Сӕйраг ӕрмӕгмӕ рахиз

Сӕргӕндтӕм рахиз

Бинонты амонд цӕмӕй кӕнгӕ у

Ӕхцайӕ раст пайда кӕнын куыд хъӕуы?

Ӕхцайӕ раст пайда кӕнын куыд хъӕуы?

Лӕг: «Мӕнмӕ гӕсгӕ, мӕ бинойнаг, цы нӕ фӕхъӕуы, уыдӕттӕ фелхӕны. Ӕхцайыл ауӕрдын нӕ зоны. Ӕмӕ нӕ ӕнӕнхъӕлӕджы цӕмӕндӕр ӕхца куы бахъӕуы, уӕд нӕм иу капекк дӕр нӕ разыны. Арӕх фӕзӕгъын: „Ӕхца йӕм ратт, ӕмӕ сӕ иууылдӕр бахардз кӕндзӕн“».

Ус: «Чи зоны мын алы хатт нӕ рауайы ӕхцайыл фӕстӕмӕ фӕхӕцын. Фӕлӕ мӕн йеддӕмӕ ничи зоны, цас ӕхца ацӕуы хӕринагыл, хӕдзары дзаумайыл ӕмӕ ӕндӕр хабӕрттыл. Хӕдзар ӕнӕхъӕнӕй дӕр ме ’ккой ис, ӕмӕ йӕ мӕнӕй хуыздӕр чи зоны, цы хъӕуы ӕлхӕнын, уый, кӕд та мӕм уый фӕстӕ ныхас ӕрхауы, уӕддӕр».

БИРӔ бинонтӕн зын у ӕхцайыл сабырӕй ныхас кӕнын. Уымӕ гӕсгӕ диссаг нӕу, арӕхдӕр ӕхцайы тыххӕй кӕй фӕхыл вӕййынц, уый.

Лӕг ӕмӕ ус ӕхцайӕ раст пайда кӕнын куы нӕ фӕзонынц, уӕд маст ӕмӕ хылӕй цух нӕ вӕййынц, суанг ма сӕ уырнындзинад дӕр ӕрлӕмӕгъ вӕййы (1 Тимофеймӕ 6:9, 10). Ӕхцайӕ пайда кӕнын чи нӕ зоны, уыцы ныййарджыты фылдӕр кусын бахъӕуы, ӕмӕ уӕд сӕ бон нӕ вӕййы сӕ сывӕллӕттӕм, куыд ӕмбӕлы, афтӕ кӕсын ӕмӕ кӕрӕдзийӕн рӕстӕг арын, стӕй кӕрӕдзийы уырнындзинад фидар кӕнын. Сӕ сывӕллӕттӕ дӕр ӕхцаимӕ архайын нӕ сахуыр вӕййынц.

«Ӕхца бирӕ цӕмӕйдӕрты хъахъхъӕны»,– фыст ис Библийы (Екклесиаст 7:12). Фӕлӕ уын уӕ бинонты уӕд хъахъхъӕндзӕн, ӕрмӕст пайда кӕнын нӕ, фӕлӕ сӕ куыд хардз кӕндзыстут, ууыл ныхас кӕнын дӕр куы сахуыр уат *. Лӕг ӕмӕ ус ӕхцайыл сабырӕй ныхас кӕнын куы сахуыр уой, уӕд кӕрӕдзимӕ ӕнгомдӕр кӕндзысты.

Лӕг ӕмӕ ус ӕхцайы тыххӕй бирӕ зындзинӕдтыл цӕмӕн сӕмбӕлынц? Цы саразӕн ис, цӕмӕй ӕхцайыл ныхас кӕнгӕйӕ ма хыл кӕной?

Зындзинӕдтыл цӕмӕн сӕмбӕлынц?

Арӕхдӕр бинонтӕ ӕхцайыл фӕбыцӕу кӕнынц, кӕй нӕ фаг кӕнынц, уый тыххӕй нӕ, фӕлӕ кӕрӕдзийыл кӕй не ’ууӕндынц кӕнӕ цӕмӕйдӕр кӕй тӕрсынц, уый тыххӕй. Зӕгъӕм, лӕг йӕ усӕй куы фӕдомы, цӕмӕй йын дзура, алы капекк дӕр цӕуыл бахардз кодта, уый, уӕд афтӕ уайы, ӕмӕ не ’ууӕнды, йӕ бинойнаг ӕхцайӕ пайда кӕнын кӕй зоны, ууыл. Ус куы хъаст кӕна, йӕ лӕг ӕхца фӕстауӕрц кӕнын кӕй нӕ зоны, уӕд ӕй уый зӕгъын фӕнды, ӕмӕ тӕрсы, фидӕны сӕ бинонтӕ ӕхцайӕ куы фӕтыхсой.

