Баввахс у Хуыцаумӕ
«Адӕмтӕ базондзысты, ӕз кӕй дӕн Йегъовӕ»
ИСЧИ дӕ ӕнаххосӕй исты фыдракӕнды куы фӕаххосджын кӕнид, уӕд дӕм уый куыд фӕкӕсид? Ӕмӕ уыцы фыдракӕнды тыххӕй бирӕтӕ, зӕгъӕм, ӕнаххос адӕм, куы хъизӕмар кӕниккой, уӕд та? Кӕй зӕгъын ӕй хъӕуы, бацархайдзынӕ, цӕмӕй дӕ ном ссыгъдӕг кӕнай. Зоныс, Йегъовӕ дӕр ахӕм уавӕры кӕй ис? Дунейы рӕстдзинад кӕй нӕй ӕмӕ адӕм хъизӕмар кӕй кӕнынц, уый абон бирӕтӕ Хуыцауы аххос кӕнынц. Цымӕ Йегъовӕ, йӕ номыл ын цъыф кӕй калынц, уымӕ куыдфӕндыйы цӕстӕй кӕсы? Кӕцӕй! Ахъуыды-ма кӕнӕм, Йезекилы чиныджы цы фыст ис, ууыл. (Бакӕс Йезекил 39:7.)
Йегъовӕ зӕгъы: «Нал бауадздзынӕн, цӕмӕй мын мӕ сыгъдӕг ном чъизи кӕной». Йегъовӕйы ӕнӕраст хъуыддӕгты куы фӕаххосджын кӕнынц, уӕд ын уымӕй йӕ ном фӕчъизи кӕнынц. Цӕмӕн ис афтӕ зӕгъӕн? Библийы дзырд «ном» арӕх фӕамоны, адӕймагӕн иннӕты ’хсӕн цы кад ис, уымӕ. Иу чиныджы фыст ис, Хуыцауы ном кӕй амоны, «Хуыцауы тыххӕй цы зонӕм, ома нын йӕхи тыххӕй цы дзуры, уымӕ; йӕ ном ма дзурӕг у, стыр кад ӕмӕ йын хорз ном кӕй ис, ууыл дӕр». Цымӕ Йегъовӕ ӕнӕраст хъуыддӕгтӕм цы цӕстӕй кӕсы? Йе сӕфт сӕ уыны! Уымӕй уӕлдай ма, ахӕм хъуыддӕгты аххосӕй чи хъизӕмар кӕны, уыдоныл йӕ зӕрдӕ риссы (Рацыд 22:22–24) *. Хуыцау йе сӕфт кӕмӕй уыны, уыцы хъуыддӕгты йӕ куы фӕаххосджын кӕнынц, уӕд ын уымӕй йӕ кад дӕлӕмӕ фӕкӕнынц. Афтӕмӕй йын йӕ ном «хынджылӕггаг» кӕнынц (Псалом 74:10).
Дӕ хъус-ма ӕрдар, 7-ӕм стихы Йегъовӕ, «мӕ сыгъдӕг ном», зӕгъгӕ, дыууӕ хатты кӕй загъта. Библийы Йегъовӕйы ном арӕх баст вӕййы дзырдтимӕ «сыгъдӕг» ӕмӕ «сыгъдӕгдзинад». Дзырд «сыгъдӕг»-ӕн, кӕнӕ «табуйаг»-ӕн, йӕ хъуыды у «хицӕнгонд, хибаргонд». Уыцы дзырд ма амоны, сыгъдӕг цы у, иу тӕпп дӕр цӕуыл нӕй, ахӕм цӕмӕдӕр. Йегъовӕйы ном у сыгъдӕг, уымӕн ӕмӕ йӕ чи хӕссы, уыцы Хуыцау у сыгъдӕг, ома у хибаргонд кӕнӕ дард лӕууы, тӕригъӕдджын ӕмӕ чъизи хъуыддӕгтӕй. Уӕдӕ бӕрӕг у, Хуыцауы ӕнӕраст хъуыддӕгты чи аххосджын кӕны, уыдон ын йӕ «сыгъдӕг ном» кӕй ӕгад кӕнынц.
Библийӕн йӕ сӕйраг хъуыды у, Йегъовӕ йӕ ном уӕларвон Паддзахады фӕрцы кӕй ссыгъдӕг кӕндзӕн. Уыцы хъуыды ирдӕй зыны Йезекилы чиныджы. Уым арӕх ӕмбӕлы ахӕм дзырдбаст, «адӕмтӕ базондзысты, ӕз кӕй дӕн Йегъовӕ», зӕгъгӕ (Йезекил 36:23; 37:28; 38:23; 39:7). Дӕ хъус-ма ӕрдар: адӕмтӕ Йегъовӕйы базондзысты ӕви нӕ, уый сӕхицӕй кӕнгӕ нӕ уыдзӕн, уыдон ӕй ӕнӕмӕнг «базондзысты». Ӕндӕр ныхасӕй, Йегъовӕ – йӕ ном, цыдӕриддӕр сыгъдӕг ӕмӕ табуйаг у, уымӕ кӕмӕн амоны, уыцы Хуыцау – зӕххыл цӕрӕг адӕмӕн се ’ппӕтӕн дӕр базонын кӕндзӕн, йӕхи Дунедарӕг Хуыцау дзӕгъӕлы кӕй нӕ хоны.
Йегъовӕйы зӕрдӕвӕрд, «адӕмтӕ базондзысты, ӕз кӕй дӕн Йегъовӕ», зӕгъгӕ, уый у хорз хабар. Кӕмӕн? Ӕнӕраст хъуыддӕгтӕн ӕмӕ хъизӕмӕрттӕн кӕрон кӕд ӕрцӕудзӕн, уымӕ чи бӕллы, уыдонӕн. Тагъд Йегъовӕ, зӕрдӕ цӕмӕй бавӕрдта, уый сӕххӕст кӕндзӕн ӕмӕ йӕ ном ссыгъдӕг кӕндзӕн. Кӕрон скӕндзӕн фыддзинадӕн ӕмӕ, фыдхъуыддӕгтӕ чи аразы, уыдонӕн. Йегъовӕйӕн йӕ ном чи зоны ӕмӕ йын чи кад кӕны, уыдоны та фервӕзын кӕндзӕн (Ӕмбисӕндтӕ 18:10). Нӕ дӕ фӕнды Йегъовӕйы, рӕстдзинад чи уарзы, уыцы сыгъдӕг Хуыцауы, хуыздӕр базонын? (Псалом 37:9–11, 28).
Сентябры Библийӕ дӕ бон у бакӕсын:
^ 2 абз. Кӕс 2008 азы 1 ноябры «Сторожевая башня», статья «Приближайтесь к Богу. Бог любит справедливость».