Сӕйраг ӕрмӕгмӕ рахиз

Сӕргӕндтӕм рахиз

Архайынц мӕгуырдзинадӕн кӕрон скӕныныл

Архайынц мӕгуырдзинадӕн кӕрон скӕныныл

Архайынц мӕгуырдзинадӕн кӕрон скӕныныл

ХЪӔЗДГУЫТӔ мӕгуырдзинадӕн кӕрон скодтой. Ӕцӕг, ӕрмӕст сӕхи мӕгуырдзинадӕн. Фӕлӕ дунейы мӕгуыртӕ ӕппындӕр мауал уа, уый нырма никӕй къухы бафтыд. Цӕуылнӕ? Уымӕн ӕмӕ хъӕздгуыты нӕ фӕнды, цӕмӕй сӕ исбонӕй ӕнӕхай фӕуой. Рагон Израилы паддзах Соломон Хуыцауы фӕндӕй ныффыста ахӕм ныхӕстӕ: «Ӕмӕ федтон ӕфхӕрд адӕмы цӕссыгтӕ, ныфсытӕ сын чи бавӕрдтаид, уый та нӕ уыд. Бартӕ уыдысты се ’фхӕрджыты къухы» (Екклесиаст 4:1).

Цымӕ дзырддзӕугӕ адӕмӕн ӕмӕ, бартӕ кӕй къухы сты, уыдонӕн адӕмы зондахаст фӕивын сӕ бон бауыдзӕн, цӕмӕй дунейы мӕгуырдзинад мауал уа? Соломон ныффыста: «Ӕппӕт дӕр у дзӕгъӕлы, дымгӕ сурӕгау. Зылын цы у, уымӕн нӕй сраст кӕнӕн» (Екклесиаст 1:14, 15). Ӕркӕсӕм, иуӕй-иутӕ мӕгуырдзинадӕн кӕрон скӕнынмӕ куыд хъавынц, уымӕ, ӕмӕ уӕд фендзыстӕм, ацы ныхӕстӕ раст кӕй сты, уый.

Адӕмы цард фӕхуыздӕр кӕныны фӕндтӕ

19 ӕнусы иуӕй-иу бӕстӕтӕ тынг схъӕздыг сты базарады фӕрцы ӕмӕ сӕм бирӕ заводтӕ ӕмӕ фабрикӕтӕ кӕй фӕзынд, уый фӕрцы. Уыцы рӕстӕг иуӕй-иу дзырддзӕугӕ адӕм се ’ргом аздӕхтой, дунейы мӕгуыртӕ бирӕ кӕй ис, уыцы хъуыддагмӕ. Хъуыды кодтой, зӕгъгӕ, цымӕ уый гӕнӕн нӕй, цӕмӕй зӕххы хъӕздыгдзинӕдтӕ адӕмыл ӕмхуызонӕй уӕрст цӕуой?

Иуӕй-иутӕ хъуыды кодтой, зӕгъгӕ, социализмы ӕмӕ коммунизмы фӕрцы ӕнӕхъӕн дунейы дӕр ахӕм цард кӕй скӕндзӕн, ӕмӕ адӕмӕн се ’ппӕтӕн дӕр уыдзӕн ӕмхуызон бартӕ ӕмӕ афтӕ нал уыдзӕн, ӕмӕ иутӕ хъӕздыг уыдзысты, иннӕтӕ та – мӕгуыр. Кӕй зӕгъын ӕй хъӕуы, уыцы хъуыды хъӕздгуыты зӕрдӕмӕ нӕ цыд. Фӕлӕ лозунг, «алкӕмӕйдӕр – йӕ бон цы у, уый, алкӕмӕндӕр – цы йӕ хъӕуы, уый», зӕгъгӕ, бирӕты зӕрдӕмӕ цыд. Бирӕтӕ хъуыды кодтой, ӕппӕт адӕмтӕ дӕр социализмыл кӕй ныххӕцдзысты ӕмӕ иууылдӕр кӕй цӕрдзысты ӕххӕст дунейы. Иуӕй-иу хъӕздыг бӕстӕтӕ социализмы хъуыдытӕй кӕцыдӕртӕй спайда кодтой, ӕмӕ скодтой ахӕм системӕ, цӕмӕй паддзахад йӕ адӕмыл йӕ арм дара «сӕ райгуырдӕй сӕ мӕлӕты онг». Уыдон фидарӕй дзырдтой, сӕ бӕстӕты иу адӕймаг дӕр кӕй нӕ амӕлдзӕн, мӕгуыр кӕй у, уый тыххӕй.