Зындзинӕдтӕ ма вӕййы, лӕг ӕмӕ ус алыхуызон бинонты ’хсӕн кӕй схъомыл вӕййынц, уый тыххӕй дӕр. «Мӕ цардӕмбал цы бинонты схъомыл, уым ӕхца пълан кӕнын зонынц,– загъта, бинонты хъуыддаг аст азы размӕ чи бакодта, уыцы нӕлгоймаг, Мэтью, зӕгъгӕ.– Ӕз цы зындзинӕдтыл сӕмбӕлдтӕн, уый ахӕмтыл никуы сӕмбӕлд. Мӕнӕн мӕ фыд уыд нуазаг, тамако дымдта ӕмӕ фылдӕр рӕстӕг кусгӕ дӕр нӕ кодта. Арӕх-иу нӕм дзулы фаг дӕр нӕ уыд, ӕмӕ уый тыххӕй абон дӕр тӕрсын, хӕс исын нӕ куы бахъӕуа, уымӕй. Уый тыххӕй мын, иуӕй-иу хатт, зын вӕййы мӕ бинойнагимӕ ӕхцайыл сабырӕй ныхас кӕнын». Лӕг ӕмӕ усы кӕрӕдзи ӕмбарын цыфӕнды ма хъыгдара, уӕддӕр сӕ бон у бацархайын, цӕмӕй ӕхцайы тыххӕй сӕ цард ма хӕла. Цы сын баххуыс кӕндзӕн?

Цыппар хъуыддаджы

Ӕхцайӕ куыд пайда кӕнын хъӕуы, уый тыххӕй Библийы фыст нӕй. Фӕлӕ дзы цы уынаффӕтӕ ис, уыдон лӕг ӕмӕ усӕн баххуыс кӕндзысты, цӕмӕй ӕхцаимӕ баст хъуыддӕгты кӕрӕдзи ӕмбарой. Бакӕсут, дӕлдӕр цы уынаффӕтӕ ис, уыдон ӕмӕ сӕ спайда кӕнут.

1. Ахуыр кӕнут ӕхцайыл сабырӕй ныхас кӕнын. «Уынаффӕ чи кӕны, уыдонмӕ та ис зонд»,– фыст ис Ӕмбисӕндты 13:10 стихы. Чи зоны, куыд схъомыл дӕ, уый тыххӕй дын зын у суанг дӕ цардӕмбалимӕ дӕр ӕхцайыл ныхас кӕнын. Фӕлӕ хорз уыдзӕн, ууыл ныхас кӕнын куы сахуыр уаис. Дӕ бон у дӕ цардӕмбалимӕ аныхас кӕнын, дӕ ныййарджытӕ ӕхцайӕ куыд пайда кодтой, уый дӕуыл дӕр куыд фӕзынд, уый тыххӕй. Стӕй ахъуыды кӕн, дӕ цардӕмбалыл та йӕ бинонтӕ куыд фӕзындысты, ууыл.

Ӕхцайы тыххӕй уӕм ныхас кӕд рауайдзӕн, уымӕ ӕнхъӕлмӕ кӕсын нӕ хъӕуы. Библийы фыст ис: «Дыууӕ адӕймаджы куы нӕ баныхас кӕной ӕмӕ куы нӕ фембӕлой, уӕд иумӕ искуыдӕм ацӕудзысты?» (Амос 3:3). Ацы уынаффӕйӕ куыд спайда кӕнӕн ис? Уӕ бинонты хӕрдзтыл аныхас кӕнынӕн рӕстӕг куы рахицӕн кӕнат, уӕд кӕрӕдзи хуыздӕр бамбардзыстут ӕмӕ нӕ быцӕу кӕндзыстут.

Рӕстӕг хицӕн кӕнут, цӕмӕй уӕ хӕрдзтыл ныхас кӕнат. Уый аразӕн ис алы мӕйы фыццаг бон кӕнӕ къуырийы кӕцыдӕр бон. Ацы фарстайыл ныхас кӕнӕн ис иу-15 минуты кӕнӕ къаддӕр. Равзарут, уӕ дыууӕ дӕр фӕллад кӕд нӕ уат, ахӕм рӕстӕг. Баныхас кӕнут, цӕмӕй ӕхцайы кой ма кӕнат хӕрды афон кӕнӕ сывӕллӕттимӕ уӕ рӕстӕг куы ’рвитат, уӕд.

