Галаады скъолайы 128 кълас
Миссионертӕ цӕуынц, цӕмӕй «цӕттӕ кӕной ахуыргӕнинӕгтӕ»
«ЦӔМӔЙ ӕппӕт адӕмтӕ дӕр хорз хабар фехъусой, уый тыххӕй Хуыцауы лӕггадгӕнджытӕй иуӕй-иутӕ хъуамӕ ныууагътаиккой сӕ хӕдзӕрттӕ ӕмӕ сӕ бинонты ӕмӕ ацыдаиккой ӕндӕр бӕстӕтӕм ӕмӕ уым хъусын кодтаиккой хорз хабар». Ацы ныхӕстӕй Дейвид Сплейн, Йегъовӕйы Ӕвдисӕнты Разамонӕг советӕй, райдыдта, бирӕты ныфсыл ныфс чи бафтыдта, уыцы программӕ.
2010 азы 13 мартъийы 8 000 адӕймаджы бӕрц ӕрӕмбрырд сты, 128 къласы студенттӕ Галаады скъола каст кӕй фесты, уый фӕдыл цы фембӕлд уыд, уымӕ. Ӕрцыдысты се ’мбӕлттӕ, сӕ бинонтӕ ӕмӕ ӕндӕр уазджытӕ 27 бӕстӕйӕ.
«Ахуыргӕнинӕгтӕн сӕ бон нӕ уыд хӕдзары бадын»
Программӕйы райдианы ӕфсымӕр Дейвид Сплейн хъусджыты ’ргом раздӕхта Йесо Чырыстийы фӕдзӕхстмӕ: «Гъемӕ уӕдӕ ацӕут ӕмӕ мын ӕппӕт адӕмтӕй дӕр цӕттӕ кӕнут ахуыргӕнинӕгтӕ» (Матфейы 28:19, 20). Ӕфсымӕр Дейвид Сплейн бамбарын кодта, Чырысти йӕ ахуыргӕнинӕгты адӕммӕ кӕй арвыста. Кӕй зӕгъын ӕй хъӕуы, н. э. 33 азы Фӕндзайӕм боны адӕм Месопотамийӕ, Цӕгат Африкӕйӕ ӕмӕ Ромы паддзахады бирӕ ӕндӕр рӕттӕй Иерусалиммӕ ӕрӕмбырд сты ӕмӕ хорз хабар фехъуыстой. Фӕлӕ, Дейвид Сплейн куыд загъта, афтӕмӕй, «ахуыргӕнинӕгтӕн сӕ бон нӕ уыд хӕдзары бадын ӕмӕ ӕнхъӕлмӕ кӕсын, ӕппӕт адӕмтӕ дӕр сӕм сӕхӕдӕг кӕй ӕрцӕудзысты. Уыдоны хъуыди ацӕуын суанг зӕххы кӕрӕттӕм дӕр сыгъдӕгзӕрдӕ адӕмы агурынмӕ» (Хъуыддӕгтӕ 1:8).
Дейвид Сплейн дарддӕр бамбарын кодта: «Чырысти йӕ ахуыргӕнинӕгтӕн, ӕрмӕст уый нӕ загъта, цы кӕнын сӕ хъӕуы, фӕлӕ сӕ сахуыр кодта, куыд ӕй кӕнын хъӕуы, уый дӕр. Ӕрмӕст зӕгъгӕ сын нӕ кодта, кувут, зӕгъгӕ, фӕлӕ сын бацамыдта, куыд кувын хъӕуы, уый дӕр. Ӕрмӕст афтӕ сын нӕ загъта, хъусын кӕнут, зӕгъгӕ, фӕлӕ сын равдыста, куыд хъусын кӕнын хъӕуы, уый дӕр. Стӕй сын ӕрмӕст, хорз ахуыргӕнджытӕ ут, зӕгъгӕ, нӕ загъта, фӕлӕ сын равдыста, адӕмы хорз ахуыр кӕнӕн куыд ис, уый дӕр».
