Европӕйы тӕрхондон бахъахъхъӕдта, йӕ уырнындзинады тыххӕй ӕфсадмӕ чи нӕ цӕуы, уыдоны бартӕ
ЙЕГЪОВӔЙЫ ӔВДИСӔНТЫ ӕгас дунейы дӕр зонынц, политикӕйы ӕмӕ хӕстыты кӕй нӕ архайынц, уымӕй. Уыдон сӕ цард аразынц Библимӕ гӕсгӕ ӕмӕ «сӕ хъаматӕй сарӕзтой гутӕттӕ», стӕй «хӕцын дӕр нал ахуыр кӕнынц» (Исай 2:4). Йегъовӕйы лӕггадгӕнджытӕ афтӕ никӕмӕн дзурынц, ӕфсадмӕ ма ацу, зӕгъгӕ. Фӕлӕ сӕхицӕн се ’фсарм уый бар нӕ дӕтты, цӕмӕй ӕфсадмӕ цӕуой ӕмӕ сӕ къухмӕ хӕцӕнгарз исой. Ӕмӕ сӕ сӕ бӕстӕйы хицауад уый куы фӕдомы, уӕд куыд бакӕнынц? Раст ахӕм уавӕры бахауд ӕрыгон лӕппу Ваган Баятян.
Хъуыддаг Европӕйы тӕрхондонмӕ куыд ахӕццӕ
Ваган райгуырд 1983 азы Сомихы. 1996 азы йӕхӕдӕг дӕр ӕмӕ ма йӕ хиуӕттӕй чидӕртӕ Йегъовӕйы Ӕвдисӕнтимӕ Библи ахуыр кӕнын райдыдтой. Ваганыл 16 азы куы цыди, уӕд донаргъуыд райста. Библи ахуыр кӕнгӕйӕ йӕ зӕрдӕмӕ арф айста Йесо Чырыстийы ахуырӕдтӕ. Ӕмӕ Йесо йӕ фӕдылдзӕуджытӕн афтӕ кӕй бафӕдзӕхста, зӕгъгӕ, уӕ къухмӕ хӕцӕнгарз ма исут, уымӕ дӕр уӕлӕнгай цӕстӕй нӕ каст (Матфейы 26:52). Ӕмӕ йӕ уый тыххӕй, донаргъуыд куы райста, уымӕй гыццыл фӕстӕдӕр бахъуыд тынг зын фарста аскъуыддзаг кӕнын.
Сомихы конституцимӕ гӕсгӕ, 18 азы кӕуыл сӕххӕст вӕййы, уыцы лӕппутӕй алчидӕр хъуамӕ ацӕуа ӕфсадмӕ. Йӕ хӕс сӕххӕст кӕныныл разы чи нӕ вӕййы, уыдоны та ӕртӕ азмӕ ахӕстоны сбадын кӕнынц. Ваган йӕ бӕстӕйы адӕмӕн балӕггад кодтаид, уый ныхмӕ нӕ уыд. Фӕлӕ йе ’фсармы сӕрты ахызтаид, уый дӕр йӕ бон нӕ уыди. Ӕмӕ уӕдӕ куыд бакодта?
2001 азы Ваганмӕ ӕфсадмӕ куы ’рсидтысты, уӕд Сомихы хицӕуттӕм писмотӕ фыссын райдыдта. Йӕ писмоты сын ӕмбарын кодта, ӕфсадмӕ уый тыххӕй кӕй нӕ цӕуы, ӕмӕ йын йе ’фсарм ӕмӕ йӕ уырнындзинад уый бар нӕ дӕттынц. Фӕлӕ ма сын загъта, уый бӕсты цӕттӕ
кӕй у альтернативон граждайнаг службӕ ацӕуынмӕ.Ваган иу азӕй фылдӕр хицӕуттыл зылди, цӕмӕй йӕ ӕфсадмӕ цӕуынӕй ссӕрибар кодтаиккой. Фӕлӕ йӕ уӕддӕр 2002 азы сентябры ӕрцахстой ӕмӕ, ӕфсадмӕ кӕй нӕ цыд, уый тыххӕй йын стӕрхон кодтой – афӕдз ӕмӕ йӕ ӕрдӕгмӕ сбадын кодтой. Прокурормӕ уый фаг нӕ фӕкаст. Ваганӕн куы стӕрхон кодтой, уымӕй иу мӕйы фӕстӕ аппеляцион тӕрхондонмӕ хъаст бахаста, ноджы карздӕр ӕфхӕрд ӕм ӕмбӕлы, зӕгъгӕ. Прокурорӕн йӕ ныхас уый уыди, ӕмӕ, дам, Ваган йӕ динмӕ гӕсгӕ ӕфсадмӕ цӕуыныл кӕй нӕ разы кӕны, уымӕн «бындур нӕй ӕмӕ паддзахадӕн у тӕссаг». Аппеляцион тӕрхондон прокуроры хъуыдыимӕ сразы ӕмӕ Ваганӕн ноджы фылдӕр радтой – хъуамӕ ахӕстоны фӕбадтаид дыууӕ азы ӕмӕ ӕрдӕг.
