Сӕйраг ӕрмӕгмӕ рахиз

Сӕргӕндтӕм рахиз

Фарстатӕн дзуапп агурӕм

Фарстатӕн дзуапп агурӕм

Фарстатӕн дзуапп агурӕм

«Нӕ бон ӕхца бакусын кӕй у, уымӕ гӕсгӕ нӕ цард хуыздӕрӕй-хуыздӕр кӕны. Ис нӕм кондиционертӕ, музыкӕ хъусынӕн диссаджы техникӕ ӕмӕ сӕрдӕй-зымӕгӕй та дыргътӕ. Фӕлӕ нын уӕддӕр иу фарста ӕнцой нӕ дӕтты – цӕмӕн цӕрӕм? Цӕмӕн хъӕуынц адӕттӕ? Адӕймаг цӕмӕн цӕры?» Дэвид Майерс, психологийы профессор (Колледж Хоуп, Холланд; АИШ, штат Мичиган)

ЦАВӔР дзуапп раттис ацы профессоры фарстатӕн ды та? Чи зоны, исчи зӕгъа, зӕгъгӕ, ацы фарстатӕн дзуапп агурын ницы пайда у. Фӕлӕ сыл куы нӕ хъуыды кӕнай, уӕд уый абарӕн ис, дӕ дзабыры гыццыл дур куыд ныххауа, уыимӕ. Дӕ бон дардӕр цӕуын у, фӕлӕ дӕ къах риссы ӕмӕ дын дӕ фӕндаг афтӕ ӕхсызгон нал у.

Кӕд искуы ды дӕр хъуыды кодтай, адӕймаг цӕмӕн цӕры, ууыл, уӕд иунӕг нӕ дӕ. Ахуыргӕндтӕ куыд сбӕрӕг кодтой, афтӕмӕй, адӕймаг цӕмӕн цӕры, ууыл чи хъуыды кӕны, уыдоны нымӕц ӕгас дунейы дӕр фылдӕрӕй-фылдӕр кӕны.

Уӕдӕ дӕ кӕд фӕнды, цӕмӕй цардӕй райгонд уай ӕмӕ удӕнцой ссарай, уӕд дӕ хъӕуы ӕртӕ ахсджиаг фарстӕн дзуӕпп базонын.

Адӕймаг куыд фӕзынд?

Цӕмӕн цӕрӕм?

Фидӕны нӕм цы ӕнхъӕлмӕ кӕсы?

Ацы ахсджиаг фарстатӕн раст дзуаппытӕ ссарӕн кӕм ис? Рахъуыды-бахъуыды кӕныны бӕсты, хуыздӕр уаид, Библи цы дзуры, уымӕ ӕркӕсын. Уымӕн нын баххуыс кӕндзысты иннӕ статьятӕ. Дӕ хорзӕхӕй, дӕ Библи байгом кӕн ӕмӕ дӕхӕдӕг фен, цы фыст дзы ис, уый.