2. Ӕхцамӕ раст цӕстӕй кӕсут. «Кӕрӕдзийӕн кад кӕнынмӕ уӕ иу иннӕмӕ ӕнхъӕлмӕ ма кӕсӕд» (Ромӕгтӕм 12:10). Кӕд ӕрмӕстдӕр ды кусыс, уӕд дӕ цардӕмбалӕн кад уымӕй кӕндзынӕ, цы ’хца бакусыс, уыдон, ӕрмӕст дӕхи ’хцайыл куы нӕ нымайай, фӕлӕ иумӕйагыл (1 Тимофеймӕ 5:8).

Кӕд лӕг дӕр ӕмӕ ус дӕр кусынц, уӕд кӕрӕдзийӕн кад кӕндзысты, сӕ мызд цас у, уый куы нӕ сусӕг кӕной ӕмӕ ӕргом куы дзурой, цы стыр хӕрдзтӕ скӕнынц, уый тыххӕй. Уыдӕтты тыххӕй ӕргом куы нӕ дзурат, уӕд кӕрӕдзийыл не ’ууӕнддзыстут ӕмӕ кӕрӕдзи не ’мбардзыстут. Кӕй зӕгъын ӕй хъӕуы, алы капеччы тыххӕй ӕнӕмӕнг дзурын нӕ хъӕуы. Фӕлӕ стыр хӕрдзты тыххӕй рагацау куы ныхас кӕнат, уӕд равдисдзыстут, кӕрӕдзийӕн кӕй аргъ кӕнут, уый.

Баныхас кӕнут, алкӕмӕн дӕр уӕ йӕ бон цас ӕхца хардз кӕнын у, ууыл. Уымӕй уӕ фылдӕр бахардз кӕнын куы фӕнда, уӕд-иу кӕрӕдзиимӕ аныхас кӕнут.

3. Цы ’хца хардз кӕндзыстут, уый гӕххӕттыл фыссут. «Алцыдӕр бӕстон чи кӕны, уымӕн йӕ фӕндтӕй ис пайда» (Ӕмбисӕндтӕ 21:5). Цӕмӕй уӕ фыдӕбонӕй исты зына, уый тыххӕй уӕ хӕрдзтӕ пълан кӕнут. Фондз азы моймӕдзыд чи у, ахӕм сылгоймаг Нинӕ загъта: «Адӕймаг цас ӕхца кусы ӕмӕ сӕ цӕуыл хардз кӕндзӕн, уый куы фысса, уӕд бадис кӕндзӕн, хабар куыд у, уый куы фена, уӕд».

Бинонты хӕрдзтӕ спълан кӕнын зын нӕу. 26 азы бинонтӕ кӕмӕн ис ӕмӕ дыууӕ лӕппуйы чи хъомыл кӕны, уыцы нӕлгоймаг, Даррен, загъта: «Къуыримӕ ӕхца цӕуыл хардз кӕндзыстӕм, уый хицӕн къонвертты ӕвӕрдтам. Зӕгъӕм, хӕринагӕн, хиирхӕфсӕнтӕн ӕмӕ суанг сӕрӕлвынӕггаг дӕр. Иу къонверты-иу ӕхца куы фесты, уӕд-иу иннӕмӕй систам, фӕлӕ-иу стӕй бацархайдтам, цӕмӕй уыцы ’хца фӕстӕмӕ нывӕрдтаиккам, цас раздӕр, уыйас хуыздӕр». Кӕд уӕ хӕрдзтӕ арӕхдӕр Интернеты уылты кӕнӕ карточкӕйӕ фӕфидут, уӕд уӕлдай лӕмбынӕгдӕр хъуамӕ пълан кӕнат ӕмӕ фыссат уӕ хӕрдзтӕ.

Уыцы иу аргъ цӕмӕн фӕфидут, уый гӕххӕттыл фыссут. Спълан кӕнут, уе ’хцатӕй хицӕнӕй цас ӕвӕрдзыстут, уый. Стӕй ныффыссут, алы хатт ӕмхуызон хӕрдзтӕ цӕуыл нӕ ацӕуы, уыдӕттӕ, зӕгъӕм, хӕринаг, рухс кӕнӕ телефоны хӕрдзтӕ. Цалдӕр мӕйы уӕ хъус дарут, цас хардз кӕнут, уымӕ. Куы хъӕуа, уӕд-иу исты фӕивут, цӕмӕй уӕ хӕс исын ма хъӕуа.