Социализмы фарс чи хӕцыд, уыдоны тынг фӕндыд, ахӕм цард саразын, цӕмӕй алчидӕр йӕхицӕй тынгдӕр иннӕтыл хъуыды кодтаид ӕмӕ йӕхи пайдайӕн нӕ, фӕлӕ иннӕты пайдайӕн фыдӕбон кодтаид. Фӕлӕ сӕ фӕнд сӕ къухы нӕ бафтыд. Кӕмӕндӕрты сӕ зӕрдӕмӕ нӕ цыд, мӕгуыртӕн ӕххуыс кӕнын кӕй хъӕуы, уый, зӕгъгӕ, сын куы ӕххуыс кӕнӕм, уӕд сӕ иуӕй-иуты кусын ӕппындӕр нал бафӕнддзӕн. Библийы ныхӕстӕ раст разындысты: «Зӕххыл нӕй иу ахӕм раст адӕймаг дӕр, ӕрмӕст хорздзинад чи аразы ӕмӕ чи нӕ рӕдийы. [...] Ӕцӕг Хуыцау адӕмы сфӕлдыста рӕстгӕнджытӕй, фӕлӕ уыдон сӕхӕдӕг бафтыдысты бирӕ ӕндӕр фӕндтыл» (Екклесиаст 7:20, 29).

Адӕм ма сӕ ныфс дардтой, «Америкаг бӕллиц» кӕй хонынц, ууыл дӕр, ома зӕрдиагӕй чидӕриддӕр фыдӕбон кӕна, уый схъӕздыг уыдзӕн. Бирӕ бӕстӕтӕ бафӕзмыдтой, сӕ хъуыдымӕ гӕсгӕ, Америкӕ кӕй фӕрцы схъӕздыг, уыцы политикӕ. Уымӕ хауы демократи, базарады хъуыддаджы йын иннӕ бӕстӕтимӕ бастдзинад кӕй ис, стӕй алы адӕймагӕн дӕр бар кӕй ис, цӕмӕй йын йӕхи бизнес уа. Фӕлӕ бирӕ бӕстӕтӕн «Америкаг бӕллиц» баззад ӕрмӕст бӕллицӕй, уымӕн ӕмӕ, Америкӕ кӕй схъӕздыг, уый ӕрмӕст сӕ политикӕйыл баст нӕ уыд. Уый баст уыд, йе ’рдзы хъӕздыгдзинӕдтыл ӕмӕ йын иннӕ бӕстӕтимӕ транспортон бастдзинады фӕрцы базар кӕнынӕн цы хорз фадӕттӕ уыди, ууыл дӕр. Уымӕй уӕлдай ма экономикон системӕ афтӕ арӕзт у, ӕмӕ иутӕ бирӕ ӕхца кусынц, иннӕтӕ та ӕнӕ ницӕмӕй баззайынц. Цымӕ мӕгуырдзинадӕн кӕрон ӕрцӕудзӕн, хъӕздыг бӕстӕтӕ мӕгуыр бӕстӕтӕн куы ’ххуыс кӕной, уӕд?

Маршаллы пълан. Цымӕ мӕгуырдзинадӕн кӕрон скодта?

