СӔЙРАГ ТЕМӔ
Хуыцау дӕу тыххӕй цы сарӕзта?
«Хуыцау дуне афтӕ тынг уарзы, ӕмӕ радта йӕ иунӕг Фырты, цӕмӕй йыл чидӕриддӕр ӕууӕнды, уый ма фесӕфа, фӕлӕ ӕнусон цардӕй хайджын уа» (Иоанны 3:16).
Адӕм ацы стихӕй хуыздӕр никӕцы стих зонынц, стӕй дзургӕ дӕр амӕй арӕхдӕр никӕцы фӕкӕнынц. Куыд зӕгъынц, афтӕмӕй, «Хуыцау адӕммӕ цы зӕрдӕ дары ӕмӕ сӕ куыд фервӕзын кӕндзӕн, уый цыбыртӕй» ацы стихӕй хуыздӕр никӕцы ӕмбарын кӕны. Уымӕ гӕсгӕ йын йӕ ныхӕстӕ кӕнӕ та ӕнӕуи фыст, «Иоанны 3:16», зӕгъгӕ, иуӕй-иу бӕстӕты арӕх вӕййы фенӕн плакаттыл, исты хабары фӕдыл бирӕ адӕм кӕм ӕрӕмбырд вӕййы, ахӕм рӕтты, машинӕты наклейкӕтыл, къултыл цы нывтӕ фӕкӕнынц, уыдоныл ӕмӕ ӕндӕр рӕтты.
Ӕвӕццӕгӕн ӕй чи ныффыссы, уыдоны уырны, Хуыцау сӕ кӕй уарзы ӕмӕ сӕ кӕй фервӕзын кӕндзӕн ӕмӕ ӕнустӕм кӕй цӕрдзысты. Дӕуӕй та цы зӕгъӕн ис? Хуыцау дӕ кӕй уарзы, уый дын цӕуыл дзурӕг у? Ӕмӕ куыд хъуыды кӕныс: Хуыцау дӕ кӕй уарзы, уый равдисыны тыххӕй цы сарӕзта?
«ХУЫЦАУ ДУНЕ АФТӔ ТЫНГ УАРЗЫ»
Адӕмӕй бирӕты уырны, Дун-дуне, ӕрдз ӕмӕ сын сӕхи дӕр Хуыцау кӕй сфӕлдыста. Зӕххыл удӕгасӕй цыдӕриддӕр ис, уыдон куыд диссаджы конд сты, уый ууыл дзурӕг у, ӕмӕ сын хъуамӕ уыдаид, стыр зонды хицау чи у, ахӕм Сфӕлдисӕг. Бирӕтӕ Хуыцауӕн алы бон дӕр бузныг фӕдзурынц, цард сын кӕй радта, уый тыххӕй. Уыдон ӕмбарынц, уӕлдӕф, дон, хӕринаг, ӕрдзы закъӕттӕ, ома сӕ цӕрынӕн ӕнӕмӕнгӕй цы хъӕуы, уыдӕттӕ сын Хуыцау кӕй дӕтты ӕмӕ уый фӕрцы сӕ бон кӕй у цӕрын ӕмӕ сӕ къухты фыдӕбоныл цин кӕнын.
Хорз уаид, ӕппӕт уыдӕтты тыххӕй Хуыцауӕн бузныг куы дзуриккам, уымӕн ӕмӕ уый у не Скӕнӕг ӕмӕ нӕ Дарӕг (Псалом 104:10–28; 145:15, 16; Хъуыддӕгтӕ 4:24). Цӕмӕй зӕххыл цард уа, уый тыххӕй цы аразы, ӕрмӕст ууыл дӕр куы хъуыды кӕнӕм, уӕд ӕй ӕмбардзыстӕм, куыд бирӕ нӕ уарзы, ӕмӕ дзы уый тыххӕй бузныг уыдзыстӕм. Апостол Павел загъта: «[Хуыцау] алкӕмӕн дӕр йӕхӕдӕг дӕтты цард дӕр, улӕфт дӕр ӕмӕ алцыдӕр. [...] Уымӕн ӕмӕ мах уый фӕрцы цӕрӕм, змӕлӕм ӕмӕ стӕм» (Хъуыддӕгтӕ 17:25, 28).
Ӕцӕгдӕр, Хуыцау алцыдӕр аразы, цӕмӕй нӕ цӕрынӕн цыдӕриддӕр хъӕуы, уый нын уа. Фӕлӕ нӕ кӕй уарзы, уый ӕрмӕст уымӕй нӕу бӕрӕг. Афтӕ нӕ сфӕлдыста, ӕмӕ йӕ ӕмбарӕм, ӕнӕ уымӕй цӕрӕн кӕй нӕй. Ӕмӕ нын фадат дӕр дӕтты, цӕмӕй йӕ базонӕм ӕмӕ йын йӕ фӕндон ӕххӕст кӕнӕм (Матфейы 5:3). Уымӕ гӕсгӕ коммӕгӕс адӕмӕн ис фадат, цӕмӕй Хуыцауы «сывӕллӕттӕ» суой (Ромӕгтӕм 8:19–21).
Иоанны 3:16 стихы ма фыст ис, Хуыцау нӕ кӕй уарзы, уый уымӕй кӕй равдыста, ӕмӕ йӕ Фырты, Йесойы, зӕхмӕ рарвыста, цӕмӕй нын йӕ Хуыцау ӕмӕ йӕ Фыды тыххӕй рӕстдзинад радзырдтаид ӕмӕ мах тыххӕй йӕ цард радтаид. Фӕлӕ бирӕтӕ не ’мбарынц, Чырыстийы адӕмы тыххӕй амӕлын цӕмӕн бахъуыди ӕмӕ йӕ мӕлӕт Хуыцауы уарзондзинадыл дзурӕг куыд у. Цӕй ӕмӕ аныхас кӕнӕм, Йесо цӕмӕн амард ӕмӕ нын уый цы пайда у, уый Библи куыд ӕмбарын кӕны, ууыл.
«РАДТА ЙӔ ИУНӔГ ФЫРТЫ»
Адӕм иууылдӕр сты низты, зӕронддзинад ӕмӕ мӕлӕты уацары. Фӕлӕ Хуыцау адӕмы уый тыххӕй не сфӕлдыста. Фыццаг нӕлгоймаг ӕмӕ сылгоймаджы ӕрцӕрын кодта зӕххыл дзӕнӕты, цӕмӕй ӕнустӕм цардаиккой. Ӕмӕ цӕмӕй уыцы цардӕй ӕнӕхай ма фӕуыдаиккой, уый тыххӕй хъуамӕ Хуыцауы коммӕ кастаиккой, кӕннод амардаиккой (Райдиан 2:17). Фӕлӕ фыццаг нӕлгоймаг Хуыцауы ныхасмӕ нӕ байхъуыста, ӕмӕ мӕлӕты уацары бакодта йӕхи дӕр ӕмӕ йӕ байзӕддӕгты дӕр. «Гъемӕ иу адӕймаджы аххосӕй дунемӕ ӕрцыд тӕригъӕд, тӕригъӕды уылты та – мӕлӕт, ӕмӕ афтӕмӕй мӕлӕт ахӕлиу ӕппӕт адӕмыл дӕр, уымӕн ӕмӕ иууылдӕр ракодтой тӕригъӕд»,– бамбарын кодта апостол Павел (Ромӕгтӕм 5:12).
Фӕлӕ Хуыцау «уарзы рӕстдзинад» (Псалом 37:28). Ӕмӕ кӕд фыццаг нӕлгоймаджы, зонгӕ-зонын тӕригъӕд кӕй ракодта, уый тыххӕй бафхӕрдта, уӕддӕр ахӕм тӕрхон нӕ рахаста, цӕмӕй иу адӕймаджы тыххӕй ӕппӕт адӕм дӕр ӕнустӕм хъизӕмар кӕной ӕмӕ мӕлой. Йегъовӕ спайда кодта уагӕвӕрдӕй «уды тыххӕй уд», цӕмӕй хабар, рӕстдзинад куыд домдта, афтӕ аскъуыддзаг кодтаид ӕмӕ коммӕгӕс адӕмӕн ӕнустӕм цӕрынӕн фадат уыдаид (Рацыд 21:23). Ӕмӕ кӕд Адамы аххосӕй адӕм ӕххӕст цардӕй ӕнӕхай фесты, уӕд ма цымӕ цы уыд саразӕн? Адамы хуызӕн ӕххӕст чи уыд, уый хъуамӕ йӕ цард радтаид, ома йӕ нывондӕн ӕрхастаид.
