Уӕ сывӕллӕтты ахуыр кӕнут
Хуыдтой сӕ «арвнӕрды фырттӕ»
ТЫХДЖЫН дымгӕйы рӕстӕг, ӕвӕццӕгӕн, фехъуыстай, арв куыд фӕгыбар-гыбур кӕны, уый. Нӕ-иу тарстӕ?~ * Йесо йӕ фӕдылдзӕуджытӕй дыууӕйы хуыдта «арвнӕрды фырттӕ». Ӕркӕсӕм, афтӕ сӕ цӕмӕн хуыдта, уымӕ.
Уыцы дыууӕ адӕймагӕн сӕ нӕмттӕ уыдысты Иаков ӕмӕ Иоанн. Уыдысты ӕфсымӕртӕ, сӕ фыд хуынди Зеведей, сӕ мад та – Саломи. Саломи, ӕвӕццӕгӕн, уыд Йесойы мад Марийӕйы хо. Уымӕ гӕсгӕ Йесо, Иаков ӕмӕ Иоанн ӕфсымӕртӕ уыдысты, иумӕ хъомыл кодтой ӕмӕ хорз ӕмбӕлттӕ уыдысты.
Зеведей, Иаков ӕмӕ Иоанн уыдысты кӕсагахсджытӕ. Йесо йӕ фӕдылдзӕуджытӕй кӕй равзӕрста, уыдонӕй фыццӕгтӕ уыдысты Иаков ӕмӕ Иоанн. Куы сын загъта, мӕ фыдӕл рацӕут, зӕгъгӕ, уӕд сӕ куыст ныууагътой ӕмӕ йемӕ ацыдысты. Фӕстӕдӕр Йесо йӕ фӕдылдзӕуджытӕй равзӕрста 12 апостолы. Иаков ӕмӕ Иоанн дӕр уыдысты апостолтӕ.
Йесо йӕ мӕлӕтӕй цалдӕр мӕйы размӕ йӕ апостолтимӕ фӕцӕйцыд Самарийы уылты. Уӕдмӕ баизӕр ӕмӕ иууылдӕр тынг фӕллад уыдысты. Фӕлӕ самариӕгты нӕ фӕндыд, цӕмӕй Йесо ӕмӕ йӕ апостолтӕ ӕхсӕв сӕ горӕты ӕрлӕууыдаиккой. Цӕуылнӕ сӕ фӕндыд, уый зоныс?~ Цӕй ӕмӕ йӕ базонӕм.
Йесо ӕмӕ йӕ апостолтӕ уыдысты дзуттӕгтӕ, дзуттӕгтӕ та самариӕгты нӕ уарзтой. Йесо та сӕ уарзта, ӕмӕ сӕ Иаков ӕмӕ Иоанн дӕр хъуамӕ уарзтаиккой. Фӕлӕ Иаков ӕмӕ
Иоанн самариӕгтӕм мӕсты уыдысты, сӕ горӕтмӕ сӕ кӕй нӕ бауагътой, уый тыххӕй ӕмӕ Йесойы бафарстой: «Хицау, фӕнды дӕ, уӕд зӕгъӕм, ӕмӕ арвӕй арт ӕрцӕуа ӕмӕ сӕ аныхъуыра?» Дӕумӕ гӕсгӕ сын Йесо цы загъта? ~ Йесо сын загъта, уый хорз кӕй нӕу. Иаков ӕмӕ Иоанн хъуамӕ хатыр кӕнын сахуыр уыдаиккой.Иаков ӕмӕ Иоанны ма фӕндыд, цӕмӕй алы хъуыддаджы дӕр уыдаиккой фыццаг. Йесомӕ йӕ мӕлӕты размӕ сӕ мады барвыстой, цӕмӕй йын загътаид: «Дзырд мын ратт, дӕ паддзахады мӕ дыууӕ фыртӕй иу дӕ рахиз фарс кӕй ӕрбаддзӕн, иннӕ та – дӕ галиу фарс». Иаков ӕмӕ Иоанн цы сарӕзтой, уый иннӕ дӕс апостолы куы базыдтой, уӕд тынг смӕсты сты. Ды дӕр смӕсты уыдаис?~
Ӕвӕццӕгӕн, смӕсты уыдаис. Никӕй зӕрдӕмӕ фӕцӕуы, иннӕты куы фӕфӕнды, цӕмӕй алы хъуыддаджы дӕр фыццаг уой. Фӕстӕдӕр Иаков ӕмӕ Иоанн бамбӕрстой, куыд ӕвзӕр бакодтой, уый, ӕмӕ сӕ зондахаст аивтой. Уыдон систы тынг фӕлмӕнзӕрдӕ апостолтӕ. Куыд дӕм кӕсы, цӕуыл ахуыр кӕнӕм ацы хабарӕй?~
Мах дӕр Йесойау хъуамӕ иннӕтӕм хорз зӕрдӕ дарӕм. Йесо хорз цӕстӕй касти нӕлгоймӕгтӕм дӕр, сылгоймӕгтӕм дӕр ӕмӕ сывӕллӕттӕм дӕр. Ды дӕр уый дӕ зӕрдыл дардзынӕ ӕмӕ афтӕ кӕндзынӕ?~
Дӕ Библийы бакӕс
Матфейы 27:55, 56; Марчы 15:40, 41
Иоанны 4:4–15, 21–26; Лукайы 9:51–55
Матфейы 20:20–24; Марчы 10:35–37, 41
[Фиппаинаг]
^ 3 абз. Сывӕллонимӕ йӕ куы кӕсай, уӕд ацы нысан (~) цы хъуыдыйады фӕстӕ лӕууа, уым хъӕуы иу гыццыл ӕрлӕууын, цӕмӕй сывӕллон йӕ хъуыды зӕгъа.