Дыккаг дунеон хӕсты фӕстӕ Европӕ уыд тынг уӕззау уавӕры, бирӕ адӕмӕн тӕссаг уыд ӕххормагдзинадӕй. Америкӕйы хицауад та тарст, коммунизм Европӕйы бирӕты зӕрдӕмӕ кӕй цыд, уымӕй. Уымӕ гӕсгӕ, Европӕйы бӕстӕтӕй йӕ политикӕйыл разы чи уыд, уыдонӕн цыппар азы дӕргъы ӕххуыс кодта ӕхцайӕ, цӕмӕй сӕ заводтӕ, фабрикӕтӕ ӕмӕ хъӕууон хӕдзарад сӕ къахыл слӕууын кодтаиккой. Уыцы программӕ, Маршаллы пълан, зӕгъгӕ, арӕзт ӕрцыд, цӕмӕй Европӕ йӕ къахыл слӕууыдаид ӕмӕ Америкӕйы хицауады ныфс уыд, уый фӕрцы йын бирӕ кӕй бантысдзӕн. Америкӕ Ныгуылӕн Европӕйы йӕ бартӕ ӕрфидар кодта, стӕй ӕххормагдзинадӕй дӕр афтӕ тӕссаг нал уыд. Цымӕ Маршаллы пъланы фӕрцы ӕнӕхъӕн дунейы мӕгуырдзинадӕн кӕрон скӕнӕн уыд?

Маршаллы пъланы фӕрцы Америкӕйӕн бирӕ бантыст ӕмӕ уӕд ӕххуыс кӕнын райдыдта ӕндӕр мӕгуыр бӕстӕтӕн дӕр, цӕмӕй уым дӕр хъӕууон хӕдзарад, медицинӕ, ахуырад ӕмӕ транспорт ахӕм заууат уавӕры мауал уыдаиккой. Америкӕ басаст, сӕйраджыдӕр йӕхи пайдайыл кӕй хъуыды кодта. Ӕндӕр бӕстӕтӕ дӕр архайдтой иннӕ бӕстӕтӕн ӕххуыс кӕныныл, цӕмӕй дзы афтӕмӕй сӕ бартӕ ӕрфидар кодтаиккой. Уыцы хъуыддагыл бахардз кодтой, Маршаллы пъланыл цас ӕхца ацыд, уымӕй цалдӕр хатты фылдӕр. Фӕлӕ ӕхсай азы фӕстӕ куы ’ркастысты, сӕ къухы цы бафтыд, уымӕ, уӕд фыдӕнхъӕл фесты. Раст зӕгъгӕйӕ, иуӕй-иу мӕгуыр бӕстӕтӕ, уӕлдайдӕр та Скӕсӕн Азийы, тынг схъӕздыг сты. Фӕлӕ кӕд иуӕй-иу рӕтты уыцы ӕххуысы фӕрцы сывӕллӕттӕ къаддӕр мӕлын райдыдта ӕмӕ ахуыр кӕнынӕн фылдӕр фадӕттӕ фӕзынд, уӕддӕр ма бирӕ бӕстӕты адӕм тынг мӕгуыр цард кодтой.

Хъӕздыг бӕстӕтӕн се ’ххуысӕй цӕуылнӕ исты рауад?

Хъӕздыг бӕстӕтӕн хӕсты фӕстӕ сӕ къахыл слӕууынӕн баххуыс кӕнын ӕнцон нӕ уыд. Фӕлӕ мӕгуыр бӕстӕтӕ мӕгуырдзинадӕй фервӕзын кӕнын уыд ноджы зындӕр. Хӕсты размӕ дӕр Европӕйы уыд фабрикӕтӕ ӕмӕ заводтӕ, стӕй базарад ӕмӕ транспортон бастдзинад. Ӕрмӕст ма хъуыди экономикӕйы хъуыддаджы цыдӕртӕ фӕивын. Мӕгуыр бӕстӕтӕн та кӕд хъӕздыг бӕстӕтӕ баххуыс кодтой фӕндӕгтӕ, скъолатӕ ӕмӕ рынчындӕттӕ саразынӕн, уӕддӕр фырмӕгуырӕй мардысты, уымӕн ӕмӕ дзы нӕ уыд, экономикӕ размӕ кӕй фӕрцы цыдаид, ахӕм куыстуӕттӕ, ӕрдзон хъӕздыгдзинӕдтӕ ӕмӕ транспортон бастдзинад иннӕ бӕстӕтимӕ.