Кӕй зӕгъын ӕй хъӕуы, Адамы ӕнӕххӕст байзӕддӕгтӕй иуӕн дӕр йӕ бон нӕ уыд ахӕм аргъ бафидын. Уый йӕ бон уыд ӕрмӕстдӕр Йесойӕн (Псалом 49:6–9). Чырысти йӕ туджы тӕригъӕд нӕ рахаста ӕмӕ уыд Адамау ӕххӕст. Уӕдӕ Йесо йӕ цард кӕй радта, уымӕй адӕмы ссӕрибар кодта тӕригъӕды уацарӕй. Уый фӕрцы фыццаг нӕлгоймаг ӕмӕ сылгоймаджы байзӕддӕгтӕн фадат радта, цӕмӕй уыдон дӕр, Адам ӕмӕ Евӕ райдианы куыд ӕххӕст уыдысты, афтӕ ӕххӕст суой (Ромӕгтӕм 3:23, 24; 6:23). Уӕдӕ нӕм Хуыцау цы стыр уарзондзинад равдыста, уый нын цӕмӕй пайда ӕрхӕсса, уый тыххӕй цымӕ мах ницы хъӕуы аразын?
«ЧИДӔРИДДӔР [ЫЛ] ӔУУӔНДЫ»
Ногӕй та ӕркӕсӕм Иоанны 3:16 стихмӕ. Ам ма фыст ис, зӕгъгӕ, Йесойыл «чидӕриддӕр ӕууӕнды, уый нӕ фесӕфдзӕн, фӕлӕ ӕнусон цардӕй хайджын уыдзӕн». Уый ууыл дзурӕг у, ӕмӕ цӕмӕй «ӕнусон цардӕй хайджын» уӕм, уый тыххӕй мах дӕр цыдӕр хъӕуы аразын – хъуамӕ Йесойыл ӕууӕндӕм ӕмӕ йӕ коммӕ кӕсӕм.
Чи зоны, ахъуыды кӕнай: «Ӕмӕ ам дзырд коммӕ кӕсыныл цӕуы? Чырысти афтӕ нӕ загъта, зӕгъгӕ мыл „чидӕриддӕр ӕууӕнды“, уый ӕнусон цардӕй хайджын уыдзӕн?». О, уырнындзинад ахсджиаг у. Фӕлӕ иу хъуыддаг рох кӕнын нӕ хъӕуы: Библи куыд ӕмбарын кӕны, афтӕмӕй, Чырысти кӕй ис, ӕрмӕст ууыл ӕууӕндын фаг нӕу. Чырыстийыл чи ӕууӕнды, уый йын хъуамӕ йӕ амындтӕм гӕсгӕ архайгӕ дӕр кӕна. Адӕймаг йӕ уырнындзинад хъуыддӕгтӕй куы не ’вдиса, уӕд йӕхи уырнӕг дзӕгъӕлы хоны. «Уырнындзинад... ӕнӕ хъуыддӕгтӕй мард у»,– фыст ис Библийы (Иаковы 2:26). Ӕндӕр ныхасӕй, кӕд Йесойыл ӕууӕндӕм, уӕд хъуамӕ нӕ уырнындзинадмӕ гӕсгӕ цӕрӕм.
Апостол Павел ныффыста: «Мах разӕнгард кӕны Чырыстийы уарзт, уымӕн ӕмӕ афтӕ хъуыды кӕнӕм: иу адӕймаг [Чырысти] амард се ’ппӕты тыххӕй дӕр... Ӕмӕ уый амард се ’ппӕты тыххӕй дӕр, цӕмӕй, чи цӕры, уыдон сӕхицӕн мауал цӕрой, фӕлӕ уыдоны тыххӕй чи амард ӕмӕ чи райгас, уымӕн» (2 Коринфӕгтӕм 5:14, 15). Чырыстийы нывондӕн куы аргъ кӕнӕм, уӕд нӕ бафӕнддзӕн нӕ цард аивын – нӕхи тыххӕй нал цӕрдзыстӕм, фӕлӕ Чырыстийы, йӕ цард мах сӕрвӕлтау чи радта, уый тыххӕй. Ӕндӕр ныхасӕй нын сӕйрагдӕр хъуамӕ уа, Чырысти цы дзырдта, уый ӕххӕст кӕнын. Нӕхи тыххӕй куы нал цӕрӕм, уӕд уый ӕнӕмӕнгӕй фӕзындзӕн, царды нын ахсджиагдӕр цы у, ууыл, нӕ уынаффӕтыл, стӕй нӕ алы хъуыддагыл дӕр. Чырыстийыл чи ӕууӕнды ӕмӕ йӕ уырнындзинад хъуыддагӕй чи ӕвдисы, уыдонмӕ цы хӕрзиуӕг ӕнхъӕлмӕ кӕсы?
