Бинонты амонд цӕмӕй кӕнгӕ у
Дӕ сывӕллӕттӕн зонд амон
Джон *: Куы-иу рафыдуаг кодтон, уӕд-иу мӕ мӕ ныййарджытӕ нӕ бафхӕрдтой, цалынмӕ-иу нӕ бамбӕрстой, хъуыддаг цӕй мидӕг уыд, уый. Ӕз дӕр архайын мӕ чызджыты афтӕ хъомыл кӕныныл. Мӕ цардӕмбал Элисон та ӕндӕр уавӕрты схъомыл. Йӕ фыд ӕмӕ-иу йӕ мад уайтагъд амӕсты сты ӕмӕ-иу сывӕллӕттыл сӕ пырх акалдтой, афтӕ цӕмӕн бакодтой, ууыл та-иу хъуыды дӕр нӕ акодтой. Иуӕй-иу хатт мӕм афтӕ фӕкӕсы, цыма мӕ цардӕмбал дӕр нӕ сывӕллӕттимӕ ӕгӕр карз вӕййы.
Кэрол: Фондз азы мыл куы цыди, уӕд нӕ нӕ фыд ныууагъта. Ме ’ртӕ хоимӕ куыд хъомыл кодтам, уый мӕт ӕй ӕппындӕр нӕ уыд. Мӕ мады тынг бирӕ кусын хъуыд, уымӕ гӕсгӕ мӕ кӕстӕр хотӕм ӕз кастӕн. Мӕхӕдӕг сывӕллон уыдтӕн ӕмӕ мын ныййарӕджы хӕстӕ ӕххӕст кӕнын ӕнцон нӕ уыд. Уымӕ гӕсгӕ уӕлӕнгай цӕстӕй кӕсын цӕмӕ хъӕуы, ууыл дӕр ӕгӕр фӕмӕт кӕнын. Мӕ сывӕллӕттӕ куы рафыдуаг кӕнынц, уӕд фӕархайын, цӕмӕй бамбарон, афтӕ цӕмӕн бакодтой ӕмӕ сӕ уымӕ цы сразӕнгард кодта, уый. Мӕ лӕг Марк та ӕндӕрхуызон у. Йӕ фыд кӕд тызмӕг уыд, уӕддӕр ӕй уарзта ӕмӕ йӕ цардӕмбалмӕ дӕр хорз цӕстӕй каст. Нӕ чызджытӕ исты куы саразынц, уӕд Марк уайтагъд бамбары, хъуыддаг цӕй мидӕг уыд, уый ӕмӕ йӕ аскъуыддзаг кӕны.
ДЖОН ӕмӕ Кэролы ныхӕстӕй бӕрӕг у, адӕймаджы куыд схъомыл кодтой, уый кӕй фӕзыны, йӕ сывӕллӕтты куыд хъомыл кӕндзӕн, ууыл. Лӕг ӕмӕ ус алыхуызон бинонты куы схъомыл вӕййынц, уӕд сын зын вӕййы сывӕллӕтты хъомыл кӕнынмӕ иу цӕстӕй кӕсын. Уый тыххӕй, гӕнӕн ис, кӕрӕдзи дӕр мауал ӕмбарой.
Фӕллад адӕймаг мӕстыгӕр вӕййы. Лӕг ӕмӕ усӕн сывӕллон куы фӕзыны, уӕд бамбарынц, йӕ хъомыл кӕнын ӕнцон кӕй нӕу ӕмӕ йын бирӕ рӕстӕг кӕй хъӕуы. Джоан йӕ лӕг Дарренимӕ схъомыл кодта дыууӕ чызджы, ӕмӕ зӕгъы: «Мӕ чызджыты куыннӕ
уарзын, фӕлӕ сӕ бафынӕй кӕнын уыд хъаймӕт. Райхъал-иу сты раджы, стын афон-иу сын куы нӕма уыд, уӕд. Семӕ-иу куы ныхас кодтон, уӕд-иу мӕм нӕ хъуыстой. Сӕ дзабыртӕ, сӕ дзаумӕттӕ ӕмӕ-иу сӕ хъазӕнтӕ алы рӕтты ныппырх кодтой ӕмӕ хӕринаг дӕр фӕстӕмӕ холодильникы никуы бавӕрдтой».Джекы ус фӕрынчын (послеродовая депрессия), дыккаг сывӕллон ын куы райгуырд, уӕд. Джек зӕгъы: «Куыстӕй-иу тынг фӕлладӕй ӕрбацыдтӕн ӕмӕ-иу ӕхсӕвыгӕтты та нӕ ноггуырд сывӕллонмӕ кастӕн. Ӕмӕ мын хистӕр чызджы, куыд ӕмбӕлы, афтӕ хъомыл кӕнын зын уыд. Стӕй йын хъыг уыд, йӕ гыццыл хоимӕ йын фылдӕр рӕстӕг кӕй ӕрвыстам, уый».
Фӕллад ныййарджытӕ сывӕллӕтты хъомыл кӕнынмӕ иу цӕстӕй куы нӕ фӕкӕсынц, уӕд гыццыл быцӕу дӕр стыр хыл расайы. Ӕмӕ куы нӕ бафидауынц, уӕд сывӕллон дӕр уыцы уавӕрӕй пайда кӕнын райдайы, цӕмӕй йӕ цы фӕнды, уый йӕ къухы бафта. Ныййарджытӕн Библийӕ цавӕр уагӕвӕрдтӕ баххуыс кӕндзысты, цӕмӕй кӕрӕдзийыл дӕр ӕнувыд уой ӕмӕ сӕ сывӕллӕтты дӕр хорз хъомыл кӕной?
Кӕрӕдзийӕн рӕстӕг арут
Хуыцауы фӕндонмӕ гӕсгӕ лӕг ӕмӕ ус хъуамӕ сӕ цард баиу кодтаиккой, цалынмӕ сын цот нӕ рацыдаид, уӕдмӕ ӕмӕ иумӕ цардаиккой, сывӕллӕттӕ сӕхицӕн бинонтӕ куы скодтаиккой, уӕддӕр. Уый тыххӕй Библийы фыст ис: «Хуыцау цы баиу кодта, уый адӕймаг ма ахицӕн кӕнӕд» (Матфейы 19:6). Уыцы стихы размӕ та фыст ис, зӕгъгӕ, сывӕллон куы байрӕза, уӕд «ныууадздзӕн йӕ фыд ӕмӕ йӕ мады» (Матфейы 19:5). Уӕдӕ лӕг ӕмӕ ус ӕрмӕст сӕ сывӕллӕтты схъомыл кӕныны тыххӕй иумӕ нӕ фӕцӕрынц. Кӕй зӕгъын ӕй хъӕуы, сывӕллӕтты хъомыл кӕнынӕн сӕ бирӕ рӕстӕг хъӕуы, фӕлӕ хъуамӕ сӕ зӕрдыл дарой, уый аразын сын ӕнцондӕр уыдзӕн, кӕрӕдзийыл ӕнувыддӕр куы уой, уӕд.
Лӕг ӕмӕ усӕн цы баххуыс кӕндзӕн, цӕмӕй кӕрӕдзийыл ӕнувыд уой сӕ сывӕллӕттӕ хъомыл кӕнгӕйӕ? Кӕд гӕнӕн ис, уӕд-иу рӕстӕг рахицӕн кӕнут, цӕмӕй ӕнӕ сывӕллӕттӕй рӕстӕг иумӕ ӕрвитат. Уӕд уӕ бон уыдзӕн уӕ бинонты хъуыддӕгтыл аныхас кӕнын ӕмӕ ӕнӕуи иумӕ абадын дӕр. Кӕй зӕгъын ӕй хъӕуы, рӕстӕг ссарын ӕнцон нӕ вӕййы. Райдианы цы Элисоны кой кодтам, уый загъта: «Куыддӕр-иу мӕ лӕгимӕ иумӕ ӕрбадтыстӕм, афтӕ-иу нӕ кӕстӕр чызджы исты бахъуыд, йе та-иу нӕ ӕхсӕзаздзыд чызг „бӕллӕхы“ бахауд – йӕ кърандӕстӕ-иу нал ардта».
Цӕмӕй Джоан ӕмӕ Даррен сӕ рӕстӕг иумӕ ӕрвыстаиккой, уый тыххӕй сфӕнд кодтой сӕ чызджыты алы хатт дӕр уыцы иу рӕстӕг фынӕй кӕнын. Джоан загъта: «Нӕ чызджытӕ-иу хъуамӕ уыцы иу рӕстӕг схуыссыдаиккой ӕмӕ-иу рухс ахуыссын кодтаиккой. Уый фӕстӕ Дарренимӕ нӕ бон уыд баулӕфын ӕмӕ аныхас кӕнын».
