Сӕйраг ӕрмӕгмӕ рахиз

Сӕргӕндтӕм рахиз

Моисей – фидар уырнындзинады хицау

Моисей – фидар уырнындзинады хицау

ЦЫ У УЫРНЫНДЗИНАД?

Библимӕ гӕсгӕ «уырнындзинад... уый у, ӕмӕ, адӕймаг цӕмӕ ӕнхъӕлмӕ кӕсы, уымӕй йӕ фидар ныфс куы уа ӕмӕ бӕлвырдгӕнӕнты фӕрцы куы зона, цӕстӕй цы нӕ уыны, уыдон ӕцӕгдӕр кӕй сты» (Дзуттӕгтӕм 11:1). Уырнындзинад кӕмӕ ис, уый нӕ дызӕрдыг кӕны, Хуыцау йӕ зӕрдӕвӕрдтӕ иууылдӕр кӕй сӕххӕст кӕндзӕн, ууыл.

МОИСЕЙЫ УЫРНЫНДЗИНАД ЦӔМӔЙ БӔРӔГ УЫД?

Моисей цы уынаффӕтӕ хаста, уыдонӕй бӕрӕг уыд, Хуыцауы зӕрдӕвӕрдтыл фидарӕй кӕй ӕууӕндыд (Райдиан 22:15–18). Йӕ бон уыд, ӕмӕ Египеты, куыддӕриддӕр ӕй фӕндыд, афтӕ цардаид, фӕлӕ, «тӕригъӕд рӕстӕгмӕ цы ӕхсызгондзинад хӕссы, уый цинӕй цӕрыны бӕсты равзӕрста Хуыцауы адӕмимӕ ӕфхӕрд ӕййафын» (Дзуттӕгтӕм 11:25). Цымӕ ахӕм уынаффӕ кӕй рахаста, ууыл фӕстӕдӕр нӕ фӕфӕсмон кодта? Нӕ, уымӕн ӕмӕ Библийы фыст ис, зӕгъгӕ, Моисей «уыд фидар, цӕстӕй фенӕн кӕмӕн нӕй, уыцы Хуыцауы цыма уынгӕ кодта, афтӕ» (Дзуттӕгтӕм 11:27). Моисей никуы фӕфӕсмон кодта, йӕ цард Хуыцауы зӕрдӕвӕрдтӕм гӕсгӕ кӕй арӕзта, ууыл.

Моисей иннӕтӕн дӕр ӕххуыс кодта, цӕмӕй Хуыцауыл фидарӕй ӕууӕндыдаиккой. Ахъуыды-ма кӕнӕм, израилӕгтӕн разӕй сӕ фӕндаг Сырх денджыз куы ӕрӕхгӕдта, фӕстейӕ та сӕ фараоны ӕфсад куы ӕрбацӕйӕййӕфта, уӕд куыд фӕуыдаиккой. Уыдон ӕнхъӕлдтой, ӕмӕ къӕппӕджы бахаудысты ӕмӕ се сӕфт ӕрцыд, ӕмӕ ма фыртӕссӕй Йегъовӕмӕ ӕмӕ Моисеймӕ дзыназын райдыдтой. Цымӕ Моисей куыд бакодта?

Йегъовӕ Сырх денджыз дыууӕ дихы фӕкӕнынмӕ кӕй хъавыд, цӕмӕй израилӕгтӕ сур зӕххыл иннӕ фарсмӕ ахызтаиккой ӕмӕ фервӕзтаиккой, уый Моисей, ӕвӕццӕгӕн, нӕ зыдта. Фӕлӕ фидарӕй зыдта, Хуыцау йӕ адӕмы бахъахъхъӕныны тыххӕй исты кӕй сараздзӕн, ӕмӕ йӕ фӕндыд, цӕмӕй израилӕгтӕ дӕр ууыл ма дызӕрдыг кодтаиккой. Библийы кӕсӕм: «Уӕд Моисей адӕмӕн загъта: „Ма тӕрсут. Фидар лӕуут ӕмӕ кӕсут, Йегъовӕ уӕ абон куыд фервӕзын кӕндзӕн, уымӕ“» (Рацыд 14:13). Цымӕ адӕмӕн сӕ уырнындзинад бафидар? Куыннӕ, уымӕн ӕмӕ Библийы ӕрмӕст Моисейы тыххӕй нӕ, фӕлӕ израилӕгтӕн се ’ппӕты тыххӕй дӕр ис фыст: «Израилӕгтӕ сӕ уырнындзинады фӕрцы Сырх денджызыл ахызтысты сур зӕххыл цӕуӕгау» (Дзуттӕгтӕм 11:29). Моисейӕн ахӕм фидар уырнындзинад кӕй уыд, уый стыр пайда фӕци канд йӕхицӕн нӕ, фӕлӕ се ’ппӕтӕн дӕр – иннӕтӕ дӕр сахуыр сты сӕ ныфс Хуыцауыл дарын.

ЦӔУЫЛ АХУЫР КӔНӔМ?

Махӕн дӕр Моисейау нӕ бон у ахӕм уынаффӕтӕ хӕссын, цӕмӕй бӕрӕг уа, Хуыцауы зӕрдӕвӕрдтыл фидарӕй кӕй ӕууӕндӕм. Зӕгъӕм, Хуыцау нын зӕрдӕ ’вӕры, ӕнӕмӕнг нӕ цы хъӕуы, уый нын кӕй дӕтдзӕн, Хуыцауӕн лӕггад кӕнын нын царды ӕппӕты ахсджиагдӕр куы уа, уӕд (Матфейы 6:33). Кӕй зӕгъын ӕй хъӕуы, уый тынг зын у, цӕмӕй мах дӕр иннӕтау бирӕ ӕхцатӕ кусыныл ӕмӕ мулк ӕмбырд кӕныныл ма суӕм. Фӕлӕ нӕ бон у фидарӕй ӕууӕндын, хуымӕтӕг цард кӕныныл куы архайӕм ӕмӕ ӕппӕт удӕй Йегъовӕйӕн куы лӕггад кӕнӕм, уӕд, цы хъуаг стӕм, уый нын кӕй ратдзӕн. Йегъовӕ дзырд дӕтты: «Никуы дӕ ныууадздзынӕн ӕмӕ дӕ никуы ферох кӕндзынӕн» (Дзуттӕгтӕм 13:5).

Стӕй ма хъуамӕ иннӕтӕн дӕр сӕ уырнындзинад фидар кӕнынӕн ӕххуыс кӕнӕм. Зӕгъӕм, ныййарджытӕ ӕмбарынц, сӕ сывӕллӕтты уырнындзинад фидар кӕнынӕн сын диссаджы фадат кӕй ис. Сывӕллӕттӕ куыд стырдӕр кӕнынц, афтӕ сын хъӕуы ӕмбарын кӕнын, Хуыцау кӕй ис ӕмӕ, хорз ӕмӕ ’взӕр цы у, уый адӕмӕн кӕй амоны. Уымӕй уӕлдай ма ныййарджытӕ сӕ сывӕллӕттӕн хъуамӕ бамбарын кӕной, Хуыцауы уагӕвӕрдтӕм гӕсгӕ куы цӕрой, ӕрмӕстдӕр уӕд кӕй уыдзысты ӕцӕг амондджын (Исай 48:17, 18). Ӕппӕты зынаргъдӕр лӕвар та сын уый уыдзӕн, куы сын баххуыс кӕной, цӕмӕй баууӕндой, «Хуыцау кӕй ис ӕмӕ йӕ зӕрдиагӕй чи агуры, уыдонӕн кӕй арфӕ кӕны» (Дзуттӕгтӕм 11:6).