Уый фӕстӕ Дейвид Сплейн йӕ ныхас аздӕхта студентты ныййарджытӕм ӕмӕ сын сӕ зӕрдыл ӕрлӕууын кодта, Чырысти йӕ ахуыргӕнинӕгтӕн цы загъта, уый: «Цалынмӕ ацы цардӕвӕрды кӕрон не ’рцӕуа, уӕдмӕ ӕз алы бон дӕр уыдзынӕн уемӕ» (Матфейы 28:20). Стӕй хъусджытӕн зӕрдӕ бавӕрдта, Чырысти студенттыл кӕй тыхсдзӕн, кӕдӕм сӕ ’рвитынц, уыцы бӕстӕты дӕр.
«Сӕрыстыр ут»
Энтони Моррис, Разамонӕг советӕй, студенттӕн загъта, цӕмӕй «сӕрыстыр уой» ӕмӕ бамбарын кодта, сӕрыстырдзинад кӕй вӕййы хорз дӕр ӕмӕ ӕвзӕр дӕр. Ӕвзӕр вӕййы, адӕймаг кад йӕхицӕн куы фӕагуры, уӕд. Хорз кӕд вӕййы, уый тыххӕй та фыст ис 1 Коринфӕгтӕм 1:31: «Сӕрыстыр чи у, уый сӕрыстыр уӕд Йегъовӕйӕ». Энтони Моррис загъта: «Мах сӕрыстыр дзӕгъӕлы не стӕм: ис нӕм ӕмбаргӕдзинад ӕмӕ зонӕм Хуыцау Йегъовӕйы. Сымахмӕ дӕр ӕмӕ мӕнмӕ дӕр ӕрхаудта стыр кад – Йегъовӕйы сыгъдӕг ном хӕссӕм ӕмӕ стӕм йӕ Ӕвдисӕнтӕ» (Йереми 9:24).
Йегъовӕйы ном адӕмӕн ӕргом кӕнын куыд ахсджиаг у, уый бамбарын кӕныны тыххӕй Энтони Моррис радзырдта, Африкӕйы чи ’рцыд, ахӕм хабар. Иу миссионер йӕ усимӕ кӕдӕмдӕр раныхас бакӕсынмӕ цыди. Фӕндагыл сӕ посты баурӕдтой. Иу ӕрыгон салдат ӕфсымӕрмӕ хӕцӕнгарз ныддардта ӕмӕ йӕ бафарста, чи дӕ, зӕгъгӕ. Йӕ усы зӕрдыл ӕрбалӕууыд, Галаады скъолайы куы ахуыр кодтой, уӕд сын цы дзырдтой, уый, ӕмӕ йӕ лӕгӕн йӕ хъусы бадзырдта: «Афтӕ йын зӕгъ, Йегъовӕйы Ӕвдисӕн кӕй дӕ ӕмӕ раныхас кӕсынмӕ кӕй цӕуыс». Лӕг дӕр афтӕ бакодта, ӕмӕ сӕ ауагътой. Дыккаг бон уыцы миссионертӕ радиойӕ фехъуыстой, президент салдӕттӕн кӕй загъта, цӕмӕй
къӕрцхъус уой, уымӕн ӕмӕ цавӕрдӕр лӕгмартӕ дзырдтой, миссионертӕ кӕй сты! Уӕдӕ сӕхи Йегъовӕйы Ӕвдисӕнтӕ нӕ, фӕлӕ миссионертӕ куы схуыдтаиккой, уӕд афтӕ уӕлӕнгӕйтты нӕ аирвӕзтаиккой. Энтони Моррис йӕ раныхас фӕци ахӕм ныхӕстӕй: «Йегъовӕйӕ сӕрыстыр ут, кӕдӕм уӕ ’рвитынц, уым дӕр. Сӕрыстыр ут, Йегъовӕ сымах ӕххуысӕй йе ’нусон кады тыххӕй цы аразынмӕ хъавы, уымӕй».«Уӕ хӕс сӕххӕст кӕндзыстут?»
