Хуыцауы Ныхас хуыздӕр базон
Динтӕм цы ӕнхъӕлмӕ кӕсы?
Ацы статьяйы ӕвзӕрст цӕуынц, ӕвӕццӕгӕн, ды дӕр кӕуыл хъуыды кодтай, ахӕм фарстатӕ. Йегъовӕйы Ӕвдисӕнтӕ демӕ ӕхсызгонӕй аныхас кӕндзысты, уыцы фарстатӕй алкӕцыйӕн дӕр Библи цы дзуапп дӕтты, ууыл.
1. Цымӕ динтӕ иууылдӕр раст сты?
Бирӕ динты ис, Хуыцауыл ӕнувыд чи у, ахӕм сыгъдӕгзӕрдӕ адӕм. Хуыцау уыны уыцы адӕмы ӕмӕ сыл тыхсы. Фӕлӕ, хъыгагӕн, иуӕй-иутӕ динӕй пайда кӕнынц, цӕмӕй сӕ фыдвӕндтӕ сӕ къухы бафтой. Раджы заманты-иу дины разамонджытӕ фыдмитӕ кодтой, семӕ-иу разы чи нӕ уыд, уыдонӕн (2 Коринфӕгтӕм 4:3, 4; 11:13–15). Абон дӕр ног хабӕртты фехъусӕм, дины разамонджытӕй чидӕртӕ адӕмы кӕй фӕразӕнгард кӕнынц терроризмӕ кӕнӕ хӕстытӕм, кӕнӕ та сывӕллӕттӕн тыхми кӕй бакӕнынц. (Бакӕс Матфейы 24:3–5, 11, 12.)
Библийы фыст ис, динтӕ дыууӕ хуызы кӕй сты – раст ӕмӕ мӕнг. Мӕнг дин Хуыцауы тыххӕй рӕстдзинад не ’ргом кӕны. Фӕлӕ Йегъовӕйы фӕнды, цӕмӕй адӕм базоной, чи у ӕмӕ йӕм цы фӕндтӕ ис, уый. (Бакӕс 1 Тимофеймӕ 2:3–5.)
2. Динтӕм цы ӕнхъӕлмӕ кӕсы?
Хуыцауы нӕ фӕнды, цӕмӕй, афтӕ чи дзуры, мах ӕй уарзӕм, зӕгъгӕ, фӕлӕ ӕцӕгӕй та, адӕмӕн Хуыцауы тыххӕй рӕстдзинад чи нӕ дзуры, уыцы дины разамонджытӕ адӕмы сӕры зонд хӕццӕ кӕной. Мӕнг динтыл хӕст адӕм уарзынц ацы дуне, ацы дуне та ис Хӕйрӕджы къухы (Иаковы 4:4; 1 Иоанны 5:19). Хуыцауы нӕ, фӕлӕ хицауады зӕрдӕ ссарыныл чи архайы, уыцы динтӕ Библи бары хӕтаг сылгоймагимӕ ӕмӕ сӕ хоны «Стыр Вавилон». Афтӕ сӕ уымӕн хоны, ӕмӕ Доны хъаймӕты фӕстӕ мӕнг дин апарахат рагон горӕт Вавилонӕй. Адӕмы чи сайы ӕмӕ сӕ ӕнцад цӕрын чи нӕ уадзы, уыцы динтӕ тагъд Хуыцау фесафдзӕн, ӕмӕ уыцы хабар ӕрцӕудзӕн ӕнӕнхъӕлӕджы (Бакӕс Раргомад 17:1, 2, 5, 17; 18:8, 23, 24.)
3. Хуыцау адӕмӕн цавӕр хорздзинад скӕндзӕн?
Тагъд Хуыцау мӕнг динтӕн кӕй стӕрхон кӕндзӕн, уый руаджы ӕнӕхъӕн дунейы адӕм фервӕздзысты, мӕнг динты тыххӕй цы хъизӕмӕрттӕ ’взарынц, уыдонӕй. Дины разамонджытӕ адӕмы нал сайдзысты ӕмӕ сӕ кӕрӕдзийыл нал ардаудзысты. Адӕм иууылдӕр лӕггад кӕндзысты иунӕг ӕцӕг Хуыцауӕн. (Бакӕс Исай 11:9; Раргомад 18:20, 21; 21:3, 4.)
4. Хуыцауыл ӕнувыд чи у, уыдоны цы кӕнын хъӕуы?
Йегъовӕйӕ рох не сты, мӕнг дины уацары чи бахауд ӕмӕ раст фӕндаг ссарын йӕ бон кӕмӕн нӕу, уыцы сыгъдӕгзӕрдӕ адӕм. Хуыцау сын рӕстдзинад ӕргом кӕны, ӕмӕ сӕ афтӕмӕй кӕрӕдзийыл бӕтты. (Бакӕс Михей 4:2, 5.)
Хуыцауӕн чи лӕггад кӕны, уыдоны Хуыцау нымайы йӕ хъӕбултыл. Ӕмӕ кӕд, Йегъовӕйӕн кӕй лӕггад кӕнӕм, уый не ’мбӕлтты ӕмӕ нӕ хӕстӕджыты зӕрдӕмӕ нӕ цӕуы, уӕддӕр амондджын стӕм, уымӕн ӕмӕ нӕ Хуыцау нымайы йе ’мбӕлттыл. Уымӕй уӕлдай ма нын фӕзыны ног «бинонтӕ» ӕмӕ ӕнустӕм цӕрыны фадат. (Бакӕс Марчы 10:29, 30; 2 Коринфӕгтӕм 6:17, 18.)
Фылдӕр базонӕн ис ацы чиныгӕй, «Библи бӕлвырдӕй цы дзуры?», кӕс 15 ӕмӕ 16 сӕртӕ. Мыхуыры йӕ рауагътой Йегъовӕйы Ӕвдисӕнтӕ
[Ныв барлӕвӕрдӕй 16 фарсыл]
The Complete Encyclopedia of Illustration/J. G. Heck