4. Баныхас кӕнут, йӕ хъус чи цӕмӕ дардзӕн, ууыл. «Иунӕг чи у, уымӕй дыууӕйӕн иумӕ хуыздӕр у, уымӕн ӕмӕ сӕ фыдӕбон дзӕгъӕлы нӕу» (Екклесиаст 4:9, 10). Иуӕй-иу бинонты ӕхцайы хъуыддӕгтӕм йӕ хъус дары лӕг. Ӕндӕр бинонты та уыцы хӕстӕ хорз ӕххӕст кӕны сылгоймаг (Ӕмбисӕндтӕ 31:10–28). Бирӕ бинонты та уыцы хӕстӕ ӕххӕст кӕнынц дыууӕйӕ дӕр. Мариойӕн бинонтӕ ис 21 азы. Марио загъта: «Мӕ бинойнаг йӕ хъус дары лыстӕг хӕрдзтӕм. Мӕ хӕс та у хъалонтӕ, страховкӕ ӕмӕ арендӕйӕн фидын. Алцыдӕр кӕрӕдзийӕн дзурӕм ӕмӕ ӕмгуыст кӕнӕм». Уӕ бинонты ацы хъуыддаджы фӕдыл цавӕрфӕнды ӕгъдау ма уа, сӕйрагдӕр у ӕмгуыст кӕнын.

Баныхас кӕнут, йӕ хъус уӕ чи цӕмӕ дардзӕн, ууыл ӕмӕ уӕ зӕрдыл дарут, уӕ дыууӕйӕ чи цӕмӕ арӕхсы, уый дӕр. Иу-дыууӕ мӕйы фӕстӕ ӕркӕсут, уӕ хӕстӕ куыд ӕххӕст кӕнут, уымӕ. Куы хъӕуа, уӕд-иу исты фӕивут. Цӕмӕй уӕ цардӕмбалы фыдӕбонӕн тынгдӕр аргъ кӕнат, зӕгъӕм, хъалонтӕ кӕй фиды кӕнӕ дуканимӕ кӕй цӕуы, уый тыххӕй-иу хатт уӕ хӕстӕ фӕивут.

Ӕхцайыл ныхас кӕнгӕйӕ уӕ зӕрдыл дарут, сӕйрагдӕр цы у, уый

Ӕхцайыл куыд фӕныхас кӕнут, уый тыххӕй хъуамӕ уӕ уарзондзинад ма ӕруазал уа. Лийӕ ныр фондз азы у моймӕдзыд ӕмӕ зӕгъы: «Мӕ цардӕмбалимӕ ахуыр кодтам ӕхцайыл ӕргом ӕмӕ ӕнӕ сайдӕй ныхас кӕнын. Ныр кӕрӕдзи хуыздӕр ӕмбарӕм ӕмӕ кӕрӕдзи тынгдӕр уарзӕм».

Лӕг ӕмӕ ус куы фӕныхас кӕнынц, ӕхца цӕуыл бахардз кӕндзысты, уӕд, зӕгъӕн ис, кӕрӕдзийӕн фӕдзурынц сӕ бӕллицты тыххӕй ӕмӕ бӕрӕг вӕййы, сӕ цардӕмбалыл кӕй тыхсынц. Стыр хӕрдзтӕ скӕныны размӕ кӕй аныхас кӕнынц, уымӕй дӕр ӕвдисынц, иу иннӕмӕн кӕй кад кӕны, уый. Лӕг ӕмӕ ус кӕрӕдзийӕн бар кӕй дӕттынц, цӕмӕй цасдӕр ӕхца, сӕхи куыд фӕнды, афтӕ хардз кӕной, уымӕй бӕрӕг у, кӕрӕдзийыл кӕй ӕууӕндынц. Уыдӕтты фӕрцы бинонтӕ ноджы ӕнувыддӕр уыдзысты. Ӕнгом бинонтӕ цыфӕнды ӕхцайӕ дӕр зынаргъдӕр сты.

[Фиппаинаг]

^ 7 абз. Библийы фыст ис, «усӕн лӕг йӕ сӕрыхицау» кӕй у. Уымӕ гӕсгӕ йыл стырдӕр хӕс ис, цӕмӕй бинонты хӕрдзтӕ пълан кӕна. Стӕй ма хъуамӕ йӕ бинойнаджы уарза ӕмӕ йыл йӕхицӕй тынгдӕр тыхса (Ефесӕгтӕм 5:23, 25).

АХЪУЫДЫ КӔНУТ...

▪ Фӕстаг хатт мӕ цардӕмбалимӕ ӕхцайыл сабырӕй кӕд ныхас кодтам?

▪ Мӕ цардӕмбал ӕхцамӕ раст цӕстӕй кӕй кӕсы, уымӕн кӕй аргъ кӕнын, уый мӕ хъуыддӕгтӕй ӕмӕ мӕ ныхӕстӕй бӕрӕг куыд уыдзӕн?

[Ныв 28 фарсыл]

Сӕйрагдӕр нын цы у: ӕхца ӕви нӕ бинонтӕ?