Баввахс у Хуыцаумӕ
Йегъовӕ дӕ «исты домы»?
ЙЕГЪОВӔ, раст кувын ын кӕй фӕнды, уыдонмӕ цӕмӕ ӕнхъӕлмӕ кӕсы? Цымӕ ӕнӕххӕст адӕмӕй уый домы, цӕмӕй алцӕмӕй дӕр ӕххӕст уой? Ӕви, сӕ бон цы у аразын, ӕрмӕстдӕр сӕ уый домы? Цӕмӕй Хуыцауӕн зӕрдӕрайгӕйӕ лӕггад кӕнӕм, уый тыххӕй ацы фарстатӕн ӕнӕмӕнг хъӕуы дзуапп зонын. Ӕркӕсӕм, Хуыцау нӕ цы домы, уый тыххӕй пехуымпар Михей цы загъта, уымӕ. (Бакӕс Михейы 6:8.)
«Загъта дын, хорз цы у, уый». Хуыцау нӕм цӕмӕ ӕнхъӕлмӕ кӕсы, ууыл нӕ бирӕ хъуыды кӕнын нӕ хъӕуы. Йӕ фӕдзӕхстытӕ бӕлвырд фыст сты Библийы. Хуыцау нӕ цы домы, уый у «хорз». Ӕмӕ уӕвгӕ ӕндӕр куыд хъуамӕ уа?! «Хуыцау у уарзондзинад» ӕмӕ нын йӕ зӕрдӕ хорз йеддӕмӕ ницы зӕгъы (1 Иоанны 4:8; 5:3). Йӕ фӕдзӕхстытӕм ын куы хъусӕм, уӕд ын ӕрмӕст йӕ зӕрдӕ нӕ рухс кӕндзыстӕм, фӕлӕ ма уый нӕхицӕн дӕр стыр пайда хӕсдзӕн (Дыккаг закъон 10:12, 13).
«Йегъовӕ [дӕ] исты домы?» Цымӕ Хуыцауӕн уый бар ис, цӕмӕй нӕ исты дома? Бӕгуыдӕр! Хуыцау у нӕ Царддӕттӕг ӕмӕ нӕ Дарӕг, ӕмӕ йӕм хъуамӕ хъусӕм (Псалом 36:9). Уӕдӕ нӕ бӕлвырдӕй цы домы? Михей скодта ӕртӕ хъуыддаджы кой. Фыццаг дыууӕ хъуыддаджы сӕйраджыдӕр хауынц, адӕмимӕ куыд стӕм, уымӕ. Ӕртыккаг та баст у Хуыцауимӕ.
«Рӕстӕй архай». Иу чиныджы куыд фыст ис, афтӕмӕй дзырд «раст»-ӕй цы дзуттаг дзырд ратӕлмац кодтой, уый амоны, «адӕймаг ӕнӕхӕрам кӕй хъуамӕ уа ӕмӕ адӕмы ’хсӕн рӕстӕй кӕй хъуамӕ цӕра, уымӕ». Хуыцау нын фӕдзӕхсы, цӕмӕй, уый цӕсты ӕнӕхӕрам ӕмӕ раст цы у, уымӕ гӕсгӕ архайӕм. Куы никӕй хъулон кӕнӕм, иннӕтыл сайдӕй куы нӕ цӕуӕм ӕмӕ ӕнӕзӕрдӕхудт куы уӕм, ӕрмӕстдӕр уӕд уыдзӕн зӕгъӕн, ӕмӕ рӕстӕй архайӕм (Левит 19:15; Исай 1:17; Дзуттӕгтӕм 13:18). Мах нӕхӕдӕг иннӕтӕн афтӕ куы уӕм, уӕд нын уыдон дӕр афтӕ уыдзысты (Матфейы 7:12).
«Хӕларзӕрдӕ у». Ацы дзырдбастӕн йӕ хъуыды комкоммӕ у «хӕларзӕрдӕдзинад уарзын». Хуыцау нӕ ӕрмӕст уый нӕ домы, цӕмӕй хӕларзӕрдӕдзинад ӕвдисӕм, фӕлӕ ма цӕмӕй уыцы миниуӕг уарзгӕ дӕр кӕнӕм. Дзырд «хӕларзӕрдӕдзинад»-ӕй цы дзуттаг дзырд ӕрцыд тӕлмац, уый (хе́сед) ма ратӕлмац кӕнӕн ис «ӕнувыд уарзт»-ӕй дӕр. Иу библииртасӕг афтӕ загъта: «Дзуттаг дзырд [хе́сед] ӕрмӕст иу дзырдӕй, зӕгъӕм, уарзондзинад, фӕлмӕнзӕрдӕдзинад кӕнӕ хӕларзӕрдӕдзинадӕй куы ратӕлмац кӕнӕм, уӕд ын йӕ хъуыды кӕронмӕ бамбарӕн нӕ уыдзӕн. [Хе́сед] уыцы миниуджытӕй иу кӕцыдӕр нӕу, фӕлӕ ӕртӕ дӕр иумӕ». Уыцы миниуӕг куы уарзӕм, уӕд иннӕтӕн хорзы цӕудзыстӕм ӕмӕ, тыхст уавӕры чи ис, уыдонӕн зӕрдиагӕй ӕххуыс кӕндзыстӕм. Уӕд нӕ цардӕй райгонд уыдзыстӕм, уымӕн ӕмӕ «райсынӕй раттын амондджындӕр хъуыддаг у» (Хъуыддӕгтӕ 20:35).
«Дӕ Хуыцауимӕ бонзонгӕйӕ цу». Библийы дзырд «цӕуын» амоны «цард бӕлвырд уагыл аразын». Хуыцауимӕ цӕудзыстӕм, нӕ цард Библимӕ гӕсгӕ куы аразӕм, уӕд. Ӕмӕ уый тыххӕй та хъуамӕ уӕм бонзонгӕ. Уый цӕмӕй бӕрӕг уыдзӕн? Ӕмбардзыстӕм, Хуыцау махӕй бирӕ уӕлдӕр кӕй у ӕмӕ йӕ разы тӕригъӕдджын кӕй стӕм. Уӕдӕ Хуыцауимӕ «бонзонгӕйӕ цӕуын» уый нысан кӕны, ӕмӕ адӕймаг раст ӕмбары, Хуыцау дзы цы домы ӕмӕ йӕ бон цас у Хуыцауӕн раттын, уый.
Мах Йегъовӕйӕ тынг бузныг стӕм, нӕ бон цы у, уымӕй фылдӕр нӕ кӕй нӕ домы. Ӕппӕт зӕрдӕйӕ йын куы фӕлӕггад кӕнӕм ӕмӕ нӕ бон цыдӕриддӕр у, уый куы фӕаразӕм, уӕд нӕ тынг райгонд вӕййы (Колоссӕгтӕм 3:23). Хуыцау ӕмбары, ӕнӕххӕст кӕй стӕм, уый (Псалом 103:14). Ӕмӕ мах дӕр бонзонгӕ куы уӕм ӕмӕ, ӕнӕххӕст кӕй стӕм, уый куы ӕмбарӕм, уӕд алкӕддӕр йемӕ цӕудзыстӕм ӕмӕ нын уый хӕсдзӕн стыр циндзинад. Нӕ дӕ фӕнды базонын, дӕуӕн дӕр Хуыцауимӕ цӕуын дӕ бон куыд у, уый? Царды фӕндагыл йемӕ куы цӕуай, уӕд бирӕ арфӕдзинӕдтӕй уыдзынӕ хайджын (Ӕмбисӕндтӕ 10:22).
Ноябры Библийӕ дӕ бон у бакӕсын: