Сӕйраг ӕрмӕгмӕ рахиз

Сӕргӕндтӕм рахиз

Зыдтай йӕ?

Зыдтай йӕ?

Цы нысан кӕнынц, Чырысти Савлӕн кӕй загъта, уыцы ныхӕстӕ, «зын дын у цыргъ хъилы ныхмӕ бырсын», зӕгъгӕ? (Хъуыддӕгтӕ 26:14).

Раджы заманты-иу, йӕ зӕхх, зӕгъӕм, галтӕй чи хуым кодта, уыцы зӕхкусӕгмӕ-иу уыди, кӕмӕй сӕ здӕхта, ахӕм цыргъ хъил. Сӕ дӕргъ-иу уыди дыууӕ метры ӕмӕ ӕрдӕг. Ахӕм хъилӕн-иу йӕ иу кӕроныл конд уыди ӕфсӕйнаг цыргъ бырынкъ. Фӕлӕ-иу, зӕгъӕм, гал, йӕ хицау ӕй кӕцырдӕм здӕхта, уыцырдӕм куы нӕ цыди, уӕд-иу йӕхи лӕдзӕджы бырынкъыл бацавта. Лӕдзӕгӕн йӕ иннӕ кӕрон та уыди сарты бырынчъы хуызӕн, ӕмӕ-иу дзы сыгъдӕг кодтой, гутоныл-иу цы цъыф, ӕлыг кӕнӕ кӕрдӕг ныххӕцыд, уый.

Иуӕй-иу хатт-иу ахӕм цыргъ хъилтӕй кодтой хӕцгӕ дӕр. Зӕгъӕм, израилаг тӕрхонгӕнӕг ӕмӕ хӕстон лӕг Самегар «цыргъ хъилӕй» амардта 600 филистимаджы (Тӕрхонгӕнджыты 3:31).

Библийы цыргъ хъилы кой кӕм ис, уым алы хатт уыцы ныхас комкоммӕ ӕмбарын нӕ фӕхъӕуы. Зӕгъӕм, паддзах Соломон ныффыста, зондджын адӕймаджы ныхӕстӕ кӕй сты, «галты кӕмӕй фӕтӕрынц, ахӕм цыргъ хъилты хуызӕн». Уыцы ныхӕсты фӕрцы иннӕтӕн ӕнцондӕр вӕййы раст хъуыдымӕ ӕрцӕуын (Екклесиаст 12:11).

Уӕдӕ Чырысти дӕр ӕнӕуи хъилы кой нӕ кодта. Йӕ ахуыргӕнинӕгты йын чи ӕфхӕрдта, уыцы адӕймаджы, Савлы, бафӕдзӕхста, цӕмӕй «цыргъ хъилы ныхмӕ» мауал бырстаид. Ацы ныхӕстӕ кӕсгӕйӕ адӕймаджы цӕстытыл ауайы, йӕ хицауы коммӕ чи нӕ кӕсы, ахӕм фос. Фӕлӕ Савл, йӕ амондӕн, Чырыстимӕ байхъуыста ӕмӕ чырыстон фӕндагыл слӕууыд, ӕмӕ йӕ уӕдӕй нырмӕ зонынц апостол Павелӕй.

Фыццаг ӕнусы-иу дзуттӕгтӕ ӕхсӕвыгон куыд базыдтой, цал сахаты у, уый?

Н. э. фыццаг ӕнусы-иу дзуттӕгтӕ хурбон рӕстӕг базыдтой хуры сахатмӕ гӕсгӕ. Фӕлӕ-иу ӕхсӕвыгон кӕнӕ та-иу асӕст куы уыд, уӕд-иу рӕстӕг бӕрӕг кодтой доны сахатмӕ гӕсгӕ – хуыдтой йӕ клепсидрӕ. Дзуттӕгтӕй уӕлдай ма доны сахатӕй пайда кодтой рагон Египеты, Персы, Грецийы ӕмӕ Ромы.

Иу энциклопедимӕ гӕсгӕ Мишнӕйы ӕмӕ Талмуды ис доны сахӕтты, кӕнӕ клепсидрӕты, кой, фӕлӕ сын ис «алыхуызон нӕмттӕ, цыхуызӕн уыдысты ӕмӕ куыд арӕзт уыдысты, уымӕ гӕсгӕ. Грекъаг дзырд „клепсидрӕ“ нысан кӕны, ӕртахгай тӕдзын, комкоммӕ „сусӕгӕй ахъуызын“» (The Jewish Encyclopedia).

Цымӕ-иу рӕстӕг ахӕм сахатмӕ гӕсгӕ куыд базыдтой? Дон-иу цы мигӕнӕны уыд, уырдыгӕй-иу гыццыл хуынкъӕй иннӕ мигӕнӕнмӕ тагъд. Уыцы мигӕнӕнтӕй иу уӕлейӕ уыд, иннӕ та бынӕй, ӕмӕ сӕ дыууӕйыл дӕр, ӕвӕццӕгӕн, уыд бӕрӕггӕнӕн хӕххытӕ. Уыдонмӕ гӕсгӕ-иу адӕймаг базыдта рӕстӕг.

Ромаг ӕфсӕддонтӕ-иу доны сахатмӕ гӕсгӕ базыдтой, кӕцы хъахъхъӕнӕн афон у, уый. Иу хъахъхъӕнӕн афон-иу куы фӕци, уӕд-иу уадындзы уаст райхъуыст. Уыцы уадындзы уаст-иу чи фехъуыста, уый-иу базыдта, цыппар хъахъхъӕнӕн афонӕй-иу алкӕцыдӕр кӕд райдыдта ӕмӕ кӕд фӕци, уый (Марчы 13:35).