Сӕйраг ӕрмӕгмӕ рахиз

Сӕргӕндтӕм рахиз

СӔЙРАГ ТЕМӔ | ЙЕСО ЧЫРЫСТИ АДӔМЫ ИРВӔЗЫН КӔНЫ. ЦӔМӔЙ?

Йесо Чырыстийы мӕлӕт нӕ зӕрдыл ӕрлӕууын кӕнӕм. Кӕд ӕмӕ кӕм?

Йесо Чырыстийы мӕлӕт нӕ зӕрдыл ӕрлӕууын кӕнӕм. Кӕд ӕмӕ кӕм?

Йесо йӕ мӕлӕты размӕ ӕхсӕв йӕ ахуыргӕнинӕгтӕн бафӕдзӕхста, цӕмӕй-иу сӕ зӕрдыл ӕрлӕууын кодтаиккой, цы нывонд хъуамӕ ӕрхастаид, уый. Загъта сын: «Афтӕ-иу кӕнут мӕн ӕрымысыны тыххӕй» (Лукайы 22:19).

Ацы аз Чырыстийы мӕлӕт Ӕрымысӕн изӕр уыдзӕн 2015 азы 3 апрелы, майрӕмбоны, хурныгуылды фӕстӕ. Йегъовӕйы Ӕвдисӕнтӕ дӕу дӕр ӕмӕ дӕ бинонты дӕр уыцы фембӕлдмӕ хонынц, цӕмӕй байхъусай раныхасмӕ. Уыцы раныхасӕй базондзынӕ, Йесо Чырыстийы мӕлӕт афтӕ ахсджиаг цӕмӕн у ӕмӕ сӕрмагондӕй дӕумӕ куыд хауы.