Сӕйраг ӕрмӕгмӕ рахиз

Сӕргӕндтӕм рахиз

Адӕмы цард раджы заманты. Фыййау

Адӕмы цард раджы заманты. Фыййау

«Фыййау дзуг куыд фӕхизы, афтӕ хиздзӕн йӕ дзуг. Уӕрыччыты-иу ӕрбамбырд кӕндзӕн ӕмӕ сӕ йӕ хъӕбысы хӕсдзӕн» (ИСАЙ 40:11).

БИБЛИЙЫ фыййӕутты, кӕнӕ фысгӕсты, кой тынг арӕх цӕуы, фыццаг чиныг Райдианӕй райдай ӕмӕ фӕстаг чиныг Раргомадӕй фӕу (Райдиан 4:2; Иудӕйы 12). Ахӕм зындгонд адӕймӕгтӕ, зӕгъӕм, Авраам, Моисей ӕмӕ паддзах Давид, уыдысты фыййӕуттӕ. Давид йӕ псаломты рӕсугъд ныхӕстӕй спайда кодта, цӕмӕй равдыстаид, хорз фыййауы куыстмӕ цы хауд ӕмӕ йӕ фыстӕм куыд каст, уый. Асафы фыст кӕй хонынц, уыцы псаломы та загъд ис, раджы заманты Хуыцау Давиды йӕ адӕмӕн фыййауӕй кӕй равзӕрста (Псалом 78:70–72).

Йесо Чырысти зӕххыл куы цард, уыцы заман дӕр ма фыййауы куыст тынг ахсджиаг куыст уыди. Йесо йӕхи схуыдта «хорз фыййау» ӕмӕ-иу адӕмӕн ахсджиаг хъуыддӕгтӕ амонгӕйӕ арӕх цӕвиттонӕн ӕрхаста хорз фыййауы миниуджытӕ (Иоанны 10:2–4, 11). Суанг ма Ӕппӕтхъомысджын Хуыцау Йегъовӕйы дӕр Библи хоны «фыййау» (Исай 40:10, 11; Псалом 23:1–4).

Фыййау-иу цавӕр фос хызта? Йӕ куыстмӕ цы хауди? Фыййӕутты цардӕй цӕуыл ахуыр кӕнӕм?

Фыстӕ ӕмӕ сӕгътӕ

Раджы заманты Израилы дардтой алыхуызон фыстӕ. Уыди-иу сӕм сириаг фыстӕ дӕр, зӕгъӕм, каракуль фысты мыггаг. Уыцы фыстӕн ис стыр нард чъапӕтӕ, кӕнӕ фӕхсынтӕ, сӕ хъуын та у лыстӕг ӕмӕ тынг къӕбӕлдзыг. Уыцы фысты мыггагӕн сӕ фырытӕн ис сыкъатӕ, сӕ фыстӕн та нӕй. Фыстӕ сты тынг сабыр фос, кӕцырдӕм сӕ атӕрай, уыцырдӕм ацӕудзысты. Сӕ бон сӕхи бахъахъхъӕнын нӕу, ӕмӕ ӕнӕ фыййауӕй фӕцагъды уаиккой кӕнӕ тугдзых сырдты амӕттаг фӕуиккой.

Фыййӕутты бӕрны-иу уыди сӕгътӕ дӕр. Сӕгътӕ-иу уыдысты сау кӕнӕ морӕ. Хӕхты фӕхстыл-иу къутӕрты ’хсӕнты куы хызтысты, уӕд-иу сӕ даргъ зӕбул хъустӕ сындзытыл ӕмӕ сындзджын къутӕртыл ныттыдтой.

Фыййауы ӕппынӕдзух хъуыди фысты ӕмӕ сӕгъты ахуыр кӕнын, цӕмӕй йӕ коммӕ кастаиккой. Хорз фыййӕуттӕ сӕ фыстыл тынг тыхстысты, суанг ма-иу сын нӕмттӕ дӕр радтой, ӕмӕ-иу сӕм сӕ номӕй куы фӕдзырдтой, уӕд-иу сӕ хъустӕ фӕхъил кодтой (Иоанны 10:14, 16).