Ваган уыцы уынаффӕимӕ не сразы ӕмӕ йӕ хъаст бахаста Сомихы сӕйраг тӕрхондонмӕ. 2003 азы январы Сӕйраг тӕрхондон аппеляцион тӕрхондоны уынаффӕйыл сразы. Ӕмӕ Ваганы уайтагъд раивтой, лӕгмартӕ, наркотик уӕйгӕнджытӕ ӕмӕ, кӕмӕндӕр тыхми чи бакодта, ахӕм фыдгӕнджыты кӕм бадтысты, уыцы хаймӕ.
Европӕйы тӕрхондоны
2001 азӕй Сомих ис Европӕйы советы. Уымӕ гӕсгӕ Сомихы цӕрӕг адӕмӕн сӕ бӕстӕйы тӕрхондӕттӕй иуы дӕр сӕ хъуыддаг рӕстӕй куы нӕ равзарой, уӕд сын уый бар ис, цӕмӕй сӕ хъаст бахӕссой Адӕймаджы бартӕ хъахъхъӕнӕг Европӕйы тӕрхондонмӕ. Ӕмӕ Ваган дӕр уыцы фадатӕй спайда кодта. Йӕ хъасты бамбарын кодта, зӕгъгӕ, ӕфсадмӕ кӕй нӕ цӕуын, уый тыххӕй мын кӕй стӕрхон кодтой, уымӕй хӕлд ӕрцыд Европӕйы конвенцийы 9-ӕм статья. Ӕмӕ тӕрхондонӕй ракуырдта, цӕмӕй йын уыцы статьямӕ гӕсгӕ йӕ бартӕ бахъахъхъӕной. Зӕгъын хъӕуы уый, ӕмӕ уымӕй размӕ ахӕм хъуыддаг ничима рамбылдта.
Европӕйы тӕрхондон 2009 азы 27 октябры уынаффӕ рахаста, зӕгъгӕ, Европӕйы конвенцийы 9-ӕм статья адӕймагӕн уый бар нӕ дӕтты, ӕмӕ йӕ дины тыххӕй ӕфсадмӕ ма ацӕуа.
Европӕйы тӕрхондон уыцы уынаффӕ куы рахаста, уӕдмӕ Ваган ахӕстонӕй рацыд, бинонтӕ скодта, ӕмӕ сын лӕппу дӕр райгуырд. Фӕлӕ ахӕм уынаффӕ хаст кӕй ӕрцыд, уый йын тынг зын уыди. Ӕмӕ йӕ хъуыди аскъуыддзаг кӕнын: хъуыддаг куыд у, афтӕ ныууадза ӕви йӕ хъаст Европӕйы тӕрхондоны Стыр палатӕмӕ бадӕтта. Ваган йӕ хъаст Стыр палатӕмӕ балӕвӕрдта. Уым ӕрмӕстдӕр иуӕй-иу хъуыддӕгтӕ февзарынц, ӕмӕ уымӕ гӕсгӕ Ваганӕн тынг ӕхсызгон уыди, йӕ хъуыддагмӕ ӕркӕсыныл кӕй сразы сты, уый.
Гъемӕ 2011 азы 7 июлы Францийы Страсбурджы Европӕйы тӕрхондоны Стыр палатӕ фехъусын кодта, цы уынаффӕ рахаста,
уый. 17 тӕрхонгӕнӕгӕй 16 ахӕм хатдзӕгмӕ ӕрцыдысты, ӕмӕ Сомих Ваган Баятянӕн кӕй стӕрхон кодта ӕмӕ йӕ ахӕстоны кӕй сбадын кодта, уымӕй раст нӕ бакодта, уымӕн ӕмӕ Ваганӕн уый бар уыди, цӕмӕй йын йе ’фсарм куыд дзуры, афтӕ бакодтаид ӕмӕ ӕфсадмӕ ма ацыдаид. Ацы уынаффӕимӕ разы нӕ уыд, Сомихӕй чи у, ӕрмӕстдӕр уыцы тӕрхонгӕнӕг.Ацы уынаффӕйӕн стыр нысаниуӕг цӕмӕн ис? Уымӕн ӕмӕ Европӕйы тӕрхондон фыццаг хатт сразы ууыл, ӕмӕ Европӕйы конвенцийы 9-ӕм статья адӕймагӕн дӕтты уый бар, цӕмӕй йӕ дины тыххӕй ӕфсадмӕ ма ацӕуа. Ӕмӕ уый тыххӕй адӕймаджы ахӕстоны кӕй сбадын кодтой, уый Европӕйы тӕрхондон афтӕ банымадта, ӕмӕ къӕхты бын ссӕст ӕрцыдысты, демократон бӕстӕйы алы адӕймагӕн дӕр цы бартӕ ис, уыдон.
