Сӕйраг ӕрмӕгмӕ рахиз

Сӕргӕндтӕм рахиз

Нӕ кӕсджытӕ фӕрсынц...

Гееннӕ, адӕм кӕм хъизӕмар кӕнынц, ахӕм бынат у?

Гееннӕ, адӕм кӕм хъизӕмар кӕнынц, ахӕм бынат у?

▪ Евангелиты Чырысти йӕ ахуыргӕнинӕгты фӕдзӕхста, адӕймагӕн цавӕрдӕр хъуыддӕгты тыххӕй тӕссаг кӕй у гееннӕмӕ бахауынӕй. Бӕрӕг у, Чырыстийы уый зӕгъын кӕй фӕндыд, ӕмӕ уыцы хъуыддагмӕ уӕлӕнгай цӕстӕй кӕсӕн нӕй. Фӕлӕ цымӕ йӕ ныхӕстӕ ууыл дзурӕг сты, ӕмӕ адӕймаг ӕнустӕм зындоны арты хъизӕмар кӕндзӕн? (Матфейы 5:22).

Фыццаг уал ӕркӕсӕм, ацы дзырд цы нысан кӕны, уымӕ. Грекъаг дзырд ге́енна равзӕрд дзуттаг дзырд ге хинно́м-ӕй, нысан кӕны «Енномы дӕлвӕз». Ацы дзуттаг дзырды ӕххӕст формӕ та у ге бене́хинно́м, ома «Енномы фыртты дӕлвӕз» (Йесо Навин 15:8; 2 Паддзӕхты 23:10). Уый у арф ӕмӕ нарӕг дӕлвӕз, кӕнӕ ком, ӕмӕ ис Иерусалимӕн хуссарырдыгӕй ӕмӕ хуссар-ныгуылӕнырдыгӕй. Абон ӕй хонынц Вади эр-Рабаби.

Иудӕйы паддзӕхты рӕстӕджы, н. э. размӕ ӕстӕм ӕнусӕй фӕстӕмӕ, уыцы бынаты кодтой, мӕнг хуыцӕуттӕн кувынимӕ баст чи уыд, ахӕм ӕгъдӕуттӕ, суанг ма дзы сӕ сывӕллӕтты дӕр нывондӕн хастой – арты-иу сӕ басыгътой (2 Азфыстыты 28:1–3; 33:1–6). Пехуымпар Йереми загъта, вавилойнӕгтӕ Иудӕйы адӕмы уыцы дӕлвӕзы кӕй фӕцӕгъддзысты ӕмӕ афтӕмӕй кӕй сӕххӕст кӕндзысты, Хуыцау йӕ адӕмӕн сӕ фыдхъуыддӕгты тыххӕй цы тӕрхон рахаста, уый * (Йереми 7:30–33; 19:6, 7).

Дзуттаг ахуыргонд Давид Кимхи (царди н. э. 1160 азӕй – 1235 азмӕ ӕввахс) куыд зӕгъы, афтӕмӕй фӕстӕдӕр уыцы дӕлвӕзӕй скодтой, Иерусалимы цӕрджытӕ сӕ бырон кӕдӕм калдтой, ахӕм бынат. Уыцы ран ӕдзухдӕр сыгъди арт, цӕмӕй дзы цы бырон калдтой, уый ма ӕмбырд кодтаид. Уырдӕм-иу цы аппӕрстой, уый-иу бынтондӕр фесӕфт, фӕнык-иу фестад.

Библи тӕлмацгӕнджытӕй бирӕтӕ ахӕм рӕдыд ӕруагътой, ӕмӕ дзырд ге́енна ратӕлмац кодтой «зындон»-ӕй (Матфейы 5:22, «Ног Фӕдзӕхст ӕмӕ Псалтир», 1994). Цӕмӕн? Уымӕн ӕмӕ уыдон хӕст сты ахӕм мӕнг ахуырадыл, зӕгъгӕ, мӕлӕты фӕстӕ фыдгӕнджытӕ арты фӕсудзынц ӕмӕ фӕхъизӕмар кӕнынц. Ӕмӕ сӕ хъуыдымӕ гӕсгӕ, Иерусалимы ӕддейӕ дӕлвӕзы цы арт сыгъди, уый дӕр уымӕ амоны. Фӕлӕ Чырысти гееннӕйы кой куы кодта, уӕд йӕ хъуыдыйы зындоны арт никуы уыд.

Йесо зыдта, йӕ уӕларвон Фыд Йегъовӕйӕн, адӕмы удӕгасӕй арты судза, ӕрмӕст уыцы хъуыды дӕр ӕнад кӕй у. Уыцы дӕлвӕзы цы хъуыддӕгтӕ кодтой, уый тыххӕй Йегъовӕ пехуымпар Йеремийы уылты афтӕ загъта: «Енномы фырты дӕлвӕзы чи ис, уыцы Тофеты сарӕзтой кувӕн бынӕттӕ, цӕмӕй сӕ фыртты ӕмӕ сӕ чызджыты арты сыгътаиккой. Афтӕмӕй та сын ӕз уый никуы бафӕдзӕхстон ӕмӕ ууыл хъуыды дӕр никуы акодтон» (Йереми 7:31). Стӕй уый гӕнӕн куыд ис, ӕмӕ, уарзондзинад кӕмӕй цӕуы, уыцы Хуыцау, чи амард, уыдоны ӕнустӕм хъизӕмарӕй мара? Науӕд куыд ис уымӕн гӕнӕн, кӕд ӕмӕ Библийы бӕлвырдӕй фыст ис, мӕрдтӕ «ӕппындӕр ницы зонынц», зӕгъгӕ? (Екклесиаст 9:5, 10).

Чырысти дзырд «гееннӕ»-йӕ уый тыххӕй спайда кодта, цӕмӕй равдыстаид, Хуыцауы фыдӕх кӕй баййафы, уыдон бынтондӕр кӕй фесӕфынц. Уӕдӕ, дзырд «гееннӕ» дӕр нысан кӕны, Раргомады чиныджы «судзгӕ цад» цы нысан кӕны, уый. Дыууӕ дзырдӕн дӕр сӕ хъуыды у, адӕймаг ӕнустӕм кӕй фесӕфы ӕмӕ йын райгасы ныфс дӕр кӕй нал вӕййы, уый (Лукайы 12:4, 5; Раргомад 20:14, 15).

[Фиппаинаг]

^ 5 абз. Ацы пехуымпарад куыд сӕххӕст, уый тыххӕй иу энциклопедийы фыст ис: «[Вавилойнӕгтӕ] Иерусалим куы ныппырх кодтой, уыцы рӕстӕг дзы уыйбӕрц адӕм ныццагътой, ӕмӕ сын сӕ мӕрдтӕ ныгӕнгӕ дӕр ничи бакодта, уыцы дӕлвӕзмӕ сӕ акалдтой, цӕмӕй уым бамбыдаиккой кӕнӕ басыгъдаиккой» («New Catholic Encyclopedia»).