Фыййауы куыст афӕдзы дӕргъы

Уалдзӕджы-иу алы бон дӕр фыййау йӕ дзуг фысдонӕй ракодта, ӕмӕ-иу сӕ хӕстӕг хизӕнтӕм акодта, цӕмӕй-иу цъӕх-цъӕхид кӕрдӕгӕй сӕ мондӕгтӕ суагътаиккой. Уыцы афӕдзы афон-иу дзуджы фӕзынд ногзад уӕрыччытӕ ӕмӕ сӕныччытӕ. Уалдзӕджы-иу фыстӕн сӕ зымӕгон хъуын алвыдтой, ӕмӕ-иу уый номыл бӕрӕгбон скодтой.

Се ’ппӕтмӕ бирӕ фыстӕ нӕ уыди, ӕмӕ-иу уымӕ гӕсгӕ цалдӕр хӕдзарӕй иу фыййау баххуырстой. Ӕххуырст фыййӕуттӕ-иу сӕхи фыстӕм куыд кастысты, афтӕ-иу иннӕтӕм нӕ кастысты (Иоанны 10:12, 13).

Хуымгӕрдӕнты фӕстӕ-иу фыййау йӕ фысты хуыммӕ ауагъта, цӕмӕй-иу фыстӕ ног хоры таутӕ ӕмӕ-иу карст ӕфсирты хъӕдты ’хсӕн цы хоры гагатӕ ӕрхауд, уыдон хордтаиккой. Сӕрды ӕнтӕфы та-иу фыййӕуттӕ сӕ дзугтӕ атардтой, бӕрзонддӕр ӕмӕ сатӕгдӕр рӕтты чи уыди, ахӕм сӕрвӕттӕм. Фыййӕуттӕ-иу цалдӕргай бонты кусгӕ дӕр ӕмӕ фынӕй дӕр ӕддейӕ кодтой. Бонӕй-иу фысты бӕрзонд цъӕх къуыбыртыл хызтой, ӕхсӕв та-иу сӕ уӕтӕрты хъахъхъӕдтой. Хатт та-иу сӕ ӕхсӕв лӕгӕтмӕ дӕр батардтой, цӕмӕй сын хъӕддаг куыйтӕй ӕмӕ гиенӕтӕй тӕссаг ма уыдаид. Ӕхсӕвы-иу фыстӕ гиенӕты ниуынӕй куы фӕтарстысты, уӕд-иу сӕ фыййау йӕ фӕлмӕн хъӕлӕсӕй ӕрсабыр кодта.

Алы изӕр дӕр-иу фыййау йӕ фысты банымадта ӕмӕ-иу сӕм ӕркӕстытӕ кодта, цӕф кӕнӕ дзы рынчын никӕцы у, зӕгъгӕ. Райсомӕй та-иу фӕхъӕр кодта, ӕмӕ-иу дзуг йӕ фӕдыл сӕрвӕтмӕ араст (Иоанны 10:3, 4). Сихорыл-иу фыййау йӕ фос дон нуазынмӕ акодта. Цадтӕ-иу куы бахус сты, уӕд та-иу сӕ акодта цъаймӕ ӕмӕ-иу сын уырдыгӕй дон систа.

Фӕззӕджырдӕм-иу фыййау йӕ дзуг фӕстӕмӕ быдыртӕм ӕмӕ дӕлвӕзтӕм ӕртардта. Уарынтӕ-иу куы райдыдтой, уӕд та-иу сӕ зымӕгон скъӕтты бакодта, цӕмӕй къӕвдатӕ, их ӕмӕ митӕй ма фӕцагъды уыдаиккой. Суанг уалдзӕгмӕ фыййӕуттӕ сӕ дзугтӕ хизынмӕ нӕ тардтой.

Фыййауы уӕлӕдарӕс ӕмӕ кусӕнгӕрзтӕ

Фыййауы дарӕс уыди хуымӕтӕг, фӕлӕ фидар. Цӕмӕй-иу къӕвда бон ма ныххуылыдз уыдаид, ӕхсӕв та-иу ма суазал уыдаид, уый тыххӕй дардта кӕрц. Мидӕгӕй-иу ыл уыди даргъ хӕдон. Йӕ къӕхтыл та-иу уыди рог дзабыртӕ, цӕмӕй-иу цыргъ дуртӕ ӕмӕ сындзытӕ йӕ къӕхты ма ныхстаиккой. Йӕ сӕр та-иу тыхт уыди фӕсмын хъуымацӕй.

Фыййауы дзауматӕ уыдысты ахӕмтӕ: хъуымацӕй хуыд кӕнӕ сӕрак хызын хӕринаг хӕссынӕн, зӕгъӕм, дзул, оливӕтӕ, хус дыргътӕ ӕмӕ цыхтӕн (1); метры дӕргъӕн хъил сырдты сурынӕн, йӕ иу кӕрон уыд ставд, дзӕккоры хуызӕн, ӕмӕ йыл уыди цыргъ дуры къӕрттытӕ (2); кард (3); фыййау-иу цӕугӕ-цӕуын ӕмӕ къӕдзӕхтыл быргӕйӕ кӕуыл ӕнцой кодта, ахӕм лӕдзӕг (4); лалым (5); сӕракӕй конд тухгӕ мигӕнӕн цъайӕ дон исынӕн (6); дурӕхсӕн, дзугӕй-иу чи адзӕгъӕл, уыцы фысты кӕнӕ сӕгъты фӕстӕмӕ здахынӕн, кӕнӕ та дзугмӕ чи хъавыд, уыцы сырдты асурынӕн (7); фыййау-иу йӕхи аирхӕфсынӕн кӕнӕ дзуг ӕрсабыр кӕнынӕн кӕмӕй цагъта, ахӕм уадындз (8).

Фыстӕ дардтой ӕхсыр, дзидза ӕмӕ къуымбилы тыххӕй. Къуымбил ӕмӕ-иу цӕрмттӕ баивтой ӕндӕр истӕуыл, кӕнӕ дзы хуыдтой дзаумӕттӕ ӕмӕ дзы арӕзтой лалымтӕ. Сӕгъы хъуынӕй та-иу уӕфтой хъуымац. Фыстӕ ӕмӕ сӕгътӕ хастой нывондӕн дӕр.

Сты фӕзминаг

Хорз фыййӕуттӕ-иу уыдысты кусаг, хъӕбатыр ӕмӕ сыл ӕууӕндӕн уыд. Дзуг бахъахъхъӕныны тыххӕй-иу сӕ цард раттынмӕ дӕр цӕттӕ уыдысты (1 Самуилы 17:34–36).

Уӕдӕ диссаг нӕу, Йесо дӕр ӕмӕ-иу йӕ ахуыргӕнинӕгтӕ дӕр цӕвиттонӕн фыййауы кӕй ӕрхастой, чырыстон ӕмбырды цӕстдарджытӕ цавӕртӕ хъуамӕ уой, уый тыххӕй-иу куы дзырдтой, уӕд (Иоанны 21:15–17; Хъуыддӕгтӕ 20:28). Раджы заманты-иу хорз фыййау куыд кодта, афтӕ абон ӕмбырды цӕстдарджытӕ дӕр архайынц, цӕмӕй «Хуыцауы дзуг, сӕ бар сын кӕй бакодтой, уыцы дзуг, хизой тыххӕй кӕнӕгау нӕ, фӕлӕ ӕнӕзивӕгӕй, сӕхицӕн дзы исты спайда кӕныны тыххӕй нӕ, фӕлӕ зӕрдиагӕй» (1 Петры 5:2).