Сывӕллӕттӕ-иу алы хатт дӕр уыцы иу рӕстӕг куы схуыссой, уӕд-иу лӕг ӕмӕ усӕн сӕрибар рӕстӕг уыдзӕн ӕмӕ сывӕллӕттӕ дӕр сахуыр уыдзысты, цӕмӕй, «цы сты, сӕхицӕй уымӕй фылдӕр ӕнхъӕл ма уой» (Ромӕгтӕм 12:3). Сывӕллӕттӕ ахӕм ӕгъдауыл ахуыр куы уой, уӕд ӕмбардзысты, кӕд сӕ уарзынц, уӕддӕр, уыдоны куыд фӕнды, афтӕ кӕй нӕ уыдзӕн – бинонтӕн цы ӕгъдау ис, уый хъуамӕ ӕххӕст кӕной.
Спълан кӕнут, уӕ сывӕллон алы хатт дӕр цафон фынӕй кӕндзӕн, уый ӕмӕ стӕй уӕ хъус дарут, цӕмӕй уыцы ӕгъдау ма хала. Кӕд исты ӕфсӕнттӕ фӕагуры, цӕмӕй фӕстӕдӕр схуысса, зӕгъӕм, дон ӕй хъӕуы, уӕд ӕм иу хатт байхъусут. Фӕлӕ ма уый фӕстӕ ӕндӕр ӕфсӕнттӕ куы агура, уӕд ын бар ма дӕттут. Афтӕ куы дзура, фондз минуты ма, зӕгъгӕ, уӕд-иу будильник сӕвӕрут, цӕмӕй фондз минуты фӕстӕ ныдздзӕнгӕрӕг кӕна. Уый фӕстӕ хъуамӕ сывӕллон ӕнӕ ракӕ-бакӕйӕ схуысса. «„О“ загътат, уӕд уӕ ныхас уӕд „о“, „нӕ“ загътат, уӕд та – „нӕ“» (Иу хъуыдыйыл хӕст ут
Иу зондджын ӕмбисонд зӕгъы: «Мӕ хъӕбул, хъус дӕ фыды зондамындмӕ ӕмӕ дын дӕ мад цы закъон амоны, уый ма рох кӕн» (Ӕмбисӕндтӕ 1:8). Ацы ныхӕстӕй бӕрӕг у, фыд дӕр ӕмӕ мад дӕр кӕй хъуамӕ хъомыл кӕной сӕ сывӕллӕтты. Лӕг ӕмӕ ус ӕмхуызон уавӕрты куы схъомыл вӕййынц, уӕддӕр, гӕнӕн ис, иу хъуыдыйыл хӕст ма уой, сӕ сывӕллӕтты куыд хъомыл кӕной ӕмӕ цавӕрдӕр уавӕры куыд бакӕной, уый фӕдыл. Ахӕм уавӕры ныййарджытӕн сӕ бон цы у саразын?
Джон загъта: «Ӕз бамбӕрстон иу ахсджиаг хъуыддаг: кӕрӕдзиимӕ разы цӕуыл не стӕм, ууыл сывӕллӕтты раз ныхас кӕнын нӕ хъӕуы». Фӕлӕ йӕ зӕгъын куыд ӕнцон у, йӕ бакӕнын афтӕ кӕй нӕу, ууыл дӕр сразы. Джон ма загъта: «Сывӕллӕттӕй ницы ирвӕзы, алцыдӕр уынынц. Ӕргом цы нӕ фӕзӕгъӕм, уый дӕр нӕ чызг бамбары».
Джон ӕмӕ Элисон цы бакодтой? Элисон загъта: «Джон нӕ чызгӕн куыд уайдзӕф кӕны, уый мӕ зӕрдӕмӕ куы нӕ фӕцӕуы, уӕд ын ӕй фӕзӕгъын, сывӕллон нӕ куы нӕ фӕхъусы, уӕд. Кӕрӕдзиимӕ разы кӕй нӕ вӕййӕм уымӕй нӕ чызг пайда кӕна, уый мӕ нӕ фӕнды. Иухуызон кӕй нӕ хъуыды кӕнӕм, уый куы бамбары, уӕд ын фӕзӕгъын, бинонтӕй алчидӕр Йегъовӕйы закъӕттӕ кӕй хъуамӕ ӕххӕст кӕна, ӕмӕ ӕз дӕр йӕ фыдмӕ хъусын, бинонты хистӕр кӕй у, уымӕ гӕсгӕ, ӕмӕ ды дӕр нӕ коммӕ кӕй хъуамӕ кӕсай» (1 Коринфӕгтӕм 11:3; Ефесӕгтӕм 6:1–3). Джон та загъта: «Нӕ бинонтӕ иумӕ куы вӕййынц, уӕд нӕ чызгӕн зонд ӕз фӕамонын. Фӕлӕ хъуыддаг цӕй мидӕг ис, уый Элисон хуыздӕр куы фӕзоны, уӕд ын цы фӕзӕгъы, ууыл сразы вӕййын. Йемӕ разы куы нӕ вӕййын, уӕд та фӕстӕдӕр аныхас кӕнӕм».
