БИБЛИ ИВЫ АДӔЙМАДЖЫ ЦАРД
Хӕрамдзинад ӕмӕ тыхмиимӕ мӕнӕн мӕхи хӕст уыд
-
РАЙГУЫРД: 1960 АЗ
-
БӔСТӔ: ЛИВАН
-
РАЗДӔР: ХӔЦЫД КУНГ-ФУЙӔ
МӔ РАЗДӔРЫ ЦАРД.
Ӕз схъомыл дӕн Ремешы, Израил ӕмӕ Ливаны ’хсӕн цы арӕн ис, уымӕ ’ввахс, мидхӕсты рӕстӕг. Ныр дӕр ма хъуыды кӕнын, минӕтӕ-иу куыд схӕцыдысты, уый. Абоны онг дӕр мӕ цӕстытӕй нӕ хицӕн кӕнынц ӕнаххос адӕм ӕнӕ къӕхтӕй ӕмӕ ӕнӕ къухтӕй. Цард уыд тынг зын, бӕстӕ хъӕрзыд фыдракӕнд ӕмӕ тыхмийӕ.
Нӕ бинонтӕ хӕст уыдысты маронитаг диныл – Скӕсӕн католикон динтӕй иуыл. Нӕ фыды йӕ куыстӕй ницӕмӕ ӕвдӕлд, уымӕн ӕмӕ йӕ хъуыди стыр бинонтӕ дарын – уыдыстӕм дыууадӕс. Фӕлӕ нӕ нӕ мад ӕдзух аргъуанмӕ кодта. Рӕстӕг куы рацыд, уӕд ӕй ӕмбарын райдыдтон, аргъуан дӕр лӕмӕгъты сӕрыл кӕй нӕ хӕцыд.
Рӕзгӕ кары куы уыдтӕн, уӕд мӕ зӕрдӕмӕ цӕуын райдыдта кунг-фу. Мӕхиуыл тренировкӕтӕ кӕнынӕй нӕ ауӕрстон, ӕмӕ тынг дӕсны сдӕн къухӕй ӕмӕ къахӕй цӕвынмӕ, стӕй алыхуызон хӕцӕнгӕрзтӕй хӕцынмӕ. Хъуыды кодтон, зӕгъгӕ, кӕд мӕ бон хӕст бауромын нӕу, уӕддӕр фыдгӕнджыты бауромынӕн мӕ бон, чи зоны, исты бауа. Дыууӕ адӕймаджы-иу хылгӕнгӕ кӕмфӕнды ма ауыдтаин – уайтагъд-иу се ’хсӕн алӕууыдтӕн. Ӕз уыдтӕн тынг тӕвдтуг ӕмӕ-иу мӕ рамӕсты кӕнынмӕ гыццыл йеддӕмӕ нӕ хъуыд. Ливаны хуссар хайы мӕ адӕм иууылдӕр тӕрсгӕ кодтой, уымӕн ӕмӕ хӕрамдзинад ӕмӕ тыхмиимӕ мӕнӕн мӕхи хӕст уыд.
1980 азы бацыдтӕн кунг-фуйы клубмӕ Бейруты. Бомбӕтӕ, сармадзаны нӕмгуытӕ ӕмӕ ракетӕтӕ хаудысты алы бон дӕр, фӕлӕ ӕз мӕ тренировкӕтӕ нӕ уагътон. Ӕз кодтон ӕрмӕстдӕр хӕргӕ ӕмӕ фынӕй, стӕй цардтӕн, китайаг-америкаг артист ӕмӕ кунг-фуйы чемпион Брюс Ли куыд цард, афтӕ. Йӕ сӕрыфаст, куыд цыд ӕмӕ-иу кунг-фуйӕ хӕцгӕйӕ куыд хъӕр кодта – алцӕмӕй дӕр ӕй фӕзмыдтон. Мидбылхудгӕйӕ мӕ никуы ничи федта.
БИБЛИЙЫ ФӔРЦЫ МӔ ЦАРД ФӔИВТА.
Мӕ нысан уыд, цӕмӕй мын кунг-фуйӕ бирӕ бантыстаид Китайы. Иу изӕр, Китаймӕ ацӕуыны размӕ, мӕ тӕккӕ тренировкӕ кӕныныл куы уыдтӕн, уӕд мын мӕ дуар чидӕр ӕрбахоста. Уый уыд ме ’мбал дыууӕ Йегъовӕйы Ӕвдисӕнимӕ. Ӕз сӕм ракастӕн, тренировкӕ цы сау дзаумӕтты кодтон, уыдоны мидӕг, ӕмӕ мӕ хид цъык-цъык кодта, афтӕмӕй семӕ ныхас кодтон. Ӕз Библийы тыххӕй ницы зонын, зӕгъгӕ сын загътон. Уӕд ӕй нӕма ӕмбӕрстон, уӕдӕй фӕстӕмӕ ма цард ивын кӕй райдыдта, уый.
бӕллӕхтӕ Сайтан Хӕйрӕджы аххосӕй кӕй цӕуынц (Раргомад 12:12). Куыд сабыр уыдысты ӕмӕ сӕм цы фидар уырнындзинад уыд, уый мӕм диссаг фӕкаст. Мӕ зӕрдӕ мын тынг бацагайдта, Хуыцауӕн ном кӕй ис, уый мын куы загътой ӕмӕ мын ӕй Библийы куы равдыстой (Псалом 83:18). Стӕй ма мын бакастысты 1 Тимофеймӕ 4:8 стих: «Буары уӕнгтӕ фидар кӕнынӕй бирӕ пайда нӕй, Хуыцауыл иузӕрдион уай, уый та пайда у алцӕмӕн дӕр – уымӕй кӕнгӕ у нӕ цард абон дӕр ӕмӕ фидӕны дӕр». Уыцы ныхӕстӕ тынг фӕзындысты мӕ цардыл.
Йегъовӕйы Ӕвдисӕнтӕ мын Библийӕ равдыстой, адӕмӕн сӕхицӕн сӕ бон цӕуылнӕ суыдзӕн, хӕрамдзинад ӕмӕ тыхми кӕм нӕ уа, ахӕм цард саразын. Бамбарын мын кодтой, уыцыХъыгагӕн мӕм Йегъовӕйы Ӕвдисӕнтӕ нал ӕрбацыдысты, уымӕн ӕмӕ сын мӕ бинонтӕ загътой, мауал нӕм цӕут, зӕгъгӕ. Фӕлӕ ӕз уӕддӕр загътон, кунг-фуйӕ хӕцын кӕй ныууадздзынӕн ӕмӕ Библи ахуыр кӕнын кӕй райдайдзынӕн. Уый ме ’фсымӕрты зӕрдӕмӕ нӕ фӕцыд, фӕлӕ ӕз аскъуыддзаг кодтон: хъуамӕ Йегъовӕйы Ӕвдисӕнты ссарон ӕмӕ семӕ Библи ахуыр кӕнон.
Агургӕ сӕ бӕргӕ кодтон, фӕлӕ сыл не ’мбӕлдтӕн. Уыцы рӕстӕг мӕ фыд ӕнӕнхъӕлӕджы амард, стӕй ма нӕ бинонтыл ноджыдӕр цыдӕр бӕллӕхтӕ ӕрцыд, ӕмӕ мӕ зӕрдӕ уыд мастӕй йедзаг. Ӕз кусын райдыдтон иу арӕзтадон компанийы. Иубон мӕ ме ’мкусджытӕй иу, Адель, зӕгъгӕ, баурӕдта, ӕмӕ мӕ бафарста, ахӕм ӕнкъард цӕмӕн дӕн. Уый мын дзурын райдыдта, Библийы мӕрдты райгасдзинады тыххӕй цы фыст ис, уый тыххӕй. Уыцы уарзӕгой ӕмӕ хӕларзӕрдӕ Йегъовӕйы Ӕвдисӕны бирӕ фӕразондзинад бахъуыд, фараст мӕйы дӕргъы мемӕ Библи куы ахуыр кодта, уӕд.
Библи ахуыр кӕнгӕйӕ ӕмбарын райдыдтон, мӕ удыхъӕды мӕ бирӕ цыдӕртӕ аивын кӕй хъӕуы. Уый ӕнцон нӕ уыд. Ӕз уыдтӕн тынг мӕстыгӕр ӕмӕ-иу ницӕй тыххӕй дӕр уайтагъд рафыхтӕн. Библийӕ базыдтон, цы аразын мӕ хъӕуы, цӕмӕй мӕхиуыл хӕцон ӕмӕ ӕдзух мӕ зӕрдӕйы фӕндты фӕдыл ма цӕуон. Зӕгъӕм, Матфейы 5:44 стихы фыст ис Чырыстийы уынаффӕ: «Уарзут уе знӕгты ӕмӕ кувут уе ’фхӕрджыты тыххӕй». Ромӕгтӕм 12:19 стихы та нӕ Хуыцау фӕдзӕхсы: «Уӕ маст макӕмӕй исут... уымӕн ӕмӕ афтӕ фыст у: „Мастисӕг ӕз дӕн. Цы сын ӕмбӕлы, уый сын ӕз бакӕндзынӕн,– зӕгъы Йегъовӕ“». Ацы стихты ӕмӕ ӕндӕр стихты фӕрцы мӕ зӕрдӕйы сабыргай фарн фӕзынд.
АБОН МӔ ЦАРДӔЙ РАЙГОНД ДӔН.
Йегъовӕйы Ӕвдисӕнтимӕ Библи кӕй ахуыр кодтон, уый тыххӕй кӕд райдианы мӕ бинонтӕ мӕ ныхмӕ цыдысты, уӕддӕр ӕй фӕстагмӕ бамбӕрстой, амӕй хуыздӕр фӕндаг кӕй нӕй. Ме ’фсымӕртӕй иу райдыдта Йегъовӕйӕн лӕггад кӕнын. Нӕ мад та кӕд Йегъовӕйы Ӕвдисӕн не сси, афтӕмӕй амард, уӕддӕр-иу нӕ дины ныхмӕ исчи исты куы загъта, уӕд-иу алы хатт дӕр нӕ сӕрыл рахӕцыди.
Хуыцауӕй ма уый тыххӕй дӕр дӕн бузныг, ӕмӕ мын диссаджы цардӕмбал радта, Анитӕ, зӕгъгӕ. Абон Анитӕимӕ иумӕ ӕххӕстрӕстӕг лӕггад кӕнӕм. 2000-ӕм азӕй фӕстӕмӕ мах цӕрӕм Эскильстунайы, Швецийы, ӕмӕ, арабаг ӕвзагыл чи дзуры, уыдонимӕ Библи ахуыр кӕнӕм.
Мӕ зӕрдӕ ныр дӕр риссы, фыддзинады аххосӕй чи хъизӕмар кӕны, уыцы адӕмыл. Фӕлӕ афтӕ цӕмӕн у ӕмӕ Хуыцау уымӕн тагъд кӕрон кӕй скӕндзӕн, уый кӕй зонын, уый мын хӕссы стыр циндзинад ӕмӕ мӕ зӕрдӕйы ис фарн (Псалом 37:29).
Мӕ цардӕмбалимӕ нын стыр циндзинад хӕссы хорз хабар хъусын кӕнын. Бирӕ уарзӕм иннӕты Йегъовӕйы тыххӕй ахуыр кӕнын