Хуыцауӕн исты уӕлдай у, куыд ын кувынц, уый?
Хуыцауӕн исты уӕлдай у, куыд ын кувынц, уый?
Арӕх фӕзӕгъынц:
▪ «Динтӕ се ’ппӕт дӕр Хуыцауы зӕрдӕмӕ цӕуынц».
▪ «Дӕ диныл ӕнувыд у, ӕмӕ цӕуылфӕнды дӕр ӕууӕнд».
Чырысти та цы загъта?
▪ «Бахизут нарӕг дуарыл, уымӕн ӕмӕ сӕфтмӕ цы фӕндаг кӕны, уый у фӕтӕн ӕмӕ уӕрӕх, ӕмӕ йыл бирӕтӕ цӕуынц. Цардмӕ цы фӕндаг кӕны, уый та уынгӕг у, ӕмӕ дуар дӕр нарӕг у, ӕмӕ уыцы фӕндаг бирӕтӕ не ссарынц» (Матфейы 7:13, 14). Чырысти нӕ дзырдта, ӕппӕт динтӕ дӕр Хуыцауы зӕрдӕмӕ кӕй цӕуынц.
▪ «Уыцы бон мын бирӕтӕ зӕгъдзысты: „Хицау, Хицау, мах дӕ номӕй нӕ дзырдтам, дӕ номӕй хӕйрӕджыты нӕ сырдтам ӕмӕ дӕ номӕй бирӕ диссӕгтӕ нӕ арӕзтам?“ Фӕлӕ сын уӕд ӕз ӕргом зӕгъдзынӕн: „Ӕз уӕ нӕ зонын! Ацӕут ардыгӕй, фыдгӕнджытӕ“» (Матфейы 7:22, 23). Чырысти алкӕй йӕ ахуыргӕнинагыл нӕ нымайы, кӕд уыдон афтӕ дзурынц, уӕддӕр.
БИРӔТӔ стыр аргъ кӕнынц, цӕуыл ӕууӕндынц, уыдӕттӕн ӕмӕ сӕ фыдӕлты дины ӕгъдӕуттӕн. Фӕлӕ уыцы ӕгъдӕуттӕ Хуыцауы Ныхас Библимӕ гӕсгӕ раст куы нӕ уой, уӕд та? Йесо Чырысти дины разамонджытимӕ куы ныхас кодта, уӕд загъта, адӕм кӕй ӕрхъуыды кодтой, уыцы ӕгъдӕуттыл хӕцын тӕссаг кӕй у: «Сымах Хуыцауы ныхас уе ’гъдӕуттӕй баивтат». Стӕй ма загъта, Хуыцау йӕхӕдӕг цы ныхӕстӕ загъта, уыдон: «Ацы адӕм мӕ кадджын кӕнынц дзыхӕй, сӕ зӕрдӕтӕ та дард сты мӕнӕй. Дзӕгъӕлы мын кувынц, уымӕн ӕмӕ цы амонынц, уыдон адӕмы ӕрымысгӕ фӕдзӕхстытӕ йеддӕмӕ ницы сты» (Матфейы 15:1–9; Исай 29:13).
Хуыцауыл ӕрмӕст ӕууӕндын фаг нӕу, ахсджиаг ма у, нӕхи куыд дарӕм, уый дӕр. Йӕхи Хуыцауӕн кувӕг адӕймаг чи хоны, уыдонӕй иуӕй-иуты тыххӕй Библийы фыст ис: «Уыдон стыр дзыхӕй дзурынц, Хуыцауы зонӕм, зӕгъгӕ, фӕлӕ сӕ хъуыддӕгтӕй та ӕвдисынц, кӕй йӕ нӕ зонынц» (Титмӕ 1:16). Нӕ рӕстӕджы адӕмы тыххӕй Библийы фыст ис: «Хуыцауы нӕ уарздзысты, фӕлӕ уарздзысты ирхӕфсӕнтӕ, сӕхи афтӕ ӕвдисдзысты, цыма Хуыцауыл иузӕрдион сты, фӕлӕ сӕ цардӕй та уый бӕрӕг нӕ уыдзӕн» (2 Тимофеймӕ 3:4, 5).
Дӕ дины ӕгъдӕуттыл ӕнувыд уай, ӕрмӕст уый фаг нӕу. Цӕуылнӕ? Уымӕн ӕмӕ гӕнӕн ис, адӕймаг йӕ диныл ӕнувыд уа, фӕлӕ цӕуыл ӕууӕнды, уый раст ма уа. Хуыцауы тыххӕй бӕлвырд зонын ӕнӕмӕнг хъӕуы (Ромӕгтӕм 10:2, 3). Библи куы ахуыр кӕнӕм ӕмӕ цы дзуры, уымӕ гӕсгӕ куы цӕрӕм, уӕд Хуыцауы хорзӕх ссардзыстӕм (Матфейы 7:21). Раст диныл хӕст адӕймаг хъуамӕ Хуыцауӕн сыгъдӕг зӕрдӕйӕ кува, цӕуыл ӕууӕнды, уый раст уа ӕмӕ хорз хъуыддӕгтӕ араза. Хорз хъуыддӕгтӕ аразын та нысан кӕны алы бон дӕр Хуыцауы фӕндон ӕххӕст кӕнын! (1 Иоанны 2:17).
Кӕд дӕ фылдӕр базонын фӕнды, Библи Хуыцауы тыххӕй цы дзуры, уый, уӕд Йегъовӕйы Ӕвдисӕнтӕй искӕмӕн зӕгъ, ӕмӕ демӕ Библи лӕвар ахуыр кӕндзысты.
[Хицӕнгонд текст 9 фарсыл]
Раст диныл хӕст адӕймаг хъуамӕ Хуыцауӕн сыгъдӕг зӕрдӕйӕ кува, цӕуыл ӕууӕнды, уый раст уа ӕмӕ хорз хъуыддӕгтӕ араза