Сывӕллӕттӕ хъомыл кӕнгӕйӕ иу хъуыдыйыл хӕст куы нӕ уат, уӕд цы саразӕн ис, цӕмӕй кӕрӕдзи дӕр ма фӕхъыг кӕнат ӕмӕ уын уӕ сывӕллӕттӕ дӕр аргъ кӕной?
Алы къуыри дӕр-иу рӕстӕг рахицӕн кӕнут, цӕмӕй-иу аныхас кӕнат, сывӕллӕтты куыд хъомыл кӕнут ӕмӕ разы цы хъуыддӕгты не стут, ууыл. Дӕ цардӕмбалы хъуыды бамбарыныл архай ӕмӕ ма рох кӕн, дӕ сывӕллон уый сывӕллон дӕр кӕй у.
Сывӕллӕттӕ кӕй хъомыл кӕнут, уый уӕ ӕнгомдӕр кӕнӕд
Кӕй зӕгъын ӕй хъӕуы, сывӕллӕттӕ хъомыл кӕнын ӕнцон нӕу. Ӕмӕ хатт уӕ рӕстӕг ӕмӕ уӕ хъарутӕ ӕрмӕст уыдоныл Екклесиасты 4:9, 10).
ацӕуынц. Фӕлӕ рӕстӕг куы рацӕуа, уӕд уӕ сывӕллӕттӕн уыдзӕн сӕхи бинонтӕ. Сывӕллӕттӕ кӕй хъомыл кӕнут, уый уӕ кӕрӕдзимӕ ӕнгомдӕр кӕны ӕви дарддӕр? Цы дзуапп ратдзыстут, уый баст у, Библийы цы уагӕвӕрд ис, уымӕй царды куыд пайда кӕнут, уыимӕ: «Иуӕн зын у. Дыууӕйӕн та ӕнцондӕр у, уымӕн ӕмӕ сӕ фыдӕбон дзӕгъӕлы нӕу. Сӕ иу куы ахауа, уӕд иннӕ схӕцдзӕн йе ’мбалыл» (Лӕг ӕмӕ ус сывӕллӕтты хъомыл кӕнгӕйӕ кӕрӕдзийӕн куы ’ххуыс кӕной, уӕд сӕ фыдӕбон дзӕгъӕлы нӕ уыдзӕн. Уӕлдӕр цы Кэролы кой кодтам, уый загъта: «Мӕ лӕгмӕ бирӕ хорз миниуджытӕ кӕй ис, уый зыдтон, фӕлӕ нын сывӕллӕттӕ куы фӕзынд, уӕд та йӕ иннӕ хорз миниуджытӕ дӕр рабӕрӕг сты. Нӕ чызджыты куыд уарзы ӕмӕ сыл куыд тыхсы, уый уынгӕйӕ йын ноджы тынгдӕр кад кӕнын ӕмӕ йӕ уарзын». Джон та Элисоны тыххӕй зӕгъы: «Мӕ бинойнаг хорз мад кӕй разынд, уый куы федтон, уӕд ӕй тынгдӕр бауарзтон ӕмӕ йын фылдӕр аргъ кӕнын».
Уӕ сывӕллӕтты хъомыл кӕнгӕйӕ дӕ цардӕмбалӕн рӕстӕг куы арай, уӕд кӕрӕдзимӕ ӕнгомдӕр уыдзыстут. Афтӕмӕй уӕ сывӕллӕттӕн фӕзминаг куыннӕ уыдзыстут?!
[Фиппаинаг]
^ 3 абз. Нӕмттӕ ивд сты.
АХЪУЫДЫ КӔН...
▪ Алы къуыри дӕр цас рӕстӕг рахицӕн кӕнын, цӕмӕй мӕ цардӕмбалимӕ ӕнӕ сывӕллӕттӕй арвитӕм нӕ рӕстӕг?
▪ Мӕ цардӕмбалӕн сывӕллӕтты хъомыл кӕнынӕн куыд ӕххуыс кӕнын?