Хуыцауы Ныхас хуыздӕр базон
Зонд Хуыцауӕй агурын цӕмӕн хъӕуы?
Ацы статьяйы ӕвзӕрст цӕуынц алыхуызон фарстатӕ. Чи зоны сыл ды дӕр хъуыды кодтай. Алы фарстамӕ дӕр дзы амынд ис, Библийы сын дзуапп дӕ бон кӕм у ссарын, уый. Йегъовӕйы Ӕвдисӕнтӕ уыцы фарстатыл демӕ ӕхсызгонӕй аныхас кӕндзысты.
1. Зонд Хуыцауӕй агурын цӕмӕн хъӕуы?
Хуыцаумӕ ис хорз хабар адӕмӕн. Уыцы хорз хабар нын Хуыцау ӕргом кӕны Библийы. Библи абарӕн ис, нӕ фӕлмӕнзӕрдӕ уӕларвон Фыдӕй кӕй райстам, ахӕм писмоимӕ. (Бакӕс Йереми 29:11.)
2. Уыцы хорз хабар цы у?
Адӕмы хъӕуы хорз хицауад. Иунӕг зӕххон хицауадӕн дӕр нӕ бантыст адӕмы тыхмийӕ, хӕрам хъуыддӕгтӕй, низтӕй ӕмӕ мӕлӕтӕй фервӕзын кӕнын. Фӕлӕ ис иу хорз хабар: Хуыцау адӕмӕн ратдзӕн хорз хицауад. Уыцы хицауад адӕмы ссӕрибар кӕндзӕн ӕппӕт хъизӕмӕрттӕй дӕр. (Бакӕс Данел 2:44.)
3. Зонд Хуыцауӕй агурын ахсджиаг цӕмӕн у?
Тагъд Хуыцау фесафдзӕн, иннӕты ӕнцад цӕрын чи нӕ уадзы, уыцы адӕмы. Фӕлӕ цалынмӕ уыцы рӕстӕг не ’рцыд, уӕдмӕ дӕр милуангай сӕрныллӕг адӕмы ахуыр кӕны, цӕмӕй сӕ цард хуыздӕрырдӕм ивой, уарзой се Сфӕлдисӕджы ӕмӕ адӕмы. Библийӕ базонынц, абоны царды зындзинӕдтӕн куыд быхсӕн ис, ӕцӕг амондджын цӕй фӕрцы уыдзысты ӕмӕ сӕ бон Хуыцауы зӕрдӕ рухс кӕнын куыд у, уыдӕттӕ. (Бакӕс Софони 2:3.)
4. Библийы кӕй хъуыдытӕ фыст ис?
Библи конд у 66 гыццыл чиныгӕй. Чи йӕ фыста, уыдон уыдысты 40 адӕймаджы бӕрц. Фыццаг фондз чиныджы ныффыста пехуымпар Моисей иу-3 500 азы размӕ. Фӕстаг чиныг та ныффыста апостол Иоанн, уӕдӕй нырмӕ рацыд 1 900 азӕй фылдӕр. Уыцы адӕм фыстой Хуыцауы хъуыдытӕ, сӕхи хъуыдытӕ нӕ, фӕлӕ. Уӕдӕ Библийы автор у Хуыцау. (Бакӕс 2 Тимофеймӕ 3:16; 2 Петры 1:21.)
Мах ӕй зонӕм, Библи Хуыцауӕй кӕй у, уымӕн ӕмӕ дзы фидӕны тыххӕй цы фыст уыд, уыдон иууылдӕр лыстӕг хабӕртты онг сӕххӕст сты. Уый иунӕг адӕймагӕн дӕр йӕ бон нӕу (Исай 46:9, 10). Уымӕй уӕлдай ма нын Библи ӕргом кӕны, Хуыцаумӕ цавӕр миниуджытӕ ис, уый. Библийы ма ис ахӕм стыр тых, ӕмӕ адӕмы цард хуыздӕрырдӕм аивы. Ӕппӕт ацы хабӕрттӕ бирӕты баууӕндын кӕнынц, Библи Хуыцауы Ныхас кӕй у. (Бакӕс Йесо Навин 23:14; 1 Фессалоникӕгтӕм 2:13.)
5. Дӕ бон Библи бамбарын куыд у?
Йесо Чырыстийы зыдтой, Хуыцауы Ныхас хорз чи амыдта, ахӕм адӕймагӕй. Кӕд йӕ рӕстӕджы адӕм Сыгъдӕг Фыстад зыдтой, уӕддӕр сын ӕй хъуыди ӕмбарын кӕнын. Цӕмӕй «Фыстад бамбӕрстаиккой», уый тыххӕй-иу сын дзы Чырысти бамбарын кодта иу скъуыддзаг, стӕй иннӕ ӕмӕ афтӕ дарддӕр. Ацы рубрикӕ дӕр, «Хуыцауы Ныхас хуыздӕр базон», зӕгъгӕ, афтӕ арӕзт у ӕмӕ дын баххуыс кӕдзӕн, цӕмӕй Библи хуыздӕр бамбарай. (Бакӕс Лукайы 24:27, 45.)
Цы ма хъуамӕ уа уымӕй цымыдисагдӕр хъуыддаг, ӕмӕ Хуыцауӕн йӕ Ныхасӕй базонӕм, цӕй тыххӕй нӕ сфӕлдыста, уый! Ӕрмӕст ӕй рагацау зон, Библи кӕй кӕсыс, уый иуӕй-иутӕн ӕхсызгон кӕй нӕ уыдзӕн. Фӕлӕ дӕ ныфс ма асӕттӕд. Ӕнустӕм цӕрдзынӕ ӕви нӕ, уый аразгӕ у, Хуыцауы тыххӕй фылдӕр базоныныл архайдзынӕ ӕви нӕ. (Бакӕс Матфейы 5:10–12; Иоанны 17:3.)
Кӕд дӕ фылдӕр базонын фӕнды, уӕд кӕс ацы чиныджы, «Библи бӕлвырдӕй цы дзуры?», 2 сӕр. Мыхуыры йӕ рауагътой Йегъовӕйы Ӕвдисӕнтӕ.