«НӔ ФЕСӔФДЗӔН, ФӔЛӔ ӔНУСОН ЦАРДӔЙ ХАЙДЖЫН УЫДЗӔН»
Иоанны 3:16 стихы кӕрон фыст ис, Хуыцауы уагӕвӕрдтӕм гӕсгӕ йӕ цард чи аразы ӕмӕ Чырыстийы нывондыл чи ӕууӕнды, уыдон цавӕр арфӕдзинадӕй схайджын уыдзысты, уый тыххӕй. Хуыцау зӕгъы, зӕгъгӕ, ахӕм адӕм «нӕ фесӕфдзысты, фӕлӕ ӕнусон цардӕй хайджын уыдзысты». Уыцы адӕм дих кӕнынц дыууӕ къордыл ӕмӕ сӕ алкӕцымӕ дӕр ӕнхъӕлмӕ кӕсы алыхуызон хӕрзиуӕг.
Фыццаг къордмӕ чи хауы, уыдонӕн Чырысти зӕрдӕ бавӕрдта ӕнусон цардӕй уӕлӕрвты. Йӕ иузӕрдион ахуыргӕнинӕгтӕн ӕргом загъта, бынат ӕрцӕттӕ кӕнынмӕ сын кӕй ацӕудзӕн, цӕмӕй йемӕ уӕлӕрвтӕй зӕххӕн разамынд дӕттой (Иоанны 14:2, 3; Филиппӕгтӕм 3:20, 21). Уӕлӕрвты цӕрынӕн чи райгас уа, уыдон «уыдзысты Хуыцауы ӕмӕ Чырыстийы сауджынтӕ, ӕмӕ йемӕ паддзӕхтӕ уыдзысты мин азы» (Раргомад 20:6).
Чырыстийы фӕдылдзӕуджытӕй ахӕм кад кӕмӕ ӕрхаудзӕн, уыдон бирӕ не сты. Йесо загъта: «Ма тӕрс, гыццыл дзуг, уымӕн ӕмӕ уӕ Фыды бафӕндыд сымахӕн паддзахад раттын» (Лукайы 12:32). Цымӕ уыцы «гыццыл дзуджы» цал адӕймаджы ис? Раргомады 14:1, 4 стихты кӕсӕм: «Ӕз акастӕн ӕмӕ федтон: мӕнӕ [уӕларвон] Сионы хохыл лӕууы Уӕрыкк [чи райгас, уыцы Йесо Чырысти], йемӕ та – сӕдӕ цыппор цыппар мины, йӕ ном ӕмӕ йӕ Фыды ном сӕ ныхтыл фыст кӕмӕн у, уыдон... Хуыцау ӕмӕ Уӕрыккӕн адӕмӕй фыццаг уыдон ӕрцыдысты ӕлхӕд». Зӕххыл цыдӕриддӕр адӕм цӕры ӕмӕ царди, уыдонимӕ абаргӕйӕ 144 мин адӕймаджы ӕцӕгдӕр сты «гыццыл дзуг». Библи сӕ хоны паддзӕхтӕ. Фӕлӕ разамынд кӕмӕн дӕтдзысты?
Иннӕ къордмӕ чи хауы, уыдон дӕр сты Чырыстийы иузӕрдион лӕггадгӕнджытӕ ӕмӕ хайджын уыдзысты уӕларвон Паддзахады хорзӕхтӕй. Иоанны 10:16 стихы куыд кӕсӕм, афтӕмӕй Чырысти загъта: «Мӕнӕн ма ис ӕндӕр фыстӕ дӕр – уыдон ацы кӕртӕй не сты. Ӕмӕ мӕ уыдоны дӕр ӕрбакӕнын хъӕуы. Уыдон хъусдзысты мӕ хъӕлӕсмӕ. Ӕмӕ иууылдӕр суыдзысты иу дзуг, ӕмӕ сын уыдзӕн иу фыййау». Уыцы «фыстӕ» ӕнхъӕлмӕ кӕсынц ӕнусон цардмӕ зӕххыл – Адам ӕмӕ Евӕйӕн ныфс кӕмӕй уыд, ахӕм цардмӕ. Ӕмӕ зӕххыл кӕй цӕрдзысты, уый цӕмӕй зонӕм?
Библийы бирӕ рӕтты ис фыст, зӕххыл дзӕнӕт кӕй уыдзӕн, уый тыххӕй. Уыцы стихтӕй иуӕй-иутӕ дӕ бон у бакӕсын дӕхи Библийы, зӕгъӕм, Псалом 37:9–11; 46:8, 9; 72:7, 8, 16; Исай 35:5, 6; 65:21–23; Матфейы 5:5; Иоанны 5:28, 29; Раргомад 21:4. Ацы стихты дзырд цӕуы, хӕстытӕн, ӕххормагдзинадӕн, низтӕн ӕмӕ мӕлӕтӕн кӕрон кӕй ӕрцӕудзӕн. Уыдоны ма дзырд цӕуы ууыл дӕр, ахӕм рӕстӕг кӕй ралӕудзӕн, ӕмӕ адӕм сӕхицӕн цингӕнгӕйӕ хӕдзӕрттӕ кӕй араздзысты, сӕ зӕххытӕ кӕй кусдзысты ӕмӕ сӕ сывӕллӕтты кӕй хъомыл кӕндзысты, тӕссаг сын ӕппындӕр ницӕмӕй уыдзӕн, афтӕмӕй *. Ахӕм фидӕн дӕ зӕрдӕмӕ нӕ цӕуы? Мах ӕй фидарӕй зонӕм, Хуыцау нын зӕрдӕ цӕмӕй ӕвӕры, уый тагъд рӕстӕджы кӕй сӕххӕст уыдзӕн.
ХУЫЦАУ МАХ ТЫХХӔЙ БИРӔ ЦЫДӔРТӔ САРӔЗТА
Хуыцау дӕу тыххӕй дӕр ӕмӕ ӕппӕт адӕмы тыххӕй дӕр цы сарӕзта, ӕппӕт уыдӕттыл куы ахъуыды кӕнай, уӕд фендзынӕ, йӕ хорздзинӕдтӕн нымӕц дӕр кӕй нӕй. Радта нын цард, зонд, ӕнӕниздзинад – кӕд бынтон ӕнӕниз не стӕм, уӕддӕр,– ӕмӕ нӕ цӕрынӕн цыдӕриддӕр хъӕуы, уый. Фӕлӕ ма нын Хуыцау скодта ноджы стырдӕр лӕвар – Йесо йӕ цард мах тыххӕй радта. Хуыцау ахӕм аргъ кӕй бафыста, уый фӕрцы хайджын уыдзыстӕм, Иоанны 3:16 стихы цы стыр арфӕдзинӕдты кой ис, уыдонӕй.
Ӕнустӕм рӕсугъд зӕххыл фӕрнӕй куы цӕрӕм, рынчын кӕнынӕй, хӕстытӕй, ӕххормагдзинадӕй ӕмӕ нын мӕлӕтӕй тӕссаг куы нал уа, уӕд ӕгӕрон амонд ӕмӕ арфӕдзинӕдтӕй бафсӕддзыстӕм. Уыцы арфӕдзинӕдтӕй схайджын уыдзынӕ ӕви нӕ, уый ӕрмӕстдӕр дӕхицӕй кӕнгӕ у. Фарста уый мидӕг ис, ӕмӕ ды Хуыцауы тыххӕй цы аразыс?
^ 24 абз. Цы фидӕн нӕм ӕнхъӕлмӕ кӕсы, уый тыххӕй дӕ кӕд фылдӕр базонын фӕнды, уӕд кӕс чиныг «Библи бӕлвырдӕй цы дзуры?», 3 сӕр. Мыхуыры йӕ рауагътой Йегъовӕйы Ӕвдисӕнтӕ.