Йегъовӕйы Ӕвдисӕнтӕ сӕ уырнындзинады тыххӕй ӕфсадмӕ кӕй нӕ цӕуынц, уый фӕдыл Европӕйы тӕрхондон ахӕм хъуыды загъта: «Тӕрхондонӕн уый ӕфсон нӕй, цӕмӕй дызӕрдыг кӕна, хъаст чи балӕвӕрдта, уый ӕфсадмӕ уый тыххӕй кӕй нӕ цӕуы, ӕмӕ йын йе ’фсарм ӕмӕ йӕ уырнындзинад уый бар нӕ дӕттынц».
Уынаффӕмӕ цы цӕстӕй ракастысты
Сомихы фӕстаг ссӕдз азы Йегъовӕйы Ӕвдисӕнтӕй 450 адӕймагӕй фылдӕрӕн стӕрхон кодтой, ӕфсадмӕ кӕй нӕ цӕуынц, уый тыххӕй. Ацы статья мыхуырмӕ куы цӕттӕ кодтой, уӕдмӕ дзы ахӕстоны сбадын кодтой 58 лӕппуйы. Уыцы лӕппутӕй фондзы сбадын кодтой, Европӕйы тӕрхондон Баятяны хъуыддаджы фӕдыл уыцы ахсджиаг уынаффӕ куы рахаста, уый фӕстӕ a. Уыцы лӕппутӕй сӕ иу та тӕрхоны рӕстӕг курдиат балӕвӕрдта, цӕмӕй прокурор кӕрон скӕна, йӕ уырнындзинадмӕ гӕсгӕ ӕфсадмӕ кӕй нӕ цӕуы, уый тыххӕй йӕ фӕдыл кӕй зилынц, уымӕн. Фӕлӕ йын прокурор йӕ курдиат аиуварс кодта. Йӕ дзуаппы ныффыста: «2011 азы 7 июлы Европӕйы тӕрхондон Баятяны тыххӕй цы уынаффӕ рахаста, уый ацы хъуыддагмӕ ницы бар дары, уымӕн ӕмӕ сӕ уавӕртӕ алыхуызӕттӕ сты».
Прокурор ахӕм хъуыдыйыл хӕст цӕмӕн уыд? Ваган Баятянӕн куы стӕрхон кодтой, уӕд Сомихы альтернативон граждайнаг службӕ нӕ уыди. Сомихы хицауад зӕгъы, зӕгъгӕ, уӕдӕй фӕстӕмӕ бӕстӕйы конституцимӕ хаст ӕрцыд ивддзинӕдтӕ, ӕмӕ ныр, ӕфсадмӕ чи нӕ цӕуы, уыдонӕн сӕ бон у альтернативон службӕ равзарын. Фӕлӕ хъуыддаг уый мидӕг ис, ӕмӕ альтернативон службӕйӕн дӕр дзуапп дӕттынц ӕфсӕддонтӕ. Уымӕ гӕсгӕ, йе ’фсарм ӕфсадмӕ цӕуыны бар кӕмӕн нӕ дӕтты, уыдонӕй бирӕтӕн сӕ бон нӕу, цӕмӕй ахӕм службӕйыл дӕр сразы уой.
Ваган Баятян тынг цин кӕны, Европӕйы тӕрхондон йӕ пайдайӕн ахӕм ахсджиаг уынаффӕ кӕй рахаста, ууыл. Тӕрхондон Сомихыл ахӕм хӕс сӕвӕрдта, цӕмӕй йӕ уырнындзинады тыххӕй ӕфсадмӕ чи нӕ цӕуы, уыдоны фӕдыл мауал зила ӕмӕ сӕ ахӕстонӕй ссӕрибар кӕна.
Йегъовӕйы Ӕвдисӕнтӕ уымӕ нӕ тырнынц, ӕмӕ сӕ бӕстӕйы конституци фӕивой. Фӕлӕ Ваган Баятянау тох кӕнынц, сӕ бӕстӕйы закъӕттӕм гӕсгӕ сын цы бартӕ ис, уыдоныл. Цӕмӕн? Цӕмӕй дарддӕр дӕр сӕ бон уа сӕхицӕн сабырӕй цӕрын ӕмӕ сӕ Разамонӕг Йесо Чырыстийы фӕдзӕхстытӕ иууылдӕр сӕрибарӕй ӕххӕст кӕнын.
a Дыууӕйӕн дзы стӕрхон кодтой 2011 азы 7 июлы – Европӕйы тӕрхондон уыцы уынаффӕ куы рахаста, раст уыцы бон.