Галаады скъола каст чи фӕци, уыдонимӕ ацы фарстайыл аныхас кодта Джеффри Джексон. Йӕхӕдӕг раздӕр лӕггад кодта миссионерӕй, ныр та лӕггад кӕны Разамонӕг советы. Ӕфсымӕр Джеффри сӕм радта ахӕм фарста: «Куыд ӕмбарын хъӕуы, чидӕр миссионер у, зӕгъгӕ?» Ӕмӕ бамбарын кодта, дзырд «миссионер» цы латинаг ныхасӕй равзӕрд, уый кӕй амоны, ахсджиаг хъуыддаг кӕмӕн бахӕс кӕнынц, ахӕм адӕймагмӕ кӕнӕ къорд адӕммӕ. Йегъовӕйы Ӕвдисӕнтӕ кӕй стӕм, уымӕ гӕсгӕ нӕ хӕс у адӕмӕн хорз хабар хъусын кӕнын ӕмӕ сын ӕххуыс кӕнын, цӕмӕй Йегъовӕйы базоной ӕмӕ йемӕ ӕнгом уой. Ацы хъуыддаджы мах фӕзмӕм Йесо Чырыстийы. Йесо никуы рох кодта, зӕхмӕ цӕй тыххӕй ӕрцыд, уый. Ромаг хицау Понтий Пилатӕн загъта: «Ӕз уымӕн райгуырдтӕн ӕмӕ уымӕн ӕрцыдтӕн дунемӕ, цӕмӕй рӕстдзинады тыххӕй ӕвдисӕн лӕууон» (Иоанны 18:37).
Уый фӕстӕ ’фсымӕр Джеффри Джексон аныхас кодта, дзуттӕгтӕ Иерихон куыд бацахстой, уыцы хабарыл. Ӕхсӕз боны дӕргъы-иу израилаг хӕстонтӕ райсоймӕй раджы сыстадысты, сӕ хӕстон дзауматӕ-иу скодтой, горӕты алыварс-иу ӕрзылдысты ӕмӕ-иу фӕстӕмӕ раздӕхтысты. Ӕфсымӕр Джеффри загъта: «Уыцы хъуыддаг сын бахӕс кодта Йегъовӕ. Фӕлӕ адӕймаджы цӕстӕй акӕсгӕйӕ, уый уыди тынг ӕнахуыр ӕмӕ ӕнӕпайда хъуыддаг». «Чи зоны, иуӕй-иу хӕстонтӕ ахъуыды кодтой: „Ныр нӕ рӕстӕг дзӕгъӕлы цы сафӕм?“. Фӕлӕ сын ӕвдӕм бон Йегъовӕ загъта, цӕмӕй горӕты алыварс авд хатты ӕрзылдаиккой ӕмӕ уый фӕстӕ иууылдӕр уыциу хъӕр ныккодтаиккой. Цымӕ дарддӕр цы ’рцыд? Иерихоны къултӕ ныккалдысты!» (Йесо Навин 6:13–15, 20).
Джеффри Джексон ранымадта, ацы хабарӕй зондӕн райсӕн кӕй ис, цыппар ахӕм хъуыддаджы: 1) Коммӕ кӕсын у ахсджиаг. Хъуамӕ алы хъуыддаджы дӕр Йегъовӕмӕ хъусат, афтӕ уӕм куы кӕса, сымах куыд хъуыды кӕнут, афтӕ растдӕр у, уӕд дӕр. 2) Йегъовӕйыл ӕууӕндут ӕмӕ йыл уӕ нӕ ныфс дарут. Иерихоны къултӕ уырнындзинады фӕрцы ныккалдысты, къулпырхгӕнӕн хӕцӕнгӕрзты фӕрцы нӕ, фӕлӕ (Дзуттӕгтӕм 11:30). 3) Ӕнхъӕлмӕ кӕсын зонут. Йегъовӕ уын йӕ рӕстӕджы йӕ арфӕдзинӕдтӕй бахай кӕндзӕн (Дыккаг закъон 28:2). 4) Уӕ къухтӕ-иу макуы ӕруадзут. Цы уын бахӕс кодтой, уый уӕ макуы ферох уӕд. Йӕ раныхасы кӕрон Джеффри Джексон загъта: «Ацы цыппар хъуыддаджы уӕ зӕрдыл куы дарат, уӕд уӕ хӕс сӕххӕст кӕндзыстут, ӕмӕ афтӕмӕй Йегъовӕйӕн кад ӕрхӕсдзыстут».
Ӕндӕр хъуыдытӕ программӕйӕ
«Уарзут Библи ӕмӕ йӕ чи ныффыста, уый». Ацы раныхасимӕ рацыд Максвелл Ллойд, лӕггад кӕны Америкӕйы Иугонд Штатты филиалы Комитеты. Ӕфсымӕр Максвелл студенттӕн загъта: «Библи ӕнӕуи чиныг нӕу. Цы фыст дзы ис, уый уын хъуамӕ уӕ цард ива». Стӕй сӕ бафӕдзӕхста, цӕмӕй Йегъовӕйы къаддӕр уарзын ма райдайой. Загъта ма сын, зӕгъгӕ, афтӕ ма хъуыды кӕнут, ӕмӕ иууылдӕр ӕмбардзысты, цы амонут, уый. Фӕлӕ архайут, Библийы цы фыст ис, уый хуымӕтӕгӕй амоныныл, цӕмӕй-иу адӕмы зӕрдӕтӕм фӕндаг ссарат. Загъта ма сын ахӕм ныхӕстӕ дӕр: «Сӕрныллӕг ут ӕмӕ уӕхи иннӕтӕй зондджындӕр ма кӕнут, фӕлӕ алы хъуыддаджы дӕр фӕзминаг ут, ӕмӕ сӕ афтӕмӕй ахуыр кӕнут. Уӕ ахуыргӕнинӕгтӕ хъуамӕ уыной, Библи куыд тынг уарзут, уый».
«Акӕсут-ма халӕттӕм». Афтӕ хуынд йӕ раныхас Майкл Бернеттӕн. Ӕфсымӕр Майкл уыд студентты ахуыргӕнджытӕй иу, раздӕр та йӕхӕдӕг дӕр лӕггад кодта миссионерӕй. Майкл Бернетт загъта, хатт цӕуылдӕрты тынг кӕй фӕтыхсӕм. Стӕй хъусджыты зӕрдыл ӕрлӕууын кодта Йесо Чырыстийы уынаффӕ: «Акӕсут-ма халӕттӕм – уыдон нӕдӕр таугӕ кӕнынц, нӕдӕр кӕрдгӕ... фӕлӕ сӕ Хуыцау ӕфсады» (Лукайы 12:24). Моисейы Закъонмӕ гӕсгӕ, халон уыди чъизи маргъ, йӕ дзидза хӕрынмӕ нӕ бӕззыд, уымӕй уӕлдай ма йӕ Библи хоны ӕлгъаг дӕр (Левит 11:13, 15). Фӕлӕ уӕддӕр Йегъовӕ халӕтты ӕфсӕста. Ӕфсымӕр Майкл загъта: «Уӕдӕ истӕуыл куы тыхсат, уӕд-иу халоныл ахъуыды кӕнут. Кӕд Хуыцау чъизи, ӕлгъаг маргъыл тыхсти, уӕд цас тынгдӕр тыхсы сымахыл, йӕ цӕсты сыгъдӕг чи у, уыдоныл».
