Уӕ сывӕллӕтты ахуыр кӕнут
Иоси равзӕрста раст фӕндаг
КУЫД хъуыды кӕныс, раст цы у, уый кӕнын зын у? * ~ О, куы зӕгъай, уӕд бирӕтӕ сразы уыдзысты демӕ. Стыртӕн дӕр ма куы вӕййы зын. Ӕркӕсӕм-ма, Иосийӕн уӕлдай зын цӕмӕн уыди, раст цы уыд, уый аразын. Зоныс, Иоси чи уыд, уый?
Иоси уыд иудейаг паддзах Амоны фырт. Амоныл цыд 16 азы, Иоси куы райгуырд, уӕд. Амон йӕ фыд Манассийау уыд тынг ӕвзӕр адӕймаг. Манасси бирӕ азты уыд паддзах ӕмӕ тынг ӕвзӕр хъуыддӕгтӕ арӕзта. Фӕлӕ йӕ фӕстӕдӕр ассирийӕгтӕ дард Вавилонмӕ уыцары акодтой. Ахӕстоны бадгӕйӕ Манасси Йегъовӕйӕн лӕгъстӕ кодта, цӕмӕй йын йӕ тӕригъӕдтӕ ныххатыр кодтаид, ӕмӕ йын Йегъовӕ дӕр ныххатыр кодта.
Манасси уацарӕй куы ссӕрибар, уӕд фӕстӕмӕ Иерусалиммӕ ӕрыздӕхт ӕмӕ та паддзах сси. Цы ӕвзӕр хъуыддӕгтӕ сарӕзта, уыдон сраст кодта ӕмӕ адӕмӕн ӕххуыс кодта, цӕмӕй Йегъовӕйӕн лӕггад кодтаиккой. Ӕвӕццӕгӕн ын зын уыд, йӕ фырт Амон афтӕ кӕй нӕ кодта, уый. Уыцы рӕстӕг райгуырд Иоси. Библийы ницы ис фыст, Иоси йӕ фыдыфыдимӕ арӕх кӕй ӕмбӕлыд, уый тыххӕй. Фӕлӕ куыд хъуыды кӕныс, Манасси Иосийӕн не ’ххуыс кодта, цӕмӕй Йегъовӕйӕн лаггад кодтаид? ~
Иосийыл ӕхсӕз азы куы цыд, уӕд Манасси амард, йӕ фыд Амон та сси паддзах. Фӕлӕ паддзах уыд ӕрмӕстдӕр дыууӕ азы, уый фӕстӕ йӕ йе ’ххуырстытӕ амардтой. Йӕ фӕстӕ Иудӕйы паддзах сси астаздзыд Иоси (2 Азфыст, 33 сӕр). Куыд хъуыды кӕныс, Иоси йӕ фыдау ӕвзӕр хъуыддӕгтӕ арӕзта ӕви йӕ хъуыддӕгтыл чи ӕрфӕсмон кодта, уыцы фыдыфыд Манассийы бафӕзмыдта? ~
Кӕд Иоси гыццыл уыд, уӕддӕр ӕй фӕндыд Йегъовӕйӕн лӕггад кӕнын. Уымӕ гӕсгӕ йӕ фыды ӕмбӕлттӕм нӕ хъуыста, фӕлӕ Йегъовӕйы чи уарзта, уыдонмӕ. Иосийыл аст азы йеддӕмӕ нӕ цыд, фӕлӕ зыдта, 2 Азфыст 34:1, 2). Иосийы раст зондыл чи арӕзта, ӕмӕ йын фӕзминаг чи уыд, уыдоны тыххӕй дӕ фылдӕр базонын нӕ фӕнды? ~
Хуыцауы чи уарзы, уыдонмӕ хъусын раст кӕй у (Уыдонӕй иу уыд пехуымпар Софони, Иосийы хӕстӕг. Ӕвӕццӕгӕн, йӕ хӕстӕг уыд, Манассийы фыд хорз паддзах Езекийы ’рдыгӕй. Иоси паддзах куы сси, уыцы рӕстӕг Софони ныффыста Библийы чингуытӕй иу ӕмӕ уыцы чиныг хӕссы йӕ ном. Йӕ чиныджы фӕдзӕхста, раст хъуыддӕгтӕ чи нӕ кодта, уыдонмӕ цы бӕллӕхтӕ ӕнхъӕлмӕ каст. Уыцы ныхӕстӕ Иоси йӕ зӕрдыл дардта.
Иосийы ма фидар кодта Йереми, ӕвӕццӕгӕн ӕй зоныс. Йереми ӕмӕ Иоси кӕрӕдзимӕ ӕввахс цардысты ӕмӕ сӕ гыццылӕй фӕстӕмӕ Йегъовӕйӕн лӕггад кодтой. Йегъовӕ Йеремийӕн ныффыссын кодта Библийы чингуытӕй иу, ӕмӕ хӕссы йӕ ном. Иоси хӕсты куы фӕмард, уӕд ыл Йереми хъарӕг ныффыста (2 Азфыст 35:25). Нӕ бон у нӕ цӕстытыл ауайын кӕнын, кӕрӕдзи куыд фидар кодтой, цӕмӕй Йегъовӕйӕн иузӕрдионӕй лӕггад кодтаиккой.
Куыд хъуыды кӕныс, Иосийӕ цӕуыл ахуыр кӕнӕм? ~ Кӕд дӕуӕн дӕр дӕ фыд Йегъовӕйӕн нӕ лӕггад кӕны, уӕд дын кӕй бон у баххуыс кӕнын, цӕмӕй Хуыцауы тыххӕй фылдӕр базонай? Зӕгъӕм, дӕ мад кӕнӕ дӕ хӕстӕджытӕй ӕндӕр исчи. Йе та Йегъовӕйы лӕггадгӕнджытӕй исчи, кӕд дӕ мады фӕнды, цӕмӕй демӕ Библи ахуыр кӕна, уӕд.
Кӕд Иоси гыццыл уыд, уӕддӕр ӕмбӕрста, Йегъовӕйӕн чи лӕггад кодта, уыдон йе ’мбӕлттӕ кӕй хъуамӕ уыдаиккой. Ды дӕр афтӕ куы кӕнай, уӕд раст кӕндзынӕ.
[Фиппаинаг]
^ 3 абз. Дӕ сывӕллонимӕ куы кӕсай, уӕд ацы нысан (~) цы хъуыдыйады фӕстӕ лӕууа, уым хъӕуы иу гыццыл ӕрлӕууын, цӕмӕй сывӕллон дзуапп ратта.
Фарстатӕ:
○ Иосийы фыд ӕмӕ фыдыфыд чи уыдысты ӕмӕ цавӕр адӕймӕгтӕ уыдысты?
○ Иосийы фыдыфыд куыд аивта?
○ Иосийы раст зондыл чи арӕзта, уыцы дыууӕ пехуымпары чи уыдысты? Дӕумӕ гӕсгӕ ахсджиаг цӕмӕн у, цӕмӕй дын ахӕм ӕмбӕлттӕ уа?
[Ныв 17 фарсыл]
Софони ӕмӕ Йереми Иосийӕн куыд баххуыс кодтой, цӕмӕй, раст цы у, уый кодтаид?