Сӕйраг ӕрмӕгмӕ рахиз

Сӕргӕндтӕм рахиз

Раст дин ис?

Раст дин ис?

Кӕд кӕцыдӕр динӕй фыдӕнхъӕл фӕдӕ, уӕд дзы, ӕвӕццӕгӕн иуыл дӕр нал ӕууӕндыс. Фӕлӕ раст дин кӕй ис, ууыл ма дызӕрдыг кӕн. Чырысти зӕххыл куы уыд, уӕд йӕ иузӕрдион фӕдылдзӕуджыты ахуыр кодта, цӕмӕй Хуыцауы фӕдзӕхстытӕм гӕсгӕ цардаиккой. Абон дӕр ис, чырыстон уагӕвӕрдтӕм гӕсгӕ цӕрыныл чи архайы, ахӕм ӕнӕзӕрдӕхудт адӕм. Уыдон сты Чырыстийы ӕцӕг фӕдылдзӕуджытӕ. Кӕм сӕ ис ссарӕн?

Эстелл, уӕлдӕр кӕй кой кодтам, уыцы сылгоймаг, зӕгъы: «Библи ӕмбарын райдыдтон, Йегъовӕйы Ӕвдисӕнтимӕ йӕ ахуыр кӕнын куы райдыдтон, уӕд». Бирӕ рӕстӕг мӕ нӕ бахъуыд, цӕмӕй бамбӕрстаин, Иоанны 8:32 стихӕн йӕ хъуыды цы у, уый. Уым фыст ис: «Базондзыстут рӕстдзинад, ӕмӕ уӕ рӕстдзинад ссӕрибар кӕндзӕн».

Айразмӕ статьятӕй иуы кӕй кой кодтам, уыцы Рей та дзуры: «Библи Йегъовӕйы Ӕвдисӕнтимӕ куы ахуыр кодтон, уӕд базыдтон, адӕмы хъизӕмӕртты Хуыцау аххосджын кӕй нӕу. Бузныг дӕн, кӕй бамбӕрстон, ӕмӕ кӕд нырма Хуыцау фыддзинадӕн цӕйдӕр тыххӕй быхсы, уӕддӕр нын ныфс ӕвӕры, тагъд ын кӕрон кӕй скӕндзӕн, уымӕй».

Кӕй зӕгъын ӕй хъӕуы, дӕ алыварс чи ис, уыдонмӕ уаг ӕмӕ ӕгъдау нымады дӕр куы нӕ уой, уӕд хӕрзӕгъдау цард кӕнын зын у. Фӕлӕ уымӕн гӕнӕн ис. Бирӕты фӕнды, исчи сын куы баххуыс кӕнид, цӕмӕй Библи бамбарой ӕмӕ дзы цы фыст ис, уымӕ гӕсгӕ сӕ цард аразой. Ӕмӕ Йегъовӕйы Ӕвдисӕнтӕ дӕр милуангай адӕмимӕ ӕнӕхъӕн зӕххы къорийыл Библи уый тыххӕй ахуыр кӕнынц. Алы къуыри дӕр тынг бирӕтӕ фӕахуыр кӕнынц, Библи бӕлвырдӕй цы дзуры, уый. Афтӕмӕй ӕввахсдӕр кӕнынц се Сфӕлдисӕгмӕ, ӕмӕ уый фӕрцы сты амондджындӕр *.

Хорз нӕ уаид, Йегъовӕйы Ӕвдисӕнты куы бафӕрсис, сӕ дин раст цӕмӕн хонынц?

Иннӕ хатт Йегъовӕйы Ӕвдисӕнтыл куы сӕмбӕлай, уӕд хорз нӕ уаид, куы сӕ бафӕрсис, сӕ дин раст цӕмӕн хонынц? Базон, цӕуыл ахуыр кӕнынц ӕмӕ сын адӕмы ’хсӕн цы ном ис. Уый дын баххуыс кӕндзӕн, цӕмӕй бамбарай, раст дин ис ӕви нӕ.

^ 5 абз. Кӕд дӕ фылдӕр базонын фӕнды, уӕд кӕс чиныг «Библи бӕлвырдӕй цы дзуры?». Мыхуыры йӕ рауагътой Йегъовӕйы Ӕвдисӕнтӕ.