«Ницӕмӕй дӕ фӕсайдтон». Галаады скъолайы ахуыргӕнджытӕй ма иу у Марк Нумар. Уый хъусджытӕн се ’ргом раздӕхта Чырыстийы фӕсномыг ныхасмӕ сӕнӕфсирдоны кусджыты тыххӕй. Уыдонӕй иуӕй-иутӕ фӕфыдӕбон кодтой ӕнхъӕн бон. Иннӕтӕ та акуыстой ӕрмӕстдӕр иу сахат. Фӕлӕ хицау се ’ппӕтӕн дӕр ӕмхуызон бафыста! Фылдӕр чи фӕкуыста, уыдон хъуыр-хъуыр кӕнын райдыдтой. Уӕд сӕнӕфсирдоны хицау сӕ иуӕн загъта: «Ницӕмӕй дӕ фӕсайдтон. Иу динарыл нӕ баныхас кодтам? Цы дӕм ӕмбӕлы, уый айс ӕмӕ ацу» (Матфейы 20:13, 14). Ацы фӕсномыг ныхасӕй зондӕн райсӕн цы ис? Уӕхи иннӕтимӕ ма барут. «Уӕхи иннӕтимӕ куы барат,– загъта Марк Нумар,– уӕд уӕ зӕрдӕмӕ цины рухс никӕцӕйуал кӕсдзӕн. Фӕлӕ уымӕй фыддӕр та уый у, ӕмӕ уыцы миниуӕджы тыххӕй уӕ хӕс куы нал ӕххӕст кӕнат ӕмӕ уӕ кадджын лӕггад куы ныууадзат». Ӕфсымӕр Марк студентты зӕрдыл ӕрлӕууын кодта, нӕ рӕстӕджы «хуым кӕрдыны» куыстӕн разамынд кӕй дӕтты Чырысти, ӕмӕ йӕхи бар кӕй у, йӕ фӕдылдзӕуджытӕй кӕмӕн цы хъуыддаг бахӕс кӕны, уый. Йегъовӕ ӕмӕ Чырысти ӕндӕр искӕмӕн сымахӕй фылдӕр куы бахӕс кӕной, уӕд уый ууыл дзурӕг нӕу, ӕмӕ уӕ истӕмӕй фӕсайдтой. Цы уӕм ис, уымӕн аргъ кӕнут. Иннӕтӕн «цас бафыстой», уый уӕ ма хъыгдарӕд, Йегъовӕ уын цы хъуыддаг бахӕс кодта, уый ӕххӕст кӕнынӕн.
Хабӕрттӕ уацамындӕй ӕмӕ интервьютӕ
Сӕрибар рӕстӕг-иу студенттӕ хорз хабар хъусын кодтой Йегъовӕйы Ӕвдисӕнты ӕмбырдтимӕ. Сэм Роберсон, Галаады ахуыргӕнджытӕй иу, цалдӕр студенты бафарста, куы хъусын кодтой, уӕд сыл цы хабӕрттӕ ӕрцыд, уымӕй. Хо Алессандрӕ Кирхлер радзырдта, иу сылгоймагыл куыд фембӕлд, уый тыххӕй. Уыцы сылгоймаг тынг мӕт кодта, йӕ фырт тамако кӕй дымдта, ууыл. Алессандрӕ йын уый фӕдыл ӕрбахаста журнал «Райхъал-ут!». Хӕдзары ничи уыд, фӕлӕ йӕ уӕддӕр ныууагъта. Сылгоймаг дзы тынг фӕбузныг ӕмӕ йын загъта: «Арӕх фӕхъуыды кӕнын: Хуыцау мын уыйбӕрц бӕллӕхтӕ кӕй ӕвзарын кӕны, уымӕй мӕ, мыййаг, истӕуыл ахуыр кӕны?» Алессандрӕ йын Библийӕ бакаст, бӕллӕхтӕ Хуыцауӕй кӕй не сты (Иаковы 1:13). Ныр уыцы сылгоймаг дӕр ӕмӕ йӕ фырт дӕр Библи ахуыр кӕнынц.
Мелвин Джонс, лӕггады хайадӕй, интервью райста, раздӕр Галаады скъолайы чи ахуыр кодта, ӕртӕ ахӕм ӕфсымӕрӕй: Ян Соммерудӕй (лӕггад кӕны Албанийы), Марк Андерсонӕй (лӕггад кӕны Кенийы) ӕмӕ Джеймс Хиндерерӕй (лӕггад кӕны Библи ахуыр кӕныны скъолаты хайады). Ӕртӕйӕ дӕр загътой, Галаады скъолайы, Библийы цы ахсджиаг хъуыдытӕ ис, ӕрмӕст уый кӕй нӕ фӕахуыр кӕнынц, фӕлӕ ма сӕ царды куыд пайда кӕнӕн ис, уый дӕр – студенттӕ чифӕнды ма уой ӕмӕ кӕмфӕнды ма лӕггад кӕной.
Къласы номӕй студенттӕй иу бакаст зӕрдӕмӕхъаргӕ арфӕйы фыстӕг. Разамонӕг советы чи лӕггад кӕны, уыдонӕй ӕппӕты хистӕр, Джон Барр (цӕуы йыл 96 азы), программӕйы кӕрон Йегъовӕмӕ скуывта, Галаады скъолайы 128 къласы чи ахуыр кодта, уыдоны тыххӕй.
[Таблицӕ/Картӕ 31 фарсыл]
КЪЛАСЫ БӔРӔГГӔНӔНТӔ
Цал бӕстӕйӕ уыдысты: 8
Цал студенты дзы уыди: 54
Цал къайы уыдысты: 27
Рӕстӕмбис нымадӕй сыл цал азы цӕуы: 35,2
Рӕстӕмбис нымадӕй цал азы сты донаргъуыд: 19,1
Рӕстӕмбис нымадӕй цал азы лӕггад кӕнынц ӕххӕстрӕстӕг: 13,8
[Картӕ]
(Мыхуыры куыд рацыд, уый фенӕн ис публикацийы)
Миссионерты арвыстой, дӕлдӕр цы бӕстӕтӕ амынд ис, уырдӕм
МИССИОНЕРТЫ КӔДӔМ АРВЫСТОЙ, УЫЦЫ БӔСТӔТӔ
ГОНДУРАС
ГВАТЕМАЛӔ
НИКАРАГУА
ДОМИНИКӔЙЫ РЕСПУБЛИКӔ
АРУБА
ГАЙАНӔ
ЭКВАДОР
БОЛИВИ
ПАРАГВАЙ
ЛАТВИ
РУМЫНИ
(АЛБАНИЙЫ ФИЛИАЛ РАЗАМЫНД КӔМӔН ДӔТТЫ, УЫЦЫ ТЕРРИТОРИ)
СЕРБИ
АЛБАНИ
ГВИНЕЙӔ
ЛИБЕРИ
КОТ-Д’ИВУАР
ГАНӔ
НАМИБИ
РУАНДӔ
МАДАГАСКАР
МОНГОЛИ
ТАЙВАНЬ
КАМБОДЖА
ИНДОНЕЗИ
(АВСТРАЛИЙЫ ФИЛИАЛ РАЗАМЫНД КӔМӔН ДӔТТЫ, УЫЦЫ ТЕРРИТОРИ)
[Ныв 30 фарсыл]
Галаады скъолайы студенттӕ ӕвдисынц, уацамынды сыл цы хабар ӕрцыд, уый
[Ныв 31 фарсыл]
Галаады скъолайы 128 кълас каст чи фӕци, уыдон
Ацы хыгъды рӕнхъытӕ амынд сты раззагӕй фӕстагмӕ, нӕмттӕ та – галиуырдыгӕй рахизырдӕм.
1) Келлер Э.; Остопович И.; Джейкобсен С.; Ариас М.; Дикманн И.; Танака Дж.; Харада К.
2) Камачо Л.; Кирхлер А.; Родригес С.; Уорд Б.; Треналон К.; Виктория В.; Оксли Ф.; Нгуен К.
3) Оксли О.; Де Диос А.; Линдстрём Ш.; Аллен Дж.: Мидз Т.; Уоддингтон Дж.; Виктория Э.
4) Харада Х.; Линдстрём А.; Орсини Э.; Лог Д.; Миссюд Т.; Бержерон С.; Камачо Г.; Уорд Т.
5) Кирхлер В.; Нгуен Х.; Кремер Э.; Бюрго С.; Титмас Н.; Де Диос К.; Родригес А.; Уоддингтон М.
6) Дикманн Дж.; Аллен К.; Титмас Р.; Ариас Ж.; Бержерон Э.; Келлер Дж.; Остопович Ф.; Бюрго Ф.
7) Танака К.; Кремер Дж.; Джейкобсен Р.; Треналон Дж.; Лог Ж.; Миддз Д.; Миссюд Д.; Орсини А.