ пионерӕй лӕггад кӕнын. Цы йын ӕххуыс кӕны, цӕмӕй дарддӕр дӕр лӕггад кӕна?
Масако Уӕрӕсейы лӕггад кӕны 14 азӕй фылдӕр ӕмӕ зӕгъы: «Мӕ лӕггад мын цы циндзинад хӕссы, уый цур мӕ зындзинӕдтӕ ницы сты. Хъусынгӕнджыты ӕххуыс тынг кӕм хъӕуы, уым лӕггад кӕнгӕйӕ адӕймаджы ӕнкъард кӕнынмӕ ’вдӕлгӕ дӕр нӕ фӕкӕны». Стӕй ма загъта: «Уыцы азты дӕргъы мын Йегъовӕ ӕххуыс кодта – алкӕддӕр мын уыди хӕрд, дарӕс ӕмӕ цӕрӕнбынат. Мӕнмӕ гӕсгӕ уый ӕцӕг диссаг у». Масако ӕрмӕст Уӕрӕсейы нӕ лӕггад кодта, фӕлӕ ма Хъыргъызстаны дӕр. Стӕй ма ӕххуыс кодта, англисаг, китайаг ӕмӕ уйгураг ӕвзӕгтыл цы къордтӕ ис, уыдонӕн дӕр. Ныртӕккӕ Масако пионерӕй лӕггад кӕны Санкт-Петербурджы.
ЙЕГЪОВӔ АРФӔ КӔНЫ, УДУӔЛДАЙӔ ЙЫН ЧИ ЛӔГГАД КӔНЫ, УЫЦЫ БИНОНТӔН
Бирӕ бинонтӕ ӕндӕр бӕстӕмӕ алидзынц хуыздӕр цард агурӕг, фӕлӕ, ацӕргӕ Авраам ӕмӕ Саррӕйау, иуӕй-иу бинонтӕ фӕсарӕнтӕм ацӕуынц, цӕмӕй Хуыцауӕн фылдӕр лӕггад кӕной (Райд. 12:1–9). Зӕгъӕм, Михаил ӕмӕ Ингӕ 2003 азы Украинӕйӕ Уӕрӕсемӕ ӕрцыдысты ӕмӕ цыбыр рӕстӕгмӕ ссардтой, Библи ахуыр кӕнын кӕй фӕндыд, ахӕм адӕмы.
Михаил радзырдта: «Иухатт хъусын кодтам, Ӕвдисӕнтӕ кӕм никуы уыдысты, ахӕм ран. Иу ацӕргӕ нӕлгоймаг нын дуар бакодта ӕмӕ нӕ бафарста: „Хъусынгӕнджытӕ стут?“ Мах ын, о, зӕгъгӕ, куы загътам, уӕд нын афтӕ: „Ӕз ӕй зыдтон, иу бон кӕй ӕрбацӕудзыстут, уымӕн ӕмӕ уый гӕнӕн нӕй, ӕмӕ Йесойы ныхӕстӕ ма сӕххӕст уой“. Ӕмӕ нын Матфейы 24:14 фыст ныхӕстӕ радзырдта». Стӕй ма Михаил загъта: «Уыцы ран ма фембӕлдыстӕм баптистты къордыл, уыди дзы иу-10 сылгоймаджы, ӕмӕ сӕ тынг фӕндыд Хуыцауы тыххӕй рӕстдзинад базонын. Кӕцӕйдӕр сӕм ӕрбахауд чиныг „Ты можешь жить вечно в раю на земле“, ӕмӕ-иу алы сабат-хуыцаубон уый фӕрцы Библи иртӕстой. Сӕ фарстатӕн сын цалдӕр сахаты фӕлӕвӕрдтам дзуапп, семӕ нӕ Паддзахады зарджытӕй цалдӕр азарыдыстӕм ӕмӕ иумӕ ӕхсӕвӕр бахордтам. Уыцы ран хъусын кӕнгӕйӕ ныл цы цаутӕ ӕрцыд, уыдон тынг ӕхсызгонӕй ӕрымысын». Хъусынгӕнджытӕ кӕм нӕ фаг кӕны, уым лӕггад кӕнгӕйӕ Михаил ӕмӕ Ингӕ Йегъовӕмӕ тынгдӕр баввахс сты, адӕмы ноджы тынгдӕр уарзын райдыдтой ӕмӕ сын сӕ цард фылдӕр циндзинад хӕссын райдыдта. Ныртӕккӕ Михаил лӕггад кӕны районон цӕстдарӕгӕй.
2007 азы Юрий ӕмӕ Оксанӕ сӕ лӕппу Алексеимӕ Украинӕйӕ Уӕрӕсейы филиалмӕ экскурсимӕ ӕрцыдысты. Юрий ӕмӕ Оксанӕйыл ныр цӕуы 35 азы бӕрц, сӕ лӕппуйыл та – 13 азы. Филиалы федтой Уӕрӕсейы картӕ, нысангонд ыл уыди, иу ӕмбырдмӕ дӕр чи нӕ хауы, уыцы территоритӕ. Оксанӕ загъта: «Уыцы картӕ куы федтам, уӕд бамбӕрстам, Уӕрӕсейы хъусынгӕнджытӕ куыд тынг нӕ фаг кӕны. Ӕмӕ райдыдтам хъуыды кӕнын, цӕмӕй Уӕрӕсемӕ ацӕуӕм». Уыцы уынаффӕ рахӕссынӕн ма сын цы баххуыс кодта? Юрий загъта: «Стыр ӕххуыс нын фесты, нӕ публикациты цы статьятӕ ис, уыдон, зӕгъӕм, статья „Мог бы ты служить в другой стране?“ *. Стӕй ма нын филиал цы бынаты тыххӕй загъта, уырдӕм дӕр ацыдыстӕм, цӕмӕй федтаиккам, цӕрӕнбынат ӕмӕ дзы куысты хабар куыд у, уый». Ӕмӕ 2008 азы уыцы бинонтӕ Уӕрӕсемӕ ралыгъдысты.
Райдианы сын зын уыди куыст ссарын, стӕй сӕ цалдӕр хатты сӕ фатер раивын дӕр бахъуыд. Юрий загъта: «Арӕх-иу куывтам, цӕмӕй нӕ ныфс ма асастаид. Стӕй дарддӕр дӕр хъусын кодтам ӕмӕ нӕ дызӕрдыг кодтам, Йегъовӕ нын кӕй ӕххуыс кӕндзӕн, ууыл. Мах уыдтам, Паддзахады хъуыддаг нын фыццаг бынаты куы вӕййы, уӕд ныл Йегъовӕ кӕй батыхсы. Нӕ лӕггады фӕрцы нӕ уырнындзинад бафидар ӕмӕ нӕ бинонтӕ ноджы ӕнгомдӕр систы» (Матф. 6:22, 33). Цымӕ Алексейыл та куыд фӕзынд, ӕххуыс кӕм хъӕуы, ахӕм ран кӕй лӕггад кӕнынц, уый? Оксанӕ загъта: «Уый йын тынг баххуыс кодта. Фараст азы йыл куы цыд, уӕд Йегъовӕйӕн йӕхи снывонд кодта ӕмӕ донаргъуыд райста. Хъусынгӕнджытӕ кӕй нӕ фаг кӕны, уый ӕмбары, ӕмӕ каникулты рӕстӕг ӕххуысгӕнӕг пионерӕй фӕлӕггад кӕны. Хъусын кӕнын кӕй уарзы ӕмӕ уыцы хъуыддаг зынгзӕрдӕйӕ кӕй аразы, уый нын стыр цины хос у». Ныр Юрий ӕмӕ Оксанӕ лӕггад кӕнынц сӕрмагонд пионертӕй.
«ӔРМӔСТДӔР ИУ ХЪУЫДДАГЫЛ ФӔСМОН КӔНЫН»
Ацы зынгзӕрдӕ хъусынгӕнджыты ныхӕстӕй бӕрӕг у: цӕмӕй ӕндӕр ранмӕ лӕггад кӕнынмӕ ацӕуай, уый тыххӕй хъуамӕ дӕ зӕрдӕ ӕгасӕй дӕр Йегъовӕйыл дарай. Кӕй зӕгъын ӕй хъӕуы, хъусынгӕнджытӕ кӕм нӕ фаг кӕны, уым лӕггад кӕнгӕйӕ хотӕ ӕмӕ ӕфсымӕртӕ зындзинӕдтыл дӕр сӕмбӕлынц. Фӕлӕ сыгъдӕгзӕрдӕ адӕм хорз хабармӕ кӕй хъусынц, уый сын стыр цины хос у. Мыййаг, дӕуӕн дӕр дӕ бон у, хуымгӕрдджытӕ кӕм нӕ фаг кӕны, ахӕм ран баххуыс кӕнын? Ахӕм уынаффӕ куы рахӕссай, уӕд, чи зоны, бирӕ нӕ рацӕуа, афтӕ ды дӕр сразы уай Юрийы ныхӕстимӕ. Лӕггад кӕнынмӕ ӕндӕр бӕстӕмӕ кӕй ацыдысты, уый тыххӕй Юрий загъта: «Ӕрмӕстдӕр иу хъуыддагыл фӕсмон кӕнын – ардӕм раздӕр цӕуылнӕ ’рцыдыстӕм».
^ 20 абз. Кӕс 1999 азы 15 октябры «Сторожевая башня», 23–27 фӕрстӕ.