Сӕйраг ӕрмӕгмӕ рахиз

Сӕргӕндтӕм рахиз

Зыдтай йӕ?

Зыдтай йӕ?

Раджы заманты цӕмӕй фыстой?

Хъӕзӕй конд ручкӕтӕ, Египет, н. э. 1 ӕнусмӕ ’ввахс

Апостол Иоанн йе ’ртыккаг фыстӕджы кӕрон ныффыста: «Бирӕ фыссинаг мӕм уыд; фӕлӕ мӕ нӕ фӕнды фыссын дӕумӕ чернилӕ ӕмӕ хъӕзӕй». Рагон грекъаг ӕвзагӕй Иоанны ныхӕстӕ комкоммӕ куы ратӕлмац кӕнай, уӕд амонынц, кӕй йӕ нӕ фӕндыд, цӕмӕй «сауӕй [чернилӕйӕ] ӕмӕ хъӕзӕй» фыстаид (3 Иоанны 13, «Ног Фӕдзӕхст ӕмӕ Псалтир», 1994).

Раздӕр-иу фыстой хъӕзы хъӕдӕй. Йӕ иу кӕрон-иу ын зулмӕ алыг кодтой ӕмӕ-иу дзы цы цыргъ бырынкъ рауад, уый-иу астӕуӕй асхъис кодтой. Куы-иу дзы фыстой, уӕд-иу ын йӕ бырынкъ хырыздурыл ацыргъ кодтой. Уыцы фыссӕнгарз уыди, йӕ бырынкъыл ӕфсӕйнаг пъеро кӕмӕн вӕййы, ахӕм нырыккон ручкӕйы хуызӕн.

Чернилӕ-иу арӕхдӕр арӕзтой афтӕ, ӕмӕ-иу миламӕ бафтыдтой клей, цӕмӕй бӕзджындӕр уыдаид. Ахӕм чернилӕ уӕй кодтой хусӕй ӕмӕ-иу ӕй уый фӕстӕ схӕццӕ кодтой уыйбӕрц донимӕ, цӕмӕй-иу ӕгӕр бӕзджын дӕр ма рауадаид ӕмӕ ӕгӕр тӕнӕг дӕр. Уыцы чернилӕ-иу папирусӕй конд гӕххӕтыл ӕмӕ пергаментыл куы ныффыстой, кӕд-иу дзы хъаргӕ нӕ акодта, фӕлӕ-иу бахус. Уымӕ гӕсгӕ-иу фыссӕг куы фӕрӕдыд, уӕд-иу йӕ рӕдыд ӕнцонтӕй сраст кодта – уымӕл губкӕйӕ-иу ӕй сыхӕлдта ӕмӕ-иу ӕй стӕй раст ныффыста. Ацы лыстӕг хабӕрттӕ нын ӕмбарын кӕнынц, Библийы фысджытӕ-иу афтӕ куы загътой, Хуыцау кӕйдӕрты нӕмттӕ царды чиныгӕй сыхалдзӕн, зӕгъгӕ, уӕд-иу цы зӕгъынмӕ хъавыдысты, уый (Рацыд 32:32, 33; Раргомад 3:5).

Апостол Павел цавӕр цатыртӕ хуыдта?

Хуыйӕнгӕрзтӕ, н. э. 1 кӕнӕ 2 ӕнус

Хъуыддӕгты 18:3 стихы фыст ис, Павел цатыртӕ кӕй хуыдта. Раджы заманты цатыртӕ чи хуыдта, уыдон-иу теуайы ӕмӕ сӕгъы хъуынӕй хъуымац бауӕфтой. Стӕй-иу уыцы хъуымӕцтӕй цатыртӕ хуыдтой, дард балцы-иу чи цыд, уыдонӕн. Уыцы заман ма цатыртӕ арӕх хуыдтой сӕракӕй ӕмӕ кӕттагӕй. Кӕттаг хъуымац уӕфтой Павелы райгуырӕн горӕт Тарсы. Чи зоны, Павел цатыртӕ уыцы хъуымӕцтӕй ӕрмӕстдӕр иуӕй хуыдта, чи зоны та се ’ппӕтӕй дӕр. Павел Акилӕимӕ куы куыста, уӕд, ӕвӕццӕгӕн, кӕттаг хъуымацӕй хуыдта аууондарӕн ӕмбӕрзӕнтӕ кӕртытӕн.

Ӕвӕццӕгӕн, Павел уыцы куыст кӕнын гыццылӕй базыдта. Египеты цы папирусӕй конд гӕххӕттытӕ ссардтой, уыдонӕй бӕрӕг у, бирӕ бӕстӕтӕ Ромы дӕлбар куы уыдысты, уӕд Египеты 13 азы бӕрц кӕуыл цыд, уыцы лӕппутӕ цатыртӕ хуыйын кӕй ахуыр кодтой. Кӕд Павел дӕр уыцы кары райдыдта ахуыр кӕнын, уӕд 15 кӕнӕ 16 азмӕ, ӕвӕццӕгӕн, базыдта хъуымац кӕрдын, алыхуызон туастӕй архайын ӕмӕ алыхуызон сынчытӕй хуыйын. Иу чиныджы фыст ис: «Павел ахуыр куы фӕци, уӕд ын, ӕвӕццӕгӕн, йӕхицӕн дӕр кусӕнгӕрзтӕ радтой» (The Social Context of Paul’s Ministry). Уыцы чиныджы ма фыст ис, зӕгъгӕ, цатыртӕ хуыйынӕн ӕрмӕстдӕр кард ӕмӕ туас йеддӕмӕ кӕй ницы хъуыд, уымӕ гӕсгӕ уыцы куыст кӕмфӕндыдӕр уыд кӕнӕн. Уӕдӕ Павел миссионерӕй куы лӕггад кодта, уӕд йӕ куысты фӕрцы йӕ бон уыд йӕхи дарын.