Сӕйраг ӕрмӕгмӕ рахиз

Сӕргӕндтӕм рахиз

СӔ УЫРНЫНДЗИНАД СЫН ФӔЗМУТ | МАРИЙӔ

Йӕ зӕрдӕйы кардау чи ахызт, уыцы мастӕн бафӕрӕзта

Йӕ зӕрдӕйы кардау чи ахызт, уыцы мастӕн бафӕрӕзта

МАРИЙӔ йӕ уӕрджытыл ӕрхауд. Йӕ зӕрдӕйы цы рыст уыд, уый ныхӕстӕй зӕгъӕн нӕй. Йӕ хъустыл ма уад, йӕ фырт хъизӕмӕртты хъӕдыл хъуырдухӕн кӕнгӕйӕ фӕстагмӕ куыд ныхъхъӕрзыд, уый. Ӕмбисбон бӕстӕ баталынг. Зӕхх тынг нынкъуысыд (Матфейы 27:45, 51). Ӕвӕццӕгӕн, Марийӕмӕ афтӕ фӕкаст, ӕмӕ Йегъовӕ ӕнӕхъӕн дунейӕн равдыста, Йесо Чырыстийы мӕлӕт уымӕн куыд тынг зын уыд, афтӕ никӕмӕн.

Голгофӕ, кӕнӕ Сӕрыкӕхц, кӕй хуыдтой, уыцы бынат ногӕй срухс. Марийӕйы зӕрдӕ йӕ фырты мӕлӕтыл скъуыдтӕ кодта (Иоанны 19:17, 25). Ӕвӕццӕгӕн, йӕ царды хабӕрттӕ йӕ зӕрдыл ӕрбалӕууыдысты. Йӕ цӕстытыл ауадысты, иу-33 азы размӕ цы уыди, уый. Марийӕ ӕмӕ Иосиф сӕ зынаргъ хъӕбулы Иерусалимы кувӕндонмӕ бахастой. Уым сын Симеон, Хуыцауы сыгъдӕг тых кӕуыл ӕрцыд, иу ахӕм ацӕргӕ нӕлгоймаг, загъта, Йесо диссаджы хъуыддӕгтӕ кӕй сараздзӕн. Стӕй ма загъта, иуахӕмы Марийӕ афтӕ кӕй фӕуыдзӕн, цыма «йӕ зӕрдӕйы стыр кард ахызт» (Лукайы 2:25–35). Уыцы ныхӕстӕ цӕуыл дзурӕг уыдысты, уый Марийӕ нырма гъер бамбӕрста.

Марийӕйӕн маст йӕ зӕрдӕйы кардау ахызт

Ныййарӕгӕн хъӕбулы мӕлӕт цы рыст ӕмӕ хъизӕмӕрттӕ бавзарын кӕны, афтӕ ницы. Мӕлӕт у ӕгъатыр знаг ӕмӕ, кӕй зӕрдӕ нӕ фӕриссын кӕны, ахӕм нӕй (Ромӕгтӕм 5:12; 1 Коринфӕгтӕм 15:26). Цымӕ уыцы рыстӕн бафӕразӕн ис? Ӕркӕсӕм-ма, Йесо хорз хабар хъусын кӕнын куы райдыдта, уыцы рӕстӕг, стӕй куы амард, уӕд ӕмӕ ма уый фӕстӕ дӕр Марийӕйы царды цытӕ ’рцыди, уымӕ. Уый фӕрцы базондзыстӕм, йӕ фидар уырнындзинад ын куыд баххуыс кодта, йӕ зӕрдӕйы кардау чи ахызт, уыцы маст сфӕразынӕн.

«КУЫДДӔРИДДӔР УЫН ЗӔГЪА, АФТӔ БАКӔНУТ»

Цӕй ӕмӕ, ӕртӕ азы ӕмӕ ӕрдӕджы размӕ цы хабӕрттӕ ’рцыд, уыдоныл аныхас кӕнӕм. Марийӕ ’мбӕрста, цыдӕр кӕй хъуамӕ ’рцӕуа. Суанг ма гыццыл горӕт Назареты дӕр адӕм иууылдӕр Аргъауӕг Иоанны кой кодтой ӕмӕ дзырдтой, афтӕ кӕй дзуры, ӕрфӕсмон кӕнут, зӕгъгӕ. Ӕвӕццӕгӕн, Марийӕ уыдта, йӕ хистӕр фыртӕн уый цӕуылдӕр дзурӕг кӕй у. Рӕстӕг ӕрцыд, цӕмӕй Йесо хорз хабар хъусын кӕнын райдыдтаид (Матфейы 3:1, 13). Чырысти ныр ӕдзух йӕ бинонтимӕ кӕй нал уыдзӕн, уый Марийӕйӕн дӕр ӕмӕ иннӕтӕн дӕр сӕ цард хъуамӕ аивтаид. Цӕмӕн?

Ӕвӕццӕгӕн, Марийӕйы лӕг Иосиф уӕдмӕ ӕгас нал уыд. Ӕмӕ кӕд афтӕ у, уӕд Марийӕ зыдта, ӕнӕ дарӕгӕй баззайын куыд зын у, уый *. Йесо ӕрмӕст «хъӕддӕсныйы фырт» нал хуыдтой, фӕлӕ ма «хъӕддӕсны» дӕр. Уый дӕр йӕ фыдау кодта хъӕддӕсныйы куыст ӕмӕ бинонты уый дардта. Бинонтӕ та гыццыл нӕ уыдысты – Йесойы фӕстӕ ма, ӕппынкъаддӕр, уыд ӕхсӕз сывӕллоны (Матфейы 13:55, 56; Марчы 6:3). Фӕлӕ кӕд Йесо Иаковы, йӕ фӕстӕ чи уыд, уыцы ӕфсымӕры, хъӕддӕсныйы куыстыл сахуыр кодта, уӕддӕр йӕ ацыд бинонтыл тынг фӕзындаид. Марийӕйӕн та ӕнӕуи дӕр ӕнцон нӕ уыд. Цымӕ йӕ хистӕр фырт кӕй ацӕудзӕн, уый тыххӕй мӕт кодта? Уый бӕлвырдӕй нӕ бон зӕгъын нӕу. Фӕлӕ ис уымӕй ахсджиагдӕр фарста: Марийӕ цы цӕстӕй ракаст, йӕ фырт, назаретаг Йесо, кӕй сси Йесо Чырысти, уымӕ, ома, рагӕй нырмӕ кӕмӕ ӕнхъӕлмӕ кастысты, уыцы Мессийӕ? Ацы фарстайӕн дзуапп базонӕн ис Библийӕ (Иоанны 2:1–12).

Йесо ацыд Аргъауӕг Иоанмӕ, ӕмӕ донаргъуыд райста. Ӕмӕ уӕд сси Хуыцауы сӕрст лӕггадгӕнӕг, кӕнӕ Мессийӕ (Лукайы 3:21, 22). Уый фӕстӕ йӕхицӕн ахуыргӕнинӕгтӕ ӕвзарын райдыдта. Кӕд ыл тынг ахсджиаг хӕс уыд, уӕддӕр-иу фадат ссардта, цӕмӕй-иу йӕ бинонтимӕ ӕмӕ йе ’мбӕлттимӕ йӕ рӕстӕг хъӕлдзӕгӕй ӕрвыстаид. Иухатт Йесо йӕ мад, йӕ ахуыргӕнинӕгтӕ ӕмӕ йе ’фсымӕртимӕ ацыд Канӕмӕ чындзӕхсӕвмӕ. Уыцы горӕт, ӕвӕццӕгӕн, уыд хохыл, Назаретӕй иу-13 километры дарддӕр. Чындзӕхсӕвы рӕстӕг Марийӕ федта, фысымтӕ цӕуылдӕр кӕй тыхсынц. Ӕвӕццӕгӕн, бафиппайдта, чындз ӕмӕ усгуры бинонтӕ кӕрӕдзимӕ тарст кӕстытӕ кӕй кӕнынц ӕмӕ сусу-бусу кӕй кӕнынц. Куыд рабӕрӕг, афтӕмӕй сӕ сӕн фӕци. Уазджытӕн нозт кӕй не сфаг, уый се ’гъдаумӕ гӕсгӕ худинаг уыд, стӕй бинонтӕн дӕр сӕ бӕрӕгбон фенад уыдаид. Марийӕ сын фӕтӕригъӕд кодта, ӕмӕ Чырыстимӕ бацыд.

«Сӕн сӕм нал ис»,– загъта йӕ фыртӕн. Цымӕ Марийӕ уымӕй цы зӕгъынмӕ хъавыд? Уый бӕлвырдӕй нӕ зонӕм. Фӕлӕ Марийӕ зыдта, Йесо хуымӕтӕг адӕймаг кӕй нӕу ӕмӕ йӕ бон диссӕгтӕ аразын кӕй у. Ӕмӕ йӕ, ӕвӕццӕгӕн, ныфс уыд, исты диссаг кӕй сараздзӕн. Ӕндӕр ныхасӕй, Йесойӕн загъта, хъӕбул, исты-ма сараз, зӕгъгӕ. Йӕ фырты дзуапп ӕм, чи зоны, диссаг фӕкаст. Йесо йын загъта: «Ууыл ӕз ӕмӕ ды цӕмӕн хъуамӕ мӕт кӕнӕм?» Чырысти йӕ мадӕн уайдзӕф нӕ бакодта, кӕд иуӕй-иутӕм афтӕ кӕсы, уӕддӕр. Фӕлӕ йын бамбарын кодта: йӕ лӕггадмӕ цы хауы, уый йын хъуамӕ йӕ мад ма дзырдтаид – уый йын хъуамӕ амыдтаид ӕрмӕстдӕр йӕ Фыд Йегъовӕ.

Марийӕ йӕ фырты зондамындмӕ байхъуыста, уымӕн ӕмӕ ӕмбаргӕ ӕмӕ сӕрныллӕг сылгоймаг уыд. Чындзӕхсӕвы чи лӕггад кодта, уыдонмӕ бацыд ӕмӕ сын загъта: «Куыддӕриддӕр уын зӕгъа, афтӕ бакӕнут». Марийӕ бамбӕрста, ныр йӕ фыртӕн уый кӕй хъуамӕ ма дзура, цы йӕ аразын хъӕуы, уый, фӕлӕ йӕхӕдӕг дӕр ӕмӕ иннӕтӕ дӕр хъуамӕ кӕной, уый сын куыд дзура, афтӕ. Йӕ мадау Йесо дӕр усгур ӕмӕ чындзӕн фӕтӕригъӕд кодта. Ӕмӕ уӕд сарӕзта йӕ фыццаг диссаг – донӕй сӕн скодта. Уыцы хабары фӕстӕ йыл «йӕ ахуыргӕнинӕгтӕ баууӕндыдысты». Марийӕ дӕр ыл баууӕндыд. Ӕмӕ йӕ ӕрмӕст йӕ фыртыл нӕ нымадта, фӕлӕ йӕ Хицауыл ӕмӕ Ирвӕзынгӕнӕгыл.

Марийӕ абоны ныййарджытӕн фӕзминаг у. Кӕй зӕгъын ӕй хъӕуы, Йесойы хуызӕн сывӕллон никӕмӕн уыд. Фӕлӕ сывӕллӕттӕ – кӕд ӕнӕххӕст сты, уӕддӕр – куы сыстыр вӕййынц, уӕд ныййарджытӕ тагъд нӕ сахуыр вӕййынц, сӕ царды цыдӕр кӕй фӕивта, ууыл. Чи зоны сын раздӕрау зонд амоной, фӕлӕ уый раст нӕу, уымӕн ӕмӕ гыццылтӕ нал сты, ӕмӕ сӕм сывӕллӕтты цӕстӕй кӕсын нал хъӕуы (1 Коринфӕгтӕм 13:11). Уӕдӕ сывӕллӕттӕ куы сыстыр уой, уӕд сын сӕ ныййарджытӕн сӕ бон ӕххуыс кӕнын куыд у? Зӕгъӕм, куы йын дзурой, кӕй йӕ зонынц, сӕ фырт кӕнӕ сӕ чызг дарддӕр дӕр Библийы уагӕвӕрдтӕм гӕсгӕ кӕй цӕрдзӕн ӕмӕ йын Йегъовӕ кӕй арфӕ кӕндзӕн. Ахӕм ныхӕстӕ сывӕллӕттӕн стыр ӕххуыс фӕуыдзысты. Дызӕрдыггаг нӕу, Йесо Марийӕйӕ бузныг кӕй уыд, зӕххыл куы лӕггад кодта, уӕд ын кӕй ӕххуыс кодта, уый тыххӕй.

«ЙЕ ’ФСЫМӔРТӔ [ЙЫЛ] НЕ ’УУӔНДЫДЫСТЫ»

Евангелиты бирӕ ис фыст, Йесо ӕртӕ азы ӕмӕ ’рдӕджы дӕргъы хорз хабар куыд хъусын кодта, уый тыххӕй, фӕлӕ дзы Марийӕйы кой арӕх нӕй. Рох нӕ ма уӕд, Марийӕ идӕдз кӕй уыд ӕмӕ йӕ цот нырма даринаг кӕй уыдысты. Уӕдӕ бамбарӕн ис, Чырысти йӕ райгуырӕн бӕстӕйыл куы зылд ӕмӕ хорз хабар куы хъусын кодта, уӕд йӕ бон йемӕ цӕуын кӕй нӕ уыд, уый (1 Тимофеймӕ 5:8). Фӕлӕ уӕддӕр хъуыды кодта, Мессийӕйы тыххӕй цы зыдта, уыдӕттыл, стӕй сӕ бинонты ӕгъдаумӕ гӕсгӕ ӕдзух ӕмбырдгӕнӕнмӕ цыд (Лукайы 2:19, 51; 4:16).

Уӕдӕ-иу Чырысти Назареты ӕмбырдгӕнӕны адӕмимӕ куы ныхас кодта, уӕд-иу уыдоны ’хсӕн Марийӕ дӕр куыннӕ уыдаид! Куыд цин кодтаид, йӕ фырт куы загъта, Мессийӕйы тыххӕй кӕддӕр цы пехуымпарад загъд уыд, уый кӕй сӕххӕст. Фӕлӕ йын куыд зын уыдаид, Назареты цӕрджытӕ йын йӕ фыртыл кӕй не ’ууӕндыдысты, уый. Суанг ма йӕ марынмӕ дӕр хъавыдысты! (Лукайы 4:17–30).

Марийӕйӕн йӕ фырттӕ дӕр Чырыстийыл кӕй не ’ууӕндыдысты, уый дӕр ын зын куыннӕ уыдаид. Сӕ мадӕй уӕлдай йыл йӕ цыппар ӕфсымӕры не ’ууӕндыдысты. Иоанны 7:5 стихы фыст ис: «Йе ’фсымӕртӕ [йыл] не ’ууӕндыдысты». Йӕ хоты тыххӕй та (ӕппынкъаддӕр ын уыд дыууӕ хойы) Библийы ницы ис фыст *. Марийӕ йӕхиуыл бавзӕрста, иу диныл хӕст чи не сты, ахӕм бинонты ’хсӕн цӕрын куыд зын у, уый. Марийӕ хъуамӕ ӕмбаргӕйӕ архайдтаид, цӕмӕй Хуыцауы зӕрдӕхудты дӕр ӕмӕ йӕ бинонты зӕрдӕхудты дӕр ма бацыдаид, ӕмӕ уыдон дӕр рӕстдзинады фӕндагыл слӕууыдаиккой.

Иухатт Чырыстийы хӕстӕджытӕ загътой, ацӕуӕм ӕмӕ йӕ ракӕнӕм, зӕгъгӕ. Семӕ уыдысты йе ’фсымӕртӕ дӕр. Афтӕ сӕм каст, ӕмӕ «йӕ сӕрызонд фӕцыди» (Марчы 3:21, 31). Кӕд Марийӕ афтӕ нӕ хъуыды кодта, уӕддӕр семӕ ацыд, уымӕн ӕмӕ йӕ ныфс уыд, сӕ зондахаст кӕй аивдзысты ӕмӕ йыл кӕй баууӕнддзысты. Цымӕ хабар куыд рауад? Кӕд Чырысти диссӕгтӕ арӕзта ӕмӕ Хуыцауы тыххӕй рӕстдзинад дзырдта, уӕддӕр ыл йе ’фсымӕртӕ нӕ баууӕндыдысты. Цымӕ Марийӕ смӕсты ӕмӕ афтӕ хъуыды кодта, ӕппындӕр сӕм куы ницы хъары, зӕгъгӕ?

Кӕд дӕуӕн дӕр дӕ бинонтӕ иу диныл хӕст не сты, уӕд-иу ахъуыды кӕн Марийӕйы уырнындзинадыл. Марийӕ йӕ ӕнӕуырнӕг хӕстӕджытыл йӕ къух никуы систа. Ӕдзух архайдта, цӕмӕй-иу уыдтаиккой, йӕ уырнындзинады фӕрцы амондджын кӕй у ӕмӕ йӕ зӕрдӕйы фарн кӕй ис. Уымӕй уӕлдай ма йӕ иузӕрдион фыртӕн дӕр ӕххуыс кодта. Цымӕ йӕ нӕ мысыд? Нӕ-иу ӕй фӕндыд, цӕмӕй ӕнӕхъӕн бинонтӕй иумӕ уыдаиккой? Кӕд о, уӕддӕр ӕргом никуы ницы загъта. Чырыстийӕн ӕххуыс кӕнын ӕмӕ йын йӕ ныфсыл ныфс ӕфтауын йӕхицӕн стыр кадыл нымадта. Цымӕ дӕуӕн дӕр дӕ бон нӕ уаид дӕ сывӕллӕттӕн ӕххуыс кӕнын, цӕмӕй уыдон дӕр Хуыцауы хъуыддаг фыццаг бынаты ӕвӕрой?

«ЦЫМА ДӔ ЗӔРДӔЙЫ СТЫР КАРД АХЫЗТ, АФТӔ ФӔУЫДЗЫНӔ»

Хуыцау Марийӕйы йӕ уырнындзинады тыххӕй йӕ хорзӕхӕй схайджын кодта? Йегъовӕ алкӕддӕр йӕ арфӕдзинӕдтӕй схайджын кӕны, чи йыл ӕууӕнды, уыдоны. Афтӕ уыд йӕ хабар Марийӕйӕн дӕр (Дзуттӕгтӕм 11:6). Ахъуыды-ма кӕн, куыд тынг цин кодта Марийӕ, йӕ фыртмӕ-иу куы хъуыста кӕнӕ-иу ын адӕм йӕ раныхӕстӕй цыдӕр хъуыдытӕ куы дзырдтой, уӕд.

Йесо-иу цы цӕвиттонтӕ ӕрхаста, уыдонӕй бӕрӕг уыд, Иосиф ӕмӕ йӕ Марийӕ куыд хъомыл кодтой, уый

Цымӕ-иу Чырыстийы цӕвиттонтӕм хъусгӕйӕ Марийӕйӕн йӕ цӕстытыл йӕ фырты сабийы бонтӕ нӕ ауадысты? Зӕгъӕм, Йесо цӕвиттонӕн куы ӕрхаста, йӕ драхмӕ кӕмӕн фесӕфт ӕмӕ йӕ хӕдзар чи марзта, ахӕм сылгоймаджы кӕнӕ, ӕрмгуыройӕ куыд ссадтой, йе та-иу цырагъ куыд ссыгътой ӕмӕ-иу ӕй цырагъдарӕныл куыд сӕвӕрдтой, уыдӕттӕ, уӕд-иу цымӕ Марийӕйӕн йӕ зӕрдыл не ’рлӕууыд, йӕхӕдӕг дӕр-иу ахӕм куыстытӕ куыд кодта ӕмӕ-иу йӕ гыццыл лӕппу йӕ фарсмӕ куыд уыди? (Лукайы 11:33; 15:8, 9; 17:35). Йесо афтӕ куы загъта, ме ’фсондз у ӕнцонхӕссӕн, мӕ уаргъ та – рог, зӕгъгӕ, уӕд цымӕ Марийӕйы цӕстытыл нӕ ауад, Иосиф гыццыл Йесойы ахӕм ӕфсондзтӕ аразын куыд ахуыр кодта, цӕмӕй-иу фосӕн уӕззӕуттӕ ласгӕйӕ сӕ бӕрзӕйтӕ ма схаудаиккой? (Матфейы 11:30). Йегъовӕ Марийӕйы стыр кады аккаг скодта – баххуыс ын кодта, цӕмӕй схъомыл кодтаид, Мессийӕ чи сси, уыцы фырты. Ӕмӕ Марийӕйӕн ууыл хъуыды кӕнын тынг ӕхсызгон уыди! Адӕмимӕ ныхас кӕнгӕйӕ-иу ӕппӕты номдзыддӕр ахуыргӕнӕг кодта, се ’ппӕт дӕр кӕй зыдтой, ахӕм хъуыддӕгты кой. Куыд тынг-иу цин кодта Марийӕ, Йесомӕ-иу куы хъуыста ӕмӕ-иу ын йӕ цӕстуынгӕ цӕвиттонты арф хъуыды куы бамбӕрста, уӕд!

Фӕлӕ уӕддӕр Марийӕ йӕхицӕй хъал никуы уыд. Йесо йӕ мады иннӕтӕй уӕлдӕр не ’вӕрдта, кувгӕ йын кодтаиккой, ууыл та дзырд дӕр нӕ цыд. Иухатт Чырысти адӕмимӕ куы ныхас кодта, уӕд се ’хсӕнӕй иу сылгоймаг хъӕрӕй загъта, амондджын у, дӕу чи ныййардта, уыцы сылгоймаг, зӕгъгӕ. Фӕлӕ йын Чырысти загъта: «Нӕ, амондджын уыдон сты, Хуыцауы ныхас чи хъусы ӕмӕ йӕ чи ӕххӕст кӕны!» (Лукайы 11:27, 28). Стӕй йын адӕмӕй чидӕртӕ куы загътой, уӕртӕ дӕ мад ӕмӕ де ’фсымӕртӕ, зӕгъгӕ, уӕд сын загъта, йӕ мад ӕмӕ йе ’фсымӕртӕ кӕй сты, чи йыл ӕууӕнды, уыдон. Марийӕ Йесомӕ нӕ фӕхъыг, уымӕн ӕмӕ бамбӕрста, цы зӕгъынмӕ хъавыд, уый – искӕимӕ тугхӕстӕг уай, уый афтӕ ахсджиаг нӕу, иу уырнындзинадыл хӕст уат, уый куыд ахсджиаг у (Марчы 3:32–35).

Марийӕйӕн йӕ фырт хъизӕмӕртты хъӕдыл йӕ уд куыд иста, уымӕ кӕсгӕйӕ йӕ зӕрдӕ йӕхи къултыл хоста. Уым уыд Чырыстийы апостол Иоанн дӕр. Фӕстӕдӕр Иоанн йӕ Евангелийы ныффыста, «Йесо цы хъизӕмӕртты хъӕдыл ауыгъд уыди, уый раз» лӕууыд йӕ мад, зӕгъгӕ. Уыцы сылгоймаг йӕ уарзон хъӕбулы зын сахат ницы хуызы ныууагътаид. Йесо йӕ уыдта, ӕмӕ йын кӕд йӕ алы улӕфт дӕр ӕмӕ йӕ алы ныхас дӕр стыр рыст ӕвзарын кодта, уӕддӕр дзырдта. Бирӕ кӕй уарзта, уыцы апостол Иоаннӕн йӕ мады йӕ бар бакодта. Чырыстийӕн йе ’фсымӕртӕ нырма уырнӕг кӕй нӕ уыдысты, уымӕ гӕсгӕ йӕ уыдонӕн нӕ бафӕдзӕхста, фӕлӕ Иоаннӕн. Афтӕмӕй Йесо равдыста, уырнӕг адӕймаг йӕ бинонтыл кӕй хъуамӕ тыхса, уӕлдай дӕр та уырнындзинадимӕ баст хъуыддӕгты (Иоанны 19:25–27).

Чырысти куы амард, уӕд Марийӕ бавзӕрста, бирӕ азты размӕ йын Симеон цы зӕрдӕрысты кой кодта, уый – цыма йӕ зӕрдӕйы стыр кард ахызт, афтӕ фӕци. Марийӕйы зӕрдӕ, кӕй зӕгъын ӕй хъӕуы, тынг фӕрыст, фӕлӕ ӕртӕ боны фӕстӕ цы циндзинад бавзӕрста, уый уыд ноджы тынгдӕр. Марийӕ цы диссаджы хабар фехъуыста, уыимӕ абаргӕйӕ иннӕ диссӕгтӕ фӕстейӕ баззадысты – Чырысти райгас! Ноджы тынгдӕр та цин кодта, фӕстӕдӕр Йесо йе ’фсымӕр Иаковмӕ хибарӕй куы бацыд, уӕд (1 Коринфӕгтӕм 15:7). Уый Иаковыл, стӕй йӕ иннӕ ’фсымӕртыл дӕр тынг фӕзынд. Уыдоны дӕр уый фӕстӕ бауырныдта, Йесо кӕй у Чырысти. Фӕстӕдӕр та сӕ мадимӕ чырыстон ӕмбырдтӕм цыдысты ӕмӕ «ӕдзух иумӕ Хуыцаумӕ куывтой» (Хъуыддӕгтӕ 1:14). Библийы чингуытӕй дыууӕ ныффыстой Чырыстийӕн йӕ дыууӕ ’фсымӕры – Иаков ӕмӕ Иудӕ.

Марийӕ тынг цин кодта, йӕ фырттӕ иузӕрдион чырыстӕттӕ кӕй систы, ууыл

Марийӕйы кой Библийы фӕстаг хатт ис, йӕ фырттимӕ ӕмбырды куы уыд, ӕмӕ куы куывта, уӕд. Цы диссаджы цард уыд Марийӕйӕн ӕмӕ нын цы диссаджы цӕвиттон ныууагъта! Йӕ уырнындзинады фӕрцы уыцы сӕрныллӕг сылгоймаг, йӕ зӕрдӕйы кардау чи ахызт, уыцы мастӕн бафӕрӕзта, ӕмӕ йӕ фӕстагмӕ Хуыцау стыр хорзӕхӕй схайджын кодта. Йӕ уырнындзинад ын куы фӕзмӕм, уӕд мах дӕр цыфӕнды мастӕн дӕр бафӕраздзыстӕм ӕмӕ схайджын уыдзыстӕм, нӕ бон нӕ цӕстытыл ауайын кӕнын дӕр кӕй нӕу, ахӕм стыр арфӕдзинӕдтӕй.

^ 8 абз. Йесойыл 12 азы куы цыд, уӕд цы хабар ӕрцыд, уым Иосифы кой ис фӕстаг хатт. Уымӕй фӕстӕмӕ йӕ кой Евангелиты нал ис, кӕд дзы Чырыстийӕн йӕ мады ӕмӕ йе ’фсымӕрты тыххӕй уый фӕстӕ дӕр фыст ис, уӕддӕр. Иухатт Чырыстийы схуыдтой Иосифы фырт нӕ, фӕлӕ «Марийӕйы фырт» (Марчы 6:3).

^ 16 абз. Иосиф Йесойы ӕцӕг фыд кӕй нӕ уыд, уымӕ гӕсгӕ Йосиф ӕмӕ Марийӕйы цот уыдысты йӕ кӕнгӕ хотӕ ӕмӕ ’фсымӕртӕ (Матфейы 1:20).