Сӕйраг ӕрмӕгмӕ рахиз

Сӕргӕндтӕм рахиз

Уӕ сывӕллӕтты ахуыр кӕнут

Павелы фервӕзын кодта йӕ хойы лӕппу

Павелы фервӕзын кодта йӕ хойы лӕппу

АПОСТОЛ Павелы хӕстӕджытӕй Чырыстийы фӕдылдзӕуӕг чи сси, уый зоныс? *~ Йӕ хо йӕ лӕппуимӕ. Уыцы лӕппу Павелы мӕлӕтӕй фервӕзын кодта! Мах ын нӕдӕр йӕхи ном зонӕм, нӕдӕр йӕ мады ном, фӕлӕ зонӕм, цы сарӕзта, уый. Фӕнды дӕ уый тыххӕй фылдӕр базонын?~

Н. э. 56 азы Павел Иерусалиммӕ йе ’ртыккаг балцӕй куы ӕрыздӕхт, уӕд ӕй ӕрцахстой ӕмӕ йын хъуамӕ стӕрхон кодтаиккой. Фӕлӕ йе знӕгтӕ сфӕнд кодтой, цӕмӕй йӕ амардтаиккой. Уый тыххӕй 40 адӕймаджы бӕрц йӕ размӕ бабадтысты.

Фӕлӕ знӕгты пъланы тыххӕй базыдта Павелы хойы лӕппу. Цы сарӕзта, уый зоныс?~ Павелмӕ ацыд ӕмӕ йын алцыдӕр радзырдта. Уӕд Павел фӕдзырдта ӕфсӕддон хицӕуттӕй иумӕ ӕмӕ йын загъта: «Ацы лӕппуйы акӕн ӕфсады сӕргълӕууӕгмӕ, цыдӕр зӕгъинаг ын у». Уый дӕр лӕппуйы бакодта ӕфсады сӕргълӕууӕгмӕ, Клавди Лисимӕ, ӕмӕ йын загъта, лӕппу йын цыдӕр ахсджиаг хабар зӕгъинаг кӕй у. Ӕфсады сӕргълӕууӕг лӕппуйы иуварс акодта ӕмӕ йын уый дӕр алцыдӕр радзырдта.

Клавди лӕппуйы бафӕдзӕхста: «Мӕнӕн ӕй кӕй загътай, уый макӕмӕн радзур». Стӕй фӕдзырдта дыууӕ ӕфсӕддон хицаумӕ ӕмӕ сын загъта, цӕмӕй срӕвдз кодтаиккой 200 ӕфсӕддоны, 70 барӕджы ӕмӕ 200 арцхӕссӕджы ӕмӕ Павелы Кесаримӕ акодтаиккой. Ӕхсӕвы фараст сахатыл 470 адӕймаджы Павелимӕ ацыдысты ӕмӕ йӕ ӕнӕфыдбылызӕй ӕркодтой Кесаримӕ, ромаг хицау Феликсмӕ. Радтой йӕм, Клавди Лиси йӕм цы писмо ныффыста, уый. Ныффыста дзы, Павелы марынмӕ кӕй хъавынц, уый тыххӕй.

Уӕд дзуттӕгты бахъуыд Кесаримӕ ацӕуын, цӕмӕй тӕрхондоны Павелы ныхмӕ дзырдтаиккой. Фӕлӕ йӕ цӕмӕй фӕаххосджын кодтаиккой, уый нӕ уыд, уымӕн ӕмӕ Павел ӕвзӕрӕй ницы сарӕзта, ӕмӕ йӕ уӕддӕр дыууӕ азы ахстӕй фӕдардтой. Уымӕ гӕсгӕ Павел загъта, цӕмӕй йӕ Роммӕ арвитой ӕмӕ йын уым стӕрхон кӕной (Хъуыддӕгтӕ 23:16–24:27; 25:8–12).

Цӕуыл ахуыр кӕнӕм Павелы хойы лӕппуйы хабарӕй?~ Рӕстдзинад дзурынӕн хъӕуы хъӕбатырдзинад. Чи зоны, афтӕмӕй искӕй мӕлӕтӕй дӕр аирвӕзын кӕнӕм. Йесойы йе знӕгтӕ марынмӕ куы хъавыдысты, уӕддӕр адӕмӕн дзырдта Хуыцауы Паддзахады тыххӕй. Чырысти махӕн дӕр бафӕдзӕхста, цӕмӕй афтӕ кӕнӕм. Цымӕ йӕ коммӕ кӕсдзыстӕм? Уӕд хъуамӕ Павелы хойы лӕппуйы хуызӕн хъӕбатыр уӕм (Иоанны 7:1; 15:13; Матфейы 24:14; 28:18–20).

Павел йе ’рыгон ӕмбал Тимофейӕн загъта: «Ӕдзухдӕр дӕхимӕ кӕс, стӕй дӕ хъус дар, иннӕты куыд ахуыр кӕныс, уымӕ. Ацы хъуыддӕгты лӕуд у алкӕддӕр, уымӕн ӕмӕ афтӕмӕй дӕхи дӕр фервӕзын кӕндзынӕ ӕмӕ дӕм чи хъусы, уыдоны дӕр» (1 Тимофеймӕ 4:16). Ӕвӕццӕгӕн, Павел йӕ хойы лӕппуйы дӕр уымӕ разӕнгард кодта. Фӕнды дӕ, цӕмӕй уыцы лӕппуйы хуызӕн уай?

[Фиппаинаг]

^ 3 абз. Дӕ сывӕллонимӕ куы кӕсай, уӕд ацы нысан (~) цы хъуыдыйады фӕстӕ лӕууа, уым хъӕуы иу гыццыл ӕрлӕууын, цӕмӕй сывӕллон дзуапп ратта.

Фарстатӕ:

○ Библийы Павелы хӕстӕджытӕй кӕй кой ис, ӕмӕ сын сӕ царды хабӕрттӕй цы зонӕм?

○ Павелы йӕ хойы лӕппу куыд фервӕзын кодта?

○ Йесойы ныхӕстӕм гӕсгӕ цы хъуамӕ аразӕм, цӕмӕй адӕмы ирвӕзын кӕнӕм?