Чи у Хуыцау?
Чи у Хуыцау?
АЦЫ фарстайӕн ды цавӕр дзуапп раттис? Адӕмӕн сӕ фылдӕры уырны, Хуыцау кӕй ис, кувынц ӕм ӕмӕ дзы тӕрсгӕ дӕр кӕнынц. Фӕлӕ Хуыцауы тыххӕй бирӕ нӕ зонынц. Кӕд ды дӕр Хуыцауыл ӕууӕндыс, уӕд ацы фарстатӕн цавӕр дзуапп раттис?
1. Хуыцау ӕнӕуи цавӕрдӕр тых у?
2. Хуыцауӕн ном ис?
3. Йесо Чырысти Хуыцау у?
4. Цымӕ мыл Хуыцау тыхсы?
5. Хуыцауӕн исты уӕлдай у, куыд ӕм кувынц, уый?
Ацы фарстатӕй адӕмы куы бафӕрсай, уӕд бирӕ алыхуызон дзуаппытӕ фехъусдзынӕ. Уӕдӕ диссаг нӕу, Хуыцауы тыххӕй алыхуызон таурӕгътӕ ӕмӕ мӕнг хъуыдытӕ кӕй ис, уый.
Дзуапп зонын ахсджиаг цӕмӕн у?
Йесо Чырысти цъайы цур, Хуыцауыл чи ӕууӕндыд, уыцы сылгоймагимӕ куы ныхас кодта, уӕд ын загъта, адӕймаг Хуыцауы тыххӕй рӕстдзинад ӕнӕмӕнг кӕй хъуамӕ зона. Уыцы сылгоймаг бамбӕрста, Йесо пехуымпар кӕй уыд. Фӕлӕ тыхсти, Иоанны 4:19–22). Бӕрӕг у, Чырысти кӕй дзырдта, Хуыцауыл чи ӕууӕнды, уыдон се ’ппӕт Хуыцауы тыххӕй рӕстдзинад кӕй нӕ зонынц.
йемӕ иу диныл хӕст кӕй нӕ уыди, ууыл ӕмӕ йын уый кой куы скодта, уӕд ын Чырысти ӕргом загъта: «Сымах, цӕмӕн кувут, уый нӕ зонут» (Цымӕ Чырыстийы ныхӕстӕ ууыл дзурӕг сты, ӕмӕ адӕймагӕн йӕ бон нӕу Хуыцауы тыххӕй рӕстдзинад базонын? Чырысти афтӕ нӕ загъта. Уыцы сылгоймагӕн бамбарын кодта: «Ӕцӕг кувӕг адӕм нӕ уӕларвон Фыдӕн кувдзысты сыгъдӕг уды разамындмӕ гӕсгӕ ӕмӕ ӕцӕгдзинадмӕ гӕсгӕ, уымӕн ӕмӕ нӕ уӕларвон Фыд ахӕм кувӕг адӕмы агуры йӕхицӕн» (Иоанны 4:23). Ды дӕр Хуыцауӕн «сыгъдӕг уды разамындмӕ гӕсгӕ ӕмӕ ӕцӕгдзинадмӕ гӕсгӕ» кувыс?
Ацы фарстайӕн дзуапп зонынӕй ахсджиагдӕр ницы ис. Цӕмӕн? Уый Чырысти бамбарын кодта, Хуыцаумӕ куы куывта, уӕд: «Ӕнусон цард та уымӕй кӕнгӕ у, цӕмӕй базоной дӕу, иунӕг ӕцӕг Хуыцауы, ӕмӕ ды кӕй рарвыстай, уыцы Йесо Чырыстийы» (Иоанны 17:3). Хуыцау чи у, уый адӕймаг бӕлвырдӕй куы зона, уӕд ын фидӕны ӕнустӕм цӕрыны фадат уыдзӕн!
Цымӕ Хуыцауы тыххӕй ӕцӕгдӕр базонӕн ис? Куыннӕ. Чырысти йӕхи тыххӕй загъта: «Ӕз дӕн фӕндаг, ӕцӕгдзинад ӕмӕ цард. Мӕ Фыдмӕ мӕн уылты йеддӕмӕ ӕрцӕуӕн никӕуылты ис» (Иоанны 14:6). Стӕй ма ноджыдӕр загъта: «Фыд чи у, уый дӕр Фырты йеддӕмӕ ӕмӕ, Фырты кӕмӕн фӕнды Фыды раргом кӕнын, уый йеддӕмӕ ничи зоны» (Лукайы 10:22).
Уӕдӕ фыццаджыдӕр Хуыцауы Фырт Йесо Чырысти цӕуыл ахуыр кодта, уый фӕрцы ис базонӕн Хуыцауы тыххӕй. Йесо нын зӕрдӕ бавӕрдта: «Кӕд мӕ ныхасмӕ гӕсгӕ цӕрат, уӕд ӕцӕгдӕр мӕ ахуыргӕнинӕгтӕ уыдзыстут, ӕмӕ базондзыстут ӕцӕгдзинад, ӕмӕ уӕ ӕцӕгдзинад ссӕрибар кӕндзӕн» (Иоанны 8:31, 32).
Цымӕ Йесо Чырысти цавӕр дзуапп радтаид, статьяйы райдиан цы фондз фарстайы ис, уыдонӕн?
[Ныв 4 фарсыл]
Кӕмӕн кувыс, уыцы Хуыцауы хорз зоныс?