Мӕгуырдзинадмӕ ӕркӕнынц алыхуызон зындзинӕдтӕ. Мӕгуырдзинад та расайы ӕндӕр бӕллӕхтӕ. Ӕмӕ уымӕ гӕсгӕ уыцы хъуыддагӕн кӕрон скӕнын тынг зын у. Зӕгъӕм, мӕгуырдзинады аххосӕй фӕзыны низтӕ, низтӕ та ӕркӕнынц мӕгуырдзинадмӕ. Гыццылӕй ӕххормаг чи ӕййӕфта, уыдон арӕх вӕййынц тынг лӕмӕгъ, стӕй уый фӕзыны сӕ зондыл дӕр. Ахӕм сывӕллӕттӕ куы бахъомыл вӕййынц ӕмӕ сӕхицӕн цот куы фӕзыны, уӕд сӕ сывӕллӕтты сӕ бон нӕ вӕййы, куыд ӕмбӕлы, афтӕ хъомыл кӕнын. Хъӕздыг бӕстӕтӕ, сӕхи чи нал фӕхъӕуы, уыцы хӕринаг мӕгуыр бӕстӕтӕн «ӕххуысы» номыл куы арвитынц, уӕд мӕгуыр бӕстӕты, зӕххы ӕмӕ фосы куыст чи кӕны, уыдонӕн ӕмӕ уӕйгӕнджытӕн куыст нал вӕййы, ӕмӕ уавӕр фӕфыддӕр вӕййы. Мӕгуыр бӕстӕты хицауадӕн ӕхца куы арвитынц, уӕд уый ӕркӕны ӕндӕр бӕллӕхмӕ: хицӕуттӕ ӕхца фӕдавынц, гӕртамисджытӕ сбирӕ вӕййынц ӕмӕ бӕстӕ ноджы мӕгуырдӕр уавӕрмӕ ӕрцӕуы. Иудзырдӕй, хъӕздыг бӕстӕтӕн сӕ бон нӕу мӕгуырдзинады аххосаг бындзарӕй стонын.

Мӕгуырдзинады аххосаг цы у?

Мӕгуырдзинады аххосаг у, бӕстӕтӕ, хицауӕдтӕ ӕмӕ адӕм ӕрмӕст сӕхи мӕт кӕй кӕнынц, уый. Зӕгъӕм, хъӕздыг бӕстӕты хицауӕдтӕ се ’ргом тынг не ’здахынц, цӕмӕй мӕгуырдзинадӕн кӕрон скӕной, уымӕн ӕмӕ сӕ фӕнды, чи сыл схъӕлӕс кодта, уыдоны зӕрдӕ балхӕнын. Ӕмӕ уымӕ гӕсгӕ мӕгуыр бӕстӕты, зӕххы ӕмӕ фосы куыст чи кӕны, уыдонӕн бар нӕ дӕттынц сӕ куысты фӕллӕйттӕ хъӕздыг бӕстӕты уӕй кӕнынӕн, цӕмӕй сӕхи бӕстӕты уыцы куыст чи кӕны, уыдон ӕнӕ куыстӕй ма баззайой. Уымӕй уӕлдай ма хъӕздыг бӕстӕты хицауӕдтӕ сӕ зӕхкусджытӕн ӕмӕ фосдарджытӕн ӕхцайӕ ӕххуыс кӕнынц, цӕмӕй сӕ куыст, мӕгуыр бӕстӕты уыцы куыст чи кӕны, уыдонӕй хуыздӕр цӕуа.

Уӕдӕ мӕгуырдзинады аххосаг у, адӕм ӕмӕ хицауӕдтӕ ӕрмӕст сӕхи мӕт кӕй кӕнынц, уый, ома адӕймаг йӕхӕдӕг. Соломон уыцы хъуыддаг бамбарын кодта афтӕ: «Адӕймаг адӕймагӕн хицау кӕй у, уый йын хӕссы зиан» (Екклесиаст 8:9).

Цымӕ мӕгуырдзинадӕн искуы кӕрон ӕрцӕудзӕн? Искӕцы хицауады бон бауыдзӕн адӕймаджы зондахаст аивын?

[Рамкӕ 6 фарсыл]

Мӕгуырдзинадӕй чи хъахъхъӕдта, ахӕм закъон

Хуыцау Йегъовӕ рагон Израилӕн радта закъӕттӕ, ӕмӕ сӕ куы ’ххӕст кодтаиккой, уӕд мӕгуырӕй тӕссаг никӕмӕн уыдаид. Закъонмӕ гӕсгӕ алы бинонтӕ дӕр, сауджын Левийы байзӕддӕгтӕй фӕстӕмӕ, бынӕн райстой зӕхх. Уыцы зӕхх цӕрӕнбонтӕм ауӕй кӕнӕн нӕ уыд. Кӕй-иу ауӕй кодтой, уыцы зӕххытӕ-иу алы 50-йӕм аз хъуамӕ фӕстӕмӕ сӕ хицӕуттӕн радтаиккой (Левит 25:10, 23). Хатт-иу адӕймаг йӕ зӕхх ауӕй кодта, зӕгъӕм, куы-иу фӕрынчын, исты бӕллӕх-иу ыл куы ’рцыд кӕнӕ-иу магуса кӕй уыд, уый тыххӕй. Фӕлӕ-иу ын ӕй Сӕрибардзинады азы хъуамӕ фӕстӕмӕ радтаиккой, ма йын бафыстаид, афтӕмӕй. Ацы закъон бинонты хъахъхъӕдта, цӕмӕй фыдӕй-фыртмӕ мӕгуыр ма уыдаиккой.

Адӕймаг-иу зын уавӕры куы бахауд, уӕд-иу закъонмӕ гӕсгӕ йӕ бон уыди йӕхи ауӕй кӕнын ӕмӕ-иу афтӕмӕй сси искӕй цагъар. Ахӕм фадат ын кӕй уыди, уый дӕр дзурӕг у Хуыцауы фӕлмӕнзӕрдӕдзинадыл. Зӕгъӕм, йӕ хӕс бафидын-иу йӕ бон куы нӕ уыд, уӕд-иу, цагъарӕй кӕмӕ бацыд, уый-иу ын ӕхца радта, цӕмӕй-иу йӕ хӕс бафыстаид. Йӕ бон-иу йӕхи фӕстӕмӕ балхӕнын куы нӕ уыд, уӕд-иу ӕй йӕ хицау ӕвдӕм азы хъуамӕ ауагътаид. Хъуамӕ-иу ын радтаид хор ӕмӕ фос, цӕмӕй йӕхи дарынхъом уыдаид. Уымӕй уӕлдай ма Хуыцауы Закъонмӕ гӕсгӕ, кӕд мӕгуыр адӕймаджы ӕфстау райсын хъуыди, уӕд иннӕмӕн бар нӕ уыд, цӕмӕй дзы проценттӕ истаид. Закъоны ма фыст уыд, цӕмӕй-иу адӕймаг йӕ хуымы кӕрӕттӕ ӕнӕкарстӕй ныууагътаид, мӕгуыртӕн дзы исты куыд баззадаид. Уыцы закъоны фӕрцы иу израилаг дӕр хъуамӕ къӕбӕргур макуы ацыдаид (Дыккаг закъон 15:1–14; Левит 23:22).

Фӕлӕ истори куыд равдыста, афтӕмӕй израилӕгты ’хсӕн мӕгуыртӕ дӕр уыд. Цымӕ цӕмӕн? Уымӕн ӕмӕ израилӕгтӕ Йегъовӕйы закъӕттӕ не ’ххӕст кодтой. Уый тыххӕй, сӕ алыварс цы адӕмтӕ цард, уыдонау иуӕй-иутӕ зӕххытӕ сӕхи бакодтой ӕмӕ схъӕздыг сты, иннӕтӕ та ӕнӕ зӕххӕй баззадысты ӕмӕ смӕгуыр сты. Израилы адӕмы ’хсӕн-иу мӕгуыртӕ уый тыххӕй фӕзынд, ӕмӕ иуӕй-иутӕ Хуыцауы Закъон ницӕмӕ дардтой ӕмӕ, иннӕтыл нӕ, фӕлӕ ӕрмӕст сӕхиуыл мӕт кодтой (